[{{mminutes}}:{{sseconds}}] X
Пользователь приглашает вас присоединиться к открытой игре игре с друзьями .
Обычный осетинский
(2)       Используют 11 человек

Комментарии

Ни одного комментария.
Написать тут
Описание:
Аналог Обычного режима на осетинском языке. Тексты длиной от 230 до 300 символов
Автор:
sashavirtual
Создан:
18 августа 2024 в 20:05 (текущая версия от 31 мая 2025 в 12:36)
Публичный:
Нет
Тип словаря:
Тексты
Цельные тексты, разделяемые пустой строкой (единственный текст на словарь также допускается).
Содержание:
1 Дæс æмæ дыууисæдз азы размæ Абхазы бæстæйы скодта тынг хъызт зымæг. Самурзаканæй нудæсаздзыд æлдар Анчыба-Чачыба уазæгуаты бахауд абхазаг æлдар Инал-ипмæ. Инал-и­пæн уыди фынддæсаздзыд чызг Липæ. Липæйы рæсугъддзинады кой айхъуысти æнæхъæн бæстæйыл æмæ ма суанг йæ арæнтæй дæр ахызти.
2 Адæм стырæй, чысылæй, зæрондæй — иууылдæр кодтой Липæйы рæсугъд æмæ уæзданы кой. Анчыба дæр тынг рæсугъд, хæрзконд, дзуарæнгæс лæппу уыди. Раст гæдыбæласау бæрзонд, сычъийау цæрдæг, æхсар­джын æмæ æвзыгъд. Липæ — уалдзыгон уардийау гуырвидауц, уæздан, тæнтъихæг.
3 Уынджы-иу куы фæцæйцыд, уыцы амондджын æмæ хъал­хуызæй, уæд-иу йæ сатæгсау цæстытæ цæхæртæ калдтой, йæ мидбыл худтæй-иу нæлгоймæгтæ бауадзгуытæ сты. Дыууæ æрыгон зæрдæйы ссыгъдысты уарзондзинады артæй. Сæхимæ куы æрбаздæхт, уæд йæ минæвæртты Инал-ипы хæдзармæ арвыста.
4 Фæлæ... Инал-ип уыди тызмæг, фыдзæрдæ, æгъатыр, тæригъæд чи нæ зыдта, ахæм æлдар. Æмæ хъæддыхæй загъта, — Мæнæн мæ чызг Липæйы куры, Анчыбайæ сæдæ хатты хъæздыгдæр æмæ хуыздæр чи у, ахæм æрыгон æлдар. Анчыба уымæн йæ къахы ныхы аргъ дæр нæу.
5 Уыцы зæрдæмарæн ныхæстæ куы фехъуыста Анчыба, уæд бынтон æрæнкъард, ныхъхъуыды кодта æмæ дæс боны фæстæ ныффæнд кодта Инал-ипмæ фæцæуын æмæ йын балæгъстæ кæнын, цæмæй йын йæ чызджы ратта. Уазæгыл фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ тынг бацин кодтой.
6 Дыууæ æрыгон удæн сæ цин сæ цæсгæмттæй худти. Гæнæн сын куы фæци, уæд та Липæ ногæй ардхæрынмæ фæци: йæ цард æрмæстдæр Анчыбаимæ баиу кæндзæн, æндæр æй ничи хъæуы! Кæд мæ æцæгæй уарзыс, уæд-иу æнæмæнг уыцы æхсæв æрбацу, демæ мæнæн дæр хорз бæх æрбакæн æмæ мæ ахæсс дæхицæн, кæннод мæхи амардзынæн.
7 Анчыба йын йæ къабайы фæдджийæн аба кодта æмæ йын ард бахордта, дæ фæндон дын сæххæст кæндзынæн, зæгъгæ. Хæрзбон загъта чызджы бинонтæн æмæ атындзыдта сæхимæ. Æрхæццæ сæ дзырдгонд æмгъуыды бон. Катай кæны. Бирæ хъизæмæртты фæстæ йæ цæстытыл æвирхъау нывтæ уайын райдыдта.
8 Липæ йæм талынг æхсæв тулдз бæласы бын æнхъæлмæ кæсы, уазалæй баргъæфсти, йæ алыварс бирæгътæ æмæ хъæддаг куыйтæ зилдух систой, ныртæккæ чызджы акъабæзтæ кæндзысы. Липæ та æнхъæл у, æмæ йæ Анчыба асайдта, йæ дзырдæн хицау нæ разынди.
9 Сæ ардбахæрд æм нымады дæр нæу. Уыцы маройаг хъуыдытимæ Анчыбайыл йæ низ ноджы стыхджындæр. Йæ бон æппындæр ницыуал уыди æмæ фæдзырдта йæ дыууæ кæстæр æфсымæрмæ, балæгъстæ сын кодта æмæ загъта, — Фервæзын мæ кæнут æгады хабарæй. Ацæ­ут æхсæвыцæстыл, стыр тулдзы бын мæм æнхъæлмæ кæсы мæ æрвон Липæ.
10 Лæппутæ се ’фсымæры фæндыл дыууæ зæгъын нæ бауæндыдысты. Араст сты амынд бынатмæ. Липæйы баййæфтой æнæрхъæцæй æнхъæлмæкæсгæйæ. Бамбарын ын кодтой, Анчыба тынг кæй фæрынчын æмæ уымæ гæсгæ йæхи бон кæй нæ баци рацæуын, фæлæ уыдонæн бафæдзæхста, цæмæй йæ сæмбæлын кæной Анчыбайыл.
11 Чызг сразы семæ ацæуыныл æмæ уадау атахтысты лæппуты хъæумæ. Боныцъæхтыл Инал-ип фæгуырысхо, йæ чызг хæдзары кæй нæй, ууыл. Кæртмæ рацыд æмæ йæм дзуры йæ номæй, фæлæ йын дзуапдæттæг нæ фæци, æмæ бамбæрста, Липæйы зæрдæйы Анчыба йеддæмæ бынат кæй никæмæн ис, уый.
12 Раст лæппуйы фæстæ алыгъд, кæнæ йæ аскъæфтæуыд. Уайтагъд фæдис цæттæ уыд. Баййæфтой сæ æмæ сæ æхсын байдыдтой, æфсымæртæй иу фæмард, иннæ фæцæф — Инал-ип йæ чызджы байста æмæ йæ фæстæмæ сæхимæ æрбалæууын кодта. Анчыба, уыдæттæ фенгæйæ цы уавæры уыд, уый алчидæр бамбардзæн...
13 Хуыссæнæй нал рахызти бирæ рæстæг. Бон цæуы æмæ фарн хæссы. Иуахæмы Анчыбайæн фехъусын кодтой, цавæрдæр фæндаггон дæ агуры, зæгъгæ. Анчыба бадис кодта æнæзонгæ лæджы уындыл æмæ йæ бафарста, — Дæ бон хорз, фæлæ чи дæ, æз дæ куынæ зонын, цы дæ хъæуы мæнæй?.
14 — æз дæн, æлдар Инал-ипы чызг Липæйы цы ус схаста, уый лæппу. Липæ мæ рарвыста дæумæ. Бафæдзæхста мын, цæмæй дæ ссарон, салæмттæ дын раттон æмæ дын фехъусын кæнон ахæм хабар: йæ фыд æй дæтты зæронд æлдар, тынг хъæздыг лæг Маршанияйæн.
15 Маршания сæм йæ бирæ гæрзифтонг фæсдзæуинтæ æмæ зынаргъ лæвæрттимæ æрцæудзæн къуырийы фæстæ. Фæлæ, дам, мын мæ сæр куы асæттой, уæддæр не сразы уыдзынæн уымæ ацæуыныл. Кæд ма, дам, дæумæ намыс æмæ уæздандзинадæй исты хæццæ кæны, уæд мæ сæфын ма бауадз, æрцу æмæ мын баххуыс кæн зындонæй фервæзынæн!.
16 — Хорз, Липæйæн фехъусын кæн, фыццагау æй кæй уарзын æмæ йæм тагъд кæй фæзындзынæн, уый. Ноджы йын зæгъ, йæ фыды ныхмæ мацы дзурæд, цæмæй йыл ма фæгуырысхо уа. Уарзондзинадыл армдарæг æмæ Хуыцауы фæрцы кæд нæ хъуыд­дæгтæ хорз ацæуиккой.
17 Цæугæ ныр, фæндараст дæ кæнæд Хуы­цау æмæ дзæбæхæй сæмбæл дæ хæдзарыл. Анчыбайæн фырцинæй йæ тыхыл тых бафтыд, искуы ма уарзынхъом суыдзæн, уый йæ нал уырныдта, фæлæ йæ ныр ногæй йæ уарзт йæ уæлныхты систа æмæ Липæмæ атындзыдта. Маршания хъомысджын æлдар уыд алырдыгæй дæр.
18 Йæ фыдæлтæй, йæ мыггагæй сæрыстыр æлдар æппындæр ницы бавгъау кодта, уæздан æмæ бæстырæсугъд Липæ цæмæй йæ къай бауа, уымæн. Маршания нымад уыд йæ хъæубæсты дæр, дугъты, лæгæй-лæгмæ хъæбысхæстыты, быцæуæй хъæзтыты дæр фыццаг бынæттæ ахста.
19 Йæ бæстæйы хуыздæр мыггæгтæ, суанг иннæ бæстæты æвзаргæдæр лæгты дæр фæндыди, Маршанияйы хуызæн сиахс сæ куы уаид, уый. Липæ йын цыма йæ зæрдæскъæфæн рæсугъддзинадæй кæлæнтæ скодта, уыйау æй ницыуал урæдта, æрмæст ын ацы аргъæутты чызг бакомæд, æндæр æй ницыуал хъæуы уæлæйы царды.
20 Инал-ипы галуаны ссыгъдысты алыхуызон цырæгътæ, цалдæр сæдæйы чындзхæсджытæ — цæхæркалгæ, æрттиваг дзаумæттæй фæлыст адæм. Фæсдзæуинтæ фынгтæ дзаг кæнынц алыхуызон хæрд æмæ нозтæй. Æдде — хуыдалынг. Æмбисæхсæв галуанмæ фæзынд Анчыба æртæ барæгимæ.
21 Бæхæй æргæпп ласта. Йæ цæсгом баслыхъæй атыхта, — ацы бæстæйы лæггадгæнджытæ афтæ фæкæнынц. Йе ’мбæлтты уынджы ныууагъта, йæхæдæг æмызмæлдгæнæг адæмы æхсæн аныгъуылд æмæ йæхи кæстæриуæггæнæг акодта — мачи йыл фæгуырысхо уа. Йæ сæр дæлæмæ æруагъта, рæстæгæй-рæстæгмæ йæ цæссыгтæ асæрфы.
22 Анчыба фæстæмæ адæмы гуылфæны смидæг æмæ лæггад кæны. Утæппæт адæмæй йыл ничи фæгуырысхо. Боныцъæхтæ сындæггай галуанмæ кæй æрбахъуызынц, Анчыба уый куы бамбæрста, уæд аивæй Маршаниямæ йæхи байста, — æлдар мын афтæ зæгъы, чындзмæ цæуын афон у, йæ дзаумæттæ йын скæнут.
23 Маршания рæвдз фестад, йе ’мбæлттæй цалдæримæ чызджы уатмæ фæраст сты. Анчыба дæр сæ фæстæ ацыд, дуары цур æрлæууыд, усгур куы фæмидæг, уæд дуар бахгæдта æмæ мидæмæ никæй уал уагъта. Липæ Анчыбайы базыдта æмæ хъæрæй ныккуыдта. Мах хъуамæ схæцæм!.
24 Маршания æрра домбайау фæгæпп кодта, йе ’хсаргард фæцъортт ласта æмæ Анчыбайыл йæхи бауагъта. Æвиппайды ауыдта: Анчыбайæн йæ къухы æхсæнгарз ис, фæлæ дзы фехсынмæ нæ хъавы, афтæмæй йæ риу бадардта Маршаниямæ. — æз дæн Анчыба-Чачыба, — зæгъы лæппу, — ацы чызг та мæ уарзон у.
25 Æз цалынмæ æгас дæн, уæдмæ йæ никæмæн ратдзынæн. Ноджы йын радзырдта йе ’фсымæртæй йын иуы куыд амард­той, иннæйы та йын цæф кæй фæкодтой. Липæ та, дам, хъæрæй уымæн кæуы, æмæ мæнæн ард бахорд­та, йæ зæрдæ мыл кæй никуы сивдзæн, уый тыххæй.
26 Йæ ардхæрд та йын йæ фыд ивын кæны. Фæлæ Липæ, йæ ардбахæр­ды сæрты ахизыны бæсты, йæхи амардзæн. Гъемæ дæ кæд афтæ фæнды, йæхи амара — уæд æй хъуамæ нæхи цæстæй фенæм, стæй дын дзырд дæттын, уый фæстæ ацы нæмыг мæнæн дæр мæхи сæрыл кæй сæмбæлдзæн!.
27 Маршания æхсаргард йæ кæрддзæмы нытътъыста, хъуыдыты аныгъуылд. — Иу чысыл фæлæуу, Анчыба! Ацы хъуыддаг æз снывыл кæндзынæн, — Липæмæ фездæхти æмæ йæм дзуры: — Нæ зæды хай, ды та цы зæгъыс? — Анчыба, ды мæ цуры ницы аххосджын дæ, æмæ цæмæн хъуамæ амæлай, уæдæ æз дæр — афтæ.
28 Хорз, бакæн дуар æмæ адæмы мидæмæ рауадз. Сбад æмæ мацæмæй тæрс, — загъта Маршания. — Хорз адæм, фæдзурут ма Инал-ипмæ. Тагъд-тагъд æбацыдысты Инал-ип æмæ ма цалдæр æлдары. — Цытджын æлдæрттæ! Ацы чызг мæнæн мæ уарзон нæу Абонæй фæстæмæ нымад уыдзæн, мæ уарзон чызгыл.
29 — Йæ фæсдзæуинтæн, лæггадгæнджытæн бафæдзæхста, цы зынаргъ хæзнатæ æрласта лæварæн, уыдон æвзист тæбæгъы æвæрдæй Анчыбайы къæхты бын куыд æрæвæрой. — Анчыба, ацы хæзнатæ балæвар кæн дæ уарзон, мæ чызг Липæйæн æмæ йæ мæнæй ракур, йæ фыдæй.
30 Инал-ип, цы фондз æмæ ссæдз байраджы дын раттон ирæдæн, уыдон лæвар кæнын мæ чызг Липæ æмæ йæ лæг Анчыбайæн! æрыгæттæн зæрдæбын арфæтæ ракæнут æмæ чындзæхсæвы куыст кæнут дарддæр Адæм иууылдæр иттæг хъæлдзæгæй нуазæнтæ истой æмæ арфæтæ кодтой æрыгæттæн.
31 Боныцъæхтыл Липæйы æппæты хуыздæр дугъонмæ сæргъæвтой, иууылдæр бæхтыл сбадтысты æмæ араст сты Маршанияйы хæдзармæ чындзæхсæв адарддæр кæнынмæ. Чындзæхсæвы фæстæ Маршания Инал-ипмæ фæдзырдта æмæ йын загъта, — Фæсайдтай мæ! Ды зыдтай, Анчыба æмæ дæ чызг кæрæдзи кæй уарзтой, уый.
32 Фæлæ йæ мæнæн не схъæр кодтай æмæ мæ уымæй тынг бафхæрдтай, уыцы æфхæрд ныббаргæ нæу, хъуа­мæ йæ фылдæрæй бафидай, фæлæ дæм ам не ’вналын, уымæн æмæ мæ уазæг дæ, уазæгæн та æфхæрæн нæй. Дæ хæдзарыл дзæбæхæй сæмбæл, фæстæдæр фендзыстæм.
33 Зон æй, æлдар Маршанияйы сайæн æмæ æфхæрæн нæй, уый тынг тæссаг хъуыд­даг у! æфтиаджы хуызы сæ ратæлæт кодта æмæ сæ йæхи хъæуы æрцæрын кодта Инал-ипæн хуыздæр гæнæн нал уыд: йæ чызг Липæ æмæ йе ’нæуынон сиахсмæ æрхатыд, цæмæй уыдон Маршанияйæн зæгъой æмæ йын йæ хъазайрæгты фæстæмæ раздаха.
34 Маршания Липæйы тынг кæй уарзта æмæ ма йæ йæхицæн чызг дæр кæй рахуыдта, уымæ гæсгæ йын йæ фыды курдиаты сæрты нæ ахызти. Хъазайрæгты фæстæмæ ратта Инал-ипæн. Адæм ацы хабар куы фехъуыстой, уæд кæрæдзиимæ быцæу кодтой, уæдæ сæ чи растдæр бакодта, зæгъгæ.
35 Нудæсаздзыд хъæбатыр лæппу Анчыба, æви Маршания? Бæхдавæг Рустан-Кал, кæд хъæуы мидæг æппæты мæгуырдæр бинонтæй у, уæддæр бæхыл бадынæй йæ разæй никæй ауадздзæн Сфæнд кодта сыхаг хъæуы хъæздыг лæджы чызджы ракурын Ирæдæн ма йын дыууæ бæхы нæ фаг кæны, æмæ исты амал хъæуы.
36 Йæхимæ, цæмæй сæ балхæна, уый нæй. Уæдæ уæд цы? Адавын сæ хъæуы Сфæнд сæ кодта сыхæгты бæхдонæй адавын æнхъæлмæ кæсын байдыдта, кæд баталынг уыдзæн, уымæ æмбисæхсæвты бамидæг сыхæгтæм æмæ сын ракодта сæ хуыз­дæр бæхтæй иуы, иннæ та сомæхсæв адавдзынæн, зæгъгæ, йæхицæн ныфсытæ æвæры.
37 Рустан-Калы сыхаг Гумхар тынг раджы райхъал, йæ зæрдæ фехсайдта бæхдонмæ, загъта, цон мæ бæхтæн хæринаг авæрон... Кæсы æмæ йæ бæхты хуыздæр уым нал ис. «Абырæг дард нæма ацыдаид, цон молломæ, фондз фысæй йын зæрдæ бавæрдзынæн æмæ мын кæд ссарид мæ бæх адавæджы.
38 Йæ чиныджы æнæмæнг фыст уыдзæн æмæ мын æй бацамондзæн». Гумхар моллойы райхъал кодта, мæстæй æхсидгæ йын, цы бæллæх ыл æрцыд, уый радзырдта, фондз фысы, дам, дын ратдзынæн, æмæ мын мæ бæхдавæджы бацамон. — Чи у, зæгъ мын æй, — хаты йæм Гумхар, — дæ чиныгмæ æркæс...
39 уыцы фæлитой дзы æнæмæнг разындзæн, æз æй зонын, дæ чиныджы йæ ном фыст уыдзæн, цытджын хъуыраны хатырæй... — Зынтæй бафтдзæн къухы, мæ зынаргъ Гумхар, алы афон æмæ алцы бакæсæн нæ вæййы пехуымпары чиныджы..... Æмæ мын ныр пехуымпары чиныджы кæсыны бар нал ис.
40 — Дæ хорзæхæй, æркæс æм, мæ сæр хъуыды кæнгæйæ, авд фысы дын ратдзынæн. — Цæй, фенæм, — загъта хинæйдзаг молло. — Хъæубæстæм фæдзур се ’ппæтмæ дæр... Фендзыстæм... Гумхар хохæгты æрбамбырд кодта моллойы хæдзармæ... — Мæнæ куыд зæгъы нæ пехуымпар, — райдыдта молло...
41 — Байхъусут, байхъусут! — райхъуысти алырдыгæй «Ныр уымæн йæ хурхыл ма бахæц!» — ахъуыды кодта Рустан-Кал — æниу, — зæгъы молло, — нæ мæ фæнды давæджы ном зæгъын, цæмæй Гумхаримæ кæрæдзимæ сæ къухтæ ма сисой, уый тыххæй Нæ мæ фæнды, уымæн æмæ мын фæлмæн зæрдæ ис...
42 Фæлæ, уыцы «хъæбатыр» кæд намысджын у, афтæ æнцонтæй кæйдæр бæх йæхи чи бакодта, уый хъуамæ ахъуыды кæна, Гумхар йæ уарзон бæхы ныхмæ туг кæй агурдзæн, ууыл... — Туг, туг... кæнæ бæх! — гуым-гуым кæны Гумхар «Ахæм ма дзы дæсны чиныг уа!.
43 — хъуыды кæны Рустан-Кал. — Мæ фæдтæ доны бакалæгау æмбæхст уыдысты, уæддæр мæ æнæнхъæлæджы куыд базыдта... Ардыгæй изæрмæ ахъуыды кæндзынæн, цы гæнгæ мын у, ууыл...» Хуры фыццаг тынтимæ Гумхары йæ фæсдзæуин райхъал кодта æмæ йæм хæрзæггурæггаг фæци, дæ бæх хæдзары дуар­мæ лæууы, зæгъгæ.
44 Гумхар фырцинæй молломæ азгъордта æмæ йын арфæтыл схæцыд, — Зондджынты зондджындæр, — фæхъæр кодта Гумхар, молло Забулайы йæ хъæбысы ныккæнгæйæ, — дзæгъæлы дын нæ раттон мæ авд фысы. Мæ бæх мын цы хорз ссардтай! — Охх, мæ цæстырухс, раст зæгъыс, æрмæст дæ фыстæ...
45 — æнкъардæй бакодта туркаг. — Цы кæнынц мæ фыстæ? Нард не сты зæгъынмæ хъавыс? — Адавтой мын дæ фысты, ноджы ма семæ мæ дыууæ бæхы, — кæуынхъæлæсæй загъта молло — Адавтой? Уанцон нæу! Ноджы ма дæ бæхты дæр?! Рæвдз рахæсс дæ чиныг, æркæсæм æм æмæ базонæм, чи сæ адавта, уый...
46 — Чиныг дæр адавтой! — хъæрæй ныккуыдта молло æцæгæйдæр Рустан-Кал Гумхары бæх йæ хæдзармæ куы æрбакодта, уæд моллойы бастыгъта, йæ чиныг ын хъавгæ йæ бынæй раласта æмæ йæ Урухы доны баппæрста Давд уд Абхазы бæстæйы иу хъæуы царди, йæ рæсугъды кой дæрдтыл кæмæн айхъуысти, ахæм рæсугъд чызг.
47 Йæ ныййарджытæ йæ хъавыдысты тынг хъæздыг зæронд лæгæн моймæ раттын. Æгъдау­мæ гæсгæ чызг йæ ныййарджыты фæндоныл хъуамæ дыууæ мæ загътаид, фæлæ уарзта мæгуыр хæдзары æрыгон лæппуйы. Лæппу та чызджы аскъæфын йæ сæрмæ нæ хаста. Стæй йæ йæ ныййарджытæ иу уысм дæр иунæгæй нæ уагътой.
48 Чызг йæ зæрдæ дардта, кæд мæ æвæндонæй нæ раттикккой зæронд лæгæн, зæгъгæ. Лæппуйæн та-иу загъта, удæгасæй йæ ныййарджыты фæндоныл кæй не сразы уыдзæн. Бонтæ цыдысты. Сбæрæг ис чындзæхсæвы æмгъуыд дæр. Уалынмæ райхъуысти: рæсугъд чызг æвиппайды амарди.
49 Мæрддзыгой æмбырд кæнын райдыдтой, адæм кæуынц, чи хъæрæй, чи та хиуылхæцгæ. Дыккаг бон чырын æрбаластой æмæ йæ уым сæвæрдтой. Адæм чырыны алыварс æрдиаг кодтой. Се ’ппæтæй тынгдæр — чыз­джы мад. Йæ хъарджытæм хъусын нал фæрæзтой адæм.
50 Усгур зæронд лæджы бирæ рæстæг нæ уырныдта йæ усаджы мард, фæлæ, хъарæг æмæ кæуын куы стыхджын сты, уæд æхца систа æмæ сæ ныууагъта йæ баныгæнынæн, йæхæдæг дард кæдæмдæр ацыди. Ныййарджытæ æмæ хæстæджытæ сæхи фыркуыдæй мардтой. Дæуæн æй цæуылнæ раттам, ныр дæр ма нын æгас уаид!.
51 — æцæг, дæ чызг æгас куы уаид, уæд æй мæнæн раттис? — бафарста лæппу — Мæхæдæг дын æй дæ хæдзармæ бакодтаин, бæргæ, фæлæ ма ныр уыдæттыл дзурын цы пайда у? Уæртæ чырыны хуыссы æнæ улæфгæйæ, йæ мæрдон хуыз ын куы уыныс, йæ уд, æвæццæгæн, уæлæрвтæм атахти...
52 — Мауал дæхи мар, дæ чызг удæгас у! — Дæ сæры зонд фæцыд, уæртæ ма йын йæ цæсгоммæ бакæс, бынтон куы ныммæрдонхуыз, тагъд йæ буар æмбийын райдайдзæн — Нæ, нæ, æна! — райхъуыст чызджы хъæлæс чырынæй Мад цыма хæйрæджджын фæци, уыцы ныхæстæ фехъусгæйæ, афтæ йæ хуыз аивта.
53 Фæлæ йæ чызджы чырынæй сыстгæ куы федта, уæд хъæргæнгæ дуармæ разгъордта. Иннæ адæм дæр мады бафæзмыдтой æмæ уынгмæ згъордтой. Уæдмæ сæм дыууæ уарзæгой зæрдæйы хъæбыс-хъæбыс куы рацыдысты уынгмæ, уæд се ’муд æрцыдысты æмæ сыл цинтæ кæнын райдыдтой.
54 Чысыл фæстæдæр адæм иууылдæр худтысты æмæ арфæтæ кодтой æрыгæттæн. Се ’рхъуыды сæм тынг хорз фæкаст. Чызгæй æппæлыдысты, йæ уд адавыны руаджы зæронд лæгмæ нæ, фæлæ йæ æрыгон уарзонмæ кæй смой кæндзæн, уымæй. Æвзыгъд фыййау. Адæмы зæрдыл нырмæ дæр лæууы диссаджы таурæгъ иу æвзыгъд фыййауы цардæй.
55 «Уыди тынг хъызт зымæг. Фыййау цалдæр мæйы тох кодта æрдзы ныхмæ, архайдта, йæ фос цæмæй æххормагæй ма баззайой. Мартъийы мæй дыууæ хатты фылдæр ныууарыд мит. Фыййау бон-изæрмæ белæй мит къахта æмæ йæ иуварс æппæрста, афтæмæй йæ фосæн хæрын кодта цыдæр мæнгмуртæ.
56 Уæдмæ — тæккæ райсом апрелы мæй райдайдзæн, æмæ фыййауы уырныдта, цæхгæр кæй фæхъарм бонтæ кæндзæн, уый. Æмæ йæ бел иуварс аппæрста, мартъийы мæй карз æлгъыстытæ ракодта, кæй дзы фервæзт, уымæй йæхи амондджын рахуыдта. Фæлæ мæнгæн нæ фæзæгъынц: мæгуыр лæг амалæн конд у.
57 Фыййау бавдæлд æмæ афтид лалым райста, гæдыйы дзы сбадын кодта, хъайваныл æй æрцауыгъта, æмæ йæ цармæ сæппæрста. Гæды лалым хыртт-хыртт кæнын байдыдта, фыстæ сæ каст лалыммæ скодтой, æртæ боны хъуыстой, гæды лалымы куыд хъуыр­духæн кæны, уымæ æмæ сæ хицауæй æппындæр хæринаг нæ бацагуырдтой.
58 Ахæм æрхъуыдыйы фæрцы фервæзын кодта йæ фосы сæрæн æмæ æвзыгъд фыййау. Къамæй хъазт. Абазинаг зылды хъæу Аяцла æмæ Цебельдинскы зылды цы хъæу ис — Геймаш, уыдоны цæрджытæ знæгтæй агæпп кодтой. Се ’хсæнæй сын сæ фысвос атардæуыди.
59 Ныр хъуамæ сæ кæрæдзимæ сæ хъаматæ сласой. Фæлæ абазинтæ сæ сыхаг геймашты марынмæ нæ агурынц, фæлæ сæм арвыстой минæвар, дзæбæхæй баныхас кæныны охыл. Сæ уавæры къуындæгдзинад æмæ сæ бирæ къуыхцытæ æмбаргæйæ геймаштæ сразы сты бафидауыныл æмæ Шарошмæ бахастой фондз мыдамæсты.
60 Мыдамæстытæ раттын æппæт фæскавказы адæмтæм дæр нысан кодта сабырдзинад æмæ фидыддзинад. Хъуыддаг ууыл ахицæн ис, зæгъгæ, Шарош йæ ног зонгæтæн хæрзбон загъта æмæ батагъд кодта, цæмæй йæ адæммæ хæрзæггу­рæггаджы хуызы фæуа, чи йæ рарвыста, уыцы хистæртæм.
61 Фæлæ йæ размæ фесты къамæйхъазджытæ. Фыццаг хатт федта къамтæ æмæ къамæйхъазджыты. Бафæндыд æй йæ амонд бавзарын, иу хъазт акодта æмæ рамбылдта, ноджы ма иу хатт, ногæй та рамбылдта, афтæ — æртæ боны æмæ æртæ æхсæвы. Цин кæны, цы хæцæнгæрзтæ æмæ фæллæйттæ рамбылдта, уыдоныл.
62 Цыппæрæм бон куы æрталынг, æмæ та хъазуатон хъазт куы сцырын Гайзары хæдзары, æрыгон фæсивæды хъæр, хъæлæба куы стынг ис Шарош æмæ Гайзары алыварс — Гайзар уыди Шарошы фысым, къамæй хъазт сын уыимæ бацайдагъ. Цалынмæ рамбулон, уæдмæ мæ ничи бауромдзæн, зæгъгæ.
63 Гайзары хæдзары дуар байгом æмæ адæмы æхсæн фегуырд æлдар Мадовей — йе ’мбар æлдæрттау кадджын æмæ цыт­джын, раздæры æлдариуæггæнджытæ Абхазы бæстæйы. Мадовей ныффæлурс, цыдæр тыхст æмæ тарст уыд. Бæрæг у, цыдæр фыдбылыз сарæзта.
64 Кæнæ искæй ныррæхуыста, кæнæ цавæрдæр сырды амардта... Адæм фæйнæрдæм алæууыдысты, джихæй йæм кæсынц. Сæ уарзон хъæуккагмæ. Къамæйхъазджытæ дæр сæ хъазт фæ­уагътой, — Цы дыл æрцыд, æлдар? — хъæлдзæгхуызæй йæ афарста Шарош — Афтæ мæм кæсы, цыма дæ хъама абон бирæ знæгты зæрдæтæ скарста...
65 Дæ цухъхъайыл цы туг згъоры, уый бирæ дагестайнæгты боцъотæ сахорыны фаг у... — Раст зæгъыс, — æнкъардæй загъта Мадовей, цухъхъайæ цы туг тагъд, уый йæ къухæй сæрфгæйæ... — Уæддæр кæй амардтай? — афарста Гайзар дæр — Кæй? — Амардтон хъæддаг хуы.
66 Адæм базмæлыдысты, æмхуызонæй ныккæл-кæл кодтой. — Хъæддаг хуы? æрмæстдæр хъæддаг хуы! — хъæрæй загъта Шарош — æмæ уый тыххæй махмæ æнæ худæй згъорын цæмæн хъуыди? Стæй ахæм тугæйдзаг та цæмæн дæ? — Цæуыл худыс, Шарош? Талынг æхсæв у, уый нæ уыныс?.
67 Сырд тыхджын æмæ хъæхъхъаг, бузныг зæгъут, ахæм арæхстджын кæй дæн, æндæр афтид æхсаргардæй цы бакодтаин, мæ сæр мын бахорд­таид. Уыцы хъæбысхæсты афтæ бафæлладтæн æмæ ма саудалын­джы фыццаг цы хæдзары цурмæ бахæццæ дæн, уым чысыл мæ фæллад ауагътон.
68 Цæй, сымах та куыд стут? Цы хабæрттæ уæм ис? — Махмæ? — тынг æнкъардæй зæгъы Гайзар — Махмæ хорзæй ницы ис Мæныл дæ хъæддаг хуыйæ мæгуырдæр бон ис Цыдæриддæр мæм уыд, уыдон мын фембылды сты, суанг мæ чызджытæ дæр — Куыд цыдæриддæр дæм ис?.
69 — йæ бынаты хæрдмæ фæхау­ди Мадовей. — Куыд цыдæриддæр дæм ис? Мæ уарзоны дæр — Уый дæр! — сабыргай загъта Гайзар — Уый дæр? Мæ уарзон, дæ хистæр чызг Айначуйы дæр? æз ирæд кæуыл бафыстон, уый дæр дын фембылд? — О, о! Уый дæр! Мæ хурх мын алыг кæн, кæй мын фембылды, дæ ирæд дзæгъæлы кæй фесæфт...
70 æмæ кæрæдзийæ ницыуал дарæм. — Нæ, Шарош, — цыма Гайзары ныхæстæ хъусгæ дæр нæ кæны, ахæм хуызы дзуры Мадовей. — Ард дын хæрын, ды мæ уарзон Айначуйы никуыдæм аласдзынæ... Хъазгæ мемæ. Фыццаг уал æвæрын мæ рон, мæ хъама æмæ æхсаргард — иууылдæр сызгъæриндонытылд сты.
71 Шарош Мадовейы ныхæстæн æрмæст йæ сæры тылдæй дзуапп лæвæрдта, ома демæ разы дæн, зæгъгæ. Къамтæ райста æмæ йæхи хъазынмæ æрцæттæ кодта. Гайзар æлдармæ дисхуызæй бакаст, ай æрра исты фæци, зæгъгæ, фæлæ йын йæ бынат радта. — Цæй, куыд?.
72 Хъазыс ма? — хынджылæгхуызы бафарста Шарош — Хъазын, — мæстыйæ зæгъы æлдар — æз Айначуйы тыххæй æрæвæрдзынæн мæ кадджын ном, æнæхъæн Абхазы бæстæйы дæр хъуыстгонд ном — Табуафси! — куыдфæндыйы хуызы загъта Шарош æмæ та къамтæ райуæрста.
73 — Мæ хæстæджыты циндзинæдты-иу гуырдзиаг адæмы кады нуазæнтæй дыууæ цæуылнæ хъуамæ баназон — мæхи æмæ дæу руаджы? Дыууæ хъæлæсы бар мын кæй ис, уый-иу цæуылнæ хъуамæ зæгъон сæрыстырæй нæ тызмæг æмæ карз, тыхджын æмæ æхсарджын хистæрты Ныхасы, зæгъ ма!.
74 Адæм та базмæлыдысты, бирæтæ дзы Мадовейæн уайдзæф кæнынмæ хъавыд, дæ кадджын ном канд дæу нæу, фæлæ не ’ппæты дæр у, зæгъгæ. Æлдар æвиппайды февнæлдта бандоныл æвæрд æхсаргардмæ, æмæ ныхмæдзурджытæ фæхъус сты. — Дæу фæуæд мæ кадджын ном!.
75 — цыма йын уæлдай ницы у, уыйау загъта æлдар æмæ фæрсæгау хæдзары дуармæ йæ цæстытæ ныццавта. Æмæ мæнæ дуар фегом, æмæ къæсæрыл алæууыд æрыгон хæрзконд лæппу. — Ам дæ, лæгмар! — йæхи æд хъама андзæрста æлдарыл — Цъус раздæр мын ме ’фсымæры амардтай ницæй тыххæй, ныр мæ хъамайы цæфтæ нымай!.
76 — Фæлæуу! — фæхъæр кодта Мадовей! — Чи у де ’фсымæры марæг? æз дæу фæрсын! — Сырды мыггаг! æлдар Мадовей! — Омæ Мадовей уæртæ уый у, — ацамыдта Шарошмæ — Уый мын мæ ном рамбылдта мæнæ ацы дæс æвдисæны раз — Мæнæн ницы уæлдай у, мæ туг райс­дзынæн Мадовей ном чи хæссы, уымæй — чидæриддæр уæд!.
77 Адæм уайтагъд фæйнæрдæм фæпырх сты, æхсаргарды цъыччытæй фæтарстысты. Шарош бæргæ фембæрста йæ рамбылды рæдыд, фæлæ байрæджы. Хæххон хъæбатыр æрра тигры гæппытæгæнгæ йæхи хъахъхъæдта Шарошы æхсаргарды цæфтæй, йæ галиу цонгыл нымæт æрытыдта æмæ та йæм-иу уый бадардта.
78 Æртæ цæрдæг фæзылды фæстæ Шарош æнæ хæцæнгарз аззади, æрхауд, къозыр къамы азар æй басыгъта. Нывондаг. Рагон черкесаг знæмтæ алы рæттæй, суанг дард хъæутæй дæр æртæ азæй-æртæ азмæ цыдысты цæугæ дон Шахейы былмæ сæ кувæндон Ахин-Итхачехмæ.
79 Ацы кувæндонмæ-иу йæхи къахæй æрбацыди урс-урсид нывондаг — дыгæрдыг. Цæугæ-иу Абхазы бæстæй æрбакодта, абадзехтæ æмæ адигеты зæххытыл-иу ахызт цæугæдæтты сæрты. Æнусыккон ставд æмæ бæрзонд æнгуз бæлæсты бынмæ-иу бацыд æмæ уым æнхъæлмæ касти, дзуарæн æй кæд снывонд кæндзысты, уымæ.
80 Уыцы нывондаг-иу сæдæ версты ацыди, ничи йæ тардта, афтæмæй. Фæлæ-иу адæм цымыдисæй йæ фæстæ цыдысты, хъæуты хистæртæ-иу йæ размæ рахастой алыхуызон хæринæгтæ — фæндаггаг, сау сæгъты йын-иу йæ фæстæ бафтыдтой: куывды бон уыдон дæр аргæвддзысты.
81 Уыцы бæрæгбон-иу ахаста дæс-фынддæс боны, адæм-иу уыдысты тынг хъæлдзæг, æгъдауыл мард... Иуахæмы хохæгтæ сæ сыхаг абхазæгтæм балæбурдтой, байс­той сын сæ фæллой, семæ ракодтой бирæ уацайрæгтæ. Сæ фæллад суадзынмæ æрбынат кодтой бардуаг Ахины къохы.
82 Дзæбæх куы бахордтой æмæ куы анызтой, уæд сæ Хуыцауæй дæр нал тарстысты æмæ сæ сæ фыдæлты æгъдау дæр æрбайрох. Схъæлдзæг сты æмæ сæ цагъайрæгты тыххæй кафын кодтой — нал дæр сын сæ азтæм кастысты, нал дæр сæ уавæрмæ. Уацайрæгты æхсæн уыди æнхъæлцау сылгоймаг дæр Цебеты мыггагæй.
83 Уый æфсæрмы кодта кафын æмæ, йæ цæссыгтæй йæхи æхсгæйæ, хъæрæй скуыв­та, — О, Ахин! Табу дæхицæн, ма мæ бауадз фæхудинаг уæвын дæ быны! Цæргæбонты дын мæ хиуæттæ кувдзысты дæ бæрзонд­дзинадæн Ард дын хæрын, æдзухдæр дæ кæй нымайдзынæн æмæ дыл æнувыд кæй уыдзынæн, уый тыххæй.
84 Куыддæр уыцы ныхæстæ загъта сылгоймаг, афтæ зæхх банкъуысти, ранæй-рæтты фæзыхъхъыртæ, фыдгæнджытæ иугай зæххы скъуыды хаудтой. Ралидз-балидз дæр-иу акодтой, фæлæ дзы иуы дæр нæ ныууагъта, удæгасæй сæ ингæнмæ тардта, æмæ сæ зæхх аныхъуырдта.
85 Æрмæст уацайрæгтæ баззадысты æнæфыдбылызæй. Сæ рæхыстæ халынмæ фесты, сæхи суæгъд кодтой æмæ, Ахинæн табутæгæнгæ, сæхимæ аздæхтысты. Уæдæй фæстæмæ Цебеты мыггагæн уæлдай зынаргъдæр æмæ табуйагдæр сси ацы кувæндон. Æвзаргæ йæ, мыййаг, нæ ракæнынц.
86 Йæхæдæг йæхи равзары, кæнæ уасын райдайы, кæнæ йæхи цыдæр æнахуыр тылдтытæ фæкæны. Уæд бинонтæ базонынц нывондаджы æмæ иумæ скъæты бамидæг вæййынц, кувгæ æмæ табутæгæнгæ йæ æхсырæй цынайынц æмæ йæ хъæугæронмæ афæндараст кæнынц. Бæласы зæнгыл ауыгъд æрхуы куыси.
87 Уыцы куысийæ-иу сæнæй скуывтой райсомæй раджы дзуары лæгтæ, аходгæ та-иу дзы скодта нывондаджы хицау. Нуазгæ та-иу кодтой дины музыкæмæ хъусгæйæ, кæрæдзийы къухтыл-иу ныххæцыдысты æмæ заргæ нывондаджы алыварс зылдысты, стæй иу дыгæрдыг аргæвстой — афтæмæй хъабылдæр уыдзæн...
88 Куывд-иу ахаста цалдæр боны. ХЪæРæЦАТЫ Зæирæйы тæлмацтæ. Бæмбæджы хуылфы зынг нæ бамбæхсдзынæ. Змæст цæугæдонæй сæм ницы зынд æмæ йæ æнæбын хуыдтой. Сæр уæд, уыййеддæмæ худ ссаргæйæ у. Уазæг аиппытæ æвиппайды бафиппайы. Æдых лæг алкæмæн дæр знаг у.
89 «Æри» æмæ «айс» кæрæдзи фæстæ цæуынц. Адæм цы бæлас æлгъитой, уый бахуыскъ уыдзæн. Галæн йæ сыкъатæ уæз нæ кæнынц. Æгасы мардыл нæ ивдæуы. Дур дæр аскъуыйдзæн, сырхзынг æй куы скæнай, уæд. Æвзæр комæй — æвзæр дзырд. Хæс æмæ ’фстау зæронд нæ кæнынц.
90 Хæфсы дон куы аласта, уæд афтæ загъта: «Денджызмæ ленк кæнын мæхи фæндыд». Галæн æфсондз куы ’рбахастой, уæд афтæ: «æз хъуг дæн!» æрдуцæм дæ, зÆгъгæ йæм къæрта куы ’рбахастой, уæд та афтæ: «æз гал дæн!» Фондзыссæдз адæймаджы кæй æфхæрой, уый фондзыссæдз адæймаджы аргъ у.
91 Уыгæн цæстытæ радтой æмæ ма æрфгуытæ дæр куырдта. Дæ бæхы кæуыл æууæндыс, ууыл дæ усы дæр баууæнд. Йæ тыхыл йæ зæрдæ чи дары, уый æртхъирæнтæ нæ кæны. Моймæ цæуынвæнд чи скодта, уыцы чызджы бауромынæй къæвда бауромын — æнцондæр. Мæргътæн сæ хуыздæр сæ фæстæ фæтæхы.
92 Дæ ус æмæ дæ хæцæнгарзыл макуы баууæнд. Дæуæй раздæр чи ’рхауд, ууыл ма бахуд. Ахуыр — уазæг, зонд — фысым. Уæлхæдзар хор чи тауы, æдылы уый нæу, æххуыс ын чи кæны, уый у æдылы. Фыййау йæ лæдзæгимæ уынаффæ кæны. Уацайраг бафарста: «Цæмæн мæ уæй кæнут?».
93 Дзуапп ын радтой: «Дæ рихи зылын у æмæ уый тыххæй». Æвзæр йæхи не ’мбæхсы, хорз йæхи не ’вдисы. Иунæг бон фæци хицау æмæ сæдæ сæры акъуырын кодта. Ныййарджытæ — цотæн, цот — сæхицæн. Фыццаг уал фен, чи дæм хъусы, уый, стæй дзурын райдай.
94 Сылгоймагæн сæдæ уды ис. Ницæйаг хиуарзон вæййы. Цæгæрсæр лæгæй сæрвасæн ма кур. Зондджын знаг æдылы хионæй хуыздæр. Хорз фыййауæн цыппар цæсты ис. Халон гæрзифтонг лæджы ауыдта æмæ йæхицæн афтæ: «Кæд зондджын у, уæд мæ нæ фехсдзæни, кæд æдылы у, уæд мæ нæ акъуырдзæни».
95 Дон кæй фæцæйласы, уый калммæ дæр фæлæбуры. Суарийыл хæрджытæ æрдызта, йæ къухтæ æхсынæн та сапон сомæй æлхæдта. Адæймаджы зæхх йеддæмæ ничи бафсаддзæн. Уазæгæй цы бамбæхсай, уый хæйрæджы хай кæны. Хъæрццыгъа ’рцахсы, цъиусур байсы.
96 Алы куыдз дæр йæ кæрты хъæбатыр у. Иу хуыйæн йæ дзыхы дыууæ æнгузы нæ бацæудзысты. Бæлас йæ уидæгтæй фидар у, адæймаг та йæ хæстæджытæй. Ифтыгъд топпæй иу тæрсы, æнæифтыгъдæй — сæдæ. Бæлас куы базæронд вæййы, уæд дзы зулчъытæ фæзыны.
97 «Мæ дымæг мæ куы нæ хъыгдарид, уæд мæ дугъы бæргæ ничи баййафид», — загъта фыс. «Мæ сæр тилынмæ зивæг куы нæ кæнин, уæд сираг бæргæ уаин», — загъта бæх. Сынтмæ смæсты æмæ сауцъиуы амардта: «Ды дæр сау дæ!» Хуым æм нæ уыд, афтæмæй мыггæгтæ куырдта.
98 Бæстыхæйттæ цы фæрæтæй фæцарæзтой, уый кæртмæ фехстой. Хъазæн ныхас — рæстдзинады æмбис. Æфсымæр кæмæн нæ уыд, уый цæджындзæн хъæбыстæ кодта. Ай-гъай, бирæ, тынг бирæ азтæ рацыд уæдæй нырмæ... Хур-иу тарцъæх хæхты фæстæйæ сленк кодта, стæй та-иу нынныгъуылди денджызы уылæнты.
99 Дæттæ-иу ныйих сты, фæлæ та-иу уалдзæджы ногæй сæ баст атыдтой, раивылдысты-иу. Æнæкæрон цъæх быдыртæ-иу зымæг мæрдвынæй баисты, фæлæ та-иу хуры хъарммæ дзыхъхъынног фестадысты. Фæлтæр фæлтæры ивта. Ацал-ауал æнусы бир-бирæ дон-хъалон фæласта Сау денджызмæ Хъубан.
100 Иу паддзахад уыд, æмæ дзы царди мæгуыр кæсагахсæг Хаким. Иуахæмы та кæсаг ахста хызæй. Бон-изæрмæ фæбадти доны был, фæлæ йæ къухы ницы бафтыди. Рахæцыд йæ хызыл. Тыхтæ-амæлттæй йæ раласта былмæ. Æмæ дын мæнæ æвирхъау диссаг! Йæ урс-урсид буар тæмæнтæ калдта.
101 Цæстытæ денджызы арфау — цъæх-цъæхид. Йæ дзыккутæ — сатæгсау цыллæйау. Ахæм рæсугъд чызг суанг йæ фыны дæр никуы федта Хаким. Æмæ хинымæры скарста: паддзахæн æй йæхимæ акæнон. Паддзахæн та йæ къухы уыди цыбыр лæдзæг, алыхуызон хæзна дуртæй йыл нывæфтыдтæ.
102 Хаким æм æрбакодта чызджы, стæй йын радзырдта, хызæй йæ куыд æрцахста, уый. Паддзах чызджы фæрсы: чи дæ, цы дæ, куыд бахаудтæ хызы, доны бын цы куыстай? Фæлæ чызг ницы дзырдта Уæд паддзахы амындæй чызгæн алы фыдмитæ кæнын байдыдтой.
103 Йæ къæхты йын зылын зæгæлтæ къуырдтой. Уæддæр чызг хъусæй лæууыди. Ноджы йын æбуалгъдæр фыдмитæ кæнын байдыдтой: артмæ-иу æй ныддардтой, доны-иу æй ныппæрстой, кардæй йæ рæхуыстой. Уæддæр чызджы дзыхæй сым дæр не схауди. Фæндагыл чызг ауыдта, цырыхъхъытæ чи ’лхæдта, иу ахæм лæджы.
104 Лæг-иу цырыхъхъы уафс йе ’нгуылдзтæй æркъупп ласта æмæ та-иу афтæ, — Ницæйаг сты ацы цырыхъхъытæ, афæдзваг дæр не суыдзысты. Чызг уыцы ныхæстыл былысчъил худт бакодта. Фæндагыл та æндæр лæджы ауыдта. Уый балхæдта хъæдындзтæ, фæлæ нурытæм йæ хъус не ’рдардта.
105 Чызг та былысчъилхуызæй бахудти. Æртыккаг хатт та бахудти, йæ къухы гыццыл сывæллон чи хаста æмæ йын фырцинæй алы буц митæ, дыги-дыгитæ чи кодта, ахæм лæгыл. Сæркъуыртæ æппæт ацы хабæрттæ паддзахæн ракодтой. Æмæ паддзах хъуыдыты аныгъуылди.
106 Хъуыдытыл фесты йæ дæлбар адæм дæр: цымæ цæуыл худти чызг? Никæй бон баци ацы сусæг райхалын Æмæ та паддзах ногæй фæрсын байдыдта чызджы Фæлæ чызг къæрттæй цъула не ’ппæрста Паддзахæн йæ маст бынтондæр рафыхт Æмæ загъта: ацы хуыцауылгъысты раттут Хакимæн!.
107 Хакимæн та бафæдзæхста, — Ды мæм æй æрбакодтай æмæ йæ дæхæдæг амар! Хаким чызджы къухыл æрхæцыд æмæ йæ йæ халагъудмæ акодта Кард райста, сигæцыл æй адаудта — хъуамæ паддзахы уынаффæ сæххæст кæна Уæд дын чызг æнæнхъæлæджы куы сдзурид, — Ауадз мæ, хорз лæг, фæстæмæ мæ доны баппар.
108 Мæн амарынæй дын цы пайда ис? Хаким æваст фæкуыддæр и, кард йæ къухæй æрхауди Стæй йе ’муд æрцыд æмæ загъта, — Хорз, ауадздзынæн дæ, фæлæ уал мын раздæр зæгъ: фæндагыл цы æртæ лæджы федтай, уыдоныл цæмæн худтæ? Паддзахæй дæр нæ фæтæрсдзынæн.
109 Чызг бахудт æмæ загъта, — Хорз. Фыццаг хатт кæуыл бахудтæн, уыцы лæг цырыхъхъытæ æлхæдта. Гъемæ хъуыды кодта цырыхъхъыты фидарыл, адæймаджы цард мæнгæфсон халыл кæй хæцы, уый та йæ фæсонæрхæджы дæр нæ уыд. Афтæмæй йæ ныхыфыст амыдта: хъуамæ уыцы бон изæрæй амардаид.
110 Чызг та ногæй бахудти, — Дыккаг лæг та нурыты бæсты хъæдындзтæ æлхæдта æмæ йыл куыннæ бахудтаин? Æнæфенд цыдæр! Исчи-ма пайдайаг халсары бæсты лæгæн зианы хос чи у, ахæм равзары! Чызг æртыккаг хатт бахудт æмæ загъта: — А æртыккаг лæг та мæ бынтон ахудын кодта.
111 Уый сывæллоны цинæй кæфойы зæронд фестад, йæ туг, йе стæг æй æнхъæлдта, йæ удлæууæн æй хуыдта. Цæмæй зыдта, мæгуырæг, уый йæхи сывæллон кæй нæу, уый! Чызг ноджы тынгдæр ныххудт æмæ Хакимæй куры, ауадз, дам, мæ ныр Лæг æй ауагъта, æмæ чызг йæхи доны басхуыста.
112 Иуцасдæры фæстæ та ногæй былгæронмæ æрбаленк кодта æмæ загъта: — Хæлар æмæ сыгъдæг зæрдæйы хицау дæ, кæрдаг зонд дын ис, лæджыхъæдæй, ныфсæй цух нæ дæ, æмæ дын хъуамæ исты хорзы бацæуон. Мæнæ ацы æртæ лæхъуымæйы айс. Иу дзы ныр бахæр, иннæ — фæндагыл, æртыккаг та — уæхимæ куы бацæуай, уæд.
113 Æмæ чызг былмæ æртæ лæхъуымæйы раппæрста. Йæхæдæг цæстыфæныкъуылдмæ æрбадæлдон. Бахордта Хаким лæхъуымæ. Æмæ уайсахат æмбарын байдыдта зайæгхæлтты сыбар-сыбур, сыфтæрты сыр-сыр, дымгæйы улæфт, уылæнты цæллахъхъ, алыхуызон цæрæгойты æвзаг, цъиуты цьыбар-цьыбур, дунейы цин æмæ маст...
114 Бахордта Хаким лæхъуымæ. Æмæ æмбарын байдыдта æрдзы миниуджытæ: цæрдудты æмæ æнæудты, тыхджынты æмæ æдыхты, дæтты æмæ уæлдæфы митæ, фæзылдтытæ, раив-баивтæ... Бирæ фæцарди Хаким. Бирæтæ федта, бирæтæ бавзæрста. Фæлæ æнæмæлгæ дуне нæй.
115 Æмæ кæд йе ’цæг дунемæ ацыд, уæддæр йæ ном абоны онг дæр рох нæу адæмæй. Афтæ у æцæг дæр. Ехх, кæдæй-нырмæ дæ агурын, æнахуыр донычызг. Ды æвæджиауы хорзы бацыдтæ Хакимæн. Æз дæр уый хуызæн æнæбон, мæгуыр лæг дæн. Нæй мæм бæхрæгъæуттæ, фосдзугтæ, хуымзæххы тъæпæнтæ, сæрвæттæ, уыгæрдæнтæ, тархъæдтæ.
116 Мæ иунæджы зæрдæ — мæ исбон, мæ мулк. Æрхæндæг-уынгæг зарæг — мæ уды цин. Цы дын у мæ бон раттын, хæларзæрдæ донычызг? Цы бакæнон, цæмæй дæ уарзты аккаг суон, уый тыххæй? Айс, зынаргъдæр мын циу, уый: мæ зæрдæ! Мæ мулк — мæ зæрдæ.
117 Ратдзынæн æй дæуæн. Фæлæ кæм дæ, кæм? Ацал-ауал азы дæу агургæйæ къахихсыд куы бадæн Равдис мæм дæхи Ратт мын дæ лæхъуымæтæй Цæмæй мæ цæстытæ байгом уой Ратт мын дæ лæхъуымæтæй, Цæмæй мæ хъустæ байгом уой Ратт мын дæ лæхъуымæтæй, Цæмæй цырынæй ссудза мæ зонды цырагь.
118 Лæхъуымæтæ, лæхъуымæтæ... 0 хæларзæрдæ доны чызг, дæ лæхъуымæтæй мын! Дæ лæхъуымæтæй! ХУЫЦАУЫ ТÆРХОН Æгуыппæгæй лæууыдысты фæныкхуыз къæдзæхтæ — æрнæг комы куырм æмæ гоби хъахъхъæнджытæ Сау калмау дæлиау кæмдæр къæдзтæ-мæдзтæй хуыссыди ком.
119 Йæ фæрстыл аууæттау пырхытæй баныхæстысты тъæпæнсæр хæдзæрттæ, рæстæг сæ сæртæ адзæнгæл ласта æхсонкъул мæсгуытæн. Фæлæ йын фæлдæхын нæ бакуымдтой, сæ дзæмбытæй ныддæвдæг ысты хохы фæсонтыл. Æз бадтæн айнæгыл æмæ хъуыстон абухгæ доны хъæлæбамæ.
120 Уый æррайау тындзыдта кæдæмдæр. Цыма сæ амонд йæ фæдыл сайдта, уыйау уылæнтæ тахтысты кæрæдзи сæрты гæппытæгæнгæ. Се рæгътыл пæр-пæр кодтой урс фынчыты æнахуыр цыллæхызтæ. Æрдзы æдзæмдзинадмæ уыд иунæг ныхилæг — фыдзыкъуыр, æнæнцой дон.
121 Йæ иугæндзон уынæрмæ риуы гуырыдысты ивгъуыд бонты нывтæ. Хъуыдыты хал-иу куы зæлдагау анывæсти, куы та-иу суйтæ ныцци. Иу ныв ивта иннæйы, æмæ-иу зæрдæйы къултæ æрбалвæста, зæгъæн кæмæн нæй, ахæм æнахуыр æхцон утæхсæн. Бонтæ цыдысты.
122 Ивта алцы дæр. Æрмæст ацы нывтыл рæстæджы æрмдзæф ничердыгæй фæбæрæг. Бæрзонд къардиуы сæрмæ фæзгонды — стыр урс дур. Ууыл бадгæйæ кодта зæронд Хъауырбег фыдæлты диссаджы таурæгътæ. Табу Йæхицæн æмæ йæ минæвар Мæхæмæт-пехуымпарæн...
123 Байхъусут та, мæ хуртæ, фыдæлты кадæгмæ... Кæстæртæ-иу Хъауырбеджы алыварс æртыгуыр ысты, тарстысты, йæ ныхæстæй йын искæцы куынæ фехъусой. Сæ цымыдис цæстытæ-иу нал истой зæронд лæгæй. Фæлæ Хъауырбег нæ тагъд кодта. Ууылты мидæмæ куы бахизат, уæд дзы уæ цæст æрхæцдзæни стыр дурыл.
124 Дуры бын ныккæнд ис. Ныккæнды та — адæймаг æмæ куыдзы стæгдартæ. Сæ уæлхъус хъенæй лæууы стыр дурныв, сартæй карсты хуызæн. Æвналын сæм нæ фæччы; ахæрæты бонмæ уым лæудзысты. Сымах карæн ма куы уыдтæн, уæд мæ дадайæ ахæм хабар фехъуыстон.
125 Раджы кæддæр, Мæхæмæт-пехуымпар ма сæрæгас куы уыд æмæ йæ фарны хъæлæс адæмы зæрдæтæм рухс куы хаста, уæд а комы царди цавæрдæр адæмы мыггаг, йæ ном ын ничиуал хъуыды кæны. Уыцы адæмæн уыдис æлдар, æлдарæн та — фырт. Йæ зæронды бонты уымæй хаста йæ ныфс, йæ удæнцойыл, йе ’нхъæлцауыл æй нымадта.
126 Бирæ уарзта зæронд æлдар йæ фырт Æмзоры æмæ йæ бынтæ дæр уымæн ныууадзынмæ хъавыди. Фæранкау фидæрттæ æмæ æхсарджын уыди лæппу. Комбæсты йæ разæй никæй уагъта лæгæвзарæнты. Уыцы хъæуы ма цардис иу мæгуыр дзабырхуыйæг. Æмзор чызджы куы федта, уæд йæ зæрдæйы æвиппайды ссыгъди уарзондзинады арт.
127 Æмæ йæ фыдмæ баминæвар кодта, мæгуыр дзабырхуыйæгмæ мын фидауджытæ барвит, зæгъгæ. Фыдæн уый фæхъыг, йæ маст рафыхти: цавæрдæр гæвзыкк сæмпæрчъи нæ чердыгæй бахъуыди! Йе ’мдæндаг æлдæрттæй искæцыимæ бахæстæг уæвын фæндыди фыды Ноджы фидарæй зыдта: чызг дæр æй уарзы.
128 Æмзорыл-иу куы амбæлд, уæд-иу йæ уадултæ пиллæттæ суагътой, йæ даргъ цæстыхау-тæ-иу дæлæмæ æруагъта. Зæрдæйы гуыпп-гуыпп-иу фæтынгдæр. Гъемæ цыма Æмзоры йæ хæйрæджытæ ацардыдтой — фыдæлты фæдзæхстытыл йæ къух ауыгъта, Хуыцауы фæндтæ мурмæ дæр не ’рдардта, йæ фыды урс сæрыл нæ ахъуыды кодта...
129 Хуыцау бирæтæ бары, фæлæ Йæ фыдæхæй уæхи хъахъхъæнут, мæ хæдзæрттæ, Йæ хъыджы ма цæут, галиу фæндæгтæй хизут уæхи. Зæронд Хъауырбег йæ къæлæтсæр лæдзæгæй къæй æрхоста, йæ алыварс фæсивæд хъусæй лæууыдысты, æнхъæлмæ кастысты, дарддæр цы зæгъдзæн, уымæ.
130 Лæг нæ тагъд кодта. Йæ лулæ раджы ахуыссыд, æмæ йын Хъауырбег ризгæ къухæй йе ’ртхутæг ракалдта. Стæй йæ ихсыд чъисса систа, лулæйы дзыхы ногæй тамако ныннадта æмæ та хъуыдыты аныгъуылд. Æрæджиау йæ ныхас дарддæр кодта, — Æлдары фæсдзæуинтæй иу Тариб хуынд — æрыгон нукер.
131 Рувасы æвзаг æмæ йын бирæгъы зæрдæ уыди. Зæронд æлдармæ йæ дæндæгтæ рагæй цыргъ кодта, æмæ йын ныр æвæджиауы фадат фæцис. Æмзоры уæгъд нал уагъта, Аминæты аскъæф, ме ’ххуыс дæ куы бахъæуа, уæд дын мæнæ лæг, зæгъгæ. Æмзорæн йæ зæрдæ гуырысхотæ æууылдтой, зын æм каст йæ фыды зæрдæхудты бацæуын.
132 Тарсти Хуыцауы фыдæхæй. Фæлæ хæйрæг дæр æнцой нæ зыдта, лæппуйы зонд галиутæ кæнынæй не ’нцади... Зæронд æлдармæ байхъуысти фыдхабар: Æмзор Аминæты аскъæфта. Æлдары дзыхæй хъыпп-сыпп дæр не схауди. Стыр зынтæй урæдта йæ маст. Йæ уаты-иу иунæгæй куы баззад, уæд йæ хъизæмæрттæн кæрон нæ уыд.
133 Æмæ та йыл иуахæмы йæ судзгæ фыдтæ куы ’ртыхстысты, фырадæргæй цы фæуыдаид, уый куы нал зыдта, уæд йæ дзыхæй сирвæзти карз æлгьыст. Æмæ йын Стыр Хуыцау йе ’лгъыст фехъуыста. Аминæт-рæсугъдæн Хуыцау ныббарста, йæ фыд рæстзæрдæ кусæг лæг кæй уыд, уый тыххæй.
134 Ныр Æмзор карст дурнывæй лæууы ныккæнды, Тариб та æлгъаг куыдзы хуызы бацыд. Аминæт удаистæй ныттыхсти дурнывыл, афтæмæй изæрмилты йæ уд систа. Фыд-зæрдæ куыдз Тариб дæр ныххæдмæл, уæдæ цы уыдаид? Уæдæй-нырмæ ныккæнды æмбийынц Аминæт æмæ Тарибы стæгдартæ.
135 Сæ уæлхъус та хъенæй — Æмзоры дурныв. Афтæ лæудзысты, цалынмæ ахæрæты бон Джабраил-архангел йæ уадындз нæ райса æмæ дзыллæтæм нæ фæсида. Уæд дзыллæтæ æрлæудзысты Дунескæнæг Хуыцауы тæрхоны раз. Хистæртæн аргъ кæнут, мæ хæдзæрттæ.
136 Не Сфæлдисæг Хуыцауы фыдæхæй тæрсут. Табу йæхицæн. Зæронд Хъауырбег йæ ныхас фæцис. Исдуг сыбыртт никæцæйуал хъуыст. Æрмæст абухгæ доны уылæнтæ раздæрау кæрæдзи сургæ тахтысты комы. Æви азты базырты иугæндзон пæр-пæр айнæг хæхтæ арыдта?.
137 ДЗАДЖЕЙЫ ÆХСАРГАРД. ...Дымгæ дугътæ уадзы быдыры, хъазынтæ сисы хæмыцырихийæ. Сахъгуырды зæрдæйау сонт æмæ сæрибар дымгæ æнцой нæ зоны, сæрбихъуырæйттæ кæны æгæрон фæзты, йæхи андзары бæрзонд хæрзиунæг обауыл. Стæй æваст æрсабыр вæййы æмæ кæуын райдайы.
138 Дард Кæсæджы быдыры иунæг обау... Цæргæсы ахстонæй ратæхынц лæппын цæргæстæ æмæ уазал цæгатмæ сæ ных саразынц. Сæ фæндаг вæййы урсдæллагхъуыр успаддзахмæ. Цыма сæм йæ цыллæ кæлмæрзæн батылдта, ардæм ратæхут, зæгъгæ. Ахæм дзырд сын радты урсдæллагхъуыр успаддзах...
139 Уæд размæ рахизы мыдхуызрихи цæхæрцæст, æвзыгъд Дзадже. Сæрæй акувы успаддзахæн æмæ фæзæгъы, — Хуыцауы арфæ дыл сæмбæлæд, мæ цытджын паддзах, æмæ мын ныххатыр кæ мæ къæйных ныхас. Æрбахæссынц паддзахы лæггадгæнджытæ дыууадæс æфсæн лæдзæджы Дзаджейæн.
140 Уæд йе ’хсаргард йæ кæрддзæмæй фæцъортт ласы Дзадже æмæ æфсæн лæдзджытæ радыгай сæ астæутыл ахауын ласы сæнчыты хуызæн. Стæй та фæзæгъы, — Нæ нæ хъæуынц Мæздæджы быдыртæ, мæ паддзах. Куы нæ бафæнда, уæд не ’хсаргæрдты руаджы байсдзыстæм уыцы зæххытæ, Мæздæджы тъæпæнтæ.
141 Не ’хсаргæрдтæ куыд цыргъ ысты, уый та ацы сахат дæхи цæстæй федтай. Фæлæ нын кæд исты хорзы бацæуинаг дæ, уæд дæ фæсдзæуинтæн зæгъ æмæ нын бахай кæной дæ сызгъæринтæй, дæ хæзнадуртæй, дæ зынаргъ хæрдгæхуыд хъуымæцтæй, дæ хъæдабæтæй, цæмæй хъæмæ афтидармæй ма аздæхæм.
142 Афтæ фæзæгъы цæхæрцæст Дзадже æмæ йæ мыдхуыз даргъ рихи аздухы. Уæд урсдæллагхъуыр успаддзах йæ къухæй ацамоны, — Фæуæд, ацы гуыппырсары куыд фæнды, афтæ! Байхъусут, хорз адæм, фыдæлты таурæгъмæ Цыма мигътæ фæленк кæнынц арвыл, цыма уаритæ айгæрдынц уæлдæф сæ тыгъд базыртæй.
143 Здæхынц æвзыгъд бæлццæттæ уазал цæгатæй... Ласынц зынаргъ хæзнатæ — паддзахы лæвæрттæ. Мæздæджы æмæ Кæсæджы быдыртæ хотау кæрæдзи кæм æрбахъæбыс кæнынц, уыцы фæзы æрфистæг вæййынц хъæбатыр барджытæ. Хуыссæг. Хуыссæг сыл фæтых вæййы.
144 Цæмæй фæзонынц, хæдмæлхор халæттау знæгтæ сæ алывæрсты кæй æртæхынц. Æмæ бадзурынц æгъатыр ызнæгтæ фæллад бæлццæттæм: дзæбæхæй нын раттут уæ хæзнаты уæргътæ — паддзахы лæвæрттæ... Фæлæ знæгтæ стонг бирæгъты балау сæхи лæбурынмæ æрцæттæ кæнынц.
145 Дзадже дæр йе ’хсаргард ысласы æмæ йе ’мбæлттæм дзуры, — Сау бон ныккодта, лæппутæ... Барджытæ сæ уæрдæттæ æрфæлдахынц æмæ дзы кæрт æрцаразынц. Сæ нымæттæ кæрдæгыл æрытауынц æмæ сыл топпыхос æркалынц. Æмæ мæлæтдзаг тох бацайдагъ вæййы.
146 Уалынджы сау мигътæ æрбатыгуыр вæййынц, арв ферттивы æмæ ныннæры. Топпыхос дæр фæвæййы, æмæ та хъæбатыр Дзадже фæхъæр ласы, — Уæдæ не ’хсаргæрдтæ нæ фыдгултæн адзалы цæвджытæ басгуыхæнт! Уæдмæ знæгтæ дæр алырдыгæйты æрбацæйтæхынц.
147 Дзадже уæззау цæфтæй бамбары, йæ фæстаг бон кæй æрхæццæ. Йæ цæнгтæ æрлæмæгъ вæййынц, цæстытыл мигъ æрбады. Йе ’хсаргард йæ былтæм бахæссы, аба йын кæны æмæ фæзæгъы, — Æвгъау дæ, ме ’хсаргард, ацы куыйтæн. Æхсаргард ызнæгты сæрты æхситгæнгæ атæхы æмæ арвы цъæхы æрбайсæфы.
148 Знæгтæ ма йæ агурæг бæргæ азгъорынц, бирæ йæ фæагурынц, фæлæ йæ нал ыссарынц. Быдырыл арт бафтауынц — кæд разынид æхсаргард. Фæлæ — никуы ’мæ ницы. Æхсаргард зæхмæ æрхауди, сыджыты нынныхсти йæ цыргъ бырынкъæй æмæ дзы æнæхъæнæй афардæг...
149 Мæздæджы æмæ Кæсæджы быдыртæ дыууæ хойау кæрæдзи кæм æрбахъæбыс кæнынц, уым ис бæрзонд обау. Дымгæ дугътæ уадзы быдыры, хъазынтæ сисы хæмыцырихийæ. Сахъгуырды зæрдæйау сонт æмæ сæрибар дымгæ æнцой нæ зоны... Сæрбихъуырæйттæ кæнын райдайы дымгæ, йæхи андзары хæрзиунæг обауыл.
150 Стæй æваст æрсабыр вæййы æмæ ныккæуы. Фæкæуы, фæдзыназы дымгæ уынгæг хъæлæсæй... АДÆЙМАДЖЫ ХÆЛАР. Æппæтхъом Хуыцау куыста, Йæ хид Йæ къæхты бынæй калди. Куыста удуæлдайæ, æнæрынцойæ. Талынг æмæ рухс кæрæдзийæ фæхицæн кодта, стæй та зæхх æмæ дон.
151 Цъæх-цъæхид арв æрфæлдæхта дунейыл æмæ йыл стъалытæ байтыдта. Хæхтæ рæдзæгъдтæй самадта æмæ сæ митæй бамбæрзта. Дæлвæзты цæугæдæттæ ауагъта. Кæм æдзæрæг быдыртæ айтыгъта, бурбын змис сыл байзæрста æмæ сæ хуры цæхæрæй басыгъта, кæм та Йæ хъомысæй æнусонцъæх былгæрæттæм тындзын байдыдтой.
152 Уый цард радта дуртæ æмæ зайæгхæлттæн, сырдтæн æмæ цъиутæн, хилджытæн æмæ сасктæн. Уый скодта гæлæбуйы кæркæ-мæркæ базыртæ, бæхы æндон сæфтджытæ, калмы нывæфтыд цъар. Æмæ загъта: адæттæ иууылдæр дæ бар уыдзысты, дæ ном та хуыйндзæнис Адæймаг...
153 Æппæтхъом Хуыцау сфæлдыста адæймаджы. Иунæг баулæфт, æмæ зонды цырен рухсæй ферттывтой цæстытæ, дадзинты туг схъазыди. Хъал, уæлахиздзау зæрдæйæн риуы йæ гуыпп-гуыпп ыссыди... Фыргуыстæй куы бафæллад Æппæтхъом Хуыцау, уæд пальмæты бын Йæхи æруагъта...
154 Æрбацыд Иблис... Хæлæггæнаг, хæрамзæрдæ, мæнгард... Федта зæххыл тыгъдæй адæймаджы буар... Æрлæууыди, хъуыдыты аныгъуылд Иблис. Федта сæр. Афтæ йæм фæкасти, цыма мармæрæй конд у. Хæрзаивæй лæууыди тымбыл, фидар бæрзæйыл... Зæххы паддзахы сæр...
155 Иблис федта риу, айнæгау фидар гуыр, фæйнæрдæм æппæрст цæнгтæ, æндонау фидар хæцъæфтæ. Æмæ исдугмæ банхъæлдта, цыма уыцы къухтæ дуне ныхъхъæбыс кæнынмæ хъавынц. Иблис федта хæрзконд, хъандзалтау хъæддых къæхтæ: куы азгъордтаиккой, уæд сæ, æвæццæгæн, уромæг уромын нæ бафæрæзтаид.
156 Æмæ фырхæлæгæй йæ зæрдæ пиллæйттæ суагъта Иблисæн, йæ калмы цæстытæ мастæрттывд фæкодтой, — Æз... Æз хъуамæ уон зæххæн паддзах. Æндæр ничи... Æмæ Иблис лæгмæ бабырыд. Йæ хъал сæр ын æртасын кодта, мармæр цæсгом йæ армытъæпæнтæй нылхъывта, æмæ фæдæргъæлвæс и.
157 Къухтæ ’мæ къæхтæ балвæста æмæ ныццыбыр ысты. Стæй æррайау бавнæлдта буар гуылмызтæ, цæнкуылтæ кæнынмæ — дæрзæг змисыл ратон-батонтæ, ратул-батултæ, схуыстытæ, рæхуыстытæ. Иблис йæ æвирхъау фыдмитæй куы бастад, уæд лидзæг фæци — тарстис Æппæтхъом Хуыцауы азарæй...
158 Хуыцау райхъал... Федта Иблисы фыдракæндтæ. Фæлæ не смæсты... Æрмæст Йæ мидбылты фæлмæн бахудтæй Йæ цæсгом срухс æмæ загъта, — Хорз... Æвæджиауы зонды хицау у Æппæтхъом Хуыцау. Адæймаджы гуылмызтæ буары хæйттæ æруыгъта æмæ дзы уд бауагъта.
159 Стæй загъта, — Адæймаджы хæлар фест. Æппæтхъом Хуыцау сфæлдыста куыдз... ÆФСЫМÆРЫ ТЫХХÆЙ. Уый раджы уыди, тынг раджы... Цардысты дыууæ æфсымæры — Ауызби æмæ Псымахо. Хъæздыг дæр сæ нæ рахуыдтаис æмæ мæгуыр дæр. Алцы дæр сæм — сæ фаг, хохаг лæгæн куыд æмбæлы, афтæ.
160 Сæ фыд куы амард, уæд Ауызбийæн, хистæр куыд уыд, уымæ гæсгæ хæдзар йæ бæрны баззади. Псымахо та — хæрз саби, Ауызби йын æфсымæрæн дæр æмæ фыдæн дæр бæззыди. Тызмæг у хохаджы цард. Дзæгъæл буц митæн дзы бынат нæй. Ауызби дæр йæ гыццыл æфсымæрæн æнæхъуаджы дыги-дыгитæ нæ кодта.
161 Никуы йæм бахудти, никуы йæ барæвдыдта... Рæстæг цыд, æмæ Псымахо дæр йæ лæппуйы кары цæуын байдыдта. Йæ фезмæлд — цæрдæг, бæхыл бадынмæ, гæрзтимæ архайынмæ — иттæг хæрзарæхст. Æмæ йыл чызджытæ сæ цæст æрæвæрдтой уайтæккæ. Азтæ цыдысты.
162 Ауызби фæасхуыз, йæ боцъойы урсытæ фæзынди. Лæппулæджы кары бацыди Псымахо дæр. Цыдæр æмбæхст хъуыды æнцой нæ лæвæрдта хистæр æфсымæрæн, арæх ын-иу йе ’рфгуытæ кæрæдзимæ æрбалхынцъ кодта. Иуахæмы бадзырдта Псымахомæ, — Дыууæ ныхасæн мæ хъæуыс.
163 Лæппу йæм бацыд. Ауызби иуварсырдæм азылд æмæ, цыма йæ ныхæстæ фæрсудзгæ кодта, уыйау сæ зынтæй фæрæзта дзурын, — Иу хъуыддаджы тыххæй дын зæгъинаг уыдтæн. Æвæццæгæн æй дæхæдæг дæр æмбарыс, цавæр хъуыддаг у, уый. Бæлас дæр ма таутæ суадзы.
164 Адæймагæн дæр йæ хæс у йæ фæстæ фæд ныууадзын... Чызг нæ сыхаг у, хæрзхъæд мыггагæй. Хъуыддагæн фæстæдæрмæ æргъæвæн нал и, кæнын æй хъæуы... Ауызби æваст фæзылд æмæ, йе ’фсымæрмæ нæ бакæсгæйæ, уазæгдонмæ йæхи райста. Псымахо æвиппайды куыд афæлурс, йе уæнгты ихæнриз куыд ацыд, уыдæттæ нæ федта.
165 Псымахойы дæндæгтæ кæрæдзиуыл андæгъдысты. Æмыр уынæргъын сирвæзт йæ риуæй. Фырмæстæй æви фыррыстæй? Уый йæхæдæг дæр нæ рахатыдта Иуцасдæр сагъдауæй баззади, стæй уæззау къахдзæфтæй рараст хъæуы кæронмæ Цалдæр боны йæхицæн æнцой нæ ардта Псымахо.
166 Боныцъæхтыл-иу йæ бæхыл саргъ авæрдта, абадт-иу ыл æмæ-иу дымгæйау æрбайсæфт. Æхсидгæ монц ын йæ зæрдæйы уидæгтæ ардуанау хафта... Иуахæмы фæсахсæвæрты зыбыты фæлладæй сæхимæ здæхти лæппу. Хъæдты, быдырты æнæсæрбæрæг, æнæбары хъеллауæй йæ хъару байсысти, йæ ныфс асасти.
167 Сæ хæдзармæ куыд фæцæйхæццæ кодта, афтæ кауы цурæй райхъуысти сылгоймаджы фæлмæн хъæлæс, — Псымахо, уæ Псымахо, фæлæуу-ма иучысыл. — Асиат куы дæ! — æнахуыр цин æмæ дис йæ хъæлæсы сиу сты Псымахойæн Сонтæй фæурæдта йæ бæх — Æнхъæлмæ кастæн де ’рбацыдмæ.
168 Тынг дæм æнхъæлмæ кастæн... Мæ зæрдæ мæ риуæй ратоны... Æртæ боны фæстæ мæ де ’фсымæрæн дæттынц... Мæн нæ фæнды... Мæн дæу йеддæмæ ничи хъæуы... Иунæг дæу равзæрстон ацы стыр дунейы... Асиаты цæстытæ парахат гом аисты, æнахуыр цырен арт сæ ссыгъди.
169 Псымахойы сæрмæ туг ныццавта, расыгау йæхи æривæзта чызгмæ, фæлæ æваст йæ чемы æрцыд. Асиаты уарзты ныхæстæ йыл æхсидæвтау æмбæлдысты, æмæ цы фæуыдаид, уый нал зыдта. Чызг йæ кæлмæрзæнæй йæ цæсгом амбæрзта æмæ ныууынæргъыдта. Псымахо та дзæгъæл быдырты тахти, йæ сæр, йæ фат не ’мбаргæйæ...
170 Бæх æваст фæкалди. Лæппу йæ саргъæй атахти, нæудзарыл дæлгоммæ æрхауд æмæ... Æмæ æнæбон сылгоймагау богъ-богъ кæнын байдыдта æхсарджын ирон барæг Псымахо. Йæ дзыхæй нæ цух кодта иунæг ном, — Асиат! Асиат! О Асиат! Уый зыдта хабæрттæ.
171 Асиат æмæ Псымахо куы фембæлдысты, уæд кауы цур лæууыди. Бамбæрста хъуыддаг æмæ сабыр къахдзæфтæй йæхи райста сæхимæ. Æмæ йæм уыцы сахат афтæ фæкасти, цыма йæ цæсгомы æнцъылдтæ фæфылдæр сты... Чындзæхсæв ахицæн. Ауызби хъуызæгау фæцæуы йе ’рыгон усмæ.
172 Фæлæ уал раздæр фæныгъуылд йе ’фсымæры уаты. Дзуры йæм, — Псымахо, рауай-ма! Лæппу йæм æрбацыд Ауызби йын йæ къухыл æрхæцыд æмæ йæ йемæ акодта Йæ ног ус цы уаты уыд, уый дуар бакодта æмæ йæ мидæмæ бассыдта Йæхæдæг дæр йемæ бахызти, — Ма ку, Асиат!.
173 Мæнæ дын æй æрбакодтон. — Стæй Псымахойы удаист цæстытæм кæсгæйæ, йæ ныхасмæ бафтыдта: — Ме ’фсымæр, адæттæ иууылдæр Хуыцауы арæзт хъуыддæгтæ сты. Йе уазæг ут... Уæ амонд бирæ... Æмæ феддæдуар. Æхсæвы тары æхсаргарды æхситтау ныййазæлыди Псымахойы удаист хъæр, — Ауызби-и-и!.
174 Зæронд у ныр Псымахо. Фырыхъулы хуызæн æхсæз лæппуйы æмæ йын иу цъæх чызг балæвар кодта Асиат. Амондджынæй фæцарди Псымахо. Хуыцауы хорзæхæй хайджын уыд æдзухдæр. Гъе, фæлæ йын цыдæр нæ фаг кодта йæ цард-цæрæнбонты... Кæм æй нæ бацагуырдта Псымахо, цы рæтты нæ фæзылд — йæ кой, йæ хъæр дæр нал уыди.
175 — Цы фæдæ, мæ иунæг æфсымæр!? — арæх-иу уынæргъæгау сирвæзти Псымахойы риуæй — Мæ мæлæты размæ ма дæ иу уынд уæддæр куы фæкæнин, мæ хъæбысы дæ куы ныттухин! Иуахæмы та Псымахо æнтъыснæгæй бадти йæ уаты Ивгъуыд бонты мысинæгтæ йыл æртыхстысты, йæ зæрдæ йын аркъауау æлвæстой.
176 Уалынджы чидæр кæртыдуар æрбахоста. Цалдæр минуты фæстæ уатмæ æрбахызти гуыбыр зæронд лæг. Æрбахызти, зæгъгæ, Псымахойы дыууæ лæппуйы йыл хæцыдысты, афтæмæй йæ лæдзæджы æнцæйтты тыхтæ-фыдтæй æрбаирвæзти мидæмæ. — Фарн дæ хæдзары, Псымахо!.
177 — загъта зæронд лæг. — Хуыцауы уазæг у! — дзуапп ын радта Псымахо æмæ сыстади Уазæг хæдзары къуымтыл йæ цæст ахаста, стæй Псымахойырдæм ракасти — Нæ мæ зоныс, Псымахо? Кæддæр хорз зонгæ уыдыстæм Фысым æрбацæуæгмæ бакæстытæ кодта, æмæ йыл æваст ризæг бахæцыди.
178 Дзырдтæ йæ хъуыры нындзыг ысты, стæй йæ хъæлæсæй æвиппайды сирвæзт, — Ауызби... — О, æз дæн... Псымахо... Нал бафæрæзтон... Мæ зæронд стджытæ ма æрбахастон... мæ фыды къонамæ... Тыхтæ-амæлттæй..... Табу Дæхицæн, ме скæнæг Хуыцау, æгайтма мын мæ фыды къона фенын кодтай.
179 Псымахо... Ме ’фсымæр... Псымахо... ФÆНДАГГÆТТÆ. Гуыргъохьо фефсæрмы, йæ цæстæнгас дæлæмæ æруагъта, исдуг хъусæй алæууыди, стæй, цыма йæхиимæ ныхас кæны, уыйау мынæг хъæлæсæй загъта, — Мин сомы? Гъемæ фæуæд афтæ: къуырийы фæстæ Хъасболатæн мин сомы йæ къухмæ æрнымайдзынæн.
180 Лæджы сæр бахъуыди Гуыргъохъойы. Цыфæндыйæ дæр хъуамæ мин сомы ссара, науæд Камиллæйæ æнæхай фæуыдзæни. — Раст у зæронд лæг, хъуыды кодта Гуыргъохъо. — Камиллæ мин сомæй дæр зынаргъдæр у. Уардийау сæнтсырх былтæ зæрдæйæн хастой æнахуыр цин, кодтой йæ базырджын.
181 Камиллæ... Камиллæ,— дзырдта йæхицæн лæппу. Мин сомы та цы сты, Гуыргъохъо дын йæ цард раттынмæ дæр цæттæ куы у, уæд! Адджын сæнттæ-иу дардмæ ахастой сонт лæппуйы, йæ цæстыты йын-иу ссыгътой цырæгътæ, йæ монцтæ-иу райхъал ысты, æмæ сæ уромæг уромын нал фæрæзта.
182 Гуыргъохъо хъуыдыты аныгъуылд; «Изæры Хъасболаты цæхæрадонмæ бахиздзынæн, Камиллæимæ фембæлдзынæн, боныцъæхтыл та мæ мæ бæх Ногъайы быдыртæм ыскъæфдзæни. Раст зæгъын хъæуы, ногъай къæрцхъус æмæ цырддзаст ысты, фæлæ тæппудгомау. Кæд мын ногъайаг хæрзмыггаг бæхты рæгъау ирæды фаг суаид».
183 Лæппу уатмæ бахызт æмæ йæхи рæвдзытæ кæнынмæ бавнæлдта. Цалдæр боны фæстæ балцы цæуынæввонг уыди. Йæ хъуыддаг ацыд: Уастырджи йын замманай лæппуйы æмбалæн рарвыста. Хъуамæ иумæ араст уой Ногъаймæ. Гуыргъохъо цинæй мардис, йæ фосы конд кæй фæрæстмæ уыдзæн, ууыл гуырысхо нал кодта.
184 ...Хуыцауæй разы: бирæ цæуын сæ нал хъæуы — куыддæр хъæдæй ахизой, афтæ Ногъайы тыгъд быдыртæ разындзысты... Гуыргъохъойæн йе ’мбал базарыди, Тархъæды сыфтæр мын бæлццоны пæлæзау, гъей! Сыфтæрты сыр-сыр та — уарзоны хъæлæсау, гъей!.
185 Æнусон цъититыл ирдгæйы хъæзтытæ, гъей! Сау æхсæв куы кæсы бирæгъы цæстытæй, гъей! Гуыргъохъо кæд йе ’мбалы æнкъард зарæгмæ хъуыста, уæддæр-иу йæ мидхъуыдыты фегуырди Хъасболаты цæхæрадоны Цыма Камиллæ йæ цуры лæууы Фырæфсæрмæй зæхмæ кæсы æмæ та арф ныуулæфы.
186 Стæй Гуыргъохъомæ хæстæгдæр æрбалæууыд, йæ цæстытæм ын бакаст æмæ фæлмæн хъæлæсæй сдзырдта: «Æнхъæлмæ дæм кæсдзынæн. Ацу æмæ дæ хъуыддæгтæ кæн, Лæгтыдзуар дæ рæствæндæгтыл уадзæд!» — Цы ныхъхъус дæ, ме ’фсымæр? — йæ зарæг фæуромгæйæ дзуры Гуыргъохъомæ йе ’мбæлццон.
187 Лæппу фестъæлфыд, йæ хъуыдыты хал æрбаскъуыди. — Ныртæккæ хъæдæй ахиздзыстæм,— загъта та Гуыргъохъойы æмбал. — Нæхи æрцæттæ кæнæм. Æцæгæй дæр хъæд фæтæнæгдæр, бæлæсты ’хсæнæй æрбазынд уыгæрдæны уæрæх тæлм, йæ астæуыл æй цыма цæугæдон лыг акодта.
188 Дымгæ, быдираг уæгъдибар дымгæ алымыггаг кæрдæджыты æмæ дидинджыты адджын тæф скъæфта. Дард ран, арв æмæ зæхх кæм баиу сты, уым æндæргтау æдзæмæй лæууыдысты сау мигъы къуыбылæйттæ. — Уыныс, уартæ уым хизынц ногъайы рæгъæуттæ, — йæ ехсы хъæдæй быдырмæ ацамыдта Гуыргъохъойы æмбал.
189 Сæ балц фæрæстмæ. Куы ’рталынг, уæд дыууæ æрдхорды рæгъауæн йе ’мбис фæхицæн кодтой æмæ йæ ратардтой. Рæгъаугæстæ ма сæ æрæджиау расырдтой, фæлæ сæ нал баййæфтой. Гуыргъохъоитæ бæхтæ Кæсæгмæ аскъæрдтой æмæ сæ уым æрбауæй кодтой. Фæстæмæ здæхтысты дзаг хордзентимæ — æхца æмæ алы зынаргъ дзауматимæ.
190 — Уастырджийæн табу, йæ фæрцы рæствæндаг фестæм, — загъта Гуыргъохъо. — Бирæ нæ нал хъæуы нæхимæ. Мæ хæдзарæй дæ тагъд нæ рауадздзынæн. Мæ къухылхæцæг ды уыдзынæ. — Фыдæлтæ афтæ загътой, лæджы хорз, дам, фæндагыл бæрæг кæны. Гъемæ дæ мæ сæр кæм бахъæуа, уым дын мæнæ æнувыд æмгар.
191 Хъуамæ дæ мæхицæн æфсымæр зæгъон. — Æз дæр мæхинымæры афтæ скарстон. Абонæй фæстæмæ дын мæ сæры астæуты фæндаг, мæ хæдзар та — дæ хæдзар, — загъта Гуыргъохъо. Цалынмæ дыууæ бæлццоны кæрæдзийæн уарзон ныхæстæ кодтой, уæдмæ сын сæ фæндаг æрæхгæдта хохаг цæугæдон.
192 Чысыл раздæр тæрккъæвда æрцыд, æмæ дæттæ раивылдысты, фæндаг бахордтой. Знæт уылæнтæ лæбурдтой фæйнæрдæм, зæххæй стыр гæбæзтæ тыдтой æмæ сæ зыдгæнгæ ныхъуырдтой, бæлæстæ бындзарæй фæлдæхтой, къæдзæхты тигътыл-иу сæхи андзæрстой. Ма ’рбацу ардæм!.
193 Тæккæ хуыдымы смидæг дæн... Фервæзæн мын нал и... Мал мæ йæхимæ ласы... Мæ хъæумæ-иу бацу... Камиллæйы ссар... Æз дзы æнæхай фæдæн... Ды иу æй ма ныууадз... Æцæг æмгар мын уыдтæ... Мæхи ’фсымæрау дæ бауарзтон... Гъа, мæнæ хордзен ацахс...
194 Ирæды фаг дæм уыдзæни... Камиллæйы ма ныууадз... Хуыздæр æмæ рæсугъддæр чызг Хуыцау нæма сфæлдыста... Мæнæн та-иу фæндаггæрон цырт ныссадз... Хъусыс? Хъу Фæлæ Гуыргъохъомæ йе ’рдхорд-æфсымæр нæ байхъуыста Ехсæй йæ бæх ныцъцъыччытæ ласта æмæ йæ абухгæ хуыдыммæ сарæзта.
195 Æввахсæй-æввахсдæр кæны йе ’мбалмæ, стæй йæ хъæлæсы дзаг ныхъхъæр кодта, — Фидар фæлæуу, Гуыргъохъо, фæцæуын дæм... Фæлæ Гуыргъохъомæ нал бахæццæ сты йе ’мбалы хъæртæ. Æбуалгъ гуылфæн æй аныхъуырдта, стæй та йæ ног амæддагыл дæр йæхи ныццавта.
196 Мæлæтдзаг тох бирæ нал ахаста. Ныр бур-лакъон уылæнты уромæг нал уыд, æмæ иу иннæйы фæдыл бархийæ схъиудтытæгæнгæ тахтысты. Рæстæг цыди, бонтæ кæрæдзи сурæгау згъордтой. Камиллæ-иу сæ кæртæй сахатгæйттæ фæкасти фæндагмæ, фæлæ — никуы ’мæ ницы, Гуыргъохъо зынæг нæ уыди...
197 Æдзард лæппуйы хæдзар ныккæлæддзаг, къултыл цъæх хъуына сбадтис. Æхсæвыгæтты мидæмæ хъуызæгау баивгъуыйы цавæрдæр сау æндæрг, æмæ та уайтæккæ зæрдæхалæн сусæг уынæргъын райхъуысы. Тæригъæддаг мыртæм дымгæ дæр ниуæгау бакæны. ТУГ ТУГÆЙ ÆХСАДÆУЫ.
198 — Æрлæуут! — загъта зæронд абырæг Али — Ам фездахæм нæ бæхтæ æмæ уартæ уыцы æрдузы бахсæвиуат кæнæм Али йæ ехсыхъæдæй ацамыдта хъæды кæронмæ æмæ йæ бæх фæцагайдта Мах сабыр сæппæй араст стæм йæ фæдыл Æрдузмæ куы бахæццæ стæм, уæд нæ бæхтыл сахсæнтæ сæвæрдтам æмæ уым æрбынат кодтам.
199 Кæстæртæ арт бандзæрстой æмæ уый алыварс неппæт дæр æруагътам нæхи. Фæззыгон мæйдар æхсæв ныл цадæггай æрæвæрдта йæ базыр. Хъавгæ-хъавгæ ныл алырдыгæй æрбатыхта йæхи. Дыууæ къахдзæфæй дарддæр ницыуал уыдта лæджы цæст. Иу ныхасæй — абырджытæн агургæ æмæ æнæаргæ æхсæв.
200 Сыбыртт никæцæй хъуыст. Æрмæст-иу уддзæфы æрбаулæфт æмæ сыфтæрты тарст сыф-сыфмæ зæрдæ æрхæндæг сагъæсты аныгъуылди. Стæм хатт-иу нæм æгуыппæг æрдузы кæронæй æрбайхъуысти нæ бæхты мыр-мыр. Исдуг нæ иу ныхас дæр никæмæй схаудта...
201 Арты тæмæнтæ сырх байрæгтау хъазыдысты нæ фæллад тызмæгхуыз цæсгæмттыл. Уæлдай бæрæгдæр дардта зæронд Алийы цæсгом. Йæ рахиз уадул ын ауæдзау айгæрста нос — мæлæт æмæ царды ’хсæн арæн... Кæд фæзæронд и Али, уæддæр нырма уæнгрог æмæ нуарджын уыди...
202 Æхсарджын лæг... Йæ цард-цæрæнбонтæ арвыста хæтæнхуагæй... Рагон нæртон лæгау йæ цæстæнгас уыди тызмæг æмæ уæздан... Мæн фæндыди йæ ракъахын, цæмæй та нын йæ хæтæнхуаг царды хабæрттæй исты радзура, фæлæ йæм мæ ныфс нæ хастон — уыцы æхсæв бынтон сагъæсхуыз уыд йæ цæсгом, æмæ дзы æфсæрмы кодтон.
203 Æппынфæстаг, Али арф ныуулæфыд æмæ, йæхиимæ дзурæгау, афтæ бакодта, — Базæронд дæн, æмæ мæм хъуызгæ æрбацæуы мæ адзал... Фæци мæ цард... Фæлæ уæддæр уыди замантæ... Ехх, уыди замантæ! — фæкъæртт ис Али — Цас фæзылдтæн æгæндæг хъæдты мæ рагбонтæй нырмæ!.
204 Цардтæн лæгæтты, мæ нывæрзæн — къодах, мæ гобан — сыфтæр... Афтæ гъе! Мæ фыдыуæзæг, мæ хуртæ, æз æнахъомæй ныууагътон Туджджынтæ уыдыстæм Мыггагыскъуыд фестæм Æртæйæ ма баззадыстæм: мæхæдæг, ме ’фсымæр æмæ мæ фыд Фæлæ та сау бон æрцыд æмæ мын ахаста мæ фыды дæр æмæ ме ’фсымæры дæр.
205 Мæлгæ-мæлын ма мын, нæ туг нын афтæмæй ма ныууадз, зæгъгæ, сфæрæзта зæгъын мæ мæгуыр фыд, æмæ йæ уд систа. Уымæй рацыдаид иу афæдзы бæрц, æмæ иуахæмы мæ туджджыны дуар ехсы хъæдæй ныххостон: «Гъей, Тасо, дзырдæуы дæм, æддæмæ ракæс!».
206 Дуары зыхъхъырæй æд хъримаг йæ сæр радардта Тасо, æмæ — дæ балгъитæг афтæ — йæ мидбынаты зæххыл йæ гуыпп фæцыд æмæ нал сыстад. Æз абадтæн ме ’фсургъыл æмæ уыцы æхсæвæй фæстæмæ сдæн абырæг... Мæ фыды ингæны уæлхъус ард бахордтон: æрвылаз дæр ын хист кæндзынæн.
207 Æмæ нæ фæсайдтон мæ дзырд... Ныр мын æгъгъæд фæуæд... Базæронд дæн. Æрцыд, æртыхсти мыл мæ афон, мæ хуртæ. Али йæ сæр йæ риуыл æруагъта. Исдуг ницыуал сдзырдта. Æгуыппæгæй бадтыстæм мах дæр. Нæ алыварс дуне уыцы æндзыгæй хуыссыди мæйдары уазал хъæбысы.
208 Æрбайхъуыст-иу хатгай дымгæйы зæрдæхалæн ниуын æмæ фæззыгон сыфтæрты сыф-сыф... Али нæм курæгау æрбакаст æмæ ныккæрзыдта, — Кæсут-ма мæнæ ацы бур сыфмæ, — бæласы сыф зæххы уымæл риуæй сисгæйæ дзырдта Али. — Уый дæр рахауд йæ мады хъæбысæй.
209 Мæнæ нæ къæхты бынмæ. Дымгæ дзы хъазы йæхицæн, йæ уæлныхты йæ куы иуырдæм, куы иннæрдæм ахæссы, куы та йын йæ сыгъд буар къæвдайы цыргъ судзинтæй хойы... Йæ уæзæджы къæйыл баззади уый дæр мæнау — æвæгæсæг, æвæрæз... — Уæддæр мæм фæсмон нæй.
210 Цы ацардтæн, уый ацардтæн, — йæ мидбылты фæлмæн бахудти зæронд лæг. — Цы ацардтæн, уый — хорз. Али йæ ныхас фæурæдта æмæ та сагъæстыл фæци... Чи зоны, æмæ ма йæ зæрдыл æрлæууыд æндæр исты рагон хабар дæр, æмæ йын уый йæ улæфæнтæ ахгæдта...
211 Уадидæгæн нæ хъустыл ауади кæйдæр уæззау къахдзæфты уынæр æмæ пыхсыты къæр-къæр. Али удаистæй йæ хъримагмæ фæлæбурдта æмæ фæгæпп ласта. Йæ тызмæг цæстытæ тугæй айдзаг сты... Йæ фæлурс былтæ ма зына-нæзына базыр-зыр кодтой, фæсус хъæлæсæй ма сфæрæзта, — Сæххæст и...
212 Туг тугæй æхсадæуы... Уый адыл ма Али иу улæфт скодта... Æмæ ахицæн... Зæронд абырæгæн йæ цæугæ-царды хъизæмæрттæ фесты... Мæйдар æхсæв аныхъуырдта æгас дуне. Аныхъуырдта рагзамантæ, ныр æмæ сомбон... Уыцы тарæн нæдæр райдайан уыди, нæдæр — кæрон...
213 Йæ æрфытæм хаудысты цин, хъыг, зæрдæсаст æмæ ныфс. Уыцы тар ныр йæ сау хæрвæй бамбæрзта зæронд Алийы дæр, æмæ йæ никæйуал бон уыд уыцы æнæхайыры сæрсæфæнæй сисын... Сау Гуыйман йæ сыгъзæрин сыкъайæ ныууасыд... Авддæлдзæх фесты зымæджы уазал кæлæнтæ.
214 Хур йæ зæрин тынтæй æврæгътыл фæйнæрдæм ахæцыд æмæ йæ хъармæй барæвдыдта зæхх. Сулæфыди æрдз. Комы дымæгæй, фыдæлтыккон хъæды арфæй хъуысыд æнахуыр уынæр. Нарæг хохаг фæндæгтыл арæхдæр зынын байдыдтой иугай барджытæ, сæ уæлæ хъуынджын нымæттæ, афтæмæй.
215 Арæх-иу райхъуысти сæ зарын, — О, бæлццон, дæуыл йæ базыр Ахсæв Сау Барæг æруадзæд... Бæх — нæрæмон, ды — хъæбатыр, Нæй æмбал дæ кард, дæ арцæн... ...Сау Барæг цæудзæн дæ фарсмæ, Ды куы тæлæт кæнай исты, Æмæ де ’фтиаг хæдзармæ Ды æрхæсдзынæ æвзистæй.
216 Фæлæ ныр уыцы зарæджы мæт нæ уыди сахъ лæппу Агуыбейы. Зæрæхсидафон саргъ не ’вæрдта йæ бæхыл æмæ йæ нарæг хохаг къахвæндæгтыл не ’скъæрдта сæумæцъæхтæм. Агуыбейы фарнæн нæ ныууасыди йæ сыгъзæрин сыкъайæ сау Гуыйман. Йе ’мгæрттимæ куывдты дæр нал бадти Агуыбе.
217 Æндæр æнкъарæнтæ йын хостой йе ’взонг зæрдæйы къултæ. Йæ сæрымагъзы цы фыдвæнд райгуырд, уый йын æнцой нæ лæвæрдта. Знон æм фæдзырдтой мыггаджы хистæртæ. — Агуыбе, — уайдзæфгæнæгау æм бакасти зæронд Дзамболат, лæппу куыддæр къæсæрæй бахызт, афтæ.
218 Иннæтæ дæр æм се ’ргом разылдтой. — Хорз зонд дæм не ’рцыди, лæппу, — йæ сæр батилгæйæ загъта Дзамболат. — Нæ фыдæлты кад, нæ мыггаджы намыс хъуамæ цæсты гагуыйау хъахъхъæнæм. Гуыбиаты уæздан мыггаджы намыс... Ды та нын нæ ном цъыфы сæвдулынмæ хъавыс æгас комы дзыллæты цур.
219 Ныхъхъуытты уадз де ’рра сæнттæ, æмæ нын дзырд ратт... Æрæмбар дæхи... Сылгоймаджы уацары бахауын худинаг у... Мыггаджы хистæрты раз дзырд ратт! Худинаг ма ’рхæссæм нæ сæрмæ Агуыбе æфсæрмыгæнгæйæ лæууыди дуары фарсмæ, йæ сæр æруагъта æмæ ницы дзырдта.
220 Дзамболаты карз ныхæстæ йæм, æвæццæгæн, хъаргæ дæр нæ бакодтой, уымæн æмæ йæ хъустыл æндæр ныхæстæ уадысты. Уарзон чызджы æнкъард æмæ уынгæг хъæлæс ын рæхуыста йæ зæрдæ, — Бар дын нæ ратдзысты, Агуыбе, бар дын нæ ратдзысты. Дæ аккаг нæу, сау адæмæй у, зæгъгæ, зæгъдзысты...
221 Гуыбиатæ сæрыстыр мыггаг сты... Ферох мæ кæн. Ныууадз мæ. Дæу æмæ мыггаджы ’хсæн æрлæууын мæ нæ фæнды. Чызг райста лæппуйы арм, йæ русмæ йæ нылхъывта æмæ ныккуыдта. Цырын арты сыгъди Агуыбейы хивæнд зæрдæ. Уый тыххæй дын Агуыбе дзырд дæтты.
222 Тæрсын чи нæ зоны, уыцы Агуыбе... ...Ныр уыцы Агуыбе лæууы мыггаджы хистæрты раз, æмæ та йæ Дзамболат ноджы тызмæгдæрæй баййардта, — Цы ныхъхъус дæ?! Исты зæгъ! Агуыбе хистæры хъæрæй фестъæлфыд æмæ сеппæтыл дæр йæ цæст ахаста, — Мæ дзуапп зонын уæ фæнды?.
223 Æгæр дæр ма йæ зонут. Уый адыл цæхгæр фæзылд æмæ сæ цурæй рацыд. ...Æнæхъæн бон фæцæттæ кодта йæхи Агуыбе. Йæ хъысмæт лыггонд кæй у, уый зыдта. Ноджы ма иу хатт æрæмбырд уыдзысты мыггаджы хистæртæ, æмæ сын сæ фæндыл куы нæ сразы уа, уæд ыл бахъоды кæндзысты.
224 Афтæмæй æнæхион, æвæгæсæгæй цоппай кæндзæни дунейыл. Фæлæ йæ сомбонæй нæ тæрсы Агуыбе. Хъæды тарфы йын ис нысангонд бынат. Уым сараздзæн йæ къæс. Æвзонг, хъаруджын æмæ æхсарджын у Агуыбе. Æмæ бафæраздзæн алцæмæндæр. Агуыбе йæ хъал æвсургъы барц дауы йæ тыхджын къухæй.
225 Хъуыды кæны, — О, Зæлиго, дæу тыххæй Гуыбиаты кадджын мыггагыл ауыгътон мæ къух... Агуыбе мысы йæ уарзон чызджы фæлмæн æнгас, йæ рæвдаугæ ныхас, фæлæ... йæ фыды уæзæг ныууадзын дæр æй нæ фæнды... Лæппу скасти, къæдзæхы сæрыл цы бæрзонд мæсыг лæууыд, уымæ...
226 Уый сæрмæ схиздзысты æмæ ралгъитдзысты Агуыбейы, йæ мыггаджы ныхмæ чи рацыд, уыцы хивæнды. Агуыбе йæ бæхыл абадт, ехсæй йæ æрцавта, уайгæ-уайын йæ хъримагæй фехста æмæ йæ райгуырæн къæсы ердойы сæрæй дур акъуырдта, стæй уадидæгæн мигъы фæлмы атади...
227 Фыдæлтыккон тар хъæд æмризæджы ризы. Уад йæ тыхджын къухæй акъул кæны къабузджын бæлæсты цъуппытæ... Хъуынтъыз æмæ æнтъыснæг у хъæд... — Рауай ма ардæм, Зæлиго! Абад мæ цуры Уæд та дын Гуыбиаты хъæбатыр Агуыбейы зарæг акæнин? Уæздан æмæ кадджын мыггагæй чи у, уыцы Агуыбейы зарæг...
228 Туг... Æфсымæры туг ныккалди мæн æмæ мæ мыггаджы ’хсæн... Агурынц нæ Гуыбиатæ хъæдты... Агурынц. Фæлæ фендзыстæм, цы ссарой, уый... Зæлиго, куы мæ амарой, уæд-иу мын, дæ гуыбыны цы лæппуйы хæссыс, уый мæ туг райсæд... Байрæзæд туг райсынмæ...
229 Ард бахæр... Абон, Зæлиго, комы фæцæйцыдтæн мæ бæхыл. Сау Фыййагдон къæдзæхæй кæм хауы, уым амбæлдтæн ме ’рвадыл, Дзамболаты фырт Алиханыл. Мæ ныхмæ бæхыл æрбацæйцыди. Нæ мæ базыдта. Кæрæдзимæ куы бахæццæ стæм, уæд æм æз сдзырдтон: «Дæ фæндаг раст уæд, Дзамболаты фырт сахъ Алихан».
230 Алихан, йæ топп сæргъæвта æмæ фæхъæр ласта: «Æлгъыст фæу, йæ къона чи фæчъизи кодта, уыцы куыдз!» Æз айтæ-уыйтæ нал фæкодтон, æмæ йæ дамбацайæ багæрах кодтон Фæндаггæрон баззади Алиханы мард Гуыбиаты цъæх мæсыджы бынмæ æрбазгъордзæн йæ бæх æмæ йæ сæфтæгæй ныххойдзæн зæхх...
231 Уынгæг хъæлæсæй ныууасдзæни... Талынг къуымтæй разгъордзысты сылгоймæгтæ æмæ сæ дзыккутæ тондзысты. Æмдзыхæй ард бахæрдзысты мыггаджы лæппутæ. Хъуыздзысты фæндæгтыл. Исты ссардзысты цымæ? Куыннæ стæй! О туг сырх туг æфсымæры туг ныккалди...
232 Зæлиго, рацу мæм хæстæгдæр! Ды хъусыс фыдæлтыккон хъæды уынæрмæ Тæрсыс æмæ зыр-зыр кæныс Фæлæ рæстдзæвин у Агуыбе, йæ къухы цæф уæззау у Тызмæг у Агуыбе Иунæг Агуыбе Зæлиго Зæлиго ТАМЕРЛАН ÆМÆ АЙДÆН! Скæсæны алы рæтты ныр дæр ма фæкæнынц йæ кой...
233 Ацы хабар æрцыди, Тимуры хæстон балцытæ сæ тæккæ тæмæны куы уыдысты, уæд. Тызмæг балхон бавнæлдта Уæрæсейы зæххытæм дæр. Тыгъд быдыры æрæвæрдта йæ сыгъзæринцъупджын цатыр æмæ бардзырд радта, цæмæй уырдæм хæссой æппæт æфтиаг дæр...
234 Тæлтæг бæхтæ, адæмæн æмбисонды рæсугъд сылгоймæгтæ, зынаргъ хъуымæцтæ, хæрдгæхуыдтæ, сыгъзæрин мигæнæнтæ, хæцæнгæрзтæ, згъæрхудтæ, уартытæ, згъæрхæдæттæ, арцытæ, æрдынтæ, цирхъытæ — чи сæ фæуыдзæн нымад та? — къордтæй æмæ цæндтæй лæууыдысты æмæ лæджы зæрдæ сайдтой сæхимæ...
235 Фæлæ сæм номдзыд хæстон касти куыдфæндыйы цæстæй... Стæй дын æвиппайды куы фестъæлфид. Уымæн æмæ йæм утæппæт диссæгты æхсæнæй ферттывтой йæхи æмæ йæ хæстон разамонджыты ирд аууæттæ... Тимур æваст фæзылд æмæ æвæстиатæй йæ цатыры смидæг.
236 Йæхи стайы цармыл æруагъта æмæ хъуыдыты аныгъуылди. Стæй йæ армытъæпæнтæ кæрæдзиуыл æрцавта. Хъуызæгау æнæуынæрæй æрбахызт йæ хъахъхъæнæг негр. Тимур ын бардзырд радта, æфтиæгты æхсæн тæмæнтæ чи калы æмæ алкæй æмæ алцæй сурæт дæр чи æвдисы, уый мын ардæм æрбахæсс, зæгъгæ.
237 Æрбахастой йын æй, йæ цуры йын æй æрæвæрдтой. Тимур сыстади, бацыд æмæ йæм дзæвгар фæкасти... Федта дзы, йæ иу къах йæ фæдыл сыфцæй чи ласы, ахæм къаннæг лæджы, йæ фындз — тъæпæн, йæ цæнгтæ — фыдуынд даргъ, цæсгом — хæбуздзыхъхъытæ, хурсыгъд æмæ дымгæхост, схъæл сæрыл — нарæг ных...
238 Фæкæстытæ кодта йæхимæ Тимур, стæй æвиппайды ныккуыдта. Цæрæнбонты фыццаг хатт... — О Сфæлдисæг, — хæкъуырццæй кæугæйæ ныббогъ ласта хъæбатыр хæстон, — афтæ карз мæ цæмæн бафхæрдтай? Дунетæ мын мæ къæхты бын куы æрæвæрдтай, уæд ма мын æддаг бакаст цæмæн бавгъау кодтай?.
239 Мæ хæстонтæн сæ цауддæры хуызæн уæддæр куы фæцадаин! Тимур богъгæнгæ йæхи сынтæгыл баппæрста Уалынмæ æрбахызт йæ уарзон уынаффæгæнæг æмæ фырадæргæй тæккæ къæсæргæрон сагъдауæй аззад Иу уысмы фæстæ Тимурмæ бацыд æмæ йæ фæрсы, — Мæ паддзах, цæуыл кæуыс?.
240 Тимур рабадти, — Куыд нæ кæуон? Мæ цард-цæрæнбонты абон фыццаг хатт федтон, цы хуызæн дæн, уый, — æмæ айдæнмæ ацамыдта — Гæр, гæлæхха, сурæттæ Уарæгмæ мæнæн амæй хуыздæр нæ разынди? О, Сфæлдисæг! Сфæлдисæг — ногæй та схæкъуырцц кодта номдзыд хъæбатыр æмæ йæ цæсгом йæ къухтæй амбæрзта...
241 Уалынмæ дын кæйдæр кæуын йæ хъустыл куы ауаид. Йæ къухтæ æруагъта, кæсы, æмæ дын мæнæ йæ уынаффæгæнæг дæр гъæйттæй дзыназы. — Æдылы, ды та цæуыл ниуыс? АБЫРÆГ ХÆМЗÆТЫ ЗАРÆГ Ацы алæмæты рæсугъд зарæг раджы фехъуыстон, ме ’взонджы бонты мæ хъысмæт цæцæны хæхтæм куы бахаста, уæд.
242 Зарыд-иу мын æй мæ цæцæйнаг æрдхорд Али. Хæхтæ-иу, раст цыма нæ алыварс сæ урс уæлдзарм худты сахъ бæгъатыртæ асадæны рабадтысты, уыйау сагъæсхуызæй хъуыстой æнæрцæф абырæджы зарæгмæ... Нæ! Уый нæдæр урс хъæрццыгъа у, нæдæр гæрæм фæранк.
243 Уый æхсарджын барæг Хæмзæт йæхи ныххуырсы Терчы уылæнтыл, йæ сахъ æмгæрттимæ иннæ фарсмæ бахизы æмæ хъæрццыгъайау рогæй, фæранкау ныфсхастæй атындзы Ногъайы тыгъд быдыртæм. Уым хизынц урс бæхрæгъæуттæ. Æвзыгъд Хæмзæт сыл тымыгъау ныццæвы йæхи æмæ сæ раскъæры Ногъайы тыгъд быдырты.
244 Скъæры сæ Терчырдæм. Æрбахизы ацы фарсмæ. Сæударæй æрхæццæ вæййы. Тæссаг балц... Бастадысты барджытæ... Се ’фтиаг æрæмбæхстой хъæды æмæ уадзынц сæ фæллад. Хæмзæт схызти бæрзонд обауы сæрмæ. Фæлгæсы алырдæм... Искæцырдыгæй знаг-зынæг ис æви нæй?.
245 Кæд мыййаг фæндаджы сæрмæ рыг искуы сыстад? Кæд йæ фæдыл уырысы æфсæдты къорд бафтыдысты? Кæсы Хæмзæт æмæ уыны: Теркыл æрбахизæны цур бæрæг дары сау стъæлф, рæзы, уæрæхæй-уæрæхдæр кæны Фæдисонау æрбатындзы Афтæ тагъд ма арвы быдыры мигътæ фæсуры уад.
246 Хæмзæт æрхизы къуылдымы сæрæй æмæ бадзуры йе ’мбæлттæм, — Арвыл уад йе ’хситтæй мигътæ куыд ахæссы, уыйау æрбатындзынц махырдæм не знæгтæ. Ма фæтæрсут. Æххормаг фæранчытау сыл абон ныццæвæм нæхи. Иучысыл æнæдзургæйæ алæууыд æмæ та загъта, — Аргæвдæм бæхтæ æмæ сæ нæ алыварс быруамад скæнæм.
247 Æрмæстдæр афтæмæй бауыдзæн нæ бон нæхи бахъахъхъæнын. Æмæ тугæвдылд быруйы аууон æрбадтысты Хæмзæт æмæ йе ’мбæлттæ. Сæ иу цæнды сæрæй фæлгæсы. Кæсы æмæ уыны: цыппæрвадæй æрбазгъоры иу бæхджын. Базыдта йæ: æлдар Хъахырман. Æрбахæццæ, фæрсы, — Æфсымæр, зæгъ-ма мын æй, чи стут, кæй цагъартæ стут?.
248 Хæмзæт рахызти быруйы аууонæй, — Цы дæ хъæуы махæй? — Бафæрсын аипп ма уæд, фæлæ, зæгъын, кæй цагъартæ стут? — Никæй, æмæ нæ фæсонæрхæджы дæр нæй, искæй цагъартæ уæм, уый — Ды Хæмзæт нæ дæ? — бафарста Хъахырман — О, æз Хæмзæт дæн!.
249 — Уæдæ байхъус, Хæмзæт. Дзæгъæлы æрцыдтæ ардæм... Уымæн æмæ уæ уырысы æфсад æрбаййæфта, уæ алыварс æртыхсти... нал уын ис аирвæзæн. Базыртæ уыл куы разаид, уæд ма, чи зоны, атæхиккат... Уырысы æфсады хицау мæ сымахмæ рарвыста. Барст уын уыдзæни, уæхи æнæхъыллист-æнæсымæй уацары куы радтат, уæд.
250 Йæ маст рафыхти Хæмзæтæн æмæ ныхъхъæр кодта, — Мæ фырмæгуырæй не ’рцыдтæн ардæм, Хъахырман-æлдар. Знагимæ тохы мæ лæгау-лæгæй амæлын фæнды. Кад æмæ радæй! Дæу та афтæ фæнды, цæмæй дæм уацары радтон мæхи, стæй мыл адæм къуыппæн зарæг скæной, фæндырты мæ фæцæгъдой!.
251 Нæ, мæ хуры чысыл, дæ фын дæ фæсайдта. Хæмзæт фæстаг улæфты онг хæцдзæни цæф фæранкау. Фæллад æмæ стонг бирæгъ хъæдмæ куыд фæбæллы, тæлтæг уадсур æфсургъ тыгъд быдырмæ куыд ныййарц вæййы, уыйау ме ’нæрцæф æмгæрттæ дæр сæ быцъынæг ыскъуынынц мæлæтдзаг тохмæ.
252 Цæугæ ныр, Хъахырман, кæцæй рацыдтæ, уырдæм... О, мах сызгъæрин æмæ фос агуырдтам, фæлæ нæ абон сызгъæринæй сау топпыхос тынгдæр бахъæудзæни. Дунейы хæрзтæй зынаргъдæр — рæстдзæвин хъримаг. Уый адыл Хæмзæт цæхгæр фæзылд æмæ йæхиуæттæм бацыд.
253 Аздæхти Хъахырман дæр. Æвиппайды топпы гæрæхтæ ныццарыдтой, æмæ арвы къуырф айдзаг и топпыхосы фæздæгæй. Хæмзæт бадзуры, — Æлгъыст фæуæд абоны бон! Æнтæфæй сулæфæнтæ нæй Адзалы сахат нын нæ кæрдты аууæттæ уыдзысты ныфсы хос! Хæмзæт бадзуры, — Куыд бæзджын у фæздæг, куыд уынгæг у сау бон.
254 Æрмæстдæр нын топпæхсты цæхæртæ басгуыхынц рухс тын. Хæмзæт бадзуры йæ уарзон æмгæрттæм, — зæдæнгæс чызджытæ дзæнæтæй куы кæсынц. Алчидæр йæхицæн хуыздæр къай æвзары. Мах тыххæй, æмгæрттæ, — сæ быцæу, сæ хъаугъа..... Уалынмæ кæсы, æмæ дын арвы кæронæй æрбазынди хърихъуппыты бал.
255 Сæ ных сарæзтой Хæмзæты райгуырæн коммæ. Йæ къух сæм батылдта хъæбатыр хæстон, дзуры уæларвон бæлццæттæм, — Гъе, уæлæ бæлццæттæ, курын уæ, мæ хуртæ, нæ фæстаг улæфт нын бахæццæ кæнут нæ дзыллæмæ. Фæстаг салам раттут нæ сауцæст рæсугъдтæн, нæ урсхъуыр бæлæттæн.
256 Зæгъут-иу нæ номæй, фыдгулты нæмыгæй царæфтыд кæй фестæм. Зæгъут-иу сын ноджы: хъазуатон тохы сæ лæджы сæр бахъуыди. Зонæм æй: нæ ингæнты уæлхъус нæ хотæ нæ кæндзысты хъарæг. Нæ хоты бæсты, зæгъ, цъæх бирæгъты ниуын хъуысдзæни нæ сæрмæ, хионты бæсты та — сау халæтты сау марой.
257 Гъе-мардзæ, буц мæргътæ, сымах нын хъæргæнæг фæут нæ хотæ, нæ хионтæм: кæсæджы хохыл, зæгъ, джауырты къухæй сæ мæлæт ыссардтой, сæ тугахуырст кæрдтæ, зæгъ, сæ къухтæй не суагътой. Гъе ахæм ныхæстæ ис тызмæг цæцæйнаг адæмы тохы зарæджы.
258 Хъусынц æм ног фæлтæр, хъусы йæм, æмæ йæ чи зоны, цы маст, цы цин райгуыры се ’взонг риуты, цавæр сгуыхтытæм фæбæллы æнæрцæф гуырд. Æниу кæм ысты, адæмы чи бамбара, йæ уæззау сагъæстæ, йæ нæрæмон уды фæндтæ, тырнæнтæ кæмæ бахъарой, уыцы лæгтæ?.
259 ЦЪИТИЙЫ РÆБЫН. Æппынфæстаг схæццæ стæм нæ нысангонд бынатмæ. Нæ балц дæргъвæтин уыд æмæ ныр ам æхсызгонæй уагътам нæ фæллад. Нымæттæ бакодтам нæ быны æмæ цымыдисæй фæлгæсыдыстæм алырдæм. Хæххон сыгъдæг уæлдæф нын йæ адджын хъыдзыйæ рæвдыдта нæ улæфæнтæ.
260 Махæй чысыл уæлдæр арвы къуырфмæ ныййарц и цъити-хох, йæ цъуппыл дзæгъæлдзу мигъы къæм æрцауындзæг, цыма йын уæлдæр дунемæ алидзынæй тарсти, уыйау. Изæрон фæлмæн уахъæз раулæфыди цъитийы сæрæй, æмæ стъалытæ иугай-дыгай ссыгъдысты арвы æнæбын къонайы.
261 Цыкурайы фæрдгуытау, сæхимæ лæджы зæрдæ скъæфтой. Зындысты бынтон хæстæг — сæвнал сæм, æрис дзы, кæс æмæ сæм кæс... Ахæм алæмæты нывтæ уынгæйæ удæй ферох вæййынц йеппæт фыдæбæттæ дæр. Уыдон баззайынц быноз кæмдæр. Ам та алцы дæр зæрдæ йæхимæ æлвасы, алцы дæр дзы — бæрзонд, æдзæм, парахат, сусæггаг...
262 Нæ алыварс къæдзæхтæй алкæй риуæй дæр хатыдтам царды æнусон улæфт... Мæн дæр æрфæндыди мæ мидсæнтты аныгъуылын æмæ ацы къæдзæхтау ам мыггагмæ æмыр æмæ æнæфенкъуысгæйæ баззайын, къæрцхъус æрдзы уæлвонг æнцойдзинад куыд нæ бакъуылымпы кæнон, афтæ.
263 Ме ’мбæлццон цæгатаг чызджытæ бынтондæр бастадысты, утæппæт царциатæ фенгæйæ, æмæ ныр ныффæлдæхтытæ сты нымæттыл. Сæ цæстыты æнахуыр рухсимæ сиу сты мæйы æвзист тынтæ, хъазыдысты сын сæ рæсугъд цæсгæмттыл, æмæ се ’взонг æлвæст уæнгты кондæй зæрдæ рухс кодта.
264 Чызджытæ ме студент-æфсымæримæ иумæ æрбацыдысты нæ хæхты цъассытæм. Æз сыл æнæнхъæлæджы амбæлдтæн фæндагыл æмæ уайтагъд балымæн дæн семæ. Æхсызгон мын уыди, сабитау алцæуыл дæр дисæй кæй мардысты, уый. Сæ сыгъдæг, сæ æнæкъæм удты æрвон рухсæй æрцардтæн.
265 Уыдон руаджы ма æрымысыдтæн, кæмдæр мын дард ран рохуаты чи баззади, уыцы сабидуг. Семæ мын æнцон уыди — буц уыдтæн сæ рæвдауæн ныхæстæй, сæ цинæй. Исдуг ныхъхъус ыстæм. Алчидæр нæ аныгъуылд йæ сусæг сагъæсты. Хуыцау — йæ зонæг, кæмæ нæ цы мысинæгтæ, цы бæллицтæ, цы сæнттæ уыди.
266 Дард кæмдæр ивгъуыды тары цы байсæфти, уыдæттæ ногæй раиртасыныл сæхи хъардтой мæ цæстытæ... цыдæр æбæрæг нывтæм сæхи ивæзтой цæнгтæ... зæгъæн кæмæн нæй, ахæм сусæг катайыл бафтыди мæ зæрдæ... Ме ’мбæлццæттыл æрæвæрдтон ме ’нгас.
267 Сæ буæрттæ цыма мæйрухсы æвзист тынтæй нывæст уыдысты, нæ тызмæг хæхты цæсгом барухс кæнынмæ уæларвæй чи æрхызт, ахæм рухсдзыд æндæргтæй зындысты. Мæ хъус уæлдай тынгдæр æрдардтон кæстæр чызгмæ. Уымæ кæсгæйæ мæ цæстытыл уади бæрзыты къохы уалдзыгон хæрздæф.
268 Уæрæсейы быдырты æрхæндæг æмæ цæгатаг зæрæхсиды сырх тæмæн. Афтæ мæм касти, цыма уыцы чызг рухсы хæрдгæ тынтæй конд у. Йе ’взонг буарæй цы рухс цыд, уый мын йæ уæлныхты систа мæ уд. Чызг хуыссыди уæлгоммæ, йæ къухтæ йæ фæсчъылдым бавæрдта, афтæмæй.
269 Мæ зæрдæ мын ивæзта йæхимæ, нæрæмон бæллицтæ поэты зæрдæ сæхимæ куыд фæивазынц, афтæ. Æбæрæг æнкъарæнты дуне мын гуырын кодта мæ риуы уыцы дардбæстаг бурдзалыг чызг-бæлццон. Æрцахсæн кæмæн нæй, ахæм æрвон аууæттæ зилдух кодтой мæ алыварс.
270 Уалынмæ бынтондæр баталынг. Арвы æдзæм тары ноджы тынгдæр сæрттывтой стъалытæ. Цъитийы æнгас фæтызмæгдæр. Йæ уазал фæлурс цæсгомæй нæм раулæфыд æхсæвы ирдгæ, æмæ баризæгау кодтой нæ удтæ. Хæхты тигътæ нал зындысты тары. Бынтон æгуыппæг фестади дуне.
271 — Исты таурæгъ ма нын ракæн, — æвиппайды мæм бахатыди чызджыты кæстæр. — Кавказ таурæгъты бæстæ куы у. Радзур-ма нын дзы исты. дæ ныхасмæ хъусгæйæ сабыргай æрфынæй уыдзыстæм æмæ алæмæты аргъау-фынтæ фендзыстæм. — Радзур, радзур! — зæгъгæ, схор-хор кодтой иннæ чызджытæ дæр.
272 Æз исдуг нæ разы кодтон, мæ дæлдзæф-уæлдзæф ныхæсты фæстæ сæм сæ алыварс фидыцтæ диссаг куы нал фæкæсой, зæгъгæ, уымæй тæрсгæйæ. Фæлæ мæ уыдон æгæр куы баййардтой, уæд сын сразы дæн. Чызджытæ базмæлыдысты сæ бынæтты, æртæйæ дæр мæнырдæм разылдтой сæ рæсугъд цæстытæ.
273 Сæ фæлмæн æнгасæй мыл дзындзытау згъæлдысты сабийы сыгъдæг цинтæ æмæ дистæ. Æхцон сагъæстæ мæ исдуг сæ уæлныхты хастой... Цы ма хъæуы лæджы, цы, Хуыцауы сконд æрдзы хъæбысы цæрынæй дарддæр? Ноджы ма дæ фарсмæ налмасзæрдæ сылгоймаг дæр, йæ удæй дæ фылдæр чи уарздзæн, ахæм.
274 Йæ цæстыты æрвон рухс ивылы дæ риумæ æмæ дын цырын кæны дæ цинтæ, дæ ристæ, дæ бæллицтæ, дæ сæнттæ... Цы ма хъæуы уæдæ, цы, лæджы? Акæс-ма сахартæм та, куыд æнуд ысты! Не ’нцайынц сæ гыбар-гыбурæй Æнæхъола цоппай, катай, цъыф, мæгуыр æмæ гæвзыкк адæмы тыхст цæрдтытæ, уыхеры, фыдбæллæхтæ.
275 Фæлæ ам — кæмттæ, хæхтæ, къæдзæхтæ, æхсæрдзæнтæ, цъититæ — иу дзырдæй, хъæддаг æрдзы хъæддаг рæсугъддзинад... Æмæ арвысконд сылгоймаджы цæстыты рухс... Гъей, джиди! — Цæттæ стут? — афарстон чызджыты æмæ райдыдтон дзурын, кæддæр кæцыдæр комы цы таурæгъ фехъуыстон, уый...
276 — «Иу лæппу, саджы фисынтыл амад, фæранкау ныфсхаст, бауарзта иу чызджы. Уыцы чызджы рæсугъдæн æнæхъæн комы дæр æмбал нæ уыд. Æмæ йæм кæцæйты нæ цыдысты уæд курджытæ та? Хъуымыхъы дæлвæзтæй, Ногъайы змисбыдыртæй, Кæсæджы тъæпæнтæй, иннахæм Хъæрæсейы тызмæг хæхтæй.
277 Йæ курджытæ — æхсарджын, æвзыгъд, сагсур гуырдтæ. Фæлæ чызг хъал æмæ сæрыстыр уыд... Никæмæн куымдта... Æмæ дзы бирæ курджытæ аздæхти æнæдзуаппæй, уæнтæхъил-сæргуыбырæй... Цы уыди цымæ чызгæн та йæ хуыздæр бæллиц, кæмæ касти æнхъæлмæ?.
278 Иу хатт иу лæппуйæн афтæ бакодта, — Куы дæ бауарзин, уый дæ фæнды, нæ? Гъемæ хорз — хин мидбылхудт ахъазыди чызджы цæсгомыл — Уæдæ уал мын Сау денджызы былæй Урс Паддзахы рæгъауæй раскъæр дыууæ сау галы, здыхтсыкъаджынтæ Хъусыс? Урс Паддзахы рæгъауæй!.
279 Хъыпп-сыпп нал схауди лæппуйы дзыхæй... Æрмæст йæ дæндæгты къæс-къæс ссыди, цæхгæр фæзылд, йе ’фсургъыл абадт, ехсæй йæ æрцавта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ мигъы фæлмы аныгъуылди. Бонтæ ивтой кæрæдзи, æмæ цас рацыдаид, Хуыцау йæ зонæг, фæлæ цыма лæппу таппызары хай баци — никæцæйуал зынд.
280 Адæм æнхъæл уыдысты: кæмдæр тохы быдыры байсæфта йæ сæр, æмæ йыл афонмæ фыдниуд кæнынц фыдтымыгътæ... Фæлæ фæрæдыдысты иууылдæр... Лæппу æрбаздæхт. Æрбацæйцыд æмæ йæ разæй тардта дыууæ здыхтсыкъа сау галы. Цыдис æмæ зарыд, æмæ йын йæ зарæджы цъæхснаг зæлтæ фæзмыдтой тызмæг хæхты скъуыдтæ...
281 Адæм та йыл дисæй мардысты... Фæлæ чызг ныхъхъус и... Стæй та иуахæмы ской кодта лæппуйæн, — Цы сты уыдон, дæлæмæ дæр, уæлæмæ дæр галтæ... Бауарзон дæ, уый дæ фæнды? Гъемæ хорз — чызгæн та йæ хинæйдзаг цæстытæ гæзæмæ бахудтысты...
282 — Уæдæ мын Кæсæгæй Саулохы лыстæгкъах бæхтæй иу рæгъау æрбатæр... Сым дæр та не схауди лæппуйы дзыхæй, фæлæ ноджы тынгдæр ныкъкъæс-къæс кодтой йæ дæндæгтæ... Йæ сау цæстытæ ферттывтой... Фæзылд... Абадт йæ бæхыл, æрцавта йæ ехсæй æмæ уайсахат мигъы хæрвы æрбацыдæр...
283 Бонтæ та ивтой кæрæдзи, ныддаргъ и сæ хал, фæлæ та лæппу дæр — кæм æрбадæлдзæх уыдаид? — нæ зыны никæцæй Адæм æнхъæл уыдысты: ныр æцæг байсæфта йæ сæр тохы быдыры, æмæ йын афонмæ фыдтымыгътæ фыдниуд кæнынц йæ мæгуыр мардыл Фæлæ та адæмæн сæ рæдыды комы æхсырфæмбал абадти.
284 Æрыздæхти лæппу æмæ йæ разæй тардта сау-сауид æмæ лыстæгкъах бæхты рæгъау. Æмæ та лæппуйы зарæджы цъæхснаг зæлтæ ныффæзмыдтой хæхтæ... Йе сгуыхтыл та дисæй мардысты адæм... Фæлæ йын ацы хатт дæр ницæмæй барухс кодта йæ зæрдæ фыдæбоны саурæсугъд.
285 Æрмæст ын иуахæмы æнæбарыгомау афтæ бакодта, — Цанæбæрæг диссаг сты дæ галтæ дæр æмæ дæ бæхрæгъау дæр? Кæд дæ фæнды, бауарзон дæ, уый, уæд ацу æмæ мын, гуырдзиаг æхсинтæн сæ рæсугъддæры хъуырыл цы налхъуыт фæрдгуыты хал ис, уый æрбахæсс...
286 Ацы хатт дæр та хъыпп-сыпп не схауди лæппуйы дзыхæй. Йе ’лхъывд дæндæгты къæс-къæс та ссыди... Уыциу зылд фæкодта, абадт йæ сау бæхыл, æрцъыкк æй ласта ехсæй æмæ æрбадæлдзæх. Бонтæ, къуыритæ æмæ мæйтæ цыдысты æмæ сын нæдæр фæуæн уыди, нæдæр фæстæмæ раздæхæн...
287 Аивгъуыдтой азтæ дæр, фæлæ лæппу зынæг нæй... Æмæ дзыллæ загътой: кæйдæр зæххыл бабын и саг лæппу, æмæ нал фендзæн йæ райгуырæн хæхтæ, йæ фыды уæзæг... Нал ныййазæлдзæн йæ хъæлæс, нал хъаздзæн йæ рæсугъд саулох-бæхыл. Хъынцъым кодтой иууылдæр...
288 Фæндаджы был ныссагътой тымбыл цырт æмæ æхсарджын лæппуйыл зарæг ыскодтой. Уыцы зарæгмæ хъусгæйæ-иу сгуыхтмондаг систы саг лæппуты зæрдæтæ... Фыдæбоны саурæсугъд бирæ фæкаст æнхъæлмæ... Стæй ауыгъта йæ къух... Топпы гæрæхтæ... Къæрццæмдзæгъд...
289 Сонт хъæртæ... Бæхты къæхты уынæр ныццарауы ком... Йæ тæккæ тынгыл у чындзæхсæв... Раст уыцы сахат хохаг фæндаджы был тар æндæргау лæууыд иунæг бæлццон... Байхъуыста лæмбынæг... Кæсы... Йæ цæстытæ знæт цæхæр акалдтой... Сырх тæлмытæ абадт йæ фæлурс цæсгомыл...
290 Фырадæргæй йæ рахиз къух хъамайы фистоныл ныддæвдæг, æмыр æлгъыст, хъæрзæгау, сирвæзт йæ риуæй... Йæ къух зыр-зыргæнгæ райхæлдта тыхтон æмæ йæм æвæджиауы рæсугъд дуртæ зæрин хуры тынтау схудтысты-сæрттывтой... — Хорз... хорз...
291 — хъуысы æнгомæхгæд дзыхæй мынæг мыртæ, æмæ тарæрфыг цæсгомыл абады мæстæлгъæд мидбылхудт... Гурæй-гурмæ хъуызы æнахуыр бæлццонæн йæ аууон æмæ æввахсæй-æввахсдæр кæны, чындзæхсæвы хъæр кæцæй хъуысы, уырдæм... Сæумæрайсом... Хæхты митын сæртæ хурмæ алмасийау сæрттывтой...
292 Фæлæ ног бинонты уатæй сыбыртт дæр куы нæ хъуысы... Чидæртæ бацæуынц... Уынынц: уæрæх сынтæгыл фæлдæхтæй лæууы дыууæ марды. Сау туджы пырхæнтæй цæхæр калынц æмбисонды рæсугъд дуртæ, худгæ хуры тынтау худынц æмæ æрттивынц... Æрттивынц налхъуыт-налмастæ.
293 Сæ разы та — сау мæлæт сау тæрхон кæмæн рахаста, уыцы дыууæйы фæлурс цæсгæмттыл ныддæвдæг æвирхъау хъизæмары фæд. Фыдохы уац айхъуыст æнæхъæн комыл... Хъарæджы зæлтæ æруадысты иунæг бæлццоны хъустыл дæр. Уый хохаг нарæг къахвæндагыл тагъд-тагъд тындзы уæлдæр дунемæ, урс æврæгъты цъæх бадæнырдæм...
294 Йæ цæсгомыл хъазы цин»... Гъе афтæ уарзынц махмæ, Кавказы хæхты цъассыты... Рагон зарæг дæр ис, лæппу чызджы куыд бауарзта, ууыл, — загътон ма æз æмæ, мидбылты худгæйæ, чызджытыл мæ цæст ахастон. Хотæй дыууæйæн нæ бантысти мæ таурæгъы кæрон фехъусын — уæдмæ бафынæй сты.
295 Фæлæ хуыссæг йе ’мгæрæтты дæр нæ ауади кæстæр хойæн, бæрзыты къохы уалдзыгон хæрздæф мæм кæй сурæтæй калди, уырыссаг быдырты æрхæндæг æмæ зæрæхсиды сырх тæмæн кæй цæстæнгасы уыдтон æмæ мæйрухсы тынтæй конд чи уыд, уымæн. Цæлхыдзаг мæй ратылди нæ бакомкоммæ къæдзæхы тигъæй...
296 Йæ тынтæ æркалдысты чызджы бурдзалыг сæрыл, хъавгæ бахызтысты, стъалытау тыбар-тыбур чи кодта, уыцы дыууæ цъæх цæстмæ... Чызг нымæты бынæй йæ къæхтæ раласта æмæ сыстади... Хуыссын хъæуы, зæгъгæ, йæм сдзырдтон. — Райсом уæ бирæ цæуын хъæудзæни, дард балцы.
297 — Нæ, нæма мæ фæнды хуыссын. Цом-ма, атезгъо кæнæм иучысыл! Чызг мын мæ къухыл ныххæцыд, йæ фæлмæн цæстытæй мæм æрбакаст æмæ загъта, — Нæ йæ зонын, цы мыл æрбамбæлд, уый Æнкъард дæн, фæлæ мын уæддæр æхсызгон у Тынг фæцыдысты мæ зæрдæмæ уæ хæхтæ.
298 Сæ цъуппытæ... Ахæм рæсугъд æрдз никуыма федтон. Стæй ахæм æргомзæрдæ адæм. Ныр мын нæ сахарты куыд æнуд уыдзæн, ме сæфт сæ куыд уындзынæн, уый мæ цæстытыл уайы... Цом-ма! Рацыдыстæм Мæ зæрдæ йæ хорз æмбæрста, ацы æвзонг уд цы æмбисонды сыгъдæг æмæ гуырвидауц у, уый.
299 Йæ æназым цæстыты тыбар-тыбурæй мæм калд æнахуыр рухс... Уысмы сæраппонд цæрын æмæ уыциу уысм амæлын... Кæйдæр хъæлæс мын æлхыскъгæнæгау бадзырдта мæ хъусы, — Хъысмæты лæварыл ма сис дæ къух, мæ хур... Райс æй! Райс! Райсом ма нæ дзæвгар ауайын хъæуы.
300 Мæн дæр æмæ сымах дæр. — Афтæ дæм кæсы? — базыр-зыр кодта чызг, æмæ исдуг ысдзурынхъом нал уыд Дуне ныттар и бынтондæр Сафтид и тутт æнгузау, æмæ дзæгъæлдзу ирдгæ буары иннæрдæм хызти — Гъемæ хорз Дæу куыд фæнды, афтæ уæд æмæ уæларвон уарзт...
301 Авддæлдзæх фесты, цыма сæ сæр, сæ кой дæр никуы уыд, афтæ... Райсомæй фæхицæнтæ стæм... Авддæлдзæх фесты, цыма сæ сæр, сæ кой дæр никуы уыди... Тар æхсæвы тар аууæттæ разгъæлдысты зæхмæ, æмæ дун-дунейы сусæггæгтæ хæхты роны банорстой сæхи.
302 Цæлхыдзаг мæй æрцауындзæг и сау айнæджы тигъыл, цыма йæ дард хæтæнты араст уæвыны размæ уымæн хæрзæбоны хъæбыс кодта, уыйау... Цавæрдæр æбæрæг катай райхъал и мæ уды... Æдзæм æрдз, æнусон... Кæй фæлмæн уырз андзæвы удыл æвиппайды хъавгæ-рæвдаугæ?...
303 Кæцæй кæлы хъармæн йæ хæрздæф? Æрвон уысм Йæ хæдуæлвæд тар æнгас радардта цъити Афтид æмæ уазал Цæмæн бабын вæййы цæрæццаг? Цæмæн бауазал вæййы арт? Уыраугæ гуыр-гуыргæнгæ арт Цы фæвæййы? Сæфы мыггагмæ ФÆСТАГ УБЫХАГ Убыхаг лæппу Хатажукæн йе ’рфгуыты тар æлхынцъ нал лæгъз кæны...
304 Сау денджызы былгæронмæ уал ныххæццæ йæ дзыллæйæ цалдæр мин адæймагимæ. Ам сыл ныр иу къорд мæйы ивгъуыйы. Бирæ фыдæбон бавзæрстой лидзæг адæм. Мардысты сæдæгæйттæй... Стонг æмæ тыхсастæй цагъды кодтой фос дæр... Адæмæн сæ фæндаг суанг Сау денджызы онг мæрдты стджытæй нал зынди.
305 Хатажукы мад æмæ фыд дæр фæндагыл амардысты. Йæ дыууæ кæстæр æфсымæры æмæ йæ хо та ам бацарæфтыд сты: уазал, стонг æмæ сæ алы æвирхъау хъизæмæрттæ æрфæлдæхтой. Хатажук сидзæрæй баззад. Фæлæ Хатажук нæ басасти йе знæгтæн. Уыдоны къухы баззайын не ’рхаста йæ сæрмæ.
306 Йæ зæрдæ ныссæххæтт кодта, фыдæлты мæсгуытыл фидиуæджы хъæр куы сæмбæлди, уæд, — Стамбулмæ! Стамбулмæ! Уыцы хъæр ын йеппæт фæндтæ, йеппæт бæллицтæ дæр сцырын кодта Лидзын хъæуы ацы æнаккæгтæй, æппындæр хатыр чи нæ зоны, зæрæдтæ, сабитæ æмæ сылгоймæгтæ нымады дæр кæмæ не сты, уыдоны цурæй.
307 Лидзын хъæуы, цалынмæ ма гæнæн æмæ амал ис, уæдмæ, цалынмæ нын нæ рухс кувæндæттæй нæма фæхынджылæг кодтой æмæ нын нæ лæппутæ æмæ нæ чызджыты нæ фæтардтой, æмæ ныл цалынмæ сæхи фæтк æмæ сæхи æгъдауы æфсондз не ’рæвæрдтой, уæдмæ...
308 Лидзын хъæуы... Æмæ йæ дзыллæимæ араст и Хатажук дæр денджызы былгæронмæ... Йæхи ныхъхъæбæр кодта, афтæмæй ныууагъта йæ фыды уæзæг, йæ фыдæлты сыгъдæг ингæнтæ, йæ къонайы рæхыс, йæ мулк, йæ фос, цъæх уыгæрдæнтæ, бæзнаг хуымтæ...
309 Æмæ баиу и денджызмæ тындзæг адæмимæ. Фæндагыл уыдта йæ дзыллæйы æдзæллаг уавæртæ, заууат, дæрæн... Абухгæ фæйлыдта размæ адæмы фурд... — Тагъддæр... Тагъддæр... Иуварс! Æвиппайды-иу райхъуысти кæйдæр æрхæндæг уды зарæг дæр Хæрзбоны зарæг...
310 Фæлæ уыцы æмтъеры æмæ уынæрæн йæ сæрмæ зилдух кодта иу æнахуыр, зынрахатæн, фæлæ æхсызгон, зæрдæскъæфæн дзырд, — Стамбулмæ! Стамбулмæ! Лидзæг адæмæн уыцы дзырды уыди стыр мидис Сеппæт сагъæстæ, сæ ныфс æмæ се ’нхъæлцау уыдысты уыимæ баст...
311 Мæнæ денджыз дæр... Цъæх-цъæхид, æгæрон... Хатажук дæр иннæтау æнхъæлмæ кæсы, йæ хъысмæт цæуыл алыг уыдзæн, уымæ. Йæ алыварс — низтæ, емынæ, бæллæхы замана... Сау адзал цуан кæны сабитыл, зæрæдтыл, сылгоймæгтыл... Æрмæстдæр фæсивæд быхсынц утæппæт удхæрдтæн æнæхъуыр-хъуыр æмæ æнæнæтгæйæ.
312 Рыгамæст, сæ уæлæ — бызгъуыртæ, сæ цæсгом — фæлурс, къуырфауты арфмæ батылдысты сæ фæллад цæстытæ... Бон-сауизæрмæ хъеллау кæнынц, кæнæ къордгæйттæй бадынц денджызы былгæрæтты, æнхъæлмæ кæсынц, денджызы фаллаг кæронæй падишахы нау кæнæ исты уырыссаг бæлæгъ кæд æрбазындзæни, уымæ.
313 Æнхъæлмæ кæсы Хатажук дæр. Ницæмæй æвдисы йæ уды хъизæмар... Æнтъыснæг бонтæ... Изæрыгæтты Хатажук бæхты цурмæ рацæуы, йæ саулохы ссары æмæ йын йæ бæрзæй дæрзæг армытъæпæнæй дауы. Хатажукæн йæ тарæрфыг цæсгом æрлæгъз вæййы уæд, йæ цæстыты абады рухсы цъыртт.
314 Йæ лымæны цур йæ зæрдыл æрлæууы йæ ивгъуыд, æмæ æнахуыр æхцон рызт ныккæны йæ уд... Мæнæ æрæввахс и фыдыбæстæйæн хæрзбон зæгъыны сахат дæр. Тæккæ райсом хъуамæ араст уой падишахы фæрнджын бæстæмæ. Фæлæ ницæмæй райгонд у Хатажукы зæрдæ.
315 Бирæ фæлæгъзтæ кодта уый уырыссæгтæн, фæлæ йын уыдон йæ иунæг курдиатмæ ницы сæ хъус æрдардтой... Бæхы тыххæй уыд йæ ныхас, уымæн æмæ ницыуал баззади Хатажукæн уыцы иунæг æрдхорд-æмбалæй дарддæр... — Ницы дзы рауайдзæни, нæй йын ласæн...
316 Бынат нæм нæй, — зæгъгæ, йын радтой цæхгæр дзуапп. Æхсæв зæххыл йæ сау базыртæ куы райтыгъта, уæд та Хатажук йæ уарзон бæхмæ рацыд æмæ йæ бирæ фæрæвдыдта йæ дæрзæг къухты хъармæй. Рауади дзы æмбисонды бæх. Лыстæгкъах, сау-сауид — ничи йæ æййæфта дугъы.
317 Хатажукмæ йе знæгтæ дæр хæлæг кодтой. Æмæ Хуыцау йæ зонæг, сахъ барджыты æхсæн кæй кад нæрыди тынгдæр — Хатажукы æви йæ рæсугъд бæхы. Иухатт Хатажукы æрбацæйæййæфтой джауыртæ. Æхсарджын лæппу загъта, ныр мæ мæлæт æрцыди, зæгъгæ...
318 Уалынмæ дын æнæбын адаг куы февзæрид йæ цуры, æмæ дын уый сæрты фатау куы атæхид йæ иузæрдион лымæн... Хатажук фæстæмæ фæкаст æмæ ауыдта, йе знæгтæ æд бæхтæ æрхы бынмæ куыд ызгъæлынц, уый... Амондджын уыди Хатажук... Йæ иузæрдион æмбал æй тохы быдырæй бирæ хæттыты рахаста сæрæгасæй...
319 Тызмæг хæстонæн йæ цард, йæ хуыздæр мысинæгтæ иууылдæр баст уыдысты йæ бæхимæ... Æмæ йæ ныр хъуамæ ныууадза... А-дунейыл ын æндæр куы ницыуал баззад... Йæ маст рафыхти Хатажукæн, бæхы бæрзæйыл ныттыхст æмæ æмыр хъæлæсæй ныккуыдта...
320 Уыцы райсом Хатажук раджы сыстади. Бирæ фæсыгъдæг кодта æмæ фехсадта йæ бæхы. Куы бахус, уæд ыл сæвæрдта саргъ. Йæ уæлæ скодта йæ хуыздæр цухъхъа, æнгом æрбалвæста йæ рон, йе уæхскыл та æрцауыгъта йæ фыдыфыды сызгъæринæфтыд хъримаг...
321 Даргъ æрдæгсакъадах цуркау афаста Сау денджызы уылæнтæ. Сакъадахæн йæ иу тигъырдыгæй уыди черкесты асадæн бынат, иннæрдыгæй та — уырысы æфсæдты стонуат. Дыууæты æхсæн дæргъæй-дæргъмæ йæхи айвæзта цъæх нæудзар фæз. Уыцы фæзмæ йе ’фсургъыл фæзынди Хатажук, хæстифтонг-хæрзарæзтæй.
322 Уайтагъд ыл адæм сæ цæст æрæвæрдтой. Хатажук йæ бæхы цыппæрвадæй ауагъта, хъуынджын агъудæй фелвæста йæ хъримаг æмæ дзы ныггæрах ласта. Арвыл абадти цъæх фæздæджы къуыбылой. Адæм сæ цатыртæй ракалдысты. Хатажук тæлтæг кодта йæ бæхы...
323 Дзыхъхъурæд-иу æй фæкодта йæ тæккæ дугъы уайгæйæ æмæ-иу æй йæ фæстæгтыл слæууын кодта, стæй-иу йе ’хсаргардæй алырдæм æвзидгæйæ, цæстылуайгæ знагмæ лæбурæгау, абырста размæ. Бæхæн-иу куы йæ иу фарсыл февзæрди, куы — йæ иннæ фарсыл.
324 Уайгæ-уайын ифтыгъта хъримаг, гæрах кодта размæ, фæстæмæ, иуварсмæ. Сахъ хæстон æмæ дæсны бæхылхъазæг Хатажук æппæт адæмы дæр стыр дисы бафтыдта йæ сæрæндзинадæй. Уæвгæ, зын равзарæн уыди, сæ дыууæйæ арæхстджындæр кæцы разынди — бæх æви барæг.
325 Уый фæстæ Хатажук йе знæгты цурмæ бацыд. Салам радта æмæ йæхирдыгонау цыдæр загъта. Ратæлмац æй кодтой. Йæ бæхы ауæй кæнынмæ хъавыд. Аргъ кæмæн нæй, ахæм бæх у, зæгъгæ, загъта... Æнæуи никуы сразы уыдаид йæ ауæй кæныныл, уымæн æмæ ахæм бæх уæй нæ фæкæнынц...
326 Фæлæ цы чындæуа, йемæ йын æй нæ уадзынц... Адæмæн сæ худындзæг фæкъæртт... Чидæр ын лæвæрдта æвзист сом. Сахъ барæджы хъустæ ссыгъдысты адæмы æнæуаг кæл-кæлæй, æмæ рафыхт йæ маст — ахæм æфхæрды аккаг нæ уыди Хатажук. Худæгæй йыл мæлынц, сæрыстыр барæг та гобийы лæуд хъуамæ кæна сæ цуры.
327 Хатажук æнæдзургæйæ иуварсмæ рацыд. Йæ сæрыл схæцыд æмæ, æрдæгсакъадахы кæройнаг был, арв æмæ денджызы уылæнтæ кæм баиу сты, уыцырдæм ныккасти... Цæй æгæрон у денджызы цъæх быдыр! Йæ уæраджы гæзæмæ фезмæлдæй Хатажук фæцагайдта йæ бæх.
328 Сабыргай æрдæгсакъадахы кæройнаг былгæронмæ араст и. Былмæ куы баввахс, уæд æвиппайды февзыста ехсæй. Æфсургъ æрдынау æртасыд, йæхи фатау фехста денджызы уылæнтæм æмæ аленк кодта... аленк кодта йæ барæгимæ, урсбарц уылæнтæ æлдариуæг кæм кодтой, уыцы сæрибар дунемæ.
329 Дард кæмдæр ма хуры зæрин тын ферттывта бæхæн йæ барцыл æмæ уыйадыл ахуыссыд... мыггагмæ... ЦЫППАРРÆНХЪОНТÆ. Ай-гъай, уæрхæгæй баззайдзæн уæрхæг, Тæрхъусæй дæр нæ рауайдзæни лæг. Хуызы цæуын лæджы бон у æрмæстдæр, Куы саг фесты, куы бирæгъ, куы хæйрæг.
330 Гыццылæй, стырæй амондмæ фæтырнæм, Табу фæкæнæм дауджыты ’мсæр уымæн, Йæ агурæг кæм нæ балæууæм, ехх! Нæ фарсмæ цы ис, уыдон та нæ уынæм Æгайнæгтаркъултыл фæхилынц альпинисттæ, Нæ дарынц ницæмæ сæ удхæрттæ, сæ ристæ Нæ федтой а зæххыл Хуыцауы æмæ хуры, Ныр кæд ыссариккæй æрнæг цъуппытыл исты.
331 Æлгъаг тæппуд... Æндæр ма уæдæ чи дæн? Нæ сафджыты фæсаууонмæ æлгъитын, Нæ сæм уæндын æргомæй та сым дæр, Æрмæст уæлæрвтæм уайдзæфтæ æрвитын Йæ куыстæй мын æппæлыди нывгæнæг, Æмæ мыл уайтагъд атыхстис æрхæндæг, Цы мæлгъæвзаг, цы дзыхарæхст у автор, Йæ ныв та къулыл — мадзура, къæзæнæг!.
332 О, зонын æй, куырыхон лæг зæгъдзæнис, «Дæхиуыл кус, дæхи дæхæдæг сфæлдис!» Фæлæ Хуыцау куынæ сарæхст йæ куыстмæ, Уæд а дзигломæ ахæм тых кæцæй ис? Нæ сагфыдæлтæй — скифтæ æмæ нартæй — Мах райгонд ыстæм, байуæрстам сæ артæй Фæлæ тæхынц æнустæ, ’мæ фыдæлтæн Сæ фарны хъæр нæм райхъуысы ма дардæй.
333 Нымайы лæг лæгмары ми фыдгæндыл, Фæкæны хъыг, куы амæлы йæ гæды, Фæлæ нæ хаты кæрдæгæн йæ рис — Æгъатырæй йæ къæхты бын ыссæнды. О адæймаг, хæрзарæхст у дæ арм, Лæгæн йæ царм дæр баивыс, йæ царм. Ды ног зæрдæ дæр бавæрдзынæ риуы, Æрмæст дзы хъарм нæ бауадздзынæ, хъарм.
334 Æртæ чъирийы буц фынгыл — цæттæ, Æртæ чъирийы хуртæ сты — æртæ, Лæгæн хæлар, Хуыцауæн барст уыдзысты, Сæ мидæг сын куы бавæрай зæрдæ. Тæхы, æрттивгæ, абухгæ, æхсæрдзæн. Æрбайрох дзы бæрзонд цъити — йæ тæдзæн. О, ферох дзы: куы бахуыскъ уа йæ гуырæн, Æхсæрдзæн уæд нæ хуыйндзæнис æхсæрдзæн.
335 Хъæлæс куы раттид зайæгойтæн æрдз, Уæд дзургæ нæ — уæд самониккой зарæг, Рæвдауид нæ рæхснæг бæрзы сопрано, Кæрдæгхæлтты цъæхснагтенорæн тулдз Хаджумарау ныллæг басæй хъырнид. ПЛИТЫ ЖАННÆ. ÆМÆ ЙÆ СОНАТÆ. Тæхынц дзы зæдтæ, силлæг дзы сты зинтæ.
336 Цъиу фесты зæрдæ — скъæфы арвæй цинтæ. О Жаннæ, ды дæхæдæг дæ сонатæ, дæ нотæ-билцъæй стахтысты Сæнатæм дæ сонт бæллицтæ, Уаза сын — бынат. Дæу хонын, Жаннæ, хонын Жаннæ д’Арк. Уæларвон зæдтæ, Стыр Хуыцау сæ фарнæй дæ бынмæ нæ — дæ риуы ссыгътой арт...
337 Æхцатæм, хорзæхтæм бæллæм, Кæрчытау къахæм зæхх. Мæстæй фыцæм, æмбырд кæнæм Нæ зæрдæты фыдæх. Хъысмæт уа, бинонтæ уой, сых — Фæкалæм сыл нæ пырх. Æлгъитæм, сыхалæм нæ дзых, Æмæ сæтты нæ тых. Кæмæндæр нал фаг кæны зæхх, Тыхтона ссис йæ куыст.
338 У иннæ гомгуыбын, бæллæх, Æххормаг æмæ рыст. Æмæ... Куы ныл æртыхсы хъыг, Куы сæлдар вæййы маст, — Цыма Цыкурайы фæрдыг Æрхауы арвæй раст, — Ысдары аивад йæ рухс, Сæууон хурау, бæрзонд. Æмæ йæм кæс, æмæ йæм хъус! Æрсабыр вæййы зонд.
339 Æмæ мын нал вæййы дæуццаг, Нырма нæ къона — хъарм, Нæу алцы а зæххыл уæййаг, Æнæмæлгæ у фарн. ХОХАГ ХЪÆУЫ. Кавказы мотивтæй. Æрсабыр хъæу. Ныгъуылы тары. Ыздæхынц хизæнуæттæй хъом. Ыстьалы ферттывта, æппары Йæ тынтæ — бангæстæ и ком.
340 Нæу афтид уазæгдон: æмбырдæй Кæнынц ам хистæртæ ныхас. Уыди лæгау лæгтæ. Йæ фырттæй — Сæрыстыр абон дæр Кавказ... Изæр фæллад уды фæфæнды Фæхъусын кадджытæм: Гæбис Æриста рагъæнæй йæ фæндыр, Æмæ ныддыз-дыз кодта хъис. Æрыгас рагзаман.
341 Ыстæртæ, Фæдистæ, сгуыхтытæ, адзал... Æхсарæй сæфтысты фæлтæртæ. Æдзардæй цал бабын и, цал! Цæры ныр зарджыты æнусмæ Сæ кад, сæ лæджыхъæд, сæ тох Дзæнæт — сæ удты бадæн, рухсы Сæ ном нæу байзæддæгтæй рох Æнафон Хуыссæнмæ нæ комы Мæ зæрдæ.
342 Дуне та — фынæй. Æрттивы сау хъамайау комы Нæргæ дон, абухы мæстæй... ÆРХÆНДÆГ. Дуне та абон — æнтъыснæг. Дардыл, пъæззыйау, нæ зæхх Асæст æмбæрзы... Сæлфынæг — Зæрдæ дзы, оххай, фæцъæх. Зæрдæйы — маст æмæ катай, Цард ын — фыдæвзарæн, тох.
343 Цух ыстæм амондæй, кадæй. Зæдтæй, Хуыцауæй дæр — рох. Сидзæрты дудгæ дзынæзтæй Басаст æвзонгæй мæ тых. Худы фæлитой æфсæстæй, Калы ныл тугцъир йæ пырх. Чи нын у хицау? Гæртамхор, Чи у йæ хъузон? Хуыснæг Ахæмты амондджын ма хон, Ахæмтæм ма кæ хæлæг.
344 Дзаг у фыдæхæй сæ зæрдæ, Сау у, æхсæвау, сæ бон. Цъиусурау зилы сæ сæрты Сусæг тас — сусæг тæрхон. Мæ зæрдæ мын æнкъард хъуыды куы сæтты, Куы мын æрбырсы сау катай мæ ныфс, Уæд атæхын дæ дунемæ мæ сæнтты, Æрвон дунемæ — удхос мын дæттыс.
345 Бæстырæсугъд дæ, саудзыкку, гуырвидыц, Дæуæй мæм хуртæ, стъалытæ кæсынц. Сæ тынтæ мæ уæлвонг бæстæтæм сисынц, Фæдзæхсæгау дæ цæстытæ зæгъынц, «Мæ удлæууæн! Æмбарын дын дæ катай Зæххон дуне æлгъыстаг у, мæнгард Йæ судзгæ маргæй сæрра кæны хатгай Рæстаг уды — ныггуылмыз вæййы цард.
346 Æндонриу басгуых, ма басæтт фыдæхæн, Хæрам тыхты цур ма ’ркъул кæ дæ сæр, Дæ раст фæндагæй ничердæм и здæхæн, Дæ фарсмæ дæн сæрбахъуыды æз дæр...». ...Пылыстæг цонг... Æрвон тых ис йæ мидæг. Рæвдауы мæ. У удыхос, æвдадз. О Хуры хъæбул, амæндтæн сæ уидаг, Дæ зарæджы æхцон зæлтæ мыл тадз.
347 Дæ хъуымбыл дзыкку сау уылæнау сонтæй Дæ риуыл рахауд. Фестъæлфыдтæн æз. Тæхын, кæсын ныллæг зæхмæ бæрзондæй, Мæ уæхсчытыл — сæнтурс мигъæй пæлæз. Ныдцæрæн уылæнтыл мæ бæлæгъ, Æмæ мыл сау катай æртыхст, Рæхджы цы ’рцæудзæни, цы бæллæх, Цы и мæ ныхынывы фыст?.
348 Кæсын æз былгæрон æнхъæлмæ, Кæм дæ, мæ ирвæзæн хос, нау? Мæ уды сусæг сидт, дæ хъæрмæ Къуырма сты зæдтæ ’мæ Хуыцау Æууæнк нæй иу исдуг дæр фурдыл, Дæ фæндтæн фестдзæнис ингæн Æртыхсы сау катай мæ удыл, — Æвзоны царды денджыз мæн.
349 Фæфардæг аз æмæ йæ фæстæ Ныууагъта сусæггæ дзæвгар. Цы федта адæймаг йæ хæрзтæй? Йæ бонтæ раздæрау — фыдтар Тæхынц замантæ, дугтæ афтæ Фæкæсы боны хорзмæ лæг Æмæ æнхъæлмæгæсгæ рафты — Нæ цæуы амонд та хæстæг Йæ Зæрдæ Ногбоныл фæдары Мæгуыр: æрхæсдзæни мын фарн.
350 — Амал йæ тухитæн нæ ары, Зындонау удхайраг — йæ ран. Быхсы цагъайраджы æфсондзæн, Тыхсы — цы сараза æндæр? Бецау лæг! — Амонды æфсон æм Фæзыны хаттæй-хатт Æндæрг Мæ бæсты ацæут Инал-ипы хæдзармæ æмæ мын мæ уарзоны æрбаласут, уый афтæ æнхъæл у: асайдтон æй æмæ йæм уымæн нæ фæзындтæн.
351 Анчыба йе ’фсымæрты куы арвыста, уæд æхсæв-бонмæ йæ цæстытæ нал æрцъынд кодта, уынгæй куыйты ниуын хъуыст, æмæ йæ зæрдæ йæхи къултыл хоста, йæ сæрымагъз фыррыстæй сыгъди, йæ хъару асаст, йæ зонд талынгтæ кодта. Маршания Липæйы кæугæ куы федта, уæд тынг ныддис кодта æмæ йæм джихæй кæсгæйæ баззад.
352 Стæй йæ уæрджытыл æрлæууыд æмæ йæ бафæрсынмæ куыд хъавыд, цæуыл кæуыс, зæгъгæ, афтæ йæм Анчыба хæстæг бацыд æмæ дзуры, — Уæлæмæ сыст, æлдар! æлдар, ахæм ныв фенгæйæ йе ’хсаргард æруагъта æмæ сонтæй афарста, — Раздæр уал зæгъ, ды чи дæ æмæ цæмæн хъуамæ схæцæм?.
353 Липæ дæр ын сыгъдæгзæрдæйæ загъта, Анчыбайы рагæй кæй уарзы æмæ удæгасæй æндæр искæмæ ацæуыныл кæй никуы сразы уыдзæн, уыдæттæ. — Дæ цæстытæ дзæбæх асæрф, Хуыцауы хатыр бакæн, æхсæз фысы дын балæвар кæндзынæн æмæ мын уыцы къæрныхы ссар.
354 — Зын кæсæн мын уымæн у, æмæ ацы комдарæнты фæтæригъæд­джын дæн, боныцъæхтыл хур скæсыны тæккæ размæ æрдæгфынæйæ дон анызтон. Молло рацыди адæмы æхсæнмæ, хъуыран байгом кодта æмæ тагъд-тагъд кæсын байдыдта — адæм нæ, адæм, фæлæ йæ ныхæстæй йæхæдæг дæр ницы бамбæрста.
355 — Уымæй уæлдай, — зæгъы та молло, — æз, куыд фæлмæнзæрдæ молло, тæрхон хæссын давæгæн, сомизæр бæхы йæ бынатмæ куыд æркæна, кæннод ын иннæбон йæ ном зæгъдзынæн. Хохæгтæ, моллойæн йæ зондджын ныхас æмæ фæлмæнзæрдæйы тыххæй арфæтæгæнгæ, апырх сты æмæ сæ хæдзæрттæм афардæг сты.
356 Æрмæст чызджы уарзон лæппу нæ куыдта, афтæ зынди, цыма-иу кæддæрæй-кæддæрмæ йæ мидбылты дæр бахудти. Чызджы мадмæ йæхи хæстæг байста, уæдæ йын æз дæр тæфæрфæс ракæнон, зæгъгæ. Мад лæппуйы куы ауыдта, уæд ноджы хъæрдæрæй ныккуыд­та æмæ ныхъхъарæг кодта, — О Хуыцау!.
357 Чи зоны, мæ чызг мæстæй æрбамард, æвæццæгæн æй зæронд лæгмæ ацæуын нæ фæндыд, æмæ йæ зæрдæ аскъуыд! — æз æгас дæн, мæрдтыбæстæй æрбаздæхтæн, æмæ кæд дæ дзырдæн хицау разынай, уæд ныртæккæ чырынæй сыстдзынæн æмæ мæ уарзон лæппумæ смой кæндзынæн.
358 Мад æмæ фыдæй амондджындæр ничиуал уыд а бæсты æмæ стыр чындзæхсæв ныззылдтой сæ рæсугъд чызгæн. Мартъийы мæй фыййауы æлгъыстытæ куы фехъуыста, уæд апрелы мæймæ азгъордта æмæ ма дзы æртæ боны æфстау ра­куырдта. — фæрсæгау бакодта Мадовей, йæ сатæгсау цæстытæ ферттывтой æмæ хъамамæ ныккомкоммæ сты.
359 Мадовей ма Гайзары хъусы сусæгæй бадзырдта: «Хуыцауæн алæгъстæ кæн, цæмæй тагъд фембылды уон, цыдæриддæр мæм ис, суанг мæ цухъхъайы дидитæ дæр мын куыд амбула, уæд нæ фæллæйттæ нæхи бауы­дзысты». Къамтæ гæппытæ кæнын райдыдтой æмæ Мадовейы сыз­гъæрин дзаумæттæ Шарошы баисты.
360 Ногæй та къамæйхъазт стынг æмæ Шарошы къозыр Мадовейы къамы абырста: йæ цытджын ном фембылд. — Хæйрæджыты фæтдзæгъдæн, æвзæр цагъайраг, — фæхъæр та кодта хæххон цæргæс æмæ йæм хъама ныддаргæйæ йæхи бауагъта Шарошыл. Æхсæв-бон нæ зыдта, фыргуыстæй бастад-баихсыд, уæддæр æм никæцæй ницы æфтиаг хауди.
361 Фæлæ хъаст ницæмæй кодта, фæрæзта, Хуыцаумæ куывта зæрдæбынæй, йæхи йыл фæдзæхста, Хъуыраны амындтытæ æххæст кодта. Гъемæ йын Хуыцау дæр иуахæмы стыр хорзы бацыд — æрдхæрæны рæсугъд чызг райгуырди мæгуыр лæгæн. Уæды заманы алы лæппу дæр хъуамæ исты хъуыддаджы фесгуыхтаид, йæ миниуджытæ равдыстаид.
362 Ауызби-иу йе ’фсымæры йемæ хæтæнты акодта — уадз æмæ фæлтæра лæппу, йе ’мгæрттæй фæсте ма баззайа! Æмæ зынтæй раиртæстаид лæг, адæмы цæсты сæ дыууæйæ кадджындæр чи уыд, донæн йе ’рфыты бирæ хæттыты чи бауад, уыцы «æрра барæг» Ауызби æви, хæтæнты фаг чи нæма ахатт, уыцы æнæрцæф гуырд Псымахо.
363 Ауызбийы зæрдæ рад йе ’фсымæрæй, йæхимидæг дзы буц æмæ сæрыстыр уыди, кæд æм раздæрау йæхи тызмæгæй æвдыста, уæддæр. Фæстагмæ йыл судзгæ маст фæтых, бар-æнæбары йæ дзыхæй цыдæр æфхæрæн ныхас сирвæзтис, ехсæй йæ бæхы рагъ æрдзæхст ласта æмæ цæстыфæныкъуылдмæ æхсæвы тары æрбадæлдзæх.
364 Раст уыцы сахат Ауызби та, йæ къæхтæ йæ быны бакодта, афтæмæй бадти уазæгдоны æмæ джихæй каст иу ранмæ. Псымахо йæ чемы куы ’рцыд, уæд ма йе ’фсымæры фæстæ бæргæ ратахти, фæлæ — дзæгъæлы: æрмæст ма дæрддзæфæй æрбайхъуысти бæхы къæхты хъæр.
365 Ауызби цыма зæххы скъуыды аирвæзт, уыйау, цы ’хсæв алыгъд, уыцы ’хсæвæй фæстæмæ никуыцæйуал разынди. Æмæ лæппуйы цæстытыл ауад йæ уарзон чызджы сурæт: даргъ цæстыхауты аууонæй сатæгсау цæстытæ нæ касти, фæлæ дыууæ рæвдаугæ хуры, фæлурс цæсгом та Урсхохы цъитийау ирд уыди.
366 Гуыргъохъо абухгæ донæн йæ тæнæгдæр бынат бацагуырдта æмæ йæ бæх уырдæм фæцарæзта. Фæлæ æваст йæ цæсгом афæлурс, йæ цæстытæ фыртарстæй ныббæгъгъæтт ысты, æмæ райхъуыстысты йæ удаист хъæртæ, — Аздæх фæстæмæ! Абхазтæ æмæ черкестæ кæд алыхуызон знæмтæ сты, уæддæр сæм æмхуызон æгъдæуттæ дæр ис.
367 Æртæ азæй-æртæ азмæ сæ рæгъæутты æппæты рæсугъддæр, урс-урсиддæр дыгæрдыг свæййы ацы дзуары нывондаг. Йæхæдæг араст вæййы кувæндонмæ, ничи йæ бауромдзæн, уый нæ, фæлæ йыл чи амбæлы, уый йын йæ худ сисдзæн æмæ йын арфæтыл схæцдзæн.
368 Йæ фæстæ араст уыдзæн суанг Ахины къохмæ, йæ разæй дæр-иу сæхи фæкодтой, уымæн æмæ дыгæрдыг хæрдты дæр æмæ уырдгуыты дæр æнцонæй цыди, адæмæн та-иу къардиуты тагъд цæуын не ’нтысти. Зæлдаг кæрдæгыл хызæй йæхи ратоныныл удаист фæлтæрæнтæ кодта адæмæн æмбисонды рæсугъд чызг.
369 Паддзахы сæркъуырты бон ын ницы уыди, бафæлладысты дзы æмæ йæ ныккæндæй фæстæмæ галуанмæ фæцæйкодтой. Ныр сæхæдæг æмризæджы ризынц, паддзах сыл йæ масты пырхæнтæ куы акала, уымæй тæрсгæйæ. Æхсæвæй-бонæй æнцой нал арын, мæ сæр сдон, уыцы рахъуыды-бахъуыды кæнын, фæлæ мæ зонд ницы ахсы.
370 Кæд мын хъуыддаджы апп райхалай, уæд дæ ауадздзынæн, доны дæр дæ баппардзынæн, кæм дæ æрцахстон, уыцы ран. Сæрдасæнау цыргъ хъамайæ мæ риу афаддзынæн, сисдзынæн мæ зæрдæ æмæ йæ дæ къæхты бынмæ баппардзынæн. Фырт ын йæ ныхасæн бæргæ аргъ кодта, фæлæ йæ зæрдæйы кæнонтыл дæр гуыдыр куыд сæвæрдтаид!.
371 Фырты дæр æмæ йæ ардауæджы дæр Дунескæнæджы азар басыгъта: ныккæнды æмбæхстæй куыд бадтысты, афтæ Æмзоры цавддур фестын кодта, Тарибы та — куыдз. Зонын æй, арф æмæ уынгæг кæмттæй быдырты уæрæхмæ тырнынц уæ зæрдæтæ, фæлæ уыцы парахат быдыртæн фыд-зæрдæ хъахъхъæнджытæ ис.
372 Мæ хорзæхæй уæ хайджын кæнын, дæттын уын Кавказы цæгатварс æвæджиауы быдыртæ, Мæздæджы тъæпæнтæ». Стæй йæ къух æруадзы йе ’хсаргарды фистоныл æмæ йæ хъуыды бамбарын кæны, — Мæ цытджын паддзах, курын дæ, ардæм дыууадæс æфсæн лæдзæджы æрбахæссын кæн.
373 Хид фæсте аззади, æмæ поезды Мыртазатæм бирæ нал хъæуы. Уый фæстæ бахæццæ уыдзæн Æрæфмæ. Ирыстон... Уæрæсейы куыд уыди, афтæ тынг нал тыхсы адæймаг. Станцæйы адæм дæр бакастæй æндæрхуызон сты. Салдаты цинел арæх нал фендзынæ. Хохаг синджын кæрцытæ.
374 Ныллæг конд уæлдзарм худтæ. Уæйлаг нымæттæ. Адæмы фезмæлд сабыр, хиуылхæцгæ. Сæрыстыр æнгæс... Фæлæ ам дæр æппæтæй арæхдæр уыцы фæныкхуыз цинелтæ сты... Бæлццæттæй бæлвырд ничи ницы зоны, æрмæст хъус-хъус дзурынц хабæрттæ. Хорзæй ницы фехъусдзынæ.
375 Сагъæссаг цау. Цавæрдæр тугкалæн хъуыддæгтæ цæуы Дзæуджыхъæуы алыварс. Чидæр кæимæдæр хæцы. Ир æмæ мæхъхъæл, хъазахъхъ æмæ цæцæн. Цыма хъазахъхъ, ир æмæ салдæттæ иумæ мæхъхъæл æмæ цæцæнмæ балæбурынмæ хъавынц. Нырма уал судзы Иры стырдæр хъæутæй иу.
376 Арт ыл мæхъхъæл бафтыдтой. Цы уыдзæни дарддæр? Ничи йын ницы зоны Иууылдæр тæрсынц кæрæдзийæ Иу иннæйы нымайы знагыл Æз ницы дзурын, æрмæст мæ хъус дарын адæмы ныхæстæм, фæлæ хъуыддагæн бамбарæн нæй, æмæ хинымæр баризын Беслæны станцæйы змæлы æнахуыр бирæ дзыллæ.
377 Кæдæм акæсай, уым гæрзифтонг адæм къордтæй лæууынц. Сæ бакаст — хъуынтъыз. Цæуылдæр тыхсынц. Сæ фондзæхстæттæ куы уæхсчытæм сæппарынц, куы сæ дæлæмæ æрисынц. Сæ цæстæнгас — хъамайы фындзæй цыргъдæр, адæймаджы иннæрдæм хизы... ту-ту-ту» — хæстæг кæмдæр æхсынц пулеметæй.
378 Цыма станцæйы уæлхæдзар исчи уисхъæдæй хойы, уыйау. Ныннæрыди сармадзаны гæрах. Станцæйы бæстыхæйттæ барызтысты. Рудзгуыты æвгты дзыгъал-мыгъул райхъуысти. Адæм ноджы фæтыхстхуыздæр сты. Хæст, æвæццæгæн, йæ тæккæ тынгыл у. Чи кæимæ хæцы? Цæй охыл?.
379 Рæвдздæр, рæвдздæр базонон, мæ алыварс цытæ цæуы, адæм афтæ тыхст цæмæн сты, мæ райгуырæн зæхх адзалхæссæг сармадзаны нæрынæй цæмæн ризы, уыдæттæ. Мæ фæндаггон хызын мæ уæхскмæ сæппæрстон, æмæ поезды æрлæууынмæ дæр нал банхъæлмæ кастæн, цæугæ-цæуын дзы æргæпп ластон.
380 О, фыдæлты уæзæг, уый куыд у, уый?! Ам дæр та тугамæст мигъ куы æнхъизы Хæхтæн се ’нусон фынæй фехæлд Загътон, ницы сæм никуы бахъардзæн, æмæ мыл сайд æрцыди Ам дæр адæймаг адæймаджы ныхмæ куы сыстад Æфсымæр æфсымæры ныхмæ Фаг нæма ныккалди туг?.
381 Æвæццæгæн, нæма. Æвæццæгæн, туджы зæйтæ рауадзинаг сты, дуне бынтон йæ быны кæмæн фæуа, ахæм туджы денджыз. Цы гæнæн ис, нæ гæндзæхтæ цæгъддзыстæм уыцы денджызы. Æнæмæт дæн æз. Мæхицæн иу æмæ дыууæ хатты нæ загътон: тæппуд куы нæ дæ, Албег!.
382 Ды куы цыдтæ æдæрсгæ нæмгуыты ихуарды бын размæ, адзалы хъæбысмæ. Уæд дыл цы ’рцыди ныр? Дæ буар æмризæджы цæмæн баризы, дæ зæрдæ та, куыйтæ алырдыгæй кæуыл рæйынц æмæ чердæм йæхи фехса, уый чи нал фæзоны, уыцы тæрхъусы зæрдæйау цæмæн хойы риуыгуыдырыл йæхи?.
383 «Дæхиуыл хæцын фæраз, дæ бакаст уæлдайхуызон дæр ма фæуæд», — арæх-иу дзырдтон мæхицæн, фыдгулы цæстытæ-иу мæ куы хуынчъытæ кодтой, уæд. Уыдон-иу хъавыдысты мæ зæрдæйы тæккæ арфдæр æвæрæнтæм ныккæсынмæ, базонын сæ фæндыди, чи дæн æз — фыдгул æви хион.
384 Фæлæ мæ цæстæнгасы ницы рахатæн уыди, тар хъæды астæу пыхсы бын чи фæци, æрдæгæмбыд сыфтæр бæзджын фæлтæр кæуыл сæвæрдта, кæрдæгхуыз хъуына кæуыл схæцыд, уыцы зæронд цъымарайы бын куыд ницы фендзынæ, афтæ. Цас дæ фæнды, уыйас æм кæс — ницы дзы раиртасдзынæ...
385 Ныр мæнæ мæ фыдæлты зæххыл æрлæууыдтæн... Ам, цыфæнды куы цæуа, уæддæр зæрдæ æнахуыр æнцой ссардта. Перроныл цалдæр къахдзæфы дæр нæма акодтон, афтæ мæ размæ фесты мæ хæстæджытæ æмæ мæ хъæуккæгтæ. Диссаджы æхсызгон сын уыди мæ фенд. Фæлмæн къахдзæфтæй рахызт иннæты æхсæнæй, мæ разы æрлæууыд.
386 Æгасцуай мын загъта: йæ рахиз къух рæмбыныкъæдзыл фæтасыд, сындæггай йæ схаста цухъхъайы бæрцыты онг æмæ йæ фæстæмæ æруагъта, ноджыдæр-ма иу къахдзæф æрбакодта мæнырдæм. — Амондджын сахат сæмбæл, Албег, æмæ нæм алыбоны æгас цу! Йæ къух мæм æрбадардта.
387 — Алыбоны хорзæхæй хайджын у, — дзуапп ын радтон æз дæр æмæ кæрæдзийы къухтæ фидар æрæлхъывтам. Асæге мæм бынтон æввахс æрбацыд æмæ мын ныхъхъæбыс кодта: йæ рахиз къух мæ галиу уæхсчы сæрты æрбайста, галиу та — мæ рахиз дæлармы, армытъæпæнæй мын мæ фæсонтæ цалдæр хатты æрхоста.
388 Адæм ныл æрæмбырд сты. Иу иннæйы фæдыл мæм цæуынц уæзданхуызæй æмæ мын мæ къух исынц. Алчидæр сæ фæзæгъы исты рæвдауæн ныхас æмæ æддæдæр алæууы. — Æгайтма дæ сæрæгасæй уынын... — Амонды хос нын фæуæд де ’рбацыд... — Хорз хабæрттæ ныл куыд ныккæлой амæй фæстæмæ, Хуыцауæй нын ахæм арфæ уæд...
389 — Табу иунæг Цытджын Хуыцауæн, дæу фыдыуæзæгыл чи сæмбæлын кодта... Кæимæдæрты кæрæдзийæн хъæбыстæ кæнæм. Цины уылæнтæ анхъæвзтой ме уæнгты. Кæс-ма, мæ фенд æхсызгон кæмæн у, ахæмтæ ис нырма а дунейы. Архайын алкæмæн дæр цалдæр дзæбæх ныхасы зæгъыныл.
390 — Барысби куы дæ уый! Тыххæйты ма дæ базыдтон: дæ бакаст цæргæс у, цæргæс! Æгас нæм цу, æгас! — Хæмæтхъан, уый ды дæ? Боцъо рауагътай æмæ дæ базонæн нал ис — Дæ фысты дзуг цы баци, Батыраз? — Дæ саулохаг ма дæхимæ ис, Созырыхъо? Бадынæй йыл куы нæ æфсæстæ.
391 Æнæзонгæтæ дæр мæм цæуынц æмæ мын салам дæттынц. Афтæмæй мыл дзæвгар рæстæг аивгъуыдта. Кæстæртæй мын чидæр мæ хызын мæ къухæй куыд айста, уый уæвгæ дæр нæ бамбæрстон. Ничиуал ницы дзуры, иууылдæр æнхъæлмæ кæсынц, цы зæгъдзынæн, уымæ. — Чи уæ кæимæ хæцы?.
392 Хуыцауардыстæн, ницы йын æмбарын. — Хуыцауы фыдæх нæ баййæфта, — дзуапп радта Асæге, — æмæ ныл туг ныууарыд. Ир æмæ мæхъхъæл мæлæтдзаг тохы бацыдысты. — Цы уаринаг уын разынди? — фæрсын сæ дарддæр — Чи йын цы зоны, — йæ къухтæ фæйнæрдæм фæхаста Асæге.
393 — Сæ сæры зонд фæцыди... Станцæйы бæстыхайæ рахызт хæстифтонг адæмы къорд, сæ разæй зæронд лæг. Дзæнгæрæджы бын æрлæууыд, йæ лæдзæгæй дуары тарваз цалдæр хатты æрцавта, ома байхъусут, хорз адæм. Перроны чидæриддæр уыдис, уыдон зæрондырдæм азылдысты.
394 Цыбыргомау къабазджын лæг. Гуыбырфындз. Дæргъæй-дæргъмæ фист боцъо. Йæ сæрыл уæлдзарм худ. Синджын кæрц æнгом æлвæст у ронæй; йæ астæуыл фæтæнком сау хъамайы кæрон уæрджытæм æххæссы. Йæ рахиз къухы — цым лæдзæг сыкъаздыхт хæцæнимæ, лæдзæджы бырынкъыл джебогъ фидаргонд.
395 Зæронд æнхъæлмæ кæсы адæмы басабырмæ. Сæ уынæр куыд-фæстæмæ бамынæг. Бæлвырддæрæй хъуысы пулеметы «тэк-тэк-тэк, тэк-тэк-тэк»... Хъазтизæры дыууæ бандоныл æвæрд фæйнæг уистæй хойæгау. — Мæнæ хорз адæм, Ирыстоны хъæбултæ, — боцкъайы хуылфæй дзурæгау райхъуысти зæронды фæсус бæзджын хъæлæс.
396 — Хъуыддаг аразыны рæстæг куы ралæууыди, уæд æнæпайда дзæнгæда худинаг у. Тепсыхъойыхъæу кæй бабын, уый уæм æгъгъæд нæ кæсы? Тепсыхъойыхъæуы арты амæддаг хæдзæртты æртхутæг ирон адæмы сæрыл кæй хауы, уыцы худинаг фагыл нæ нымайут? Ног худинаг, Татианыхъæуы сæфт уæ сæрмæ æрхæссинаг стут?.
397 Фыдгул йæ хъарутæ иууылдæр уыцы хъæуы ныхмæ сарæзта. Сармадзантæ æрбаластой. Балæбурынæввонг сты. Мæхъхъæлы зарын айонг дæр хъуысы, мах та ам дзæгъæл ныхасыл æмæ æнæхъуаджы хабæрттыл схæцыдыстæм. Ныхас ирон адæмы намысыл цæуы. Рæвдздæр цæугæут Татианыхъæумæ, мауал фæстиат кæнут.
398 Худинаг уæ сæрмæ ма ’рхæссут æмæ ирон адæмы фидæны фæлтæрты дæр фидиссаг ма фæкæнут. Ирон намыс дæлæмæ æрхауын ма бауадзут. — Ай-гъай... Ай-гъай... Тынг раст зæгъы... —хъуысы алырдыгæй. — Цæугæут! Ироны номыл къæм абадын нæ бауадздзыстæм! Нæ бауадздзыстæм!.
399 Цомут! Иууылдæр цомут! Ссыди фондзæхстæтты къыбар-къыбур, сампалты къæрццытæ Алчи йæ хотыхыл фидардæр æрхæцыд, хъатарайыл къух æрхаста, рон æнгомдæр балхъывта Зонгæтæм, хиуæттæм хъæр кæнынц, цæугæдон йæ ауæзт куы арæмудза, уыйау иуырдæм агуылф сты.
400 Мæнæн дæр бæх æмæ хæцæнгарз радтой. Цалдæр минуты атындзыдтон Татианыхъæуырдæм. Ме ’уæхскыл гилдзытæй йæ тæккæ дзаг дывæр сæрак хъатара уагъд. Бæх згъæллаггомы къæбæлтæ æхсыны. Мемæ ис æхсæз гæрзифтонг барæджы, мæ хæстæджытæ æмæ хъæуккæгтæ.
401 Ничи ницы дзуры. «Тæдзынæгæй цыхцырæгмæ бахаудтон», — хъуыды кæнын хинымæр. Мæ фыдæлты зæхмæ мæ бæттæнтæ куы тыдтон, уæд ахæм хабармæ не ’нхъæлмæ кастæн, Уырысы нал хъæуыс, мæнæй уый. Дард кæмдæр ис дæ райгуырæн бæстæ, чи зоны, бахъæуай дзы.
402 Кæд æй афицеры æнæнцой царды заман байрох кодтай, уæддæр уым сты дæ адæм; дæ зæрдыл ныр, афицер куы нал дæ, æрмæст уæд, де ’намонды сахат æрлæууыдысты. Чи зоны, иуварс дæ кæд нæ асхоиккой. Хъæмæ, хъæмæ. Сраст кæн дæ рæдыд, балæггад кæн дæ адæмæн.
403 Æмæ куыд балæггад чындæуа? Цæй, уым бæрæг уыдзæни Ахæм лæггадмæ бæргæ нæ бæллыдтæн: ногæй та хæст Ногæй та туг кæлы, æмæ адæм кæрæдзи цæгъдынц Цæй охыл? Нæ зонын Адæмы намысмæ, дам, фæныхылдæуыд Æнæмæнг афтæ Кæд æмæ уыцы намысмæ фæныхылдæуыди, уæд æз йæ сæрыл тохы бацæудзынæн...
404 Удуæлдайæ кæй тох кæндзынæн, уый мын гуырысхойаг нæу... Бæхтæ рог уайынц над фæндагыл. Цæфхад дурыл куы сæмбæлы, уæд йæ зæлланг ссæуы. Разæй разынди обау. Бæрæг ыл дарынц адæмы æмæ бæхты æндæргтæ. Ирон разбадджытæ. Хатгай ссæуы дзæгъæл нæмыджы дыв-дыв.
405 Тынгæй-тынгдæр хъуысы пулеметы «тэк-тэк-тэк»... Фæндагыл цæуынц фистæджытæ, барджытæ, адæмæй сæ тæккæ дзаг уæрдæттæ. Иууылдæр фондзæхстæттæй ифтонг, сæ риутыл — хъатаратæ. Цухъхъаты фæдджитæ ронбасты тъыст, зынынц хъаматы кæрддзæмтæ... Ам фистæджытæ æмæ барджытæ уæлдай арæхдæр сты.
406 Стыр æмæ хъæздыг хъæу. Агуыридурæй конд цъæхсæр хæдзæрттæ. Сæ бырутæ гæнахы къултау фидар. Адæм дæр уыцы цардхуыз, сырхуадул. Дуканитæ рарæнхъ сты, фæлæ се ’ппæтыл дæр æфсæн æвдузæнтæ уæззау гуыдыртимæ... Æнхъæлмæ кæсæм, кæд нæ иу хъуыдыгæнæг фæуид, зæгъгæ, алырдæм фæлгæсæм.
407 Уынгтæ сты æмызмæлд. Хъæр, хъæлæба. Уæрдæттæ, бæхтæ, фос, адæм — иууылдæр сæмхæццæ сты. Хатгай райхъуысы адæмы тыхст æмæ знæт ныхас. — Ардæм уæлибæхтæ хæрынмæ æмæ двайно нуазынмæ æрбацыдыстæм, æви! — Хæрд æмæ нозт нæхимæ дæр разындаид! Рæстæг дзæгъæлы цы сафæм?.
408 Мæхъхъæлы æрбабырсынмæ æнхъæлмæ кæсæм? Нæхæдæг сæм ныббырсæм! Размæ! — Дзеудзæлæй, дзеудзæлæй! Цæуыл хъæр кæныс? — сдзырдта йæм æвзалыйæ нывгондау сатæгсау тымбылдзæсгом лæг —Дæу хуызон булкъонтæ ам бирæ ис Иууылдæр уынаффæгæнæг куы суой — сфæзмыдта йæ: — «Ныббырсæм, ныббырсæм!».
409 Фæстæмæ хæц, науæд дæ хæлафæн йæ пъæр-пъæр ссæудзæн... Раздæр уал дæ арахъхъы тæф суадз... Адæм худынц. Иннæрдыгæй чидæр йæхи хъары: — Штой! Равняишь! Фæлæ йæм хъусæг нæй, коммæ кæсын ахуыр не сты фæсивæд — Штой, тебе говорят рушким яжыком.
410 Вожми мешто! — командир мæстæй фыцы — Какой мешто мне не надо, у меня швой мешто, — фæстæмæ йæм дзуры бынтон æрыгон лæппу, рæнхъы æрлæууын нæ комы Хæстæгдæр кæртæй хъыллист æмæ æхситгæнгæ ракалдысты расыг фæсивæд Дзæвгар дзы кæй ауагътой, уый сæ цæсгæмтты сырхæй бæрæг у.
411 Уæлдзарм худтæ схъæл сагъд. ... Не плачь ти, Маруша, Будешь ти мое... Æрдæгцъæррæмыгъд уырыссагау чидæр кæны салдаты зарæг. С прижива вернуша, Женю на тебе... — Раж... Два... Раж... Два... Жа мной, багенджинтæ, жа мной! Уынын сæ, фæлæ мæ цæстытыл не ’ууæндын...
412 Ау, адон ирон фæсивæд уой? Хæсты цалдæр азмæ сыл цы ’рцыдаид? Расыг фæсивæд сæ сæр-сæ фад нал зонынц, урссæр зæрæдты ницæмæ дарынц, уыдон дæр, мæгуыртæг, къулмæ сæхи нылхъывтой Дæргъæй-дæргъмæ рарæнхъ сты къулрæбын, æппæтæй дæр рох, æппындæр никæй хъæуынц.
413 Сæ цæстытæй рухсы цъыртт нал кæлы. Сæхицæн дзурæгау цыдæртæ дзурынц сабыргай æмæ æнæбары. Искуы-иуæй фæстæмæ иууылдæр лæууынц лæдзæгæнцой. Стæмтæй фæстæмæ лæдзджытæн сæ кæрæттыл джебогътæ фидаргонд. Мæгуыртæг... ...Хур уæлиау ссыди æмæ судзын райдыдта.
414 Цавддуртау лæууæм дæргъвæтин рæстæг, æнхъæлмæ кæсæм: фиппайæг нæ кæд фæуыдзæн. Æппынфæстаг фæсивæд къордæй нæ размæ æрбацыдысты æмæ нæ бафарстой: — Чи стут, уазджытæ, æмæ кæцæй æрбафтыдыстут? Дзуапп сын радтон: — Æз дæн сисыхъæукаг Албег — Цæмæ æрбацыдыстут?.
415 — Æфсымæр мын дзы чи нæ свæййы! — Зонæм æй, цахæм æфсымæртæ нын стут, уый! — рай-хъуыст алырдыгæй — Ницæмæн нæ хъæуы ахæм æфсымæртæ — Уæ фæндаг дарут! — Гъа-гъа-гъа Уыдæттæ фехъусын æнхъæл нæ уыдтæн, æмæ цы сдзурон, уымæ дæр нал арæхсын, хъуаджы кæстытæ кæнын алырдæм.
416 — Цы сæ бахъуыд ам?! Тепсыхъойыхъæу бастыгътой Ныр та ам фæфос кæнын æрæфтыд сæ зæрды, — хъуысынц знæт хъæртæ — Ам сæ къухы ницы бафтдзæн — Фæндараст ут! — Кæцæй æрбацыдыстут, уырдæм ахъуыдты ут! — Махæн æцæг æфсымæртæ ис Нæ фарсмæ сты Кæсут, цас гилдзытæ нын æрбаластой.
417 Æнæхъæн гуыффæйыдзæгтæ. Æцæгдæр, кæм лæууæм, уырдæм хæстæг, къæнцылары кæрты хъазахъхъ хъахъхъæнынц гуыффæджын уæрдæттæ гилдзыты къоппытимæ. Уæрдæтты фарсмæ ир æмæ хъазахъхъ кæрæдзийы хорз уынынц арахъхъ æмæ бæгæныйæ. — Ацы хъæддæгтæ та цæгъдинаг сты!.
418 — Йæ къух æвзидгæйæ фæхъил, фæлæ лæг фæцудыдта. Чидæр ын æнцой фæлæууыд. Нæ бæхтæ разылдтам. Мæстæй фыцын. Ехсæй æрцавтон бæхы фарс. Бæх фесхъиудта, йæ сæр уæлиау систа, згъæллаггомы къæбæлтæ æхсыны æмæ йæ мидбынаты кафы... Ноджыдæр-ма йын иу дзæхст.
419 Хайуан ницы аххосджын у, цæфтæ та æгъдаумæ гæсгæ хауынц фысымтæм: кæд уымæй уæлдай нæ зонут уазæгæн æгасцуай зæгъын, уæд сымах ничитæ куы стут! Цæуæм æдзæмæй Мит атади Быдыртæ сау дарынц Зыдгомауæй улæфын уæлдæф, фæйнæрдæм фæлгæсын, æмæ мæ маст сындæггай сысын байдыдта.
420 Ахæм-ма рæсугъд бæстæ уа! Быдыртæн кæрон нæй Разæй дард кæмдæр зынынц хъæутæ Скæсæны, хуссары, хуссар-ныгуылæны — алкæм дæр хæхтæ Сæ фæлладуадзæг къамбецты рæгъауы хуызæн мæм кæсынц: сæ сыкъатæ уæларвмæ ныббыцæу кодтой Сыкъаты кæрæттæ та сты æвзист доны тылд.
421 Хæхтыл мæ цæст хæссын. Уæлæ Арвыкоммæ уæрæх бацæуæн. Кæм и, кæм, Чырыстийы тæмæнкалгæ цъупп? Агурын æй, агурын, æмæ мæм нæ зыны Митæмбæрзт хæхты сæртæ сты кæрæдзи æнгæс Ирыстоны кæмттæ иу иннæйы фарсмæ рарæнхъ сты: Тæгиатæ, Куырттатæ, Уæлладжыр, Дыгургом.
422 Сæ мит нæма сыстади. Цымæ куыдтæ цæрынц комрæбынты та? Татианыхъæуы куыд фехæлдысты адæм, уым дæр афтæ фехæлдаиккой? О, ирон адæм фехæлдысты, фæлæ уырысыл та цы æрцыдаид? Даргъ фæндагыл цытæ федтон, уыдæттæ зæрдыл лæууын байдыдтой Знæгтæ ахæм знæт систы, æмæ кæрæдзийæн æппындæр хатыр нал зыдтой.
423 Уацайрæгтæн хъæддаг фыдмитæ бакæнынц, стæй сæ ныццæгъдынц. Мах, цалдæр кавказаг афицеры, хуыснæджытау цæуæм нæ хæдзæрттæм. Нæ поезд арæзт у алы кълæсты вагæттæй, гом платформæтæй æмæ боцкъатæй... Поезд хатгай фестъæлфы сæнтдзæфау. Æрлæууы, йæ фæсус ниуын ссæуы.
424 Канд вагæтты нæ, фæлæ платформæты, боцкъаты фæрстыл вагæтты сæртыл, буферты — алы ран дæр адæм. Махæн нæ хъуыддаг фæрæстмæ — æрхауди нæм фосласæн вагон, йæ рудзгуытæ пырх, дымгæ дзы къуыззитт кæны. Къуымы батыгуыр стæм, куыд ничи нæм фæкомкоммæ уа, ууыл хъарæм нæхи.
425 Алы станцæйы дæр фæндаггæттæй иутæ ахизынц æмæ сæ бæсты æндæртæ æрбахизынц. Райгуырæн зæхмæ цас хæстæгдæр кæнæм, уыйас нæ зæрдæты ризын тынгдæр ссæуы: мыййаг нæ куы базоной, мыййаг нæ куы æрцахсой... Нæма! Цæст кæйонг æххæссы, уым ныллæг бады цъæх мигъ.
426 Бæстæ æнкъард. Зæрдæмæ рухсы цъыртт никæцæй кæлы. Къуымы батымбыл у, дæ сæр дæ уæрджытæм нылхъив; æрдæгфынæйæ дæ цæстыл цы нæ ауайдзæни... Чъырæйцагъд урскъул хæдзæрттæ лæууынц сырх дурæй æмбæрзтæй. Бæстæ сабыр... Райхъуыст уæрыччы мæллæг уасын...
427 Уынгты æрцæуы барæг. Дзæбæх хъуысы бæхты къæхты хъæр. Цæфхады зæлланг дурыл ссыди... Бæхы хуыррытт... Дамбацайы гæрахау у ехсы дзæхст, æмæ кæйдæр куыдз рæйгæ ралæбурдта уынгмæ... Бæстæ ногæй ныссабыр... Уæрдоны хъинц. Цыдæр уæззау ласы галуæрдон...
428 «Цоб-цобе»... Цымæ цы ласа? Йæ базыртæ сцагъта æмæ æнафоны ныууасыди уасæг Фыдыуæзæг Тагъддæр, тагъддæр! Поезд ласы уæртджын хæфсау, фæлæ адæймаджы хъуыдытæ йæ разæй дард кæмдæр балæууынц Багъæц! Дæ хъуыдыты хал дын аскъуыдта расыг салдæтты дзолгъо-молгъо.
429 Бавнæлдтой чумæдантæ, голджытæ, хызынтæ фæйлауынмæ. Бæлццæттæ сæ цæстытæ ныссагътой. Гуырысхойаг сæм чи фæкæсы, уый вагонæй рахизын кæнынц. Дымгæ цæгатырдæм скъæфы мигъты. Фескъуыдысты, æмæ арвы цъæх разынди. Хуры цæст ракаст, æмæ дард кæмдæр фæбæрæг сты æддæгуæлæ амад хæхтæ.
430 Мæнæй амондджындæр ма кæм ис! Мæнæ сты, мæнæ сты райгуырæн хæхтæ! Тасæфтауæг Уæрæсе фæсте аззади Мысинæгтæ зилахар самадтой Цымæ куыд сты мæ мад, хотæ, æмгæрттæ, сыхæгтæ? Æнхъæлмæ мæм кастаиккой? Куыннæ кастаиккой! Куыд ныццин кæндзысты, сæрæгасæй мæ куы феной, уæд!.
431 Мад! Цас æмæ цас цæстысыг ныккалдтаид мæ зæронд мад Кæм фесæфт, куыд у йæ хъæбул? Хабар дзы нæй æмæ нæй Æгас уа? Æви фæмард? Иунæг цытджын Хуыцау йеддæмæ йын чи цы зоны Хотæ та? Афонмæ чындздзон чызджытæ сты Чи зоны, моймæ дæр фæцыдаиккой Валя та?.
432 Госпитæлы куы хуыссыдтæн, уæд дзы фæстаг хатт цы фыстæг райстон, уый ныхæстæ мæ зæрдæйы арф æвæрд сты: «Сæрыстыр дæн дæхицæй дæр æмæ де сгуыхт хъуыддæгтæй дæр. Хуыцауæй курæг дæн, цæмæй дæ уæззау цæфтæ рæвдздæр байгас уой æмæ дзæбæх-æнæнизæй сæмбæлай хæдзарыл.
433 Æз дыл баууæндыдтæн фыццаг бакастæй, дæуæй дарддæр мæ ничи хъæуы а дунейыл. Æрмæст мын иу сагъæс æхсыны мæ зæрдæ: ды пысылмон дæ, æз та — чырыстон. Ууыл никуы ахъуыды кодтай? Æз Хуыцауыл æууæндаг дæн Папа куыд зæгъы, афтæмæй пысылмонмæ фидæны царды æнхъæлмæ кæсы зындоны удхар»...
434 Цыма мæ фидæны царды мæт тынг ис! Пысылмон, чырыстон Мидбылты бахудтæн Цæй, куы фембæлæм, уæд аныхас кæндзыстæм уыдæттыл Цас æмæ цас зæгъинæгтæ мæм бамбырд! Хæхтæ кæнынц æввахсæй-æввахсдæр Цæст кæйонг æххæссы, уым дард кæмдæр баиу сты арвимæ, кæлæнгæнæг æрдз сæ сфæлыста алыхуызон ахорæнтæй.
435 Арвы цъæх цатыр æнцайы урс-урсид къæдзæхтыл. Поезд фæзылди хуссар-скæсæнырдæм æмæ разындысты æндæр нывтæ. Адæймагмæ афтæ кæсы, цыма æврæгътæ æзфæраздæронæй тындзынц арвы кæронмæ, нæртон уæйгуытæ митпæлæзы бын кæм бафынæй сты, уырдæм... Уазалæй адæймаг бандзыг вæййы.
436 Бæргæ, æз дæр куы нындæгъд уаин, æмæ, фæстаг рæстæг цытæ бавзæрстон, уыдæттæ мæм куы нал хъариккой. Сагъæстæ æмæ удхæрдтæ. Тæхуды, æмæ уыцы митæмбæрзт фæскъуымтæм фæцу æмæ уым уæд та фервæз дæ хъизæмарæй... Æрæнкъард дæн..... Мæ мæстытæ зæрдыл æрлæууыдысты.
437 Цас æмæ цас æфхæрдтытæ бавзæрстон, æвæдза. Цæй тыххæй? Уæрæсейыл иузæрдион кæй уыдтæн, хæсты быдыры мæ туг кæй ныккалдтон, мæ буар нæмгуытæй кæй ныссыхырна, уый тыххæй Мæ маст æхсиды Кæмæ? Алкæмæ дæр, йæхицæй дæ чи асхуыста, æгады бынаты дæ чи сæвæрдта, уыцы бæстæмæ...
438 Поезд æрлæууыд. Вагонмæ æнæхъæн рæгъауæй æрбалæгæрстой. Дæхиуыл фæхæцын бафæраз, мæнæй уый. — Кадет, афицер уæ кæцы куыдзæйгуырд у, уый йыл фæлтау йæхæдæг басæттæд, науæд ын хатыр нæ уыдзæни. Уый фæстæ хъаст ма ракæнæд — аххосджын йæхæдæг разындзæн...
439 Ахæм-ма дзы хæмхудтæ уа! Ау, ацы æнæджелбетт адæм намысджын уырыссаг æфсады салдæттæ сты?! Осипов Архиптæ! Топпыхъæдæй схуыстытæ кæнынц Сæхицæй æлгъитынц Хъæртæ кæнынц Фæлæ сын сæ хъæртæ ничи ницæмæ дары — Цæй кадетты кой кæныс, æфсымæр?.
440 — къæйных дзуапп дæтты гæлдæрджын сæудæджер, йæ уæлæ скъуыдтæ уæлгуыр. Йæ фæтæн боцъо армытъæпæнæй æрсæрфта: — Ам иууылдæр нæхионтæ сты, зæхкусæг адæм. Фæлтау фыццаг къласы вагæтты басгар, чи зоны дзы искуы бандоны бын æмбæхстæй разына кадет.
441 — Хирвæссонæй худы æмæ та дæрзæг æнгуылдзтæй рæвдаугæ æрдаудта йæ боцъо. — Ды та дæ бырынкъыл хæц, æввонгхор, науæд дын дæ бæрзæйæн иу ныуудайдзынæн. Ничи йæм кæсы, цы хытъын рауагъта! Гæлдæрджын хорзау нал фæци Къуыммæ азылд æмæ егъаугомау чырынтæ къухмæрзæнæй йæ боцъо сæрфыныл фæцис.
442 Йæхицæн дзурæгау мынæг хъæлæсæй дзуры: «Тобæ, Хуыцау, тобæ. Уый куыд у, уый? Искуыдæр-ма афтæ уыди?» Ацæргæ боцъоджын лæджы цæссыгтæ æркалдысты Æз хинымæр бахудтæн Афтæ мæм кæсы, цыма Уæрæсейы революци æнæхъæнæй дæр ацы фыдцъылыз салдат у: бафæндыд æй, æмæ — чъыртт — æппæт уæрæсейаг уæздан боцъотыл...
443 Чъыртт.. Салдæттæ дарддæр алæгæрстой. Аирвæзтæн та. Поезд фенкъуысыди, хуссар-скæсæнмæ йæ ных сарæзта. Гæлдæрджын йæхиуыл дзуар æфтауы. Хиды гуыр-гуыр ссыди цæлхыты бын. Рудзынгæй ракастæн. Калмыздыхтæй дæрдты зилы цæугæдон. Ау, Терк уа?!.
444 Æмæ цæй уæзбынæй кæлы йæ уазал дон? Кæдæй-уæдæй дæ ногæй федтон, мæхи Терк! Цы дæн, уымæй хъустæ фестадтæн: йæ абухын нæ хъуысы? Нæй, нæ хъуысы Æрмæст поезды цæлхыты бын хиды гуыр-гуыр цæуы Терчы уылæнты уынæры хуызæн аив музыкæ цымæ дун-дунейы искуы разындзæн?.
445 Æррайау ралæбурыс Тырсыгомæй, абухыс Дайраны нарæджы, егъау дуртæ фæлдахгæ рахæссыс хæхбæстæй дæлвæзмæ æмæ сæ дæ донвæды цæндтæй ныууадзыс. Зынæрвæссон сылгоймаг йæ дарæс бон цалдæр хатты куыд ива, афтæ ды дæр иудадзыг ивыс дæ донвæдтæ. Хохы дæр æмæ быдыры дæр æнæ бауарзгæ нæй Теркæн.
446 Ам, дæлвæзы, Терчы былгæрæттыл кæрæй-кæронмæ зайы пыхсæнгæс дæлæмæдзыд хъæд. Цал æмæ цал хатты цыдтæн ам дыууæхстонимæ цуаны. Тулдз, кæрз, сусхъæд, æхсæр, какон, хъæддаг кæрдо, хæрис æмæ фæрв афтæ бæзджын задысты, æмæ се ’хсæн зынтæй хылдис адæймаг.
447 Хъæдгæрæттæ иууылдæр уыдысты дзедыр æмæ хуымæллæджы бын. Цыдтæн-иу тыхамæлттæй, мæ размæ пыхсытæ хъамайæ цæгъдгæ. Ноджы зындæр цуангæнгæ та уыди, Терк быдыры парахат кæм анхъæвзта, йæ былтæ хъамылæй æмæ пыхсæй æмырæхгæд кæм сты, уым. Мæргъты цъыбар-цъыбур æмæ хъæлæбайæ хъустæ бамыр вæййынц.
448 Кæд кавказаг хуыргарк скуынæг, уæддæр ма йыл арæх ис бамбæлæн. Сагтæ цæуынц рæгъаугай, ссæдзгæйттæй-дæс æмæ ссæдзгæйттæй. Хъамылы æрхæдзарон сты хъæддаг хуытæ. Маргъдзуан кæнынц хъæддаг гæдытæ. Ис дзы хъæддаг куыйтæ дæр... Фыдыбæстæ! Терк!.
449 Мæ хъуыдытæ мæ кæд цыфæнды дард ахастой æмæ кæд цыппар азы нæ хæдзары нæ уыдтæн, уæддæр бæхы аразын комкоммæ нæхимæ фæндагыл. Фæндаг цæуы Бæгæныджыныл. Куыддæр хъæугæронмæ бахæстæг стæм, афтæ Асæге йæ бæхы фæурæдта. — Цы хабар у? — афарстон æз.
450 Асæге иуцасдæр ницы дзуры, йæ даргъ рихи здухы, стæй æрæджиау загъта: — Ацы фæндаг нæ фыдæлтæ кæд сарæзтой, уый уæвгæ дæр ничиуал зоны. Иууылдæр ыл сахуыр стæм, ды дæр æй хорз дæ зæрдыл бадардтай. Мæнæ ардыгæй суанг кæронмæ йæ рагон фæдыл цæуы.
451 Асæге цыма йæ кæсгон саулохагыл авдæнæй фæстæмæ бады, уыйау фидауы саргъыл; йæ рахиз къух синысæрмæ сарæзта, кæстæр æнгуылдзыл æрзæбул ехс. Æрфгуытæм ныллæг конд худы бынæй дард кæдæмдæр кæсы. Йæ бæхы æрцавта æмæ нæ разæй фæци. Рагон фæндагæй фæрсырдæм атындзыдта.
452 Йæ фæдыл араст дæн, зонгæ фæндаг фæсте кæм аззади, уыцырдæм фæкæс-фæкæсгæнгæ. Ногæй та æрæнкъард дæн æмæ хинымæр тыхсын. — Хъус-ма, Асæге. Куыд æмбарын, афтæмæй рагæй фæстæмæ фыдæлты æгъдауыл фидарæй хæст иу Ирыстон нал ис, фæлæ фæзынди пысылмон æмæ чырыстон Ирыстæттæ?.
453 — фæрсын Асæгейы. — О, — цыбыр дзуапп мын радта сæргуыбырæй. Стæй загъта: — Бæндæн иу тагæй не ’ххæссыд æмæ, дам, æй дыдагъ кодтой... Ехсæй бæхы фарс ныдздзæхст ласта. Саулохаг ныххуыррытт кодта, æмæ йæ хъустæ базмæлыдысты. — Уæдæ ды кæцытæй дæ ныр: чырыстон ирæттæй æви пысылмон ирæттæй?.
454 — фæрсын та йæ ногæй. — Æз хуымæтæджы ирон мæгуыр лæг дæн, мæ дин у фыдæлты фæдзæхст сыгъдæг æгъдау, мæ хуыцау та — мæ сыгъдæг цæсгом. Диссаг мæм фæкаст, æмæ мæ зæрдæмæ тынг фæцыди хуымæтæг хохаджы дзуапп: мæхи хъуыды дæр ахæм у. Райгондæй кæсын Асæгейы дыууæ цъæх цæстмæ.
455 Куыд кæнон, уый дæр нæ зонын. Нæ дуармæ æрхæццæ стæм. Ме ’мбæлттæн мидæмæ табуафси загътон. Нæ бакуымдтой. Алчи сæ йæ хæдзармæ тагъд кæны. — Хуыцауы куы бафæнда, уæд та рæхджы нæ зæронд фæндагыл цæуын райдайдзыстæм, фæрсырдæм зилын нæ нал хъæудзæн, — адзырдтон сæ фæдыл.
456 — Дунесфæлдисæджы бафæндæд! — Хуыцау зæгъæд! — Дæ ныхас Дунедарæгмæ куы фехъуысид, æмæ ахæм бон æцæгдæр куы ралæууид! Тигъæй цалынмæ фæаууон сты, уæдмæ сæ фæдыл кæсгæ баззадтæн Дзыларбос бæхбæттæныл — хус бæласы къалиуыл — баппæрстон æмæ бæхы бæрзæй рæвдаугæ æрхостон.
457 Ахъаззаджы бæх. Бæхбæттæны акомкоммæ кауы рæбын — цалдæр егъау дойнаг дуры. Цалынмæ мæ хызын саргъæй æфтауын, уæдмæ мæ цæстытыл æнахуыр бæлвырдæй ауадысты рагон нывтæ. Цал æмæ цал азы сты ам уыцы дуртæ! Куыд хъуамæ ферох уой мæ сабибонтæ! Мæ зæронд фыд уарзта ацы дуртыл бадгæ йæхи хурмæ тавын.
458 Мæ фыд хохæгтæм стыр лæгыл нымад уыди йæ заманы — милицæйы прапыр... Афтæмæй æгæрмæгуыр кæсын æмæ фыссын дæр нæ зыдта, æрмæст йæ къух æвæрыныл сахуыр куыддæрты. Уæлдай арæхдæр мысыдысты Донайы хæст; искуы-иуæй фæстæмæ дзуæрттимæ æмæ майдантимæ сыздæхтысты уырдыгæй.
459 Ацы дурты уæлæ бадгæйæ бавзæрстон мæ царды фыццаг удхайраг фæлварæн. Нæ сыхæгты зæронд лæг мæ йæ уæрджыты æхсæн балхъывта, хъамайы бын даргæ дæргъæццон цыргъ хæрынкъа систа æмæ мын мæ сæр хусæй дасыныл схæцыд. Чысыл æй уæд та куы бахуылыдз кодтаид.
460 Хъыллист самадтон, мæ цæссыгтæ гæр-гæрæй калдысты, мæ гæндзæхтæ цагътон, фæлæ мæ зæронд йæ уæрджытæй афтæ нылхъывта, æмæ мæ фезмæлæны бон нæ уыд. — Ма тæрс, ма тæрс... Æцæг ирон лæппу хъуамæ дастсæрæй цæуа, — зæрдæтæ дæр мын æвæрдта. Æппынфæстаг мæ хъизæмарæн кæрон æрцыд.
461 Зæронд мын йæ дæрзæг армæй мæ сæр æрсæрфта, дыууæ æнгуылдзæй мын мæ къæбут ныцъцъыкк ласта, æмæ йæ уæрджытæ феуæгъд сты. Нæмыгау расхъиудтон йæ хъæбысæй. — Тæхгæ, æнæнтыст! — радзырдта мæ фæдыл Ацы дурты æхсæн райдыдтой мæ сабибонтæ, ам арвыстон ме ’взонджы бонтæ.
462 Цал æмæ цал барæджы æрфистæг ацы бæхбæттæны цур! Нæ дуармæ-иу барæг куыддæр æрлæууыд, афтæ-иу æз дæр уынгмæ ратахтæн Бауадтæн-иу, дзылармæ-иу фæлæбурдтон æмæ-иу бæхмæ рахизырдыгæй бацыдтæн Дзыларыл хъуамæ рахиз къухæй хæцай, æгъдæнцойыл та — галиуæй, амыдта мын мæ фыд.
463 Барæг куы æрцæйхиза, уæд саргъ фæрсырдæм куыннæ фæбыра, афтæ-иу ыл æрцауындзæг дæн. — Хуыцау дæ афицер рауайын кæнæд, — арæхдæр-иу ахæм уыди уазæджы арфæ. Бæхы алыварс мæ рауай-бауайæ уазæг бамбæрстаид: йæхицæй тынгдæр йæ бæхыл у мæ цин. — Абад ыл, абад!.
464 Æз дæр æнхъæлмæ кастæн. Бæхы рагъыл февзæрдаин, растдæрæй та йæм схылдаин. Мæ къæхтæ æгъдæнцæйттæм не ’ххæссынц æмæ сæ æхтæнгты бын атъыссын. — Кæс-ма уыцы æнæнтыстмæ, бæхыл та куы февзæрди! — сдзурдзæни мæ фыд Йæ мæт цыма бæхыл у, уыйау мæ фæстæ хъæр кæны: — Сабыргай тæр!.
465 Уазæджы бæх тæригъæд у — дард фæндагыл фæцыди... Æмæ æцæгдæр сабыргай араст дæн хæдзары цурæй: искуыдæр-ма фыды коммæ æнæ бакæсгæ вæййы. Фæлæ куыддæр тигъы фале фæдæн, афтæ бæхы фæрстæ зæвæттæй хойын байдыдтон, хъæугæрон та йæ йæ тых-йæ бонæй аскъæрдтон.
466 Дугъы уайынæй стырдæр амонд уæвгæ та цы хъуамæ уа? Быдыр мæ алыварс зилы Бæлæстыл цæст нæ хæцы, уайтагъд фæсте аззайынц Риуыдзаг улæфын æмæ фырцинæй хъыллист кæнын Мæ размæ чи фæвæййы, уыдон мидбылты бахудынц — Аскъæр, аскъæр, фенæм дæ, цымæ дæ цавæр барæг рауайдзæни.
467 Дæ фыд хорз барæг уыди, ма йæ фæхудинаг кæн. Ехсæй æрцæв! — хъæр кæнынц мæ фæдыл Фæлæ ехсæн къæрццы бæсты йæ тъупп ссæуы бæхы гуыбыныл Ехх, æцæг барæджы къæрцц иунæг хатт уæд та куы ныккæнид Мысинæгтæ мæ рагбонтæм фæхастой, афтæмæй сындæг къахдзæфтæй бацыдтæн кулдуары цурмæ.
468 Зыхъхъырæй мидæмæ бакастæн. Змæлæг дзы нæ зыны, иу уынæр дзы нæ хъуысы. Уæртæ сарайы рæбын нæ иузæрдион куыдз Домбай. Йæ сæр раззаг дзæмбытыл æвæрдæй хуыссы. Бахостон. Домбай фæгæпп ласта æмæ кулдуарыл йæхи ныццавта. Рæйы. Базæронд, мæгуырæг, ныффæсус.
469 Хæдзарæй ничи зыны, рудзгуытæ æмыр æхгæд, дуæрттыл — гуыдыртæ. Мæ зæрдæ æрбауазал — марды фесты, æви? Тынгдæр бахостон Домбай лæбуры, хæмхудтæ кулдуары фæйнæджыты бын фæцæвы, фырмæстæй йæ ниуын ссæуы Дуары хойынмæ æмæ куыдзы знæт рæйдмæ рахызти нæ сыхаг зæронд хъомгæс.
470 Æрбацыд мæм, йæ хъæбысы мæ ныккодта. — Табу Дунедарæгæн, æгайтма дæ сæрæгасæй фыдыуæзæгыл сæмбæлын кодта. Фæлæ нæм хорзæй ницы сæййæфтай, — йæ цæссыгтæ æркалдысты. — Ирон адæмæн сæ зонд фæцыди. Пысылмæттæ æмæ чырыстæттыл фæдих сты, æмæ æфсымæр æфсымæрæн знаг фестади...
471 Кæсыс, дæ хæдзар сындзæрхæй лæууы, иннæ хæдзæрттæ дæр афтæ сты. Зæронд хуыфы — хъыххы... хъыххы... Иуварс азылд, ату кодта æмæ цухъхъайы скъуыдтæ дысалгъæй йæ дзых æмæ боцъо æрсæрфта. — Хъыххы... Хъыххы... Бæгæныджын æмæ иннæ чырыстон хъæутæ нæм кæд æрбалæбурдзысты, уый бæрæг нæу.
472 Сылгоймæгты, сывæллæтты, рынчынты — гарз райсынхъом чи нæу, уыдоны хохмæ арвыстам. Хъыххы... хъыххы... Уым æдасдæр у. Æрмæст хæстхъом лæгтæ баззадысты ам. Хъыххы... Ныртæккæ мæзджыты кæрты сты, сходы... Зæронды хуыфæг йæ быны скодта, йæ хурсыгъд æнцъылдтæ уадултыл згъорынц цæссыгтæ.
473 Бæхы зæрондæн бафæдзæхстон, мæхæдæг хабар базонынмæ атындзыдтон мæзджытырдæм. Куыд æмбарын, афтæмæй ирон пысылмæтты æмæ чырыстæтты æхсæн бæгуы тох нæ бацайдагъ. Суанг ма бинонты хохмæ æрвитын дæр бахъуыди. Цæмæн афтæ æнæуынон фæцадаиккой кæрæдзийæн?.
474 Иу адæмы хъæбултæ кæрæдзийыл чи сардыдтаид? Татианыхъæу зæрдыл æрбалæууыд, æмæ мæ масты дзæкъул адæнгæл Уæлдзарм худ дæлиау æрсагътон æмæ фæтæн санчъехтæй араст дæн Чидæр мын мæ дысыл æрхæцыд æмæ гуым-гуым кæны Чи у, уый нæма базыдтон, афтæмæй ме ’рвад, гоби Умары хъæбысы февзæрдтæн.
475 Йæ цин дзыхæй зæгъын йæ бон нæу, фæлæ йæ цæсгомыл бæлвырдæй зыны: дæндæгтæ базыхъхъыр сты, æрфгуытæ уæлиау систа. Йæ зæгъинæгтæ кæмдæр риуыгуыдыры сагъдæй лæууынц, хæрдмæ сæ нæ фæразы æмæ йæ гуым-гуымæй не ’нцайы. Цымæ цы зæгъинаг у? Æмæ уæд Умар дæр ныхъхъус.
476 Размæ лæгæрдæм, алчи йæхи сагъæстимæ. Умар иуцасдæр фæцыд æнæуынæрæй, стæй мын æвиппайды мæ цонгмæ фæлæбурдта. Фестъæлфыдтæн. Гуымгуымгæнæг иу къухæй хæцы мæ цонгыл, иннæмæй хæрдмæ амоны. Йæ цæстытæ æрттивынц. Тымбылкъухæй кæмæдæр æртхъирæн кæны.
477 Йæ цæсгом у мæстджын, хæрдмæ кæсы. Куыд æй æмбарын, афтæмæй зæгъы: ды мын æвдисæн фæлæуу — æппындæр райгонд нæ дæн зæххы æмæ уæларвы хицауæй. Мæзджыты фæз адæмæй нæ зыны. Хъæубæстæ иууылдæр, æвæццæгæн, ардæм æрæмбырд сты. Æмбарын æй: цинты æмæ арфæты бынат нæу ам.
478 Хистæрты къордæй чысыл æддæдæр хицæнæй лæууынц фæсивæд. Мæхи сæм байстон. Ныллæггомау обаугондыл лæууы хъæуы хистæртæй иу — бæрзонд, гуырвидауц Темболат. Йæ нарæг астæу æвзист ронæй æнгом æлвæст. Фæтæн риуыгуыдырыл иу кæронæй иннæмæ — урс бæрцытæ.
479 Йæ сæрыл — фæныкхуыз бухархуд, худы бынæй зыны бæрзонд тæрных. Дымгæ йын фæйлауы йæ сауæмхæццæ даргъ урс боцъо, йæ фæтæн тыхджын уæхсчы сæрты йæ аппары. Йæ бæзджын æрфгуытæ тæмæнкалгæ цæстыты сæрмæ сты тарæлхынцъ. Зæронд йæ ныхас куыддæр райдыдта, афтæ бахæццæ дæн æз дæр.
480 — Урссæр буц хистæртæ, сымахæй хатыр курæг дæн, уæ разы мæм мæ дзых схæлиу кæныны ныфс кæй разынди, уый тыххæй. Æмæ абон нæ сахъ фæсивæд ацы кувæн бынатмæ хонæг куы æрзылдысты хъæууынгты, уæд мæ сæрыл бæрзонд схæцыдтæн. Уыйбæрц хъарутæ æмæ ныфс мæм сæвзæрди, æмæ йын зæгъæн дæр нæй.
481 Æнхъæлдтон, ныронг мæ мæхи зæххыл мæ райгуырæн бæстæ ссарын чи нæ уагъта, уыцы джауыры мын ам бацамондзысты. Æнхъæлдтон, уыцы джауыримæ тугкалæн хæсты мæ утæхсæнæн кæрон æрцæудзæн æмæ мæ зæронды бонтæ рæсугъдæй арвитдзынæн. Фæлæ куыд кæсын, афтæмæй мæхи кæдæм ифтонг кодтон, уырдæм не ’рбафтыдтæн.
482 Цы фыдгулимæ схæцинаг уыдтæн, уый нæ уынын ам. Иуцасдæр æдзæмæй алæууыд æмæ дарддæр дзуры: — Ирон лæджы фыдгулы ирон адæмы æхсæн нæ, фæлæ æндæр ран агуырдтон. Æмæ ныр цы раргом? Куыд бамбæрстон, афтæмæй ирон лæджы фыдгул ирон лæг у Æз та ахæм хъуыдыимæ никуы сразы уыдзынæн.
483 Мæнæ ацы марæнгарз, — æхсаргард æмбисмæ никуы сласта кæрддзæмæй æмæ йæ фæстæмæ нысхуыста, — знæгтæн-джауыртæн хатыр нæ зыдта, фæлæ æфсымæры туг никуы ныккалдзæн... Адæм ныссабыр сты. Хъуысы æрмæст дымгæйы æхситт гæдыбæлæсты быгъдæг къалиуты æхсæн, стæй дæрддзæф кæмдæр уасынц халæттæ.
484 Зæронд цы уыди, уымæй ноджы бæрзонддæр цыма сырæзыд обаугондыл, афтæ мæм кæсы. Йæ цæстæнгас сындæггай хæссы адæмыл. — Иугæр фыдæлтыккон фæринкæн знаджы сæрау кæд ироны сæр къуыринаг у, уæд ын, æвæццæгæн, æндæр тæрхон рахаста Хуыцау, — йæ ныхас кæронмæ ахæццæ кодта Темболат.
485 Æхсаргард йæхимæ дæр æмæ сæ хæдзарвæндагмæ дæр мыггаджы тæккæ стырдæр хæзнайыл нымад уыди. Темболат ын дыууæ къухæй йæ фистоныл æмæ кæроныл æрхæцыд, йæ былтæм æй схаста, узæлгæ йын аба кодта, стæй æхсаргарды тæккæ астæу йæ уæрагыл æрцавта.
486 Ниуæгау ныккодта фæринк æмæ дыууæ дихæй зæхмæ æрхауд. Сæдæгай адæймæгтæ æмуынæргъд ныккодтой: — Æллæх-æллæх! Æмæ та сыбыртт никæцæйуал хъуысы Адæм зæрдæдзæф фесты зæронд Темболаты ныхæстæй æмæ фæринчы састæй Ничи ницы дзуры Уалынмæ зæрæдтæ банкъуысыдысты.
487 Чидæр ын йæ цонгыл хæцы, афтæмæй обаугондмæ лæдзæгæнцæйтты фæцæуы хъæубæсты хистæр Хъуыдæберд; азты уæзæй ныггуыбыр, йæ къах тыххæйтты исы. Йæ синджын кæрц зæххыл хафгæ цæуы. Алы къахдзæфæн дæр йæ тæнæггомау боцъо базмæлы, цæстыты дон лæдæрсы, уынгæ дæр, æвæццæгæн, дзæбæх нал кæны.
488 Хъæрзгæ æмæ тыхулæфт кæны Хъуыдæберд. Кæйдæрты æххуысæй тыхамæлттæй схызт обаугондмæ æмæ дзойдзойгæнгæ æрлæууыд. Йæ лæдзæг зæххы æрсагъта æмæ йыл йæ риуæй æрæнцой. Бынтон базæронд Хъуыдæберд, фæлæ йæ хъæлæс зæлланггæнагæй баззади. Мæнæн мæхи риуы мидæг зынгау судзынц Темболаты ныхæстæ.
489 Лæдзæгæнцой лæууы Хъуыдæберд, йæ боцъо асæрф-асæрф кæны, дарддæр цы зæгъа, уый цыма нал зоны, уыйау. Бынтон базæронд Хъуыдæберд, фæлæ ма йæ зонд æххæстæй дæр йæхимæ ис нырма. — Бирæ ныхæстæ дзы цæмæ хъæуы?! — дзуры дарддæр Хъуыдæберд уæлиау систа йæ лæдзæг æмæ дзы æвзиды.
490 — Ард хæрæм! Ард хæрæм! — иу адæймагау хъæр кæнынц фæзы адæм иууылдæр — Ард хæрæм! Ард хæрæм! — хъæр кæнын æз дæр, кæмæдæр тымбылкъухæй æвзидгæйæ Райгонд дæн мæхицæй — æгайтма æмвæнд разындтæн мæ адæмимæ Уымæй стырдæр амонд ма цы вæййы! Йæ хæдзармæ йæ къах никæй хæссы.
491 Цинæйдзаг, райдзаст цæсгæмттæ. Хуры фæстаг тынтæ хъазынц мæзджыты сызгъæрин доны тылд ног мæйыл. Арвы æмбис сырххъулон дары. Уæлиау кæмдæр цæст зынтæй æвзары сау стъæлфытæ — тæхгæмæргътæ тагъд кæнынц цæгатырдæм. Фæсивæд мыл æрæмбырд сты. Æгасцуай мын зæгъынц, хъæбыстæ кæнынц.
492 Хъазæн ныхас... Ахæм балхонимæ, дам, никæмæйуал тæрсæм. Кой дардмæ хъуысы — райгуырæн хъæуы дæр мæ хъæбатырыл банымадтой... Хъæугæсты хицау йæ бартæ дæтты мæнмæ, фæлæ йын нæ бакуымдтон, сразы дæн хъæуæн æрмæст йæ хуссайраг хай хъахъхъæныныл.
493 Фæсивæды къордимæ ацыдтæн, нæ бынат кæм ис, уырдæм — уæлмæрдты фарсмæ. Хур аныгуылд. Талынгæй-тылынгдæр кæны, фæлæ цæст нырма æвзары уæлмæрдты цыртытæ — хохаг хуымæтæджы лæгъзгонд къæйдуртæ. Алыхуызон фыстытæ æмæ нывтæй аивгонд, рæнхъæй лæууынц тохвæллад хæстонтау.
494 Цыртытæй бирæтæ афæлдæхтысты кæнæ æрфæлдæхынæввонгæй фæрсырдæм фефсæрстой. Цыртытыл нывгонд сты кæм бæрцытæ, хъаматæ, кæм та хæсгæрдтæ, судзинтæ, сылгоймаджы риуыгънæджытæ — ингæны нæлгоймагæй, сылгоймагæй чи ныгæд у, уымæ гæсгæ. Тарф фынæй куыд адæн, уый уæвгæ дæр нæ бамбæрстон.
495 Цас фæфынæй кодтаин, нæ зонын, фæлæ иуафон кæйдæр сагъæсхуыз ныхас ауад мæ хъустыл. — Райхъал æй кæнут, хъазахъхъ æмæ æрыдойнæгтæ æрбабырсынц! Фæгæпп ластон: — Цы хабар у? — Уартæ уыныс? Стæй хъусыс? — ехсыхъæдæй мын цæгатырдæм амоны хъæугæсты хистæр.
496 Кæдæм амоны, уым бонивайæнты фæлмы цæст иртасын райдыдта Даргъбыдыры хæдзæрттæ. Хур нæма сзынди, фæлæ йæ фыццаг тынтæ фæбæрæг сты арвгæроны. Зæхх æртæхæй бауымæл, мигъы тæнæг фæлм ыл æрбадти. Дымгæ йæ тæры цæгатæй хуссарырдæм, хæхтырдæм. Фæлæ уыцы гыбар-гыбур та цы амона?.
497 — Кæд сармадзантæ сты, — зæгъы фæсивæдæй чидæр. — Сармадзантæ?! — нæ йыл æууæнды иннæ — Æмæ сæ гыбар-гыбур афтæ тынг цæмæн цæуы? — Сæ сæмæнтæ балвасинаг сты, æвæццæгæн Куыд мын радзырдтой, афтæмæй ирон адæммæ ис дыууæ сармадзаны Æмæ сæ кæдæм ласой?.
498 Кæм дзы ис сæ зæрды æхсын? Сармадзантæ ис мæхъхъæлмæ дæр Уæдæ хъазахъмæ та алы станицæйы дæр ис Хæст цы вæййы, уый у Суанг сармадзантимæ Мæлæты хæстмондаг систы адæм Ныххудынмæ мæ бирæ нал хъуыди Æнæ базонгæ йын нæй — цы хабар у, цавæр æфсад сты, стæй кæмæ ныхъхъавинаг сты сармадзантæй.
499 Уæ хотыхтæ цæттæйæ дарут, зæгъгæ, бафæдзæхстон лæппутæн, мæхæдæг цалдæримæ фæндаггæронмæ æрхызтæн. Фæндаг цæуы донбылты. Бæхджынтæм æцæгдæр ис иу сармадзан æмæ цалдæр уæрдоны, æрбаввахс нæм сты. Сæ фæндаг махырдæм нæ барынц, фæлæ скæсæнырдæм, Бæгæныджынмæ.
500 Сæ ныхас нæм хъуысын райдыдта, æмæ бамбæрстам, ир æмæ хъазахъхъ кæй сты æмхæццæйæ. Махæй рох нæу мæзджыты кæрты нæ ардбахæрд æмæ фæрсырдыгæй кæсæм бæхджынты къордмæ. Нæ рæзты сивгъуыдтой... Æвиппайды дард кæцæйдæр райхъуыст уадындзы хъæлæс.
501 Ныннæрыд иу гæрах, дыккаг, æртыккаг. Фæдис... Мæ адæм сæ бынæттæм азгъордтой. Зæххыл æрхуыссыдысты. Æз æнцад лæууын æмæ хъусын: кæцырдыгæй цæуынц гæрæхтæ, чи кæй æхсы? Куыддæр уадындз райхъуыст, æмæ гæрæхтæ сарæх сты, афтæ барджыты къорд фæхæлиу æмæ уæртæ быдыры фæтæхы.
502 Бæхтæрджыты бæхтыл ралæууыдысты. Уæрдæттæ æмæ сармадзан гыбар-гыбургæнгæ стырындз сты. Уадындзы уасын цы амоны, æмæ чи гæрæхтæ кæны, уый базонынмæ атындзыдтам доныбылмæ — уырдыгæй хъуысы уадындз. Фæндаггæрон иу къардиуы къутæры бын бады нæхи Гогос æмæ æфсæнвæндаджы кусæджы уадындзæй уасы æмæ уасы.
503 Мах куы ауыдта, уæд фырхудæгæй йæ тæнтыл ныххæцыд, йе ’нгуылдзæй быдырырдæм амоны, ома кæсут, хорз куы фæтарстысты, сæ сæр сæ кой ссис. — Хъазын дæм куыд цæуы, — бауайдзæф кодтам Гогосæн. Æрбабон. Ме ’хсæвы рад ахицæн. Хъæумæ æрбаздæхтæн. Уынгты æрзилын мæ фæнды.
504 Æвæдза, куыд тырныдтон фыдыуæзæгмæ! Схæццæ дæн æмæ дзы хорзæй цы сæййæфтон? Уæрæсейы æгъатыр æмæ карз уадтымыгъ ардæм дæр схæццæ Мæ хæстæгдæр къабæзтæ фæхæтæнхуаг сты Нæ кæрт сындзæрхæй лæууы, змæлæг дзы нæй Хæдзары дæгъæлтæ разындысты нæ хæстæджытæм.
505 Уатмæ куы бахызтæн, уæд ахæм заууатхуыз разынд, æмæ мæ зæрдæ бамæгуыр, уайтагъд феддæдуар дæн. Кæдæм фæцæуон? Адæм фылдæр кæм ис, сæ уынæр æмæ ныхас кæм хъуысы, иунæг кæм нæ уон æмæ мæ зæрдæйы тугтæ кæм нæ кæлой, уырдæм Къæнцыларырдæм араст дæн.
506 Хæстæг нæм у: дыууæ-æртæ тигъыл фæзил æмæ йæм бахæццæ уыдзынæ. Цæй æдзæллаг ныццис! Йæ сæрст æрызгъæлд, æмæ хъæдын къултæ разындысты Йæ дуары сæрмæ тасмачъийы гæбазыл фыст зынтæй равзæрстон: «Селско правлени» Тасмачъийы къæпсыртæ суæгъд сты æмæ дымгæмæ йæ дзæгъ-дзæгъ цæуы.
507 Рудзгуытыл æвгтæ нæй. Сæ бæсты бафидар кодтой хъæбæр гæххæттытæ: рыгæй, къæвдайæ æмæ дымгæйæ сбур сты. Уæлхæдзар кæддæр æмбæрзæндурæй æхгæд уыди, ныр гæмттæй зыны. Иуцасдæр фæхъуыстон, къæнцылары дуармæ бæрзонд гæдыбæлæсты быгъдæг къалиуты дымгæ куыд ниуы, уымæ.
508 Хъæугæрон незамантаг хъæбатыры ингæныл амад обаумæ ацыдтæн. Зыны дзы дзæвгар адæм. Хæстæгдæр сæм мæхи байстон æмæ обаумæ схызтæн. Адæм иууылдæр кæсынц скæсæнырдæм. кæдæм кæсынц, уым бæрзонд фæцыди сау фæздæг: судзынц Тепсыхъойы-хъæуы фæстаг хæдзæрттæ.
509 Ныгуылæнырдыгæй скæсæнырдæм хъæдæмбæрзт хохрæбынты цыдæр змæлд æрцахста мæ цæст, цыдæр сау стъæлфытæ дзы змæлынц. Æдзынæгдæр ныккастæн æмæ раиртæстон: адæм æмæ фосы змæлд у. Иу ран бæхрæгъау цæмæйдæр фæтарст æмæ фæрсырдæм алæгæрста. Бæхтыл ничи бады.
510 Иннæ ран та фысты дзуг батыгуыр æмæ æнцад лæууы. Сæ тæригъæддаг уасын сын цыма æрбахаста дымгæ, афтæ мæм фæкаст... Фæздæг бæзджынæй-бæзджындæрæй цæуы уæларвмæ. Хатгай дзы ферттивы зынг, аргъæуттаг тугдзыхы цæст ферттивæгау. Суанг ардæм дæр хæццæ кæны сыгъды хъæхъхъаг тæф...
511 Цы судза, цымæ? Хъæд, писи, хос, æвзалы? Æви арты чи судзы æмæ æнæныгæдæй чи баззад, уыцы адæмы æмæ фосы тæф уа? Кæй бон бауыдзæн арты дзæмбытæй исты ратонын? Цас æмæ цас хид ныккалы мæгуыр ирон лæг хæдзарæн исты самал кæныныл! Дзаг хордæттæ сойын цырагъау судзынц.
512 Фос кæвдæстæй нал раирвæзтысты æмæ удæгасæй арты амæддаг баисты. Уынгты æмæ кæртыты бацарыдысты хъазæй, гогызæй, бабызæй, каркæй... Арт пиллонæй куы сирвæзы хæрдмæ, уæд фæздæджы æмæ алайы æхсæн разынынц тухæнгæнæг адæм, фæлæ цы сæ бон у...
513 Адæм æмæ фос æмгуылфæй æрбаввахс сты нæ обаумæ. Лæг дзы нæ зыны. Сылгоймæгтæ æмæ сабитæ. Хинымæр ниугæ æмæ дзыназгæ кæдæм цæуынц, уый сæхæдæг дæр нæ зонынц. Иутæ дзы размæ цæуынц хъуынтъыз æмæ ныфсхуызæй, иннæтæ иуцасдæр рауайынц, фæстæрдæм азилынц, кæсынц, кæсынц, æмæ та ногæй араст вæййынц.
514 Кæдæм? Æвæццæгæн, се стыр бæллæхæй сæ зонд дæр рæстмæ нал у Цас æмæ цас удхар федтон хæсты быдыры, фæлæ мæ зæрдæ афтæ ныддур, æмæ мæм дзы ницы бахъардта Ныр та мæ буар нырризы æмæ ме ’нгуылдзтыл зыр-зыр бахæцы Лигъдæттæ нæ рæзты фæивгъуыйынц быдираг хъæутæм.
515 Бæхтыл бабадтыстæм æмæ цалдæр барæгæй бацыдыстæм сæ цурмæ. Фыдæлты æгъдаумæ гæсгæ сын мæ худ систон æмæ сын дзурын: — Уæ хорзæхæй, нæ рæзты ма аивгъуыйут. Нæ дуæрттæ уын парахат гом сты. Уæ тыхст æмæ уæ рыст уын хорз æмбарæм. Саккаг нæм кæнут, уæ хорзæхæй, уæ фæллад нæм суадзут...
516 Хъуынтъызæй, æнæуынон цæстæй нæм кæсынц æмæ æдзæмæй дарддæр дарынц сæ фæндаг. Цыма нын нæ уæздан ныхас хъусгæ дæр нæ фæкодтой, уыйау. Æмбарын æй: мæн дæр æмæ æгас хъæуы дæр нымайынц, сæ къонатыл сын арт чи сæндзæрста, уыдоны хуызæн знæгтыл.
517 Мах — пысылмон, уыдон — чырыстон. Æууæндгæ дæр ныл уымæ гæсгæ нæ кæнынц, сæ маст дæр нæм уымæ гæсгæ фыцы. Фæнды сæ хон, фæнды ма: æлгъаг сын стæм... Мæ худ мæ сæрыл дæлиау æркодтон æмæ сæм æнæдзургæйæ кæсын. Йе ’ртæ æфсымæры, йæ мад æмæ йæ мойаг фæмард сты.
518 Куыннæ хъуамæ фæцæуа афтæмæй йæ сæрызонд... Уæртæ бынтон зæронд лæг. Йæ къæхтæ йæ коммæ нæ кæсынц, тыххæйты сæ исы. Лæдзæгæнцæйтты хилы размæ. Йæ цæстытæ дард кæдæмдæр дзагъырæй уыциу ранмæ кæсы. Йæ урс хæмпæл зачъе къæмдзыгæй байдзаг. Хуыцаумæ кува, æви искæй æлгъита?.
519 Чи йын цы зоны... Уæртæ сывæллæттæ. Иу-дæсаздзыд чызг йæ къухыл хæцгæ фæкæны йæ гыццыл æфсымæры. Лæппу ныддæвдæг рыгæвдылд кæрдзыны къæбæрыл, судзаггаг цæссыгтæ калы. Чызг йе ’ккойы хæссы лæппуйæ къаддæр сабийы. Саби йæ хойы хъуырыл æрцауындзæг, къæхтæ æнæмæтæй тилы.
520 Чызг цæуы бæгъæмвадæй, къæхтæ — тугæрхæм. Къордæй æрбацæуынц сылгоймæгтæ. Кæлмæрзæн кæмæн йæ сæрыл, кæмæн йæ уæхсчытыл æппæрст, сæ кæрæттæ сын зæххыл ласынц. Сæ цæстытæ фыркуыдæй ныссырх сты, цæсгæмттæ — чъиллон... Цæссыгтæ, туг æмæ сыджыт...
521 Сылгоймæгты астæу кæугæ-ниугæ цæуы бæрзонд, тæнтъихæг ус: — Кæм стут, мæ хъæбултæ? Цы раны? Дæ-дæ-дæй! Дæ-дæ-дæй! Цы тары мын аныгъуылдыстут? Хъæубæсты фидауц куы уыдыстут, адæм сымахæй куы хастой сæ ныфс! Дæ-дæ-дæй! Дæ-дæ-дæй! Дæ-дæ-дæй!.
522 Дæ-дæ-дæй! Ныр уын уæ мард уыныны бæсты уæ фæлтау стонгæй уæ гæндзæхтæ цæгъдгæ куы уыдтаин дзидзидайæ Дæ-дæй, цы кæнон! Кæуынц иннæ сылгоймæгтæ дæр Фæлæ мах куы ауыдтой, уæд æвиппайды фæхъус сты Сæ зынысахат сæ кæй уынæм, уый дæр сæ нæ фæнды, æвæццæгæн.
523 Мæнæн дæр уыцы æбуалгъы нывтæм кæсын мæ бон нал у. Разылдыстæм æмæ ныхкъуырдæй æрбаздæхтыстæм обаумæ. Лигъдæттæй цы дзуапп райстам нæ еблуагъæйæн, уый адæмæн рафæзмыдтам. — Мах нæ хæс сæххæст кодтам! — сдзырдта чидæр Хинымæр мæстæлгъæдæй бахудтæн: уæдæ хуыздæр цы зæгъæм, æниу.
524 Лигъдæтты фæстæ æрбазындысты сæдæйы бæрц гæрзифтонг барджытæ. Нæ кæстæртæй дыууæ сæ размæ атындзыдтой, чи сты æмæ нæ зæххыл гæрзифтонгæй цæмæн æрлæууыдысты, уый базонынмæ. Се ’хсæн рауад мæнæ ахæм ныхас: — Чи стут сымах? — Лигъдæтты хъахъхъæнæг стæм.
525 — Мах зæххыл хъахъхъæнинаг не сты. — Зонæм æй. — Цы зонут? — Зонæм æй — Гъе, уæдæ уын æй мах зæгъæм: уæ фыдæбон дзæгъæлы у — Дзæгъæлы у æви нæу, уый нæ хистæртæ хуыздæр зонынц Уыдон нын радтой бардзырд æмæ йæ мах æххæст кæнæм — Гъемæ сын сæ бардзырд мах зæххæй фæстæмæ кæмдæриддæр æххæст кæнут.
526 Махæн дæр ис хистæртæ, стæй бардзырдтæ дæттынмæ дæр арæхсынц. Мах та сын сæ бардзырдтæ сæххæст кæнынмæ сарæхсдзыстæм. Барджытæ æрлæууыдысты, сæхи мидæг цыдæртæ аныхас кодтой æмæ фæстæмæ азылдысты. Нæ кæстæртæ обаумæ æрбаздæхтысты... Бон йæ тæмæны бацыд.
527 Хур уæлдæрæй-уæлдæр тулы, йемæ хæссы рагуалдзæджы цин. Ранæй-рæтты скастысты кæрдæджы фыццаг тихалджытæ — зæрдæрухсы хос. Фæлæ нæ алыварс быдыртæ нырма сауæй зынынц. Хуымтæ æнхъæлмæ кæсынц гутонмæ, адæймаджы хидвæллоймæ; уый куы нæ уа, уæд уæвæн нæй фыццагдæр цардыхосæн — хорæн.
528 Сатæг уалдзыгон уæлдæфæй мæ зæрдæйыцæлхъытæ цæуынц. Мæ мæстытæ æмæ мæ мæ тухæнтæ айрох сты. Туг куыд æхсиды тугдадзинты, уый дзæбæх æнкъарын. Æвæдза, цæрынæй хуыздæр ницы ис а дунейыл. Хуымгæнæджы хуымæтæг цардæй. Уæд цæуылнæ зонынц адæм цардæн аргъ кæнын?.
529 Сæрхъæнтæ! Хъæумæ æрбаздæхтæн Стонг мыл стыхджын Мæ бирæ хæстæджытæй иу хæдзармæ баздæхтæн мæ фысымтæ мын радзырдтой: Бæгæныджынæй æрбацыдысты минæвæрттæ, æмæ скъолайы кæрты сход йæ тæккæ тынгыл у Тагъд-тагъд цыдæртæ ахордтон æмæ уырдæм фæраст дæн.
530 Скъолайы къæсæрыл лæууы æнæзонгæ зæронд лæг æмæ дзуры: — Ирæттæ пысылмæттыл æмæ чырыстæттыл кæй фæдих сты, уымæй æдылыдæр хъуыддагæн уæвæн нæй. Бæгæныджыны хъæубæсты номæй уын Хуыцауæй ард хæрын, нæ хæстæгдæр сыхæгты æмæ æфсымæрты ныхмæ схæцыны худинаг нæ сæрмæ кæй никуы æрхæсдзыстæм!.
531 Мах хъæуы номæй йын дзуапп радта Хъуыдæберд: — Нæ буц хистæр æмæ Хуыцауæй лæвæрд хорз уазæг! Бæгæныджыны не ’фсымæртæн фехъусын кæн: нæ хъæубæстæ ард бахордтой, æфсымæримæ худинаггаг хæсты кæй никуы бацæудзысты Æндæр мæм зæгъинагæй ницы ис.
532 Хъуыдæберд лæдзæгæнцойæ иуварс ацыд. Ныллæг бандон ын æрæвæрдтой æмæ йыл йæхи æруагъта. Бæгæныджыны минæвæрттæ иттæг райгондæй баззадысты ахæм дзуаппæй, æмæ сæ нæ кæстæртæ афæндараст кодтой. Сход рахæлиу. Алырдыгæй хъуысы хъазæн ныхас æмæ худын...
533 Тæккæ уыцы бон алчи йæ бинонтæм арвыста хæхбæстæм. II — Мæ уды гага, мæ цæсты рухс, мæ къона, мæ гыццыл хур, рауай-ма, рауай, мæ хъæбысы дæ акæнон! — йæ къухтæ мæм ивазы нана Йæ фондзыссæдз азы йæхи фесты, уæддæр нырма сæрæнарæзт у Кæрты астæу лæууы уæрдоны фарсмæ.
534 Бæх нырма ныр суагътой, уый бæрæг у, йæ саргъ дæр ын нæма систой; æнцад йæхицæн кæрдæг хæры. уæрдоны цур бады Домбай дæр, фырцинæй зæхх хойы йæ пыхцыл къæдзилæй. Чысыл æддæдæр сахсæнæвæрдæй æртæ саргъыбæхы. Дуарæй разынди Æна дæр. Хоты мæ хъæбысмæ систон, афтæмæй йæ размæ бацыдтæн.
535 Мадмæ къæсæрыл æрхизыны хъару нал ис, фырцинæй йæ цæссыгтæ кæлынц. — Рауай, рауай ардæм, къухæй йын амоны нана. — Фæзынди дæ хъæбул. Кæсыс, цы хуызæн лæг дзы рауади, Лæгтыдзуары уазæг уа кæддæриддæр. Цæстæй йын хай ма уæд, цæстæй. Зæрдæрухс у, зæрдæрухс æдзухдæр, дæ мады æмæ дæ бинонты фæндиаг.
536 Æмæ та мын ногæй хъæбыстæ кæнын райдыдта, йæ дæрзæг армæй мын мæ уадултæ рæвдауы. — Марадз, дæ мадæн ахъæбыс кæн. Марадз... Æнамæ бацыдтæн. Мæ цонгыл мын ныххæцыд æмæ мæ уатмæ бакодта. Йæ цæсгом у райдзаст, йæ ныхас та — кæуынæмхиц: — Сæрæгас у мæ хъæбул, сæрæгас...
537 Æндæр мæ ницы хъæуы зæххыцъарыл. Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг цытджын Хуыцау, табу дæхицæн! Табу Ныр мæ каст ницæмæуал у Тæккæ абон мæ куы айсай, уæддæр цæттæ дæн Тæккæ абон Ацы цалдæр азмæ æваст æрбазæронд Æна Цæсгом бынтон нынцъылдтæ Былтæ мидæмæ бахаудысты, роцъо ныццыргъ.
538 Цæсгом баруади. Дыууæ лыстæг урс-урсид дзыккуйы къæдзилтæ зынынц сæрбæттæны бынæй. Базæронд, уæдæ цы, Æна. Æрмæст-ма йæ цъæхбын цæстытæ хаттæн кæддæрау ферттивынц. Уæлдайдæр та мæнæ ныр, уал азы фæстæ мæ куы федта, уæд. Йæ цины цæссыгтæ уромын нæ фæразы.
539 — Æгъгъæд, Æна, ныр та йæ махмæ рауадз, — мады хъæбысæй мæ ратыдтой мæ хотæ. Базонæн дæр сын нал ис. Цыппар азы размæ нæ хæдзары ныууагътон æнахъом сывæллæтты, ныр сæм кæсыс — чындздзонтæй агæпп ластой. Дыууæйæ дæр рæсугъд, гуырвидауц, дыууæйыл дæр æмхуызон фæлурсбын морæ къабатæ.
540 Хистæр, Фаризæт, саудзаст, саулагъз, ирдцъар, йæ былтæ сæнтсырх.Йæ фезмæлд, йæ уаг Æнайы хуызæн хиуылхæцгæ, уæздан. Кæстæр, Дзыгыда, Дзыги, бурдзалыг, сырхуадул, цъæхдзаст, тæлфаг, æнæнцой. Нана дæр æрбахызти уатмæ. Йæ сау къабайы уæлæ йæ астæуыл чырынтæ кæлмæрзæн баст, разæй йæ балхынцъ кодта.
541 Иннæ кæлмæрзæн — сæрыл баст, тæрныхы фæйнæ фарс зынынц урс дадалитæ. Фæлмæн бæзджын гауызæй æмбæрзт тъахтиныл æрбадти. Ацы гауыз стыр хæзнайыл нымад у Æнамæ. Мæ къух мын йæ армы бакодта нана. Чызджытæ нæ цуры æрбадтысты ныллæг бандæттыл. Ничи ницы дзуры.
542 Кæртæй æрбайхъуыст кæйдæрты ныхас, стæй уат уайтагъд байдзаг фæсивæдæй, сæ хотыхты гыбар-гыбур цæуы. Иууылдæр сты мæ къабæзтæ. Цар сæ сæрыл систой худынæй. Цæуыл худынц, уый бæрæг нæу — фæсивæдæн сæ кæнон ахæм у, сæ хъару цы фæкæной, уый нæ зонынц.
543 Сæ хъæбысы мæ нылхъивынц радыгай. Мæхицæй адджындæр ничиуал ис. Хæрзæрæджы дæр ма мæм афтæ касти, цыма æгас дунейы дæр никæй хъæуын. Æвзæрæй æппындæр кæмæн ницы ракодтон, уыцы адæм, хъамылы хуыйыл цуангæнæгау, зылдысты мæ фæдыл. Стыр æхсызгонæй мæ амардтаиккой.
544 Цæй тыххæй? Цы азым мæм разынд? Цавæр аххос мæм ссардтой? Афицер кæй дæн, æрмæст уыцы аххос Æвзонг ма куы уыдтæн, уæд мæ цæрæнбоны тыххæй цал æмæ цал ирон хистæры ракуывта — Хуыцауæй мын куырдтой афицеры пъагæттæ хæссыны амонд Цал æмæ мыл цал хатты баталынг хур, цал хатты мын фенæуынон мæ цард!.
545 Иуахæмы та мæм суанг мæхи амарыны зонд æрцыди. Æмæ ныр мæнæ мæ алыварс адæм зæрдиагæй цин кæнынц, тæссаг æмæ дæргъвæтин балцæй сæрæгас æмæ дзæбæхæй кæй сыздæхтæн, ууыл. Иууылдæр мæ уарзынц. Мæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ цæуы. Мæнæ ис мæ райгуырæн бæстæ!.
546 Мæ чысыл, рæсугъд æмæ адджын райгуырæн бæстæ! Æрыздæхтæн дæм бирæ рахау-бахауы фæстæ æмæ бадæлгом дæн сыджытыл Уæрæсейы æнæкæрон тъæпæны, хæсты быдыры гыбар-гыбурæй мæ дæуыл бæстон ахъуыды кæнынмæ никуы равдæлди, мæ зæрдæйы æрфытæ мын никуы фæцагайдтай.
547 Ныббар мын уыдæттæ! Ныр дæм æрцыдтæн, ссардтон дæ Æрмæст дæуæн дæтдзынæн ныр мæ хъарутæ иууылдæр Ме ’хсар Ме ’хсидгæ зæрдæ Мæ хъуыдытæ Мæ цин Мæ маст Мæ уарзт Мæ туг Мæхи æнæхъæнæй дæр дæуæн æрхæсдзынæн нывондæн Фæсивæды æхсæн бæрæг дары иу æвзонг лæппу.
548 Дуары тарвазыл банцой, мæнмæ хæстæг æрбацæуыны ныфс æм нæй. Æна мæм æй æрбакодта æмæ мæ фæрсы: — Зоныс æй? — Нæ зонын — Æниу æй кæцæй хъуамæ зонай Хадзгуайы лæппу у, Осмæн, хохæй æрцыди Амæй размæ йæ никуы федтай Нæ ирвæзынгæнæг у, нæ хæдзары цæджындз.
549 Осмæн нын куы нæ уыдаид, уæд афонмæ раджы фесæфтаиккам. Ахъæбыс кæнут кæрæдзийæн. Лæппуйы мæнырдæм æрбасхуыста Æна. Осмæн фырæфсæрмæй ныссырх. Æнарæхст хъæбыс мын акодта æмæ иуварс алæууыд. — Бузныг, стыр бузныг, — йæ уæхск ын æрхостон æз.
550 — Стыр хæсджын дæн дæуæй, æмæ, хъуыддаг чындз хæссыны онг куы æрцæуа, уæд ирæд мæнæй фæуæд. Фыстыл æй нымай. Уæллæй, зæххыл кæй нæма фендæуыд, ахæм чызг дын равзардзыстæм. Разы куы нæ уа, уæд та скъæфгæ æрцæудзæн. Рæстытæ нæ дзурын, лæппутæ?.
551 Фæсивæд худынц. — Бынтон рæстытæ... Нана æмæ Æна уатæй ацыдысты. Лæппуты ныхас ноджы фæхъæлдзæгдæр. — Даргъбыдирæгтæ хорыхъæуккæгтæн цы бакуыстой, уый нæма фехъуыстат? — мæ фарсмæ тъахтиныл æрбадти Бибо, йæ цæст ныл ахаста Йæ домбай къабæзтæ аивæзта.
552 Хъамайыл иуварс ахæцыд æмæ исдуг ницуал дзуры. Фæсивæд бацымыдис сты. — Радзур æй, цы уыди? — фæрсын æй æз Иннæтæ рагацау худынц — худæджы хабар кæй радзурдзæн, уый æмбарынц — Ахæм дзы мæнгард адæм никуыма уыди, сæ хæдзар фехæла! — Радзур-ма йæ, цы уыдис уагæры?.
553 — бацымыдис сты фæсивæд. — Уæхиуыл хæцын фæразут, радзурдзынæн æй. Тагъд дон фурды не ’ййафы, зæгъгæ, ахæм æмбисонд никуы фехъуыстат? Стæй сæ сармадзан хъæугæронмæ раластой æмæ йæ Хорыхъæумæ сарæзтой Фæсивæд худæгæй мæлынц — Фæлæуут-ма, сабырдæр ут, науæд тъангæфтыд фæуыдзыстут, — дзуры сæм Бибо.
554 — Дарддæр цы уыдис, уымæ байхъусут. Сармадзан сæхимæ арæзтæй куыддæр ауыдтой Хорыхъæу, афтæ фæдис куыннæ самадтаиккой. Адæм сходмæ æрæмбырд сты. Раныхас-баныхасы фæстæ минæвæрттæ арвыстой. — Ахæм ма дзы тæппуд адæм уа, — йæ дзырд баппæрста Бесæгъуыр.
555 — Сармадзаны гæрахмæ уæд та банхъæлмæ кастаиккой. — Хъæдуры гæрахмæ! — бафтыдта йæм Доде — Сабырдæр! Æмдзырд ма кæнут Дарддæр цы уыдис, уымæ байхъусут, — схъæр сыл кодта Бибо — Даргъ-Быдырмæ æрбацыдысты минæвæрттæ æмæ загътой: «Уæууа, гормæттæ, уый цы ми кæнут?.
556 Рагæй-æрæгмæ æфсымæрты цард нæ фæкодтам, мыййаг? Сармадзанæй нæм цæмæн ныхъхъавыдыстут? Нæ иумæйаг быдыры уæ туг ныккалын цæмæн бафæндыди?» — фырдисæй сæ цæстытæ рацæйбырыдысты Даргъ-Быдыры хистæртæн «Сымах, æндæр кæй» — «Омæ нæ сымахимæ сабырæй цæрын куы фæнды».
557 — «Уæдæ нæм сармадзан цæмæн ныццарæзтат?» — «Цавæр сармадзан?» — «Уæртæ хъæугæрон кæй æрæвæрдтат, уыцы сармадзан» — «Иу сарамадзан дæр дзы никуы ис» — «Куыд нæй, куыд, ардæм фæндагыл æй нæхи цæстытæй куы федтам, уæд» — Гъы, æмæ цы? — фæрсы Бесæгъуыр.
558 — Ницы. Хорыхъæуккæгтæ æлгъитгæ ацыдысты сæхимæ. Иууылдæр худынц. — Адæм сæрра сты, — бафиппайдта Бибо. — Цы нæм æнхъæлмæ кæсы, уый Хуыцау йеддæмæ ничи зоны, — бирæ фæхудыны фæстæ ныуулæфыд Бесæгъуыр. — Царды бындуртæ нынкъуысыдысты, æмæ дуне йæ фæстаг бонтæм фæцæуы, — зондджынхуызæй зæгъы Доде.
559 — Уæдæ уымæн тагъд кæныс кæйдæр дуканитæ расæрфынмæ. Байрæджыйæ тæрсыс! — фæцарæхст æм Бибо, æмæ та иууылдæр ныххудтысты — Ды дæр цыма фæсте нæ баззайдзынæ, — дзуапп ын радта Доде Раст уыцы рæстæг Фаризæт фынг æрæвæрдта æртæ хæбизджынимæ Хæбизджынтæ царвы ленк кæнынц, сæ тæфмæ комыдæттæ уайынц.
560 Фаризæты фæдыл уатмæ æрбахызт Осмæн, йæ къухы — гуыбынджын графин цъæх арахъхъимæ. Куы йæ ауыдтой, уæд фæсивæды цæстытæ ссыгъдысты. Искуы-иу хатт, æрмæст бæрæгбæтты, фæзыны ацы графин фынгыл. — Замманайы минас нæм æнхъæлмæ кæсы, — йæ къухтæ аууæрста Бибо.
561 —Ахæм минас адзалы размæ дæр никæй бахъыгдардзæн. — Фæсивæд куыдхистæрæй рабадтысты фынджы уæлхъус, бынтон кæстæртæ та лæууынц дуаргæрон. Осмæн чысыл агуывзæйы нозт рауагъта æмæ йæ фынджы хистæрмæ, Бибомæ, балæвæрдта. Бибо галиу къухмæ чъири систа, рахизмæ та агуывзæ райста æмæ сыстад.
562 Иннæтæ дæр сыстадысты. — Хуыцæутты Хуыцау, æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг Хуыцау, нæ куывд дæм хорзæй фехъуысæд! — скуывта Бибо — Оммен, Хуыцау! — Сыгъдæг Уастырджи, дæ хорзæхæй нын хай бакæн! — Оммен, Хуыцау! — Оммен, Хуыцау! — Оммен, Хуыцау!.
563 — Хуыцæутты Хуыцау, æнамонд адæмæн сæ сæры зонд бауадз, науæд дыууæ дихы баисты æмæ сæ кæрæдзи ныццæгъдынмæ бирæ нал хъæуы. Кæрæдзи куыд бамбарой æмæ бауарзой, уыцы амонд сын ратт! — Оммен, Хуыцау! Ацы хæдзар кæддæриддæр де уазæг уæд! Бинонты къорды цæрæнбон бирæ уæд!.
564 Амондджын æмæ æвæсмон уæнт æдзухдæр! Сæ мыггаг куыд никуы сыскъуыйа, ахæм хорзæх сыл бафтау! — Оммен, Хуыцау! Бибо куывд фæцис æмæ кæстæртырдæм акаст Сеппæты кæстæр æрбауад, агуывзæ рахиз къухмæ райста, схуыпп дзы кодта, стæй чъирийæ ацахуыста æмæ иуварс алæууыд.
565 Фынгмæ æрæвнæлдтам. Хур раджы скаст, уæддæр мæ сынтæгæй нæма рахызтæн. Фаризæт къæсæрыл æрбахызт, райхъал дæн, уый бамбæрста æмæ мæ сынтæджы цурмæ æрбацыд: — Дæ райсом хорз, ме ’фсымæр. — Мæ баз мын адзæбæхтæ кодта. — Хорз фæфынæй кодтай? Дæ фыны та цытæ федтай?.
566 Æхсæв-бонмæ кæимæдæр ныхас кодтай. Дзыгиимæ дæм хъуыстам, æмæ бæрæг уыди — кæмæдæр мæсты кæныс, хъуырдухæн кодтай. Райхъалгæнинаг дæ уыдыстæм, фæлæ нæ ныфс нæ бахастам. Цы дæ цæстытыл уадис, нæ уды гага? — Ферох мæ, нæ йæ хъуыды кæнын, мæ сызгъæрин хо.
567 — Гъемæ, æвæццæгæн, ницы уадиссаг уыди. Фаризæт мæ сынтæджы бынæй чырын раласта. Цалдæр тæлмæй йыл æвæрд ис æрхуы зæгæлтæй хост тасмачъи. Гуыдыр зæлланггæнгæ байгом. Чырыны сæрыл схæцыд Фаризæт. Уат духийы тæфæй байдзаг. — Кæс-ма ацы буржуйкæмæ, духи йæм куы ис.
568 Дзырд «буржуйкæ» не ’мбары Фаризæт. — Духи тынг бирæ уарзын, — бацъупп сты йæ былтæ. — Æз дæр æй йæ заманы бæргæ уарзтон, — Ныуулæфыдтæн æз. — Нæ молло афтæ фæзæгъы: Мæхæмæт-пехуымпар дæр, дам, Хуыцауы хорзæх æй уæд! — хæрздæфгæнæнтæ уарзта.
569 Пысылмонæй хæрздæф хъуамæ цæуа. Раст нæ зæгъын? — О, мæ хойы гæбаз Алы адæймагæй дæр — пысылмон уа, чырыстон, æви муртакк — смаджы бæсты фæлтау дзæбæх тæф кæла, — ныххудтæн æз — Фæлæ ма мын æй зæгъ, кæм дын уыди духи? — Бибо мын балæвар кодта: горæтæй йæ æрласта.
570 — Кæс-ма уыцы абырæгмæ, æвæццæгæн, кæцæйдæр рамырхта. Духи ныртæккæ æнцонтæй нал ссардзынæ. — Цалдæр авджы йæм уыди. Иу дзы мæнæн радта, иннæ — Дзыгийæн. Куыд æмæ кæм цы амал кæнынц нæ фæсивæд, уымæн чи цы зоны. Æрæджы Доде æнæхъæн асыччы дзаг сапон æрласта.
571 Йæ хæлæртты ныхæстæм гæсгæ кæмдæр горæты дуканийы дуар басаста. Фаризæт дзургæ-дзурын чырын фæйлауы. Цынæ дзы ис, цынæ, чырыны: хъуымацы гæппæлтæ, сæрачы гæбæзтæ, æндæхтæ, судзинтæ, æнгуырстуан, сæрвасæнтæ, афтид къоппытæ, цæппæртæ, къамтæ, алдымбыдтæ, уæдæртт, хæрдгæбыдтæ, сахатбостæ, ливорбостæ.
572 Сеппæтæй дæр кæлы духийы тæф. Чырыны тæккæ бынæй урс гæххæтты тыхтæй цыдæр систа æмæ йæ мæнмæ æрбадардта: — Ай та дæуæн у... — Циу, цы? Гæххæтт райхæлдта Æмæ дзы хæрдгæбыд ехс Мæ сæрмæ йæ цалдæр хатты æрцъыкк ласта — Тагъд дын чындз хæсдзыстæм, æмæ ацы ехсæй нæмдзынæ дæ усы.
573 Йæхæдæг худы. Хуры тынтæм цæхæртæ калы ехс. Лыстæг сызгъæрин æндахæй быд. Йæ хъæд — пылыстæгæй, сызгъæрин нывæфтыдтæ йыл, чи зоны, Кубачийы зæрингуырдты къухæй рацыдаид. — Уæллæй, ахæм ехс Персы паддзахы къухы дæр сфидаудзæн. — Ехс æцæгдæр диссаджы аив у.
574 — Фæлæ, Фаризæт, мæ усæй раздæр дæ курæджы бахъæудзæн. Дæ хуызæн рæсугъды курæг ма уа, уый мæ никуы бауырндзæни... — Алæ, стæ... Афтæтæ куы дзурай, уæд дæ ехсæй æрнæмдзынæн. Хъавгæ мыл æй æруагъта, стæй йæ мæ нывæрзæнырдыгæй къулыл æрцауыгъта.
575 — Æз та ауал азы æддæ фæдæн, фæлæ дæуæн дæр æмæ иннæтæн дæр мæ бон ницы лæвар æрласын бацис... Кæронмæ дзурын мæ нæ бауагъта Фаризæт: — Куыд ницы? А дунейыл æмбал кæмæн нæй, уыцы тæккæ зынаргъдæр лæвар нын куы æрластай — Цавæр лæвар? — Мæнæ дæхи.
576 — Мæлæты стыр хæзна. — Иннæтæн сæ бар сæхи, фæлæ махæн ды тæккæ стырдæр хæзна дæ. Дæу хуызæн æфсымæр кæмæн ис... — Хурмæ хус афицер. Инженер кæнæ æвдакат куы уаин, уæддæр ма гъа. Уæвгæ, уыдонæн дæр стыр кад нал ис ныры рæстæджы. — Мах æндæр ничи хъæуы.
577 Хуымæтæджы æнахуыргонд хохаг лæг куы уаис, уæддæр дæ къаддæр нæ уарзиккам. Æхсызгон та мын куыннæ сты йæ ныхæстæ, фæлæ мын цыма уæлдай нæу, уыйау дарын мæхи. Фæризæт ногæй æргуыбыр чырынмæ, хинæйдзаг мидбылхудт хъазы йæ цæсгомыл. — Ноджы ма дын иу лæвар æрцæттæ кодтон...
578 — Кой дæр нæ! Æппындæр дæ ницуал райсдзынæн, — сцагътон ыл мæ къухтæ — Æгъгъæд у Æрмæст ацы ехс йæхæдæг кæуылты у! Йæ аккаг бæх, науæд дзы кæй хъуамæ нæмон, ахæм ус зæххыцъарыл нæ разындзæн Ус дæр ехсмæ гæсгæ хъуамæ уа — Нæ, ацы лæвар цыфæндыйæ дæр бакомдзынæ.
579 Чырынæй къам систа æмæ йæм æдзынæг кæсы. Йæ риумæ йæ нылхъывта. Йæ сау цæстытæ хинæйдзаг тæмæнтæ калынц. — Бакомдзынæ йæ... Равдисон дæм æй? — Бакомдзынæн Равдис æй — Нæ дын æй ратдзынæн Стæй дæм æй не ’вдисын — Къам райсдзынæн Дæ къам у? — Нæу.
580 — Уæдæ кæй? Кæд дæу къам нæу, уæд мæ ницæмæн хъæуы — Мæ къам нæу, фæлæ дын мæнæй зынаргъдæр чи у, уый къам — Ахæм ничи ис — Ис Ис Æз æй зонын — Ницы зоныс мур дæр Мæсты дæм райдыдтон, Фаризæт — Гъа Гъа, — къам мын мæ тæккæ цæстытæм æрбадардта.
581 Æз фесхъиудтон æмæ мæ сынтæджы рабадтæн. — Валяимæ систай дæ къам?! Куыд? Цы хуызы? Кæм базонгæ стут? Фаризæт мидбылты худы: — Æз уын уæ хабæрттæ иууылдæр зонын — Цы зоныс? Кæм базонгæ стут? Фаризæт сынтæгыл æрбадт æмæ мæ хъуырыл æрцауындзæг.
582 — Горæты базонгæ стæм, чындзæхсæвы. Аминæтæн чындзхæссæг уыдтæн. Стыр хъазт сарæзтой. Горæты рæсугъд чызджытæ, æвæццæгæн, иууылдæр æрбамбырд сты уыцы хъазты. Ацы æнамонд рæстæджытæ уæд нæма ралæууыдысты. Диссаджы хъæлдзæг чындзæхсæв. Æмæ уым базонгæ стæм Валяимæ.
583 Къаммæ æдзынæг кæсын. Дыууæ чызгыл дæр разгæмттæ, кæрæдзийы уæхсчытыл сæ къухтæ æвæрдæй лæууынц. — Æмæ куыд базонгæ стут? — Куыд базонгæ вæййынц, афтæ Валя мын алцыдæр радзырдта Писмотæ йæм фыстай? — Фыстон — Равдыста мæм дæ писмотæ Æртæ боны арвыстам иумæ æмæ тынг бахæлар стæм.
584 Уарзы дæ. Тынг дæ уарзы. Æна уатмæ æрбахызти. — Цæмæты кæсут, уый ма уæ зæронд мадмæ дæр равдисут. Къам æм радтон. Æхсгæ каст æм æркодта, йæ цæсгом бахъуынтъыз, фæлæ йыл уайтагъд райдзаст мидбылхудт фæзынди. — Мæнæ цы диссаджы дыууæ дидинæджы ис!.
585 — Куыддæр мæм кæнгæ фæкаст йæ ныхас. Йæ зæрдыл цыма æвиппайды æрбалæууыд цыдæр, уыйау Фаризæтмæ фездæхт: — Марадз, хæдзармæ ауай — мыййаг, дзул куы басудза пецы. Дзыги цæхæрадонмæ ацыди. Марадз, мæ къона, рæвдздæр. Æна Фаризæты бынаты æрбадт æмæ йæ арм мæ къухыл æрæвæрдта.
586 Стæй мын æнæнхъæлæджы мæ къухæн аба кодта. — Уый цы кусыс, Æна? Цы кусыс? — Цы, дам?! Мæ хъæбулы къух аба кæныны бар дæр мын нал ис Мæ гуыбыны кæй фæхастон æмæ мæ дзидзийæ чи схъомыл, уый къух Куы дын амардаин фæлтау Базæронд дæн æмæ, æвæццæгæн, мæ зонд дæр йæ бынаты нал ис.
587 Талынгæй райгуырдыстæм, талынгæй фæцардыстæм æмæ мæлгæ дæр талынгæй акæндзыстæм. Мæ зонд æмæ мæ хъуыдытæ сты, æцæг дунемæ чи ацыди, уыдоны зонд æмæ хъуыдытæ, фæлæ нæ фыдæлтæ æмæ уыдоны фыдæлтæ дæр цыдæртæ зыдтой. Зарджыты дзæгъæлы нæ баззадысты сæ нæмттæ æмæ сæ абон дæр дзæгъæлы нæ мысынц.
588 Куыд дзурынц, афтæмæй æвзæр адæм нæ уыдысты. Бæгуыдæр нæ уыдысты æвзæр адæм. Уыдоны зондмæ гæсгæ дæ курæг дæн — дыууæ хъуыддагæй дæхи бахиз. — Цæмæйты? — бахудтæн æз — Ма худ, мæ хур, ды куыд æнхъæлыс, ахæм чысыл хъуыддæгтæ не сты Сывæллон нал дæ, дæ цардыл ахъуыды кæнын афон дын у.
589 Бæлас дæр ма уидаг куы ауадзы, ды та адæймаг куы дæ, уæздан мыггагæй. Дæ фидæныл ахъуыды кæн. Фæлæ дæхи бахъахъхъæн... — Цæмæй бахъахъхъæнон, Æна? Ногæй та бахудæнбыл дæн Стыр рæдыд æруадздзынæ, мæ хъæбул Дæ мады урс сæр фæхудинаг уыдзæни Сдзурынмæ хъавын, фæлæ мæ нæ бауагъта.
590 — Мацы дзур æппындæр... Мацы дзур... Раздæр уал мæн баныгæн, стæй уый фæстæ дæ бар — дæхи. Ацы хæдзары худинаг феныны бæсты фæлтау мæ цæстытæ бакуырм уæнт. Дунедарæг Хуыцау, уыйонг мæ ма фæцæрын кæн. Æмбал кæмæн нæй, уыцы иунæг Хуыцау, батæригъæд мын кæн!.
591 Хуыцауы раз адæмы сæрыл дзурæг дæ, сызгъæрин Мæхæмæт-пехуымпар, æз де уазæг! Бынатыхицауы зæдтæ, кæд мæ иу къахæй ингæны лæууын, уæддæр зæронд усы бон цастæ у, уыйас уæ зæрдæхудты куы ницæмæй бацыдтæн, хæдзары къона бамынæг ма бауадзут, йæ бындур ын ма рафтаут, науæд нæ хæдзар ныккæлдзæн.
592 Йæ къухтæ уæларвмæ сдардта æмæ йæ цæссыгтæ гæр-гæрæй згъорынц йæ уадултыл. Цард-цæрæнбонты йæ сæр бæрзонд фæхаста, хъысмæты уæззау цæфтæй никуы фæтасыд, фæлæ ныр у мæгуырхуыз æмæ тæригъæддаг. Æвиппайды фестад, йæ дзыхæй иунæг ныхас дæр нал схауди, афтæмæй фæдуарæдде.
593 Нырма ныртæккæ цытæ фехъуыстон æмæ федтон, уыдоны уæзæй сынтæгыл уæлгоммæ афæлдæхтæн. Кæс-ма, дæ хорзæхæй: бахæццæ Æнамæ дæр хабар æмæ йæ зæрдæмæ нæ цæуы. Чызг чырыстон кæй у, уый тыххæй... Куыд чындæуа? Дæу цæрайæн чи цæры, уыцы ныййарæджы масты куыд хъуамæ бафтауай?.
594 Йæ зæронды бонты æнцой нал ссардзæн, йæ цæссыгæй йæхи æхсдзæн æмæ, чи зоны, афонæй раздæр ссара адзал. Мады зæрдæйы сæрты куыд ахызтæуа? Уый дын хъуыддаг Адæймаг хуыздæр æнхъæлæй амонды дуарыл куы фæцæйхизы, уæд йæ бауромыны бар кæмæ ис? Ивгъуыд бонтæ мæ цæстыты раз слæууыдысты.
595 Цыппар азы рацыд уæдæй нырмæ. Дзæуджыхъæуы иу хъæздыг иронæн фырт райгуырди, æмæ стыр куывд скодта. Куывдмæ бафтыдыстæм мах дæр — хæсты быдырмæ цæуæг æрыгон афицертæ. Хъазтизæр йæ тæккæ тынгыл у. Уазæг фæсивæдæн егъау уаты бынат нæ фаг кæны.
596 Алцыдæр у æгъдауыл. Къулрæбын иуырдыгæй лæууынц чызджытæ, иннæрдыгæй — лæппутæ. Фæндырдзагъдмæ кафынц. Фæндырæй цæгъды абадгæ хæрзхуызтæ тыппырæнгуылдз чызг, йæ уæлæ фæныкхуыз къаба. Фæндыр æнцайы йæ уæрагыл, къахы бын ныллæг бандон æвæрд.
597 Куыддæр бацыдтæн, афтæ фæсивæды æхсæн æрныгъуылдтæн, фæлæ мæ чегъре бафиппайдта. Иу чызджы рахуыдта уаты астæумæ. чызг у бурхил, йæ фезмæлд уæздан, цæстытæ æфсæрмхуызæй кæсынц сау бæзджын хауты бынæй. Фæлурс бурбын къаба сызгъæрин æргъæвæгджын фæтæн хъæдабæ ронæй æнгом æлвæст.
598 Æвзист риуæгънæджытыл хъазынц сызгъзæрин стъæлфытæ, æнгом бадынц чызджы къуыпп риутыл. Æрвгъуыз хъæдабæ къандзолыл — цалдæр рæнхъы хæрдгæ-быдтæ. Къабайы фæдджитæ кæрæдзимæ баст сты коцораджын цыллæ алдымбыдтæй. Йæ сæрыл — фæлурс бурбын персайнаг тæнæг цыллæхыз, йæ кæрæттæ фæсонтыл æппæрст.
599 Чызг æнхъæлмæ кæсы кафтæмбалмæ. Чегъре мæнмæ фæкомкоммæ æмæ мæ уаты астæумæ расхуыста мæ къабазæй. Æмдзæгъдгæнгæйæ мæ куыннæ хъыгдарой, афтæ мидæмæ фæлдæхт уыдысты мæ цухъхъайы дыстæ, ныр сæ æруагътон. Чызг мæ разæй сиргæ фæцæуы, æз дæр нæуæндонхуызæй йæ фæдыл араст дæн.
600 Зыны мæм чызгæн æрмæст йæ гуыр, цыллæхызæй æмбæрзт уæхсчытæ. Уынгæ сæ нæ кæнын, фæлæ йæ къæхтæ даргъ къабайы бын куыд сирынц, уый æнкъарын. Чызджы сæр фæкъул æмæ цыллæхуыз уæхсчытæм æрхауди. Разынди ставдбыд мыдхуыз дзыкку. Тæмæнкалгæйæ ленк кæны мæ разæй.
601 Афтæ мæм кæсы, цыма амонды æндæрг у æмæ йын æнæ байййафгæ нæй. Фæндыры цагъд фæцырендæр, æмæ лæппуты къухкъæрццæмдзæгъд мынæгдæрæй райхъуысти. Мæ зæрдæ абухы риуы, хинымæры ныууынæргъыдтон, иуварс асхъиудтон æмæ къахфындзтæ æрсагътон. Ноджыдæр ма...
602 Базыртæ мыл разадис æмæ кæмдæр арвæй зæххы æхсæн тæхын. Мæ къахфындзты къуппимæ сиу дамбацайы гæрах. Дыккаг гæрах. Æртыккаг. Чидæр йæ дамбаца фелвæста æмæ нæмгуытыл нал ауæрды. Æрмæст иунæг æхсгæ каст фæкодта чызг мæнырдæм, æмæ сонтдзæфау фæдæн.
603 Æндон цъæттæ фестадысты мæ къæхтæ, гуыримæ баст сты æрмæст лыстæг æндахæй, æндах мæнæ-мæнæ аскъуыйдзæн, уæддæр къæхтæ сæ кафт нæ ныууадздзысты. Сиргæ-сиргæ дæрдты æрбацæйзилы чызг. Йæ размæ пуртиау басхъиудтон æмæ къахфындзтæ æрсагътон. Цъилау фæзылдтæн.
604 Къахфындзтæ ногæй æрсагътон. Иннæрдæм фæзылдтæн æмæ та къахфындзтæ æрсагътон. Къæхтыл цæст нал хæцы. Кафгæ-кафын уæрджытыл æрхаудтон, фестадтæн æмæ иу къахы æнгуылдзтыл хæрдмæ схъиуын, стæй та — иннæ къахы æнгуылдзтыл. Цъилау мидбынаты зилгæ куы иу къахы æнгуылдзтæ æрсадзын, куы иннæ.
605 Чызг сиргæ-сиргæ фæцæуы йæ бынатмæ, цалынмæ æрлæууыди, уæдмæ æз дæр къахфындзтыл кафын йæ фæдыл. Сæрæй йын æркуывтон æмæ фæсивæды æхсæнмæ раздæхтæн. Фæндыр фæхъус. Исдуг сыбыртт никæцæйуал цæуы, стæй къухæмдзæгъд ныннæрыд. Чызгæй, лæппуйæ — тынг сæ зæрдæмæ фæцыди мæ кафт.
606 Чызджытæ мæм худæнбылæй кæсынц рæвдауæг цæстытæй. Мæ хуызæн дыккаг ничиуал акафыд. Тæккæ уыцы изæр базонгæ дæн йемæ. Разынди ирон сауджыны чызг, хæрзæрæджы каст фæци гимназ. Дыууæ уды кæрдзийы куыд бамбарынц, уымæн чи цы базондзæн? Уарзты зынг риуы мидæг кæцы сахат ссудзы, уый чи раиртасдзæн?.
607 Ромеойы уарзтау мæ уарзт дæр æвиппайды суагъта пиллон... Мæ сæрæй къулыл банцой кодтон, фæлæ мын уайтæккæ чидæр мæ цæстытæ æрæхгæдта фæлмæн армæй. Дзыги кæй у, уый куыннæ бамбæрстон, фæлæ мæхи нæзонæг скодтон. Дзыги дын бирæ бафæраза æнæдзургæйæ.
608 — Зонын æй: Фаризæты куыд уарзыс, — мæ хъуырыл ныттыхст æмæ тæргайхуызæй дзуры мæ хъусы. — Фаризæт рæсугъд æмæ зондджын у, æз та — фыдуынд æмæ æдылы... О... О... Зонын æй... Суагъта мæ æмæ ехсмæ амоны къухæй. — Уæлæ дын ныридæгæн лæвар дæр ракодта.
609 Æз та! — йæ уæрджытæ дыууæ къухæй æрцавта — Æз та æдылы дæн — Сынтæгмæ сгæпп ласта, цыма ехс йæ бынатæй æрæппарынмæ хъавы, уыйау — Æз та æппындæр ницæмæ арæхсын Æдылы Дзыги Раст нæ зæгъын? Æрмæст хъазын æмæ худын зонын Æна дæр мæм райсомæй изæрмæ загъд кæнынæй не ’фсæды.
610 Ды дæр мæ нæ уарзыс. Йæ цæсгом скæуынæввонгæй банхъырдтæ, йæ дыууæ армы йæ бамбæхста. — Уæ-дæ-дæй... уæ-дæ-дæй... — хъарæгыл схæцыд. — Цы фæуа мæгуыр сидзæр чызг, æппындæр æй куы ничи уарзы, уæд? Ныр кæдæм фæцæуа? Ныр кæмæ фæхæсса йæ маст?.
611 Чи йын батæригъæд кæндзæн?! Уæ-дæ-дæй уæ-дæ-дæй! Æцæгæй кæуа, æви? — Цытæ дзурыс, Дзыги? Æз дæ Фаризæтæй фылдæр куы уарзын Ды кæстæр дæ, кæстæрты та фылдæр фæуарзынц Басабыр у Басабыр у! — Нæ басабыр уыдзынæн Зонын æй, нæ мæ уарзыс æппындæр...
612 Фаризæтæй фылдæр мæ ницæмæн хъæуы, фæлæ Фаризæты цас уарзыс, мæн дæр уыйас уарз. Сайгæ мæ кæныс... Фаризæты фылдæр уарзыс... Уæ, мæгуырæг йæ бон сидзæр чызгæн, ныр цы фæуа? Иунæг æфсымæр йеддæмæ йын куы нæ ис æмæ йæ уый дæр куы нæ уарзы!.
613 — Нæ дын загътон — уарзын дæ! — Æцæгæй? Йæ къухтæ йæ цæсгомæй нæма æриста, фæлæ йæ ныхас фæхъæлдзæгдæр — Æцæгæй, — зæгъын ын зæрдиагæй — Афтæ уа? — Афтæ Дзыги йæ къухтæ æриста æмæ кæл-кæлæй худы — Æнхъæлдтай, æцæгдæр кæуын? Ха-ха-ха Ха-ха-ха...
614 Æз æппындæр никуы фæкæуын... Ха-ха... — зилдух самадта уаты къуымты. — Ха-ха... Йæхи мыл ныццавта. Хъæбыстæ, схуыстытæ мæ кæны. — Ды дæр мæ тынг уарзыс. Зонын æй. Йæхицæн дзыхæй цæгъды, афтæмæй æмдзæгъдгæнгæ æркафыди, къахфындзтæ цалдæр хатты æрсагъта.
615 — Кæд мæн дæр Фаризæты йас уарзыс, уæд дын æз дæр мæ лæвар æрцæттæ кодтон. Æз дæр арæхсын цæмæдæрты. Дзыгимæ дæр Фаризæты чырыны хуызæн разынди. Сынтæджы бынæй йæ раласта. Гуыдыр зæлланггæнгæ байгом. Чырынæй духийы тæф скалди. Гæххæтты тыхтæй дзы цыдæр систа Дзыги.
616 Хæрдгæбыд хъæдабæ дзæкъулгонд сахат æфснайынæн. — Куыд дæм кæсы: ехсæй цауддæр у? Цауддæр у? — Ахъаззаджы дзаума! Диссаджы къухты хицау разындтæ Æз та æнхъæлдтон æмæ иу минут æрбадын никуы бафæраздзынæ Дзыги йæхицæй ныббузныг Мæ сахат дзы сæвæрдтон.
617 Дзæкъулгонды хъæдабæйыл хæрдгæбыдæй нывгонд у ногдзыд мæй, йæ къæлæты астæуæй хæрдмæ æмæ фæйнæрдæм фæтахтысты авд стъалыйы, сæ сæрмæ та иронау хæрдгæбыд фыст: «Дзыги». Дзыги худæгæй бакъæцæл, йæхицæн æмдзæгъд кæны. Уатмæ æрбахызти Фаризæт æрхуы тас æмæ хъуывгъанимæ.
618 Дзыги хисæрфæн æмæ сапонмæ ауад. Мæхи æхсын. Тæккæ уыцы бон изæрæй писмо фыссыныл æрбадтæн. Горæтмæ цæуæг чи фæуа, уымæ йæ ратдзынæн. Дæ бон хорз, Валя! Ацы писмо куы райсай, уæд куыд дис кæндзынæ, уый мæ цæстытыл ирдæй уайы Ныр æнæхъæн афæдз нал ныффыстам кæрæдзимæ.
619 Дæ фæстаг писмо дын госпитæлы райстон, дзæбæхырдæм куы фæдæн, уæд. Мæ буары ахызтысты цыппар нæмыджы æмæ цардæй адзалы æхсæн дзедзырой фæкодтон. Æппынфæстаг цард фæуæлахиз. Ноджы ма дæ писмо дæр раст уыцы бонты райстон, æмæ мын уый дæр куыннæ фæахъаз уыдаид.
620 Кастæн æмæ йæ кастæн, дохтыры цыфæнды хостæй мын хуыздæр феххуыс. Сахатгай мæ бон фезмæлын нæ уыд, афтæмæй хуыссыдтæн сынтæджы, фæлæ мæ хъуыдытæ уыдысты дард кæмдæр. Фæхастой мæ-иу Кавказмæ, Терчы фарсмæ сымах чысыл хæдзары къæсæрмæ, тæккæ былгæрон уæ дыргъдонмæ.
621 Иумæ цы изæртæ арвыстам, уыдон мæ цæстыл уадысты æдзух — никуы мæ ферох уыдзысты. Горæты уынæр мынæгмæ цæуы. Доны фаллаг фарс куы иу ран, куы иннæ ран ссудзы цырагъ. Тынгæй-тынгдæр хъуысы Терчы змæст уылæнты абухын. Хуры фæстаг тын ферттывта Хъазыбеджы цъуппыл æмæ изæрмилтæ сæхи æруагътой.
622 Стъалытæ ссыгъдысты. Дайранырдыгæй радымдта сатæг уддзæф. Æдзæмæй бадæм уæ балкъоны. Хъусæм нæ зæрдæты цæлхъытæм. Ды уатмæ бацыдтæ, балкъоны рудзынг байгом кодтай. Пианинойы уæлхъус æрбадтæ æмæ адæмон зарджытæ цæгъдыс. Мæ риу мын цыдæр нылхъывта, фæлæ циу, уый нæ хатын.
623 Ме ’нкъарæнтæ бамбарынхъом никуы уыдтæн. Иухатт госпитæлы кæртæй æрбайхъуысти фысы уасын, æмæ нæ хæдзар мæ цæстыл ауади. Æвиппайды мæ улæфæнтæ ахгæдтой. Мæ цæссыг базмæ æртагъди. Мæхæдæг мæхиуыл фæхудтæн: хæстон лæг æмæ фысы уасынмæ скуыдта!.
624 Уагæр-ма, хæдзар циу, уый нывыл куы зыдтаин. Кадетты корпус, æфсæддон скъола, полкъ, стæй хæст. Фыны фенæгау атахтысты, дзæбæх сыл хъуыды дæр нæ акодтон. Алцыдæр мæм хуымæтæг касти: хицауадмæ хъус, райгуырæн бæстæ æмæ паддзахы хъахъхъæн...
625 Æмæ дæ зæрдæйы дзæбæхæн цæр. Мæ хъуыдытæ æдзух уыдысты дæуыл — тынг дæ мысыдтæн. Дæу фæрцы ныхъхъуыды кодтон фыццаг хатт цардыл, фæлæ, æргом куы зæгъон, уæд æм лæмбынæгдæр æркастæн, змæстытæ куы райдыдтой, афицерты сæ кады бынатæй цъыфмæ куы нывзылдтой, уый фæстæ.
626 Æппындæр ницы æмбæрстон. Цы хабар у? Цы ’рцыди? Революци! Змæст! Цæй охыл? Сæттын ыл — æхсæнадон фарстаты фæдыл иунæг чиныг дæр никуы бакастæн, мæхи ирхæфстон уæлæнгай чингуытæй, «Нивæйы» уæлæфтуантæй, францаг романтæй Афтæмæй та кæсын бирæ уарзтон.
627 Ныр та мæ бар-æнæбары уыйбæрц кæсын бахъуыд, æмæ-иу мæ сæр тъæппытæ хауын байдыдта. Цас фылдæр кастæн, уыйас мæм уæззаудæр хъуыдытæ æвзæрдис. Тынг мæ фæндыди, хъуыддаг цæй мидæг ис, уый бамбарын. Хъуамæ дæм æрцыдаин æмæ, комкоммæ дæ цæстытæм кæсгæйæ, ныфсджынæй загътаин: цом мемæ!.
628 Æз зонын, цы мæ хъæуы, уый дæр, кæдæм цæугæ у, уый дæр! Валя! Мæ зонд фаг бахсысти ныры змæстыты, фæлæ йæ цы сусæг кæнон: мæ царды нысан ис, дæу кæй уарзын, уый мидæг Ныры царды сæрсæфæн фæзилæнты мæ фæдзæгъæл чи бауадзид, уыцы фæндагамонæг æндах æгæр лыстæг у æмæ алы къахдзæфæн дæр аскъуыйы.
629 Мæ къухыл мын чи рахæца æмæ мæ раст фæндагыл чи сараза, ахæмы хъуаг дæн. Уæд ма искæмæн куыд ныллæууон фæндагамонæг. Раст зæгъын хъæуы, бирæ цыдæртæ æмбарын байдыдтон. Афицеры тæмæнкалгæ фæлыст хисайæн кæй у, æмæ мæ ивгъуыд цард æнæхъола кæй уыди, уый мæм бахъардта.
630 Фæлæ мæ революционер нæ рауади. Сау адæм мын удхæссæг сты. Ме сæфт уынын, адæймаджы цард нымады дæр кæмæ нæу, уыдонæй. Фæлæ мæм хаттæн афтæ фæкæсы, цыма Уæрæсейы цытæ цæуы, уыцы хъуыддæгтæй рæстытæ дæр ис. Æрмæст сæ мæ бон бамбарын нæу. Цæуылнæ?.
631 Уымæн æмæ адæмы фæндæй сты. Адæм та мын æнæнхъæлæджы бынтон æцæгæлон фестадысты. Уырыссаг адæмы, цымæ, амæй размæ уарзтон? Нæ зонын Амæй размæ бирæ цæуылдæрты нæ хъуыды кодтон, уыдтæн æнæмæт Ныртæккæ та Уæрæсемæ куыдфæндыйæ кæй кæсын, уый бæлвырд у.
632 Цæмæн? Мæ бон æй зæгъын нæу Хъуыддаг уый мидæг ис, Валя, æмæ иуахæмы банкъардтон, хъал кæмæй уыдтæн æмæ сæрыстырæй кæй хастон, уыцы афицеры фæлыст мын мæ риу æлхъивы Æрымысыдтæн нарæг ронæй æлвæст цухъхъа, фæлмæн хæдбынтæ, мæ даст сæрыл та — уæлдзарм худ.
633 Бафæндыд мæ, уырысы æхсæн цы миниуджытыл фæцалх дæн, уыдонæй фервæзын, хæхбæсты сæрибар æмæ æнæмæт фыртæй мæхи банкъарын. Дард Кавказ — фыдыуæзæг! Зæххы цъарыл зынгæ дæр чи нæ кæны, ахæм армыдзаг адæм Кæм стут? Фыдыуæзæг æмæ мæ адæм та мæнæн дæуимæ æнæфæхицæнгæнгæ баст сты.
634 Фæндагыл цытæ бавзæрстон, уыдæттæ дын радзурон? Æгæр бирæ сты, уæвгæ дæ ницæмæн хъæуынц Куы фембæлæм, уæд дын сæ радзурдзынæн Тыхамæлттæй схæццæ дæн Хæхты уындæй мæ зæрдæ куыд барухс, афтæ, Колумб дæр, æвæццæгæн, нæ бацин кодта æнæкæрон фурды фæстæ сур зæхх куы федта, уæд.
635 Фæлæ поездæй куыддæр æрхызтæн, афтæ мæм, æвæдза, цæй уæззау цæф æнхъæлмæ касти. Сармадзанты гыбар-гыбур, хæст, туг. Дарддæр — фыддæр. Мæ гыццыл адæм дыууæ къордыл фæдих сты, кæрæдзимæ топпы кæсæнæй кæсынц, æргомæй схæцынмæ сæ бирæ нал хъæуы.
636 Цытæ цæуы, уыдæттæ нырма дзæбæх нæма æмбарын, фæлæ бæлвырдæй зонын: кæрон сын сæвæрын хъæуы. Æфсымæр æфсымæры ныхмæ æрлæууыд. Ахæм худинаг уа! Афтæ ма зонд фæцæугæ уа! Пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ Кувгæйæ дæр нæ иу къухы арахъхъы сыкъа кæнæ бæгæныйы къус вæййы, иннæйы та — уæливых.
637 Афтæ нæу? Ныр æвиппайды пысылмæттæй æмæ чырыстæттæй агæпп ластам! Пысылмонæн дæр ницы æмбарын æмæ чырыстонæн дæр Æмæ фырмæстæй дæр уымæн фыцын, цыма мын мæ зæрдæ дыууæрдæм рæдувынц, уыйау Æмæ уæвгæ дæр афтæ у Уымæн æмæ мæ зæрдæ, æз мæхæдæг дæн дæуимæ.
638 Æз — пысылмон, ды — чырыстон, нæ дыууæ дæр иу адæмы хъæбултæ. Æз æмæ ды стæм иудзинады æвдисæн. Æмæ ирвæзгæ дæр æрмæст иудзинады фæрцы фæкæндзыстæм. Нæ дыууæйы иудзинадæй зынаргъдæр мын ницы ис! Раздæры Валяйæ баззадтæ, æви æз кæй зыдтон, уый нал ис?.
639 Рæстæг куыд тагъд ивы, уæлдайдæр та ныры змæст рæстæг, адæм дæр афтæ ивгæ цæуынц. Ныффысс мæм! Æнхъæлмæ кæсын Дæхи Албег 1918 азы 20 мартъи P S Кæд дæ бафæнда, уæд уæ бабæрæг кæндзынæн III Къæнцыларæй мæм пакет æрбарвыстой Съезд уыдзæни Цъæхтырсы».
640 — Цы хабар у? — фæрсын къулеры — Цæй охыл аразынц съезд? — Ау, дæ гæххæтты фыст нæу? — Нæу Зæрæдтæ сходы цытæ дзырдтой, уыдон мын бæстон рафæзмыдта къулер Адæмæй, дам, алырдыгæй цæуы хъæстытæ Хæдзархæлд тепсыхъойыхъæуккæгтæ фæндæгтыл бабадтысты æмæ дзы нæдæр фистæгæн нал ис ацæуæн, нæдæр барæгæн.
641 Куыддæр базонынц, фæндаггон пысылмон у, уый, афтæ йæм балæбурынц, бастигъынц æй, ныхмæ сæм чи фæлæууа, уый та суанг маргæ дæр акæнынц. Сæ амæддаг чи баци, уыдонæн сеппæты ранымайæн дæр нал ис. Уæд уый цавæр цард ралæууыд? Афтæмæй хуымгæнæн æрæввахс.
642 Æмæ чи рауæнддзæн хуым кæнынмæ, кæд æмæ дæ цы минут амардзысты, дæ галтæ, дæ бæхтæ дын кæд байсдзысты, уый бæрæг нæу. Æппæт уыдæттыл æрдзурынмæ æмбырд кæнынц делегаттæ Цъæхтырсмæ. Мæ зæрдæмæ бæргæ нæ цæуы ахæм хъуыддаг, фæлæ мын иугæр хъæубæстæ кæм бафæдзæхстой, уым æнæ фæцæугæ дæр кæм ис...
643 Сæумæйæ Сисыхъæуæй арст стæм Цъæхтырсы съездмæ. Стæм æртæ делегаты. Астæуæй Одзоты Дрис бады хъазахъхъаг хъомыл саулохагыл, мах æй тыххæйты æййафæм нæхимæ дæлæмæдзыд хохаг аласатыл. Дрисы галиуырдыгæй цæуы Тедоты Тотырадз — дыккаг хистæр, æз та, кæстæр — йæ рахизырдыгæй.
644 Æгъдаумæ гæсгæ хистæрæн астæуæй цæугæ у. Æмæ уый хуымæтæджы нæу — ахæм уаг сæвзæрди незаманты, хæстытæн кæрон куы нæ уыдис, уæд. Суадон, хид кæнæ цæугæдон нæ размæ куыддæр фæвæййы, афтæ йыл æз балæгæрдын иннæты разæй, хистæр цæуы мæ фæдыл, уый фæдыл та — дыккаг хистæр.
645 Ирон адæм мин азы размæ дæр афтæ цыдаиккой, æвæццæгæн. Не ’ртæйыл дæр ис нæхимæ ирон тæбынæй цухъхъатæ, нымæттæ æмæ басылыхътæ. Нымæты æдде уæхсчытыл сты нæ хотыхтæ: мæнмæ — кæрæбин, иннæтæм — дæргъæй-дæргъмæ фондзæхстæттæ. Уазалгомау райсом у, æмæ мæхи нымæты тухын.
646 Мæ зæрдæмæ тынг цæуы уæйлаг нымæт — фæндагыл ын æмбал нæй, хуымæтæг æмæ удæнцой дзаума. Алцæй ныхмæ дæр ахъаз у — дымгæ, къæвда, уазал, тæвды. Бахъуыды сахат та дын цæттæ гобан æмæ хъæццул. Диссаг у, фæлæ дзы цыфæнды æнтæф бон дæр буарæн сатæг у.
647 — Кæм балхæдтай дæ нымæт? — цыма мын мæ хъуыдытæ бамбæрста, уыйау мæ фæрсы Дрис — Æлхæд нæу, Æна мын æй скодта Дрис уырзæй сгары нымæт: фаг æууæрст æмæ фаг бæзджын у, зæгъгæ Нымæты кæрон сфæлдæхта æмæ йæ бæрæг кæны — хур дзы иннæрдæм кæсы æви нæ.
648 — Ахъаззаджы нымæт. Кæсгон нымæтæй цауддæр нæу. — Ницы йын у, — загътон æз дæр. Мæхи цæстыты раз конд кæй у, уымæ гæсгæ йæ уæлдай æхсызгондæрæй дарын. Æнамæ æфснайд разынд хъæрæсейаг сау къуымбилы æнæхъæн чырын. Мæ сыздæхынмæ йыл фæцауæрста.
649 Бæстон ныхсадта къуымбил. Стæй ерджен райста, кæттаг ыл байтыдта æмæ йыл къуымбил æмхуызон фæлтæрæй æрæвæрдта. Уый фæстæ йыл æрæвæрдта хæрзæхсныст къуымбилы дыккаг фæлтæр. Хъæрмуст донæй йæ бапырх кодта. Стæй ерджен æд къуымбил батыхта æмæ йæ иннæ сылгоймæгтимæ æууæрдынтæ байдыдта.
650 Къуымбил дзæбæх куы фæхъæбæр, уæд æй ердженæй систой æмæ та йæ ногæй æууæрдынтæ байдыдтой. Ноджыдæр ма йæ иу хатт фæныкдонæй цæхсадта æмæ йæ сыгъдæг донæй сæнхъæвзта. Бахус æй кодта. Дзыгимæ та разынди тинтычъи тын, фæсивæдæй йын æй чидæр хохæй æрласта.
651 Тын ахæм фæлмæн уыди, æмæ йæ батух, уæд æй къухдарæны æнцонæй аластаис иннæрдæм. Йæ уæйгæнæг куыд загъта, афтæмæй йæ бауафынæн бахъуыди æртындæс æмæ астыссæдз сæгъы фист æрфасын. Дзыги мын дзы басылыхъ бахуыдта. Нымæты кой ахицæн. Дарддæр цæуæм æдзæмæй.
652 Хистæртæм æнхъæлмæ кæсын, фæлæ сæм дзурынвæнд нæй. Мигъ бæзджын бады быдыртыл. Иу хъуыды мæ æнæнцойæ æвдæрзы: уæддæр цæмæн фæдих сты ирон адæм пысылмæттæ æмæ чырыстæттыл? Схæцыны онг цæмæн фæфыдæх сты кæрæдзимæ? Суанг акъоппытæ къахынмæ бавнæлдтой хъæугæрæтты, ранæй-ран та сындзтелæй æрæхгæдтой.
653 Æхсæв æнæмæтæй ничиуал хуыссы. Дзæгъæл гæрæхтæ райхъуысы, æмæ адæм фæдисæй атындзынц хъæугæрæтты акъоппытæм. Хъус-хъус дзурынц: чырыстон ирæтты æмæ хъазахъхъы зæрды, дам, ис пысылмон ирæтты сæргæвдын, пысылмон ирæттæ та, дам, мæхъхъæл æмæ кæсæгмæ фæсидтысты æххуысмæ.
654 Хъæмпы бæстытимæ даргъ хъилтæ æрсагътой обæуттыл. Фæдисы рæстæг хъæмпыл арт сæндзарынц — сæдæ азы размæ Шамилы хæсты заман куыддæриддæр уыдис, афтæ. Уæд Кубанæй Терчы онг хъазахъхъаг станицæтæ ахæм хуызы фæдис кодтой иу иннæмæ. Цæвæг-иу марæджы нал æвзæрста.
655 Кæд-иу хохæгты стæр фæрæстмæ, уæд-иу сæ фæстæ ныууагътой судзгæ станицæтæ, хъазахъхъ та-иу донахизæнты сæ размæ бабадтысты. — Хуыцауы тыххæй, ныббарут мын, — дзурын хистæртæм. — Съездмæ бæргæ рараст стæм, фæлæ ирон адæм пысылмæттæ æмæ чырыстæттыл цæмæн фæдих сты, уымæн ницы æмбарын.
656 Нырма æрæджы сыздæхтæн нæхимæ æмæ хъуыддæгтæ нæма зонын, — зæгъын мæхи растгæнæгау. — Лæппу, æнхъæлыс, мах сын исты æмбарæм? — мæнырдæм разылди Дрис Йæ рахиз къухæй æрфас-æрфас кæны йæ сау фæтæн боцъо — Талынг адæм стæм мах, ды цас бакастæ скъолайы, уыйас нæ бакастыстæм.
657 Бæласы уидæгтæн дон куы нал вæййы, уæд йæ цъар куыд бахус вæййы, афтæ бахус нæ сæрымагъз. Уæд куыд хъуамæ бамбарæм абоны хабæрттæ? Хуыцау йеддæмæ сын чи цы зоны Йе ’рфгуытæ нылхынцъ сты, хъуыдыты аныгъуылди — Хуыцау нæ ралгъыста! — загъта æвиппайды хъæрæй.
658 — Ралгъыста! Ралгъыста! Ралгъитинаг та рагæй уыдыстæм — Цæй тыххæй нæ ралгъита, ахæмæй цы сарæзтам? — йæ ныхас кæд фæбæлвырддæр кæниды æнхъæлæй йæ къахын — Цæй тыххæй? — йæ сæр æруагъта Дрис — Цæй тыххæй? — ногæй та разылдис мæнырдæм — Хъус-ма, лæппу, мæ фыдыфыд мын цы радзырдта, уымæ.
659 Уый дæр æй йæ фыдыфыдæй фехъуыста. Хабар уартæ незаманты уыди. Нæ ирон адæмæн Азийы уыди сæхи паддзахад. Паддзахиуæг та дзы кодта зæронд лæг. Зæрондæн уыди фырт. Æмæ фырт йæ фыды ныхмæ сыстад. Æмæ кæрæдзиимæ хæцын райдыдтой. Дæргъвæтин рæстæг фæхæцыдысты æмæ адæмæй бирæты ныццагътой.
660 Гæныстон фестадысты дзæвгар горæттæ æмæ хъæутæ. Æппынфæстаг фыд фæуæлахиз фыртыл. Фырт йæ фарслæуджытимæ фæлыгъди Кавказмæ. Зæронд паддзах куы æркасти фырты бæллæхтæм, уæд ыл, кæимæ фæлыгъди, уыдонимæ фыдæлгъыст бафтыдта: «Кæрæдзи цæгъдæг уæ Хуыцау фæкæнæд фыдæй фыртмæ!.
661 Кæрæдзи ныхас макуы бамбарут! Æфсымæр æфсымæры марæг фæуæд, фырт та — йæ фыды марæг!» Æмæ нæ ныр раст уыцы фыдæлтыккон æлгъыст баййæфта Баййæфта Æндæр дын ницы зæгъын у мæ бон, лæппу Сæргуыбырæй ноджыдæр ма иу хатт сдзырдта йæ фындзы бын: — Æппындæр ын ницы зонын...
662 Ницы... — Æз æй зонын, нæ хорз хистæр, æз, — ныхас йæхимæ айста Тотырадз — сæнтсырх лæг, йæ цæсгом бæзджын хъуыны бын фæцис. — Зонын æй æз, — базмæлыд саргъы уæлæ. — Ныббар мын, нæ хорз хистæр, ды йæ нæ зоныс, фæлæ мæнæн цыма мæ армытъæпæныл ис, афтæ бæлвырд æй уынын.
663 — Дæ хъуынджын армыл кæд афтæ бæлвырдæй зыны... — худы Дрис. Тотырадзæн йæ армгæрæттæ æцæгæй дæр æнахуыр хъуынджын сты, фæлæ йæм хистæры хъазæн ныхас нæ хъуысы. — Зонын æй, мæ хуртæ, зонын... — Гъемæ йæ махæн дæр бацамон, — хаты йæм Дрис. — Хъаймæт райдыдта.
664 Сыгъдæг чингуыты загъд ис: «Ахæм бон ралæудзæн, æмæ адæм кæрæдзи нал æмбардзысты. Æфсымæр æфсымæримæ схæцдзæни». Тæккæ знон мын æй нæ зæронд хадзы бакаст иу бæзджын чиныджы. Æмæ æцæгдæр афтæ у. Дуне йæ бындзарæй нынкъуысыд. Афтæ у, бæгуыдæр.
665 Цæсты гагуыйау цы хъахъхъæдтам æмæ нæм сызгъæринæй зынаргъдæр цы уыдис, уыдæттæ нымады никæмæуал сты. Хъаймæт æмæ хъаймæт! Афтæ у бæгуыдæр Æфсымæр æфсымæры ныхмæ сыстад Фырт — йæ фыды ныхмæ Чызджытæ сæ цæсгом бахордтой æмæ хæтагсылтæй уæлдай нал сты.
666 Афтæ у, бæгуыдæр. Ахуыргонд нæ дæн æз, гимназты æмæ университетты нæ бакастæн, фæлæ уæддæр цыдæртæ æмбарынхъом дæн. Афтæ у, бæгуыдæр. Афтæ... — Гъемæ фæуæд афтæ дæр. Фæлæ цæуыл фæхæрам сты ирон адæм кæрæдзимæ — пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ? — Хъаймæт ралæууыди, дунейæн йæ кæрон æрцыд...
667 — райдыдта та Тотырадз. Нæй, ницы сын бамбарæн ис, дзæгъæлы сты мæ фæлтæрæнтæ. Дрис æрымысыд кæддæры хорз рæстæджытæ, ирон адæмы æхсæн — пысылмонæй, чырыстонæй — ницы хъауджы уыдис. Стæй нымайын райдыдта, сæ иу хай пысылмон кæмæн у, иннæ хай та чырыстон, ахæм мыггæгтæ.
668 Суанг-иу афтæ дæр рауад, æмæ мадызæнæг æфсымæртæй иу молло уыдис, иннæ та — сауджын. Æмæ тынг дзæбæх цардысты, хæларæй æмæ сабырæй. Ныр та кæрæдзимæ фесты. Хуыцауы æлгъыст, хъаймæт — уымæй дарддæр нæ цæуы зæрæдты ныхас. Цъæхтырсы хъæугæрон акъоппытæ разындысты.
669 Ницы фау æрхæссæн сæм ис — раст, хæсты быдыры чи вæййы, ахæмтæ. Уайтагъд мæзджыты кæртмæ бахæццæ стæм. Адæмæй дзы азмæлæнтæ нæй. Кæстæртæ нæ размæ рауадысты, дзыларбостæ райстой, æгъдæнцæйттыл хæцынц. Æрхызтыстæм. Бæхтæ, топпытæ, нымæттæ сæм радтам, нæхæдæг адæмырдæм ацыдыстæм.
670 Куыддæр сæм баввахс стæм, афтæ хистæртæ сæ бадæнтæй сыстадысты. — Салам-алейкум! — раарфæ сын кодта Дрис æмæ йæ къух риуы онг схаста — Алейкум-салам! — дзуапп радтой хистæртæ, иннæтæй ничи ницы дзуры Дрис æмæ Тотырадзы уайтагъд зæрæдты астæу сбадын кодтой, æз та фæсивæдырдæм баздæхтæн.
671 Амбырд мыл сты æмæ мæ цæмæй нæ бафарстой, ахæм нал баззад. Мæ кой амæй размæ дæр фехъуыстой. Мæ хæстон хабæрттæ æмæ фæндаггон хъизæмæрттæ сын зындгонд сты. Татианыхъæумæ куыд фæцыдтæн æмæ дзы æгадæй куыд раздæхтæн, уый дæр зонынц. Байхъус сæм, уæд мæнæй хъæбатырдæр нал ис.
672 Хинымæр мидбылты худын, фæлæ мын сæ ныхæстæ æхсызгон сты. Уæлдай æхсызгондæр та мын уымæн сты, æмæ бахъуыды заман иу-дыууæ сæдæйы мæ фæдыл æнæзивæгæй ацæудзысты, æмæ уый кæуылты тых у! Раст зæгъын хъæуы, сæ сæр мæ кæм бахъæудзæн, уый мæхæдæг дæр дзæбæх нæма æмбарын.
673 Скъолайы агъуыстмæ нæ бахуыдтой. Съездæн райдайыны афон у. Ирыстоны æппæт пысылмон хъæутæй дæр минæвæрттæ æрбацыд. Сæдæ делегаты бæрц. Æрмæст рæбыны хохаг хъæуты минæвæрттæ нæма сæмбæлдысты. Съезды фыццаг хатт дæн. Цымыдисæй кæсын делегаттæм.
674 Цымæ цавæр фæндтимæ æрбацыдысты ардæм? Цæмæ бæллынц? Фæстаг рæстæджы цаутæ сæ зондахастыл кæцырдæм фæзындысты? Сæ бакастæй сæ хъуыдытæн рахатæн нæй, фæлæ мидæгæй хæлбурцъ кæй кæнынц, уый бæрæг у Ирон адæмы ахæм райдзастхуызæй никуыма федтон.
675 — Абоны бонæн ферохгæнæн никуы уыдзæни, — хъуысы мæм делегатты иу къордæй. — Кæдæй-уæдæй пысылмæттæ бафидауынмæ æрæмбырд сты. — Рæстытæ дзурыс. Уæллæй, рæстытæ, — дзурынц алырдыгæй. — Хуыцау æй амондджын фæкæнæд нæ съезд æмæ Йæ хорзæх уæд нæ мæгуыр ирон адæмы.
676 Райхъуысыд дзæнгæрæг, æмæ делегаттæ басабыр сты. Зæрæдтæ рабадтысты раззаг рæнхъыты, æрыгæттæ — сæ фæсте. Съезд æмхъæлæсæй сæрдарæй равзæрста инæлар Дженалдыхъойы. Дунеон хæсты заман йæ ном арæх хъуысти. Секретарæй равзæрстой студент Мырзабеджы, къæйных кæсæнцæстджын лæппуйы.
677 Раст куы зæгъон, уæд бынтон мæ зæрдæмæ нæ цæуы ацы лæппу. Уæвгæ, студенттæм ахæм цæстæй кæсыныл сахуыр дæн, æфсæддон скъолайы ма куы ахуыр кодтон, уæдæй фæстæмæ. Æдзухдæр афтæ æнхъæлдтон, цыма студенттæ ахуыры бæсты сæхи тъыссынц политикæйы, ахсджиаг паддзахадон хъуыддæгты.
678 Чидæр фехъусын кодта: Бетъырбухæй Дзæуджыхъæумæ ссыди «нæхи Мæхæмæт» — стыр пысылмон архайæг, æнæмæнг æй æрбахонын хъæуы съездмæ. Фæндоныл сразы сты æмæ æмхъæлæсæй Мæхæмæты æмбырды кадджын уæнгæй равзæрстой. Æмбырд райдыдта цъæхтырсаг инæлары ныхасæй.
679 Инæларæн ис зæрдæмæдзæугæ цæсгом, бæрзонд тæрных. Уадултæ биноныг даст, рихитæ цыдыр æлвыд. Дзæнгæрæгыл йæ къух æрæвæрдта æмæ, адæм кæд басабыр уыдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсы. Ныццагъта йæ. Сыстад æмæ иронау дзурын райдыдта. Хаттæн йæ ныхас фæкъуыхцы вæййы, хаттæн дзы уырыссаг дзырдтæ дæр сирвæзы.
680 — Æбуалгъы хъуыддæгтæ цæуы Ирыстоны. Бамбарæн дæр æмæ сын ныббарæн дæр нæй. Ирон лæг сыстад ирон лæджы ныхмæ. Хохаг хохаджы ныхмæ. Знаджы нæ, фæлæ нæхи æфсымæрты туг кæлы. Хъус-хъус цы æвирхъауы хабæрттæ цæуы, уыдон адæмы удæнцойæ цæрын æмæ кусын нæ уадзынц.
681 Алчи дæр уæ бæстон ныхъхъуыды кæнæд, дарддæр куыд цæргæ у, ууыл. Иронимæ ироны тохæн дæр æмæ мæхъхъæлонимæ ироны тохæн дæр хъуамæ кæрон æвæрд æрцæуа. Канд ирон адæм нæ, фæлæ хохæгтæ иууылдæр хъуамæ цæрой иу бинонтау хæларæй. Куыд æмæ цы хуызы, ууыл ахъуыды кæнын та съезды хæс у.
682 Адæм хъуамæ фæндæгтыл ногæй æдасæй цæуын райдайой. Тепсыхъойыхъæуккæгтæн цы хуызы баххуыс чындæуа, уый дæр ахъуыдыйаг у. Ацы съездæн та мæ зæрдæ æнтыстджын куыст зæгъы канд ирон адæмы хорзæхæн нæ, фæлæ Кавказы æппæт хохæгты пайдайæн. Снысан кодтой съезды боны фæтк.
683 Ныхасгæнджытæ дзурынц иуæй иннæ æнкъарддæр хабæртты тыххæй. Уым кæмдæр бастыгътой, ам кæйдæр багæрах кодтой, аннæ ран чидæр фæцæф. Дарддæр афтæ цæрæн нал ис. Цалынмæ уыцы хабæрттæ кæнынц, уæдмæ дзырдарæхст бæргæ вæййынц, фæлæ хъуыддаг куыддæр «цы чындæуамæ» æрхæццæ вæййы, афтæ дзуапп никæмæ разыны.
684 Æмæ, æцæгдæр, цы чындæуа, кæд æиæ дын фыдгул нæй. Кæд ис, уæд та — кæм? Чи у? Цы йæ хъæуы? Чи йын разамынд дæтты? Куыд æмæ кæимæ бафидаугæ у? Делегаттæ дыууæ дихы кæй баисты, уый бæрæг у Иутæ зæгъынц: цыфæндыйæ дæр сабырæй æнæ цæргæ нæй Сæхæдæг сæхи бахъахъхъæнынмæ сарæхсдзысты.
685 Сæ фарсмæ чи æрлæууа, ахæм хæлæрттæ разындзæни. Сырхкъулæгтæй иу куы фæмард уа, уæд йæ бæсты дыууæ чырыстон ироны ссардзысты мæлæт. — Уе ’фсымæр ироныл æцæгæлон мæхъхъæлæтты æмæ кæсгæтты ардаудзыстут? — хъæр æм кæны чидæр йæ бынатæй — Цавæр ирон æфсымæрты кой кæныс!.
686 — цыма йæ туасæй исчи фæрæхуыста, уыйау йæ бынатæй фестад. Йæ цæстытæ цæхæртæ калынц, хъæлæсыдзагæй арауы: — Иунæг цытджын Хуыцауыл æмæ йæ пехуымпар Мæхæмæтыл чи æууæнды, æрмæст уыдон сты махæн æфсымæртæ. Чырыстон ирæттæй нæм мæхъхъæл æмæ кæсæг хæстæгдæр сты!.
687 Мæ хистæр Дрисæй рох нæу Сисыхъæуы сходы уынаффæ, хъæддыхæй дзуры, фидауыны фæндагыл æнæмæнг цæугæ у, зæгъгæ. Уымæн æмæ пысылмон ирæтты дадзинты дæр æмæ чырыстон ирæтты дадзинты дæр æхсиды иумæйаг фыдæлты туг, дзурынц иу æвзагыл, уыциу æгъдауыл хъомыл кæнынц сæ мады æхсыримæ...
688 — Æлгъыст фæуæд, нæ фæндагыл саугæды цæхгæрмæ кæд азгъордта, уыцы бон! — зæгъы Дрис — Сау гæды нæ, фæлæ хъазахъхъ, — хъæр æм кæнынц сырхкъулæгтæ Чырыстон хъæуты æхсæн аззайæг чысыл пысылмон хъæуы делегат дзуры, æрæджы сæ сыхæгты гæрзифтонг къордтæй сæ хъæуы астæуты куыд æрцæйцыдысты.
689 — Кæдæм цæут? Цавæр фæдис у? — фæрсæм нæ сыхæгты æмæ нын дзуапп радтой: «Кæдæм цæуæм, уый сымах хъуыддаг нæу, фæлæ рæхджы сымахмæ дæр фæзындзыстæм æмæ уын уæ мæзджыты цъуппыл ног мæйы бæсты дзуар æрсадздзыстæм» — Джауыртæ! Æнæхуыцау куыйтæ!.
690 — хъæр кæнынц алырдыгæй. Иуæй-иу делегаттæ сæ бынæттæй фестадысты. Бæстæ хъæр-хъæлæба ссис. Тыххæйты басабыр сты. Иутæ дзурынц: съезд фидыд куы нæ расида, уæд адæмы цард никуы банывыл уыдзæн. — Кæй аххосæй бахаудтой ахæм бæллæхы? — фæрсынц сырхкъулæгтæ — Тепсыхъойыхъæуы рагон знæгтæ.
691 Бацайдагъ быцæу. Кæйдæртæм гæсгæ алцыдæр тепсыхъойыхъæуккæгтæн сæхи азм у: мæхъхъæлон молло æнцад йæхицæн æрцæйцыд сæ уынгты, уыдон æй амардтой æмæ йын йæ хъус ралыг кодтой. Æмæ йын йæ мард афтæмæй радтой йæ хæстæджытæн — æнæ хъусæй. Хъус фесæфти.
692 Кæм ис йæ хъус? Æмбарут æй — хъус! Уæд исчи афтæ кæны? Ахæм æфхæрд чи хъуамæ ныббара? Иннæ хатт та ныррасыг сты æмæ иукъордæй тыхми бакодтой мæхъхъæлон зæронд усæн — уый дæр сæ уынгты æрцæйцыд Ахæм хъуыддæгтæ искуыдæр ма ныббарстæуыд? — Æмæ мах афтæ зæгъæм æмæ хорз бакодтой?.
693 Æппæт уыдæттæ Хуыцау дæр нæ ныббардзæни. Фæлæ мæхъхъæлы хабæрттæ рохгæнинаг не сты, — зæгъынц иннæтæ. — Фæндаггæтты размæ бабадынц, лæбурынц, стигъынц, давынц. Æмæ иу æмæ дыууæ хатты куы уаид, фæлæ алы бон дæр. Нæдæр быдырмæ ацæуæн ис, нæдæр базармæ.
694 Уæллæй, зæд дæр сæм нæ бауромдзæн йæхи, зæд. Æмæ та æнæкæрон радзур-бадзур бацайдагъ. Æризæр... Къласмæ цалдæр фæтæген цырагъы бахастой. Æнудæй сулæфæнтæ нæй. Сæр риссы. Мæхимæ мæсты кæнын райдыдтон: иуæй мæ рæстæг дзæгъæлы фесæфт, иннæмæй мæ бон ницы хъуыддаджы фæндон бахæссын у.
695 Чидæр хабаргæнæг фæцис: иннæ съездæй, чырыстæтты съездæй, минæвæрттæ æрбацыд æмæ æмбырдмæ бацæуыны бар курæг сты. «Уыцы джауыртæм» байхъусын æмбæлы æви нæ, уый фæдыл иуцасдæр фæрадзур-бадзуры фæстæ, съезд сразы, æмæ сæ скъоламæ æрбахуыдтой.
696 Минæвæрттæ сты дыууæ: хъæубæсты кадджындæр хистæр æмæ дзырдарæхст сауджын. Революцийы фæстæ сауджын йæ пæлæз аппæрста. Дуарæй куы æрбахызтысты, уæд сын иууылдæр сыстадысты. Стæй фæстæмæ сбадтысты. Минæвæрттæ салам дæттынц чырыстон ирæтты съезды номæй.
697 Тынг хъыг сын у, сæ съезды сæ пысылмон æфсымæртæй кæй ничи ис, уый. Съезд мæнæ мах æрбарвыста пысылмон ирæтты æрбахонынмæ æмæ сæм цалынмæ уæ делегаттæ бацæуой, уæдмæ йæ куыст баурæдта. Уæ хорзæхæй, нæ фæндоныл сразы ут æмæ тæккæ райсом иууылдæр иумæ ацæуæм Дукантыхъæумæ.
698 Сауджын дæргъвæтин рæстæг ныхас кæны, ирон адæм — пысылмонæй, чырыстонæй — æфсымæртæ кæй сты, уый тыххæй. Дзуры иттæг зæрдиагæй, фæлæ моллотæй æмæ хадзытæй кæйдæрты цæсгомыл бакæсæн ис: æгæр дæргъвæтин у йæ ныхас. Банафон. Адæм иууылдæр бафæлладысты.
699 Хъуыддаг райсоммæ аргъæвтой. Æмбырд ахицæн, фæлæ делегаттæй хæдзармæ ацæуыны фæнд никæмæ ис. Бакъордтæ-къордтæ сты. Быцæу ныхас бацайдагъ. Иутæ зæгъынц: чырыстæтты съездмæ цæугæ у, семæ бафидаудзыстæм æмæ æфсымæрты æхсæн хæстæн кæрон æрцæудзæн.
700 Иннæтæ зæгъынц: мæнæ ам, нæхи мидæг, бафидауынæн куы нæ стæм, уæд ма уырдæм цæй номыл уыдзæн нæ балц? Фыццæгтæм гæсгæ та цæугæ у Райсомæй ног хабар: æрцыд Мæхæмæт Делегаттæй иуæй-иутæ сæ зæрдæ дарынц — Мæхæмæт хъуыддаг равзардзæн, быцæутæн кæрон сæвæрдзæн.
701 — Ирон мады гуыбынæй уыйау сæрджын лæг нæма рацыди, — зæгъы чидæр. — Æцæг пысылмон цыдæриддæр уа, уый у. Фенын сын кæндзæни, чырыстæттимæ куыд æмдзæхтонгæнгæ у. Ссардтой мын æфсымæртæ... Фидауыны зондыл лæуд чи у, уыдон сæ сæртæ æруагътой: Мæхæмæт, æцæгдæр, мыййаг, фидауыны ныхмæ куы ныллæууа.
702 «Нæ, уымæн уæвæн нæй... Зондджын адæймаг куы у, хъуамæ бамбара, куы нæ бафидауæм, уæд хъуыддаг цæмæ æрцæудзæн, уый: Ирыстон туджы зæйты бын фæуыдзæн... Мах фарс уыдзæни цыфæндыйæ дæр». Мæхæмæт куы фæзынди, уæд ын адæм сарæзтой тыхджын къухæмдзæгъд.
703 Ныллæггомау саухил лæг, фæныкхуыз френч æмæ йыл галифе, цырыхъхъытæ. Хæрздаст. Рихитæ цыбыр æлвыд. Сæрдары стъолы фарсмæ лæууы æмæ, къухæмдзæгъд кæд фæуыдзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсы. Мæнæ уал уын революцийы хæрзтæй иу: ирон адæм къухæмдзæгъд кæнын базыдтой, фæткыл æй банымадтой.
704 Мæхæмæт раарфæ кодта, съездмæ йæ кæй æрбахуыдтой, уый тыххæй æмæ дзурын райдыдта: — Æз нырма хæрзæрæджы ссыдтæн ардæм. Хабæрттæ сеппæт нæма зонын, фæлæ цытæ фехъуыстон, уыдон мæ стыр сагъæсы æфтауынц. Канд Кавказы адæмтæ нæ, фæлæ нæхи ирон адæм дæр ныддихтæ сты æмæ сын хæст æргомæй бацайдагъ.
705 Дыууæ съезды сарæзтой — пысылмон æмæ чырыстон. Революци аразын, сæрибарыл тох истæмæн хъуыди, боныфæстагмæ, адæмы туг æнæсæрфатæй куы кæла, уæд? Цы хабар у? Кæй аххосæй фæдих сты ирон адæм? Аххосджыны ссарыны тыххæй хъуыддаг хъæуы лæмбынæг равзарын, съездæн та уыйбæрц рæстæг нæй.
706 Ныртæккæ сæвзæрди къорд æвæстиатæй лыггæнинаг фарстайы. Фыццаджы-фыццагдæр — чырыстæтты съездмæ цæугæ у æви нæ? Кæд нын цæугæ у, уæд цавæр фæндæттимæ, цавæр домæнтимæ? Мæнмæ гæсгæ, цæугæ у Кæд æмæ мемæ сразы уат, уæд цавæр домæнтæ æрæвæрдзыстæм?.
707 Мæхæмæт дæргъвæтин ныхасыл схæцыд Уæрæсейы революцийы, национ миниуджыты, интернационализмы миниуджыты тыххæй. Æрмæст дзæвгар фæдзурыны фæстæ бамбæрста: ам чи бады, уыдоны йæ ныхæстæ хъæугæ дæр ницæмæн кæнынц, хъаргæ дæр сæм нæ кæнынц... «Тæссармæ та йæ фæхæссы, — хъуыды кæнын хинымæр.
708 — Адон хуымæтæг ныхæстæй дзурын куыд нæ зонынц, уый мæм диссаг кæсы». — Ныр та уал цы стæм, уымæй баззайдзыстæм, чырыстæтты зæрдæмæ куы нæ цæуæм, уæддæр. Уымæ гæсгæ хъуыддаг лыггæнинаг у юридикон уагыл. — Разы стут, Ирон национ советы уæнгты æртыккаг хай пысылмæттæ цæмæй уой, уыцы домæн æрæвæрыныл?.
709 — фæрсы Мæхæмæт. — Стæм... Стæм... Куыннæ стæм! — хъуысы алырдыгæй — Уæдæ чырыстон ирæтты съезды цы домæнтæ æрæвæргæ сты, уыдонæй иу сбæлвырд Æххæстгонд куы æрцæуа, уæд нын уыдзæни нæ адæмы цард, уыимæ политикон цард дæр, бæлвырд фæндагыл аразыны фадат.
710 Фæлæ, сæ цард раст цæмæй ацæуа, уымæн хъæуынц æмбæлгæ физикон-экономикон уавæртæ. Уæрæсейы революци байста пъамељикты зæххытæ. Уырыссаг зæхкусджытæ зæхх райстой. Хохаг мæгуыр лæг зæхх райста? Нæ райста! Уымæн æмæ аграрон политикæйы бæсты ирон адæм лæуд уыдысты хъазахъхъаг политикæйыл.
711 Ирон мæгуыр лæг зæхх кæмæй хъуамæ райса, пъамељиктæ нæм куынæ ис, уæд? Зæхх райсæн ис æрмæст хъазахъхъы хæйттæй! Нæ фыдæлтæй рох нæма сты, колонизацион, стратегион æмæ русификаторон нысантимæ хохæгты зæххытыл хъазахъхъаг станицæтæ куы арæзтой, уыцы рæстæджытæ.
712 Уыдонæн лæвæрдтой хуыздæр зæххытæ. Хъазахъхъ æрæхгæдтой хохæй рацæуæнтæ.Уæрæсе-хæдхæцæг паддзахады хъæхъхъаг куыйты рæхысæй æрбастой, хохаджы зæрдæ æдзухдæр быдырмæ йæ бæттæнтæ кæцæй рæдывта, уыцы уынгæг кæмттæй рацæуæнты. Мах хъуамæ зæхх самал кæнæм, хохы чи баззад, нæ уыцы мæгуыр æфсымæртæн.
713 Уый тыххæй та æркуынæггæнинаг сты хъазахъхъы дзаджджын хæйттæ. Ахæм домæны бын сæ къух æрæвæрдзысты мæгуыр хохæгтæ иууылдæр. Афтæмæй арæмудздзыстæм ирон чырыстæтты æмæ хъазахъхъы фронт æмæ сараздзыстæм ирон чырыстон-пысылмон демократийы иумæйаг фронт.
714 Адæмæн зæхх куы раттæм, уæд баст æрцæудзысты революциимæ. Хъазахъхъы реакцион хайæ сæ рарæдувдзыстæм, æмæ реакци фæлæмæгъдæр уыдзæн.Нæ зæххыл æцæгæлæттæ куы нал уа, уæд æууæлтæ сараздзыстæм нæ национ организм сфидар кæнынæн æмæ нæ адæмы дарддæры тæккæ хуыздæр национ-культурон æмæ политикон рæзтæн...
715 — Хъазахъхъы зæххытæ æрлыгтæ кæныны фæрцы аграрон фарста алыг кæныны домæнимæ разы стут, æви нæ? — ногæй фæрсы Мæхæмæт — Стæм! Стæм! — хъуысы алырдыгæй — Уæдæ ахæм уыдзæни нæ дыккаг домæн Уыцы дыууæ хъуыддагыл куы бафидауæм, уæд дзы дарддæр зынæй ницуал уыдзæни.
716 Ноджыдæр бадомын хъæудзæн Ирон национ совет хъазахъхъаг Æрыдонæй Беслæныхъæумæ раивын, адæмон æгъдаумæ гæсгæ мæхъхъæлимæ бафидауын æмæ тепсыхъойыхъæуккæгтæн баххуыс кæнын. Кæронбæттæны Мæхæмæт ногæй фæрсы: — Мæ фæндæттимæ сеппæтимæ дæр разы стут?.
717 — Стæм! Стæм! — Съездмæ цæуæм? — Цæуæм! Цæуæм! — Иууылдæр цæуæм? — Иууылдæр! Иууылдæр! — Исчи ныхмæ у? — Ничи Иууылдæр разы стæм демæ Бузныг Дæ цæрæнбон бирæ Хуыцауы хорзæхæй хайджын у! — Уæдæ хъуыддаг лыг у! — президиумырдæм бакасти Мæхæмæт.
718 Йæ сæрæй акуывта æмæ иуварс ацыд. Ныннæрыд къухæмдзæгъд. Съезд æхгæдыл банымадтой. — Гъе, уый дын лæг, — сдзырдта делегаттæй чидæр мæ чъылдыммæ. — Хъуыддæгтæ иууылдæр алыг кодта уайтагъд. Мах та æнæхъæн къуыри радзур-бадзуры фæстæ дæр кæрæдзи нæ бамбæрстаиккам.
719 — Бæгуыдæр сæрæнгуырд у, — зæгъы иннæ. — Ахуыргонд лæг. Мæскуыйы дæр æмæ йæ Бетъырбухы дæр зонынц иууылдæр. Махонтæ йæ тагъд нæ баййафдзысты... Раст зæгъын хъæуы, йæ ныхæстæн сæ фылдæр нæ бамбæрстон, фæлæ бæрæг у — мах пайдайæн архайы. — худы чидæр.
720 — Кæд пысылмæттæ стут, уæд ма каст цæмæ у... Хъазуат хæсты бацæут, хъазуат... Уыцы чырыстон куыйты сæргæвдынæн йæ тæккæ афон у... Чидæртæ рагацау сдаудтой сæ хъаматæ... Ха-ха-ха! — Сæргæвдинаг сты æви нæ, уымæ нырма æркæсдзыстæм, — зæгъы хъуынтъызæрфыг сырхкъулаг.
721 Бæрæг у — Мæхæмæты ныхæстæ йæ зæрдæмæ нæ фæцыдысты. — Уæллæй, чырыстæттимæ нæ иу аджы куы сфыцат, уæддæр нæ бас нæ сæмхæццæ уыдзæн. — Цæуылнæ? Цæуылнæ сæмхæццæ уыдзæни? Иу адæм, иу туг-стæг не стæм, мыййаг? Сырхкъулаг ницуал сдзырдта Æмбары йæ: дзура, ма дзура — йæ ныхас æнæпайда уыдзæн.
722 Сыстад æмæ мæстыхуызæй иуварс ацыд. Мæхæмæты ныхæстæ мæ дызæрдыджы бафтыдтой. Йæ хъуыдытæй цыдæртæ æмбæрстгонд не сты, фæлæ дзы рæстытæ бирæ ис, бæрæг у — алцæуыл дæр бæстон ахъуыды кодта. Гъе, æрмæст Мæхæмæтимæ разы чи нæу, ахæм сырхкъулæгтæ иуырдыгæй дæр æмæ иннæрдыгæй дæр дзæвгар разындзæн.
723 Цы рауайдзæни, цымæ, нæ фæлтæрæнтæй? Цыфæнды дзы куы рауайа, уæддæр кæрæдзи бамбарыныл архайын хъæуы Ахæм сагъæстимæ скъолайы къæсæрæй рахызтæн иннæ делегаттимæ Кæрты рæнхъæй ралæууыдысты Куырттаты фæсивæд Съезды сæрдар инæлар сын арфæ кæны.
724 — Уе ’взонг хъарутæ Ирыстоны сæраппонд нывондæн æрхæссынмæ цæттæ кæй стут, уымæн адæм стыр аргъ кæнынц. Куырттатаг фæсивæд рагæй фæстæмæ дæр хъæбатыр уыдысты. Сымах иннæ кæмттæй хуыздæр бахъахъхъæдтат нæ фыдæлты рагон æгъдæуттæ, стут хиуылхæцгæ, коммæгæс æмæ сахъ.
725 Иры фæсивæды æхсæн æдзухдæр бæрæг дарут. Афтæ у абон дæр. Уымæ гæсгæ уын кæнын уæлдай зæрдиагдæр арфæтæ. Сымах æхсар ирон адæмы абоны хуызæн тынг никуыма бахъуыд, уымæн æмæ æппæт хъарутæй бацархайгæ у, пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ кæрæдзи цæмæй бамбарой, ууыл.
726 Алчидæр хъуамæ зона, иннæ хохаг адæмтимæ нын æфсымæртау æнæ цæргæ кæй нæй, уый. Уастырджийы уазæг ут кæддæриддæр! — йæ ныхас фæцис инæлар Куырттаты фæсивæд æм хъусынц æдзæмæй, сæ бынаты сагъдау лæууынц фондзæхстæттыл фидар хæцгæ Цæсты фæныкъуылдмæ æнæ уынæрæй фестадысты сæ бæхтыл.
727 Хистæртæн рахиз къухæй салам радтой, дзыларбосыл хæцгæ бæхты фæрстæ уæрджытæй балхъывтой, стæй сæ цæхгæр фæзылдтой æмæ дыгæйттæ-дыгæйттæй тымыгъау цыдæр æрбаисты гæдыбæлæсты къохы фале. Адæм барджыты фæстæ кæсгæ баззадысты. — Уый дын лæппутæ, гъе!.
728 — Тæхудиаг сты, ахæм фæсивæд кæмæ ис! — хъуысы алырдыгæй — Сæ туг хъазы, сæ туг! — бафиппайдта чидæр — Æмæ дæуæн цæуылнæ хъазы? — худы йыл иннæ — Дæсны сты, æвæдза, бæхыл бадынмæ Фæлæ давынмæ та ноджы дæсныдæр сты — Федтат, лæппутæ, хи куыд даргæ у, уый?.
729 — хъæр кæны тымбылкъухыйас тарсырх фындзы хицау зæронд. — Мах æй куыд зонæм, дæ фындз дæр æй афтæ куы зонид, — дзуапп ын радта дæргъындзæг лæппу æмæ фондзæхстон йæ уæхскмæ уæлдæр сæппæрста. — Æдзæсгом! Исчи дæр ма хистæрмæ афтæтæ уæнды? Куыдзы хъыбыл!.
730 Фындзы хицау адæмы æхсæн фæныгъуылди. Дардæй æрбайхъуысти куырттатæгты зарын. Цъæхснаг хъæлæс æй арвмæ фат суадзæгау уæлиау систа, æмæ йын иннæтæ бæзджын бахъырныдтой. Зарæджы ныхæстæн дардмæ равзарæн нæй. Фæлæ иууылдæр æмбарæм — райгуырæн бæсты сæрвæлтау тохы хъæбатырæй чи фæмард, уыдоны кадæн у.
731 Æнкъард, фæлæ уыцы иу рæстæг ныфсæфтауæг зарæг. Æмæ йын алчи хинымæр хъырны. Изæры мæ инæлар сæхимæ ахуыдта. Цалдæр зæрдæлхæнæн ныхасы фæстæ загъта: — Æнæ туркæгты æххуысæй ницы бакæндзыстæм. — Дзæбæх дæ не ’мбарын — туркæгтæ та кæцырдыгæй хъæуынц?.
732 — Хабар дæрдты хæлиугæнинаг нæу. Æз дæ хибарæй аныхас кæнынмæ æрбахуыдтон. — Инæлары хъæлæс фæмынæгдæр. — Куыд мын фехъусын кодтой, афтæмæй, туркæгтæ Фæскавказы сæ хъуыддаг куы бакæной, уæд сæ Цæгат Кавказмæ хъæуы. Æмæ тынг хорз уыдзæни. Дæумæ та куыд кæсы?.
733 — Мæ бон дын ницы зæгъын у. Амы уавæримæ нырма дзæбæх зонгæ нæма дæн. Мæнмæ гæсгæ, бынтон ныссуйтæ уыдзыстæм. Туркæгтæ ацæудзысты, мах та ам баззайдзыстæм, æмæ дарддæр куыд уыдзысты нæ хъуыддæгтæ? Туркæгтæ Цæгат Кавказмæ æрбацæуынарæзт кæй сты, уый мæ зæрдæмæ нæ цæуы.
734 Фæлæ инæлар райгонд у. Куыд нымайы, афтæмæй туркæгтæ большевикты фæсурдзысты æмæ фидар æгъдау сæвæрдзысты. Туркæгтæ æгъдауыл лæуд сты, мах адæммæ та уаг æппындæр нал ис, æмæ сын туркаг æгъдау зонды хос разындзæн... Инæлары кæртæй куыддæр рахызтæн, афтæ хæрхæмбæлд фестæм Мырзабегимæ.
735 Сæрæнхуыз æмæ къæйныхарæзт лæппу. Бæстондæр æй æрфæрстытæ æмбæлы, революцийы фæстæ Ирыстоны цытæ æрцыди, уыдæттæй. Ныхасгæнгæ цæуæм. Дзырдуарзаг разынди Мырзабег. — О-о, революци тынг дзæбæх райдыдта. Адæм æвиппайды фендæрхуызон сты. Хылкъахæг, давæг, стигъæг нал уыди.
736 Æнаккæгтæ иузаман сæ сæр ногæй сдардтой, фæлæ адæм сæхæдæг æрцахстой хуыснæджыты сеппæты дæр æмæ сæ хицауады къухтæм радтой. Æнæмæт рæстæг, хъыгагæн, бирæ нæ ахаста. Нæхи аххосæй райдыдтой фыдбылызтæ ногæй. Зоныс æй? — Нæ зонын Фыццаг хатт ын хъусын йæ мыггаг.
737 — Бавдæлд æмæ хуыснæджыты сеппæты дæр рауагъта. Ног цард, дам, райдыдта. Давджытæ, дам, сæ кæнон ныууадзынæй зæрдæ бавæрдтой. Уыдоны дæр ма уымæй хуыздæр цы хъуыди. Уайтагъд сæ куыстмæ бавнæлдтой. Чи сæ æрцахста, уыдонæй сæ маст исынц ныр.
738 Фыдгæнджыты ных бакъуырынмæ чи нæ сарæхст, уыцы хицауад фегад адæмы цæсты. Давджыты æрцахс, хицауады къухмæ сæ ратт æмæ сын цыфыддæр знаг фест, стæй сæ уæд уыцы хицауад ахæстæттæй рауадзæд æмæ урсиуæг кæнæнт... — Æдылы ми йын уыди тынг. Кæмæй йæ схуыдтай?.
739 — Къимоны-фырт. — Ау, æмæ цы кусы, уый не ’мбæрста? — Куыннæ йæ æмбæрста! Адæмы æхсæн æй йæ кой айхъуысын фæндыди — Æмæ хуыздæр ницы æрцахста йæ сæр? Давджытимæ сæмдзæхтон у, райгондæй дæ баззайæд, адæмæн та къах сæ роны — Æмæ ууыл дæр ма куы æрлæууыдаид.
740 Хъус дарддæр. Дзæуджыхъæуы хохæгты иумæйаг съезды фæстæ сарæзтой Иугонд хохæгты цæдисы Центрон комитет. Къимоны-фырт куыддæр Ирыстоны комиссар ссис, афтæ комитеты ныхмæ тохы бацыд æмæ ирон адæммæ гæххæттыл фыст сидт рауагъта. — Цæмæн? Цалдæр лæппулæджы нæ цурмæ æрбацыдысты.
741 Семæ Гагуыдз дæр — æфсæддон скъолайы иумæ ахуыр кодтам. Мырзабег фæхъус. — Чи дзы уыдис уыцы советы? — фæрсын æй — Ирæттæ æмæ иннæ хохæгтæ дзы уыдысты? — Нæ уыдысты Фæсчъылдымы æфсæддон хæйтты салдæттæй йæ сæвзæрстой, цавæрдæр пензæйæгтæй æмæ тамбовæгтæй.
742 Сæ сæргъы та лæууыдысты, æппындæр кæй ничи зыдта, ахæм æцæгæлæттæ, цалдæр гуырдзиаджы æмæ дзуттаджы. Уыцы оргæн бынæттон адæмимæ æппындæр ницæмæй баст уыди, афтæмæй йæ схуыдтой революцийы «зонд», стæй ма ноджы цыдæр. Хорз, æмæ бирæ нæ ахаста.
743 Мæнæ сæм дзы Гагуыдз ахъаззаг балæвæрдта, — худы Мырзабег. — Цы уыди, Гагуыдз, цы бакуыстай? — æрхостон ын йæ уæхск Ницы йын æмбарын, цы хъуамæ бакуыстаид ацы хиуылхæцгæ æмæ коммæгæс афицер Асæй бæрзонд нæу, фæлæ къабазджын, йæ къахайст — барæджы хæлиувад.
744 — Йæ ракойы аргъ дæр нæу, — ауыгъта йæ къух. — Цæуылнæ, цæ? Ме ’рцыдмæ ам цытæ арæзтат, уыдæттæ æз дæр хъуамæ зонон Бирæ лæгъстæ йын нæ бахъуыди Куыд радзырдта, афтæмæй йæ дивизийы штабæй Армавирмæ арвыстой ирон бригадæн бæхтæ сласынмæ Ацыди.
745 Бæхтæ райста. Поездмæ сæ баргъæвта æмæ йе ’мбæлттимæ рацæуынмæ хъавыд, фæлæ фыдбылызау фысымуат «Цæгатаджы» афæстиат. Уым та æрбынатон депутатты совет. Цавæрдæр салдат æм æрбацыд æмæ йын загъта: — Депутатты советмæ дæ агурынц. — Депутатты советимæ æз æппындæр никæцырдыгæй баст дæн.
746 Кæд дзы искæй хъæуын, уæд мæм рацæуæд ардæм, — дзуапп ын радта Гагуыдз. Цалдæр минуты фæстæ йæм советы сæрдар йæхæдæг æрбацыд. — Бæхтæ кæмæй райстай? — Кавказы бæхты заводы хицауæй, — дзуапп радта Гагуыдз æмæ йæм йæ гæххæтт равдыста — Цæуæм-ма, уæдæ, мемæ, — зæгъы советы сæрдар.
747 — Хорз. Фысымуатæй иумæ рацыдысты. Дзоныгъы бабадтысты. Сæ разæй дæр æмæ сæ фæстæ дæр иннæ дзоныгъты бадынц гæрзифтонг салдæттæ. Банафон. Изæры дæс саахаты бæрц уыдаид. Фысымуаты цур дæр лæууынц хотыхджын салдæттæ. — Цы сбæндæн дæ уыцы куыдзæйгуырдимæ?.
748 Агæрах æй кæнæм, æмæ фæци! — хъæр кæны салдæтты æхсæнæй цавæрдæр матрос Гагуыдзæн йæ наган цухъхъайы дысы æмбæхст уыди Советы сæрдары риумæ йæ сарæзта æмæ йæм сабыргай сдзырдта: — Иунæг салдат дæр дзоныгъмæ æмгæрон куы æрбацæуа, уæд фыццаг нæмыг дæ зæрдæйы ахиздзæн.
749 — Басабыр ут, æмбæлттæ! Æдылы ныхæстæм ма хъусут! — ахъæр кодта салдæттырдæм сæрдар Бæхты заводы хицау булкъонмæ бацыдысты — Бæхтæ ды радтай? — фæрсы йæ сæрдар — Æз — Æмæ сæ советы æвастæй цæмæн радтай? — Мæ уæлдæр хицауады барлæвæрдмæ гæсгæ, — дзуапп радта булкъон.
750 — Уæдæ мемæ цæуæм депутатты советмæ. Æрбаздæхтысты. Булкъоны советмæ акодтой, Гагуыдз та йæ уаты фæмидæг. Цы чындæуа? Йæ амондæн, Армавиры милицæйы хицау разынди ирон лæппу Хъаугъайы тыххæй йæм фæхабар кодтой, æмæ фысымуатмæ æрбацыд Хабар куыд рауад, уымæй Гагуыдзы фæфарста.
751 Депутатты советмæ ацыд æмæ цасдæр рæстæджы фæстæ сæрдаримæ фæзынд. — Уæ хотыхтæ æрæвæрут, — зæгъынц милицæйы хицау æмæ советы сæрдар. Гагуыдз не сразы. Æхсæвы иу сахатмæ фæхъаугъа кодтой. Фысымуаты алыварс лæууынц салдæттæ. Пулеметтæ æрæвæрдтой.
752 Армавиры гарнизоны фынддæс мин æфсæддоны ныхмæ куыд ис æрлæууын дæ зæрды? Дæуæн та цал сты дæ лæппутæ? Дæс æмæ ссæдз? Гъемæ æнæхъуаджы фæцагъды уыдзысты Гагуыдз ницуал загъта Йæ лæппутæй иуыл цухъхъа æмæ уæлдзарм худы бæсты уыди цинел æмæ æфсæддон худ.
753 Гагуыдз æй, поезд кæд æрбацæудзæн, уый бæрæггæнæг арвыста. Лæппу æрбаздæхт æмæ радзырдта: поезд æрæджы кæны, вагзал та салдæттæй йæ тæккæ дзаг у. Салдæттæ кæрæдзи дзыхæйисгæ дзурынц: «Цавæрдæр цæцæйнæгтæ æрбацыдысты æмæ сæ зæрды уыдис бæхтæ адавын.
754 Фæлæ сæ къухы ницы бафтыд. Сæ хотыхтæ дæр сын байстой æмæ бæхтæ дæр... Кæсгæ сæм нал у — ныццæгъдинаг сты... Абон куы нæ уа, уæддæр сæ райсом фехсдзыстæм...» Гагуыдз æй ногæй арвыста вагзалмæ, поезды æрбацыдмæ æнхъæлмæ кæсынмæ. Сæхæдæг катайгæнгæ бадынц.
755 Поезд æрбахæццæ æрмæст райсомы фондз сахатыл. Уазал, мит тымыгъ хæссы. Салдæттæй кæмæн куыд гæнæн уыдис, афтæ йæ сæр бафснайдта хъармы. Гагуыдз æмæ йæ адæм æнæуынæрæй рацыдысты фысымуатæй. Вагзалы хъæдын æмбондыл бахылдысты æмæ поезды бабадтысты.
756 Æрмæст изæргæрæтты æрбахæццæ сты Прохладнæмæ. Гагуыдзмæ хъазахъхъ балæбурдтой: — Вагæтты дæ адæм сты? Цæцæн? Гагуыдз сæ барæй алы вагæтты бæргæ сбадын кодта, фæлæ сæ хъазахъхъ уайтагъд ссардтой — Мæн адæм сты Цы хабар у? Æрмæст цæцæн не сты, фæлæ ирæттæ.
757 — Уæлдай нæу махæн, цæцæн стут, æви ирон. Тæтæр! — Цы хабар у? — Мах сымахимæ схæцыдыстæм æмæ уæ уымæ гæсгæ исæм уацары Уый дын хъуыддаг! Вагоны куыд дзырдтой, афтæмæй тæккæ знон хъазахъхъ поездæй раргъæвтой, Мæздæгмæ сæхимæ чи цыд, ахæм ирон афицеры æмæ йæ уæнггай бакодтой.
758 Хабар хорз нæу. Исты æрхъуыды хъæуы. — Хистæр уын чи у? — бафарста Гагуыдз Йæ цурмæ иу хъазахъхъаг æрбацыди Гагуыдз æм иуварс асидт æмæ йæм йе ’вдисæндар равдыста — Бакæс æй Хъазахъхъаг бакаст: «хъазахъхъаг полчъы дæлесаул» Сæ фæндаг адардтой.
759 Мыртазаты бамбæлдысты ирон афицерты къордыл. Нырма ныртæккæ баныгæдтой се ’мбалы — хъазахъхъ уæнггай кæй бакодтой, уыцы афицеры æмæ мæстæй фыцынц. Гагуыдз сын йæ хабæрттæ куы радзырдта, уæд сæ маст ноджы тынгдæр сæхсысти. Салдæттæ агурæг апырх сты вагæттыл.
760 Æртыккаг къласы вагоны ссардтой иу фыдцъылыз салдаты. «Æ, мæнæ... Дæ тæккæ мадæн... Хæцæнгарз дæм ис?» «Гæххæтт мæм ис» Хафт — йæ хæмхудтæн «Гæххæттæй дæ ничи фæрсы Хæцæнгарз дæм ис æви нæй?» Салдат сæм наган радта, гæххæтт дæр сын сæ къухы фæсагъта.
761 Гæххæтты фыст — булкъон Соколов. «Раздæр нын æй цæуылнæ загътай? Салдаты цинелы цæмæн дæ?» «Хуыцауыстæн, ницуал ын æмбарын, кæм цы дзургæ у æмæ цавæр фæлыст даргæ у Иу ран салдаты цинелы хуыздæр у, иннæ ран та уый тыххæй нæмгæ кæнынц» Хатыр дзы ракуырдтой, йæ ливор ын фæстæмæ радтой.
762 Гагуыдз схæццæ Дзæуджыхъæумæ. Хабæрттæ куыд рауадысты, уый фæдыл рапорт ныффыста полчъы командирмæ. Командир æй загъды бын фæкодта, хæцæнгарз, дам, цæмæн раттат, ахæм афицерæн, дам, полчъы бынат нæй. — Хорз, — загъта Гагуыдз. — Æфсадæй ацæуыны тыххæй курдиат бадæтдзынæн.
763 Йæхæдæг депутатты советмæ ацыди. Сæрдар доктор Швилиимæ фембæлди. Армавиры хабæрттæ йын радзырдта æмæ дзы ракуырдта, хæцæнгарз фæстæмæ райсыныл бацархай, зæгъгæ. Уый йæм нывыл дæр нæ байхъуыста, афтæмæй фæцæйцыд. — Гъемæ хорз. Уæд та, уæ комитеты æмбырд кæд уыдзæн, уый мын зæгъ.
764 — Дæуæн та цы уæлдай у? — Мæ зæрды дзы доклад скæнын ис — Цавæр доклад? — Уый мæхи хъуыддаг у Райсом изæрæй æхсæз сахатыл уыдзæни комитеты æмбырд, зæгъгæ, йын загъта Швили Дыккаг бон изæрæй Гагуыдз сæдæ ирон æфсæддонимæ араст депутатты советы бæстыхаймæ.
765 Мидæмæ бацыд. Æмбырд йæ тæккæ тынгыл у. Сæрдары бынаты бады доктор Швили, йæ фарсмæ — йæ хæдивæг, цавæрдæр «идзе» æмæ иннæтæ. Доктор Кискин доклад кæны, Пур-Гвинойы цæхæрадоны пролетарон клуб сæхгæнгæ у æви нæ, уый тыххæй. Ирон фæсивæды куы федтой, уæд иууылдæр сæ бынæттæй фæгæппытæ ластой.
766 Гагуыдз президиумы стъолмæ бацыд, мацæуыл тыхсут сын загъта, æрмæст мæм байхъусут. Армавиры цытæ рауади, уыдæттæ сын радзырдта. — Депутатты советы сæрдарæй куырдтон хæцæнгарз фæстæмæ райсыныл бацархайын, фæлæ мæм æгæр-мæгуыр нывыл хъусгæ дæр нæ бакодта.
767 Уымæ гæсгæ æз ахсын президиумы уæнгты сеппæты дæр, æмæ цалынмæ советы уæнгтæй исчи Армавирмæ ацæуа æмæ нын нæ хæцæнгарз сласа, уæдмæ сæ нæ рауадздзынæн. Гагуыдз бадомдта хæцæнгарзы æфтауцуаты дæгъæлтæ, æмæ йын сæ уайтагъд радтой. Æфсæддонтæ президиумы алыварс æрлæууыдысты æмæ сæ акодтой.
768 Доктор Швилийы йæ хæдивæгимæ æмæ се ’ртыккаг æмбалимæ — цавæрдæр фæскавказаг центры сæрдаримæ — къарцы бакодта, доктор Кискины æмæ иннæты та Фыццаг ирон полкъмæ акодтой. Куыд дзырдтой, афтæмæй доктор Кискин æхсæвы сдойны, æмæ йæ дзыларæфтыдæй Теркмæ акодтой дон ын бадарынмæ.
769 Гагуыдз Иры национ советмæ ацыд. Къæсæрæй куыд бахызт, афтæ сæрдар дæр телефонæй ныхасгонд фæцис, æмæ мæстджынæй сдзырдта: — Æнаккæгтæ! Нæ адæм нырма ныртæккæ æрцахстой кусджытæ æмæ салдæтты депутатты совет — Чи? Куыд? — фæрсынц æй алырдыгæй.
770 Гагуыдз цасдæр æнцад фæлæууыд, стæй загъта: æз æрцахстон кусджытæ æмæ салдæтты депутатты совет. Æмæ сæ цæй тыххæй æрцахста, уый сын дзурын райдыдта. — Æмæ махæй бар ракуырдтай, ахсынмæ сæм куы цыдтæ, уæд? — хъæр самадта доктор Бабайы-фырт — Уыцы фарстæн дзуапп дæттинаг нæ дæн, — загъта Гагуыдз.
771 — Бабын нæ кодтай! Дæу аххосæй ирон адæм æгасæй дæр фесæфдзысты, — бафиппайдта чидæр — Æз дæр уын уый зæгъынмæ æрбацыдтæн: ахсгæ сæ æз æркодтон, ирон адæм дзы ницы аххосджын сты, æмæ дзуапп дæр мæхæдæг ратдзынæн — Рауадз сæ — Армавирæй нæ хæцæнгарз цалынмæ сласой, уæдмæ сæ нæ рауадздзынæн.
772 — Æмæ куы нæ сласой хæцæнгарз, уæд та? — афарста йæ Бабайы-фырт — Уæд та сæ Цæнгæт хиды фанартыл æрцауындздзынæн, — дзуапп радта Гагуыдз æмæ рацыди Цалдæр сахаты фæстæ Иры национ советы уæнгтæ фæзындысты фысымуат «Францы» Уыцы рæстæг уым уыдысты дыууæ ирон полчъы æвзæрст барджытæ.
773 Советы уæнгтæ сын дзурын райдыдтой, ахстыты рауадзут, зæгъгæ. Барджытæ не сразы сты. Полчъы командир Гагуыдзмæ фæсидт æмæ загъд систа: — Цытæ кусыс уый?! Адæмы хивæндæй ахсыс æмæ æцæгæлæтты полчъы къазармайы дарыс — Иу дæр сæ къазармайы нæй, кæйдæр хæдзары сты.
774 — Рапорт ныффыс полкъæй ацæуыны тыххæй. Гагуыдз бабадт, ныффыста æмæ йæ полчъы командирмæ радта. Куы рацæйцыд, уæд федта: командир гæххæтт аскъуыдта. Фысымуатмæ æрбаздæхти Гагуыдз. Национ советы уæнгты уым баййæфта. Райсомы цыппар сахаты онг барджытæн фæлæгъстæ кодтой ахстыты рауадзыны тыххæй.
775 Уыцы рæстæг телефонæй фехъусын кодтой, полчъы командиры бардзырдмæ гæсгæ ахстыты рауагътой, зæгъгæ. Национ советы уæнгтæн тынг фæхъыг, ахстыты уыдоны курдиатмæ гæсгæ нæ, фæлæ цавæрдæр булкъоны бардзырдмæ гæсгæ кæй рауагътой, уый. ... Æнафоны фæцис йæ хабæрттæ конд Гагуыдз.
776 Хъæу бафынæй. Хæрзæхсæв загътам æмæ рацыдыстæм... Афтæ ма дзы ныззыгъуыммæтæ уа. Зæрдæниз сты иууылдæр... Дукантыхъæумæ бахæццæ стæм. Ам цæуы чырыстæтты съезд. Хъæу нæ, фæлæ йæ горæт куы схонæм, уæд растдæр уыдзæни: Ирыстоны базарады артдзæст, сæудæджерты æмæ фæливджыты ахстон.
777 Уынгтæ чъизи, æдзæллаг. Кæрæдзимæ хæстæг амад фыхдур æмæ цъæхсæр хæдзæрттæ. Дуканитæ, дуканитæ æмæ дуканитæ. Аргъуан. Скъолайы егъау бæстыхай. Уынгты астæу цъымаратæ змæнтынц æлгъаг дзæргъытæ сæ хъыбылтимæ. Ирон хъæуы астæу сæ уындæй зæрдæ хæссы.
778 Адæмыл пинджактæ æмæ теглахудтæ. Нæ размæ чи фæвæййы, уый нæм цымыдисæй ныккæсы. Къордгæйттæй бадынц сисрæбынты. Бынатæй сæнкъуысыны æмæ æгъдаумæ гæсгæ фæндаггæттæн салам раттыны зонд сæ иумæ дæр нæй. Хохаг уæздандзинадæн сæм йæ кой дæр нал ис, сæ фезмæлд — базаргæнæджы талф-тулф.
779 Æрдæгирон, æрдæгуырыссаг. Дукантыхъæуы фыццаг хатт дæн, æмæ, съезд кæм цæуы, уымæн ницы æмбарын. Сисрæбыны къордтæй иумæ баздæхтæн. — Уæ бон хорз! Цымæ съезд кæм цæуы? Дыууæ донхуыз цæсты мæм æдзынæг кæсынц — Хуыцау йæ зонæг, æвдæлон бæр-бæр кæм кæндзыстут.
780 Исты пайда куы уаид, бæргæ. Æнхъæлдæн, уæллаг скъолайы уыдзæн, — сдзырдта та былалгъæй, йе ’мбалырдæм азылд, æмæ сæ ныхас дарддæр кæнынц. — Цы мæрддаг адæм стут, уæ хорзæхæй? — нал сæм баурæдтон мæхи — Ирон туг, æвæццæгæн, иунæг æртах дæр нал баззад уæ дадзинты.
781 — Уый цавæр цæсгом у? Æгъдау æппындæр нал æмбарут? Исчи дæр ма уазджытимæ афтæ дзуры? Мæ мæстæлгъæд ныхас кæронмæ нæма ахæццæ, афтæ иууылдæр сæ бынæттæй фестадысты æмæ хатыртæ курын райдыдтой Æз та æнхъæлдтон, загъд нын бацайдагъ уыдзæни — Бахатыр кæн, фæрæдыдыстæм.
782 Раст зæгъыс — цæй ирæттæ ма ис махæй? Нæ фыдæлты æгъдау рох кæнын байдыдтам Сæ иу фæрæвдз немæ, скъола кæм ис, уый бацамонынмæ Дард цæуын æм нæ бахъуыд Скъолайы тæккæ стырдæр уатмæ адæмæй къах бавæрæн нал ис, фæлæ æмбырд нæма райдыдта Хид æмæ фысдзармы тæф фындзыхуынчъытæ ныццавта.
783 Фæрсырдыгæй уаты дуарæй залмæ кæсынц цавæрдæр чызджытæ — æвæццæгæн, ахуыргæнджытæ. — Байрæджы кодтай, Албег... Байрæджы! — Ау, райдыдтат? — йæ къух райстон хорыхъæуккаг ахуыргæнæгæн — Нæ, æмбырдмæ дын нæ байрæджы, фæлæ махонтæ хицæн уаты бакъорд сты рагацау æрдзурынмæ.
784 Ныртæккæ сæ ардæм хъæуы. — Уæдæ сæм ам банхъæлмæ кæсдзынæн. Цытæ цæуы, цытæ, ам? — Нæ хъуыддæгтæ нын чи нæма зоны, уыдонæн дзы бирæ диссæгтæ разындзæни Фыццаджы-фыццагдæр, æрбамбырд сты керменты разагъды лæгтæ иууылдæр Тохмæ æрцæттæ кодтой сæхи.
785 — Керменисттæ? Уыдон та ма дзы кæцытæй сты? — Ау, керменистты нæма зоныс? Чермены зарæг никуы фехъуыстай? Дыгуронау æй Кермен хонынц — Чермены зарæг та куыннæ фехъуыстон! — Гъемæ, уæдæ, уыцы æрдхæрæн хъæбатыры ном райстой сæхицæн Кæйдæр номы аууон æмбæхсынц, афтæмæй сæм ирон миниуæгæй ницы ис.
786 — Уæдæ цы æнхъæл уыдыстут хинæйдзаг дыгурæн? Мæнгæн нæ фæзæгъынц: дыгур, дам, суанг хæйрæджы дæр афæлывтой Дыгурон хос кæрдынмæ ацыди Хæйрæг дæр фæзынди кæцæйдæр Дыгурон куыд кæрды, уымæ кæсы Стæй февнæлдта, йæхицæн хъæдын цæвæг ацарæзта æмæ кæрдыныл балæууыд.
787 Дыгурон цалдæр цъыхырайы абыдта, йæ къæхтæ дзы æлхынцъбаст акодта æмæ дарддæр кæрды. Хæйрæг дæр æй бафæзмыдта — цъыхыратæ стыдта æмæ йæ къæхтæ æлхынцъ бабаста. Дыгурон йæ баст цæвæгæй адзæнгæл ласта. Хæйрæг дæр бæргæ февнæлдта, æмæ хъæдын цæвæгæй цы алыг кодтаид.
788 Йæ къæхтæ бастæй фæцæйлыгъд, фæлæ йæ дыгурон æрцахста æмæ дзы йæхицæн кусæг сарæзта. Æмæ иугæр хæйрæджы кæм афæлывтой дыгур, уым ирон адæмы цæуылнæ хъуамæ афæливой? — Омæ, уæддæр, цавæр керменисттæ сты æмæ чи уыди Чермен? — Хъæбатыр лæппу уыди Чермен, фæлæ йæ иуахæмы бафхæрдтой.
789 Чермен кæмдæр балцы уыд, афтæмæй мыггаг сæ зæххытæ байуæрстой, æцæг дзы Черменæн хай нæ бакодтой. Балцæй куы æрбаздæхти, уæд йæ мады кæугæ баййæфта. Чермен æй фæрсы: цæуыл кæуыс, нана? Мад ын радзырдта, зæххытæ, дам, байуæрстой, махмæ та дзы хай не ’рхауди.
790 Ныр афтæмæй куыд цæрдзыстæм? Чермен йæ мады басабыртæ кодта, æнæ зæххæй нæ баззайдзыстæм, зæгъгæ, йын зæрдæ бавæрдта Хуымгæнæнтæ ралæууыдысты Мыггагæй алчи йæ хай бахуым кодта Чермен быдырмæ ацыд æмæ хуымгæндæй йæхицæн равзæрста Галтæ сифтыгъта æмæ, йæ зæрдæмæ цы хай фæцыд, уый цæхгæрмæ афæлдæхта.
791 Афтæ райдыдта зæххы тыххæй Чермены тох йе ’фхæрджытимæ. Сæ бон ын æппындæр ницы уыди. Æфхæрджытæй иуы амардта, дыккаджы, æртыккаджы. Æмæ йыл уæд хинæй рацæуынвæнд скодтой. Черменимæ бафидыдтой, сæхæдæг та æнхъæлмæ кæсынц, сæ маст райсыны фадат сын кæд фæуыдзæн, уымæ.
792 Иуахæмы Чермены семæ асайдтой Кæсæгæй рæгъау раскъæрынмæ. Кæмдæр æрлæууыдысты. Черменæн загътой: «Бæласмæ схиз æмæ афæлгæс». Чермен йæ хæцæнгарз бæласы бын ныууагъта, йæхæдæг бæласмæ схызт. Æмæ йæ уырдæм сгæрах кодтой. Адæм Черменыл хъæбатыры зарæг скодтой.
793 Цалдæр æрыгон дыгуроны йæ ном тырысайæн райстой æмæ сæ парти сарæзтой — «Кермен». — Октябры фæфæлдæхты фæстæ Бетъырбухы большевикон газеты ставд дамгъæтæй мыхуыргонд уыди телеграммæ — ирон революцион-демократон парти «Кермены» арфæ. Æз ма ахъуыды кодтон, цымæ, зæгъын, цавæр парти уа?.
794 Уæдæ уыцы «Кермен» у, уыцы. Ирон большевикты парти. Ноджыдæр ма уæм исты политикон парти ис? — фæрсын хорыхъæуккаджы — Нæй, æндæр нæм ницы парти ис Куыддæр мæм диссаг фæкасти Куыд æмбарын, афтæмæй большевиктæ сты кусæг къласы парти æмæ, йæ размæ цы нысантæ æвæры, уыдон сты кусæг къласы нысантæ.
795 — Зæгъ-ма, Хуыцауы хорзæхæй, ирон адæммæ кусæг кълас ис? — фæрсын дарддæр — Цæй кусæг кълас нæм ис! — зæгъы уый — Кусæг кълас кæй хоныс? — Фабрикты æмæ заводты чи кусы, уыдоны —А-а Уæлладжыры нæм æвзист æмæ здыйы æрзæткъахæнтæ ис, фæлæ ныртæккæ нæ кусынц.
796 Йæ заманы дзы мин ироны бæрц куыстаид, — худы хорыхъæуккаг. Фæлæ дзы æз худæгæй ницы уынын. — Цæуыл худыс? — Æвиппайды нæ бамбæрстон дæ фарст Æвæццæгæн мæ ирон кусджыты тыххæй бафарстаис Куыд дæм кæсын, афтæмæй æнхъæлыс, æмæ «Кермен» Ирыстоны кусджыты номæй архайы, — æмæ та ногæй худын райдыдта.
797 — Уæдæ куыд? — Афтæ бæргæ хъуамæ уаид, фæлæ се ’хсæн иунæг кусæг дæр нæй Ирон адæм иууылдæр хуымгæнæг куы сты, уæд нæм кусджытæ кæцæй ис Стæй фабриктæ æмæ заводтæ Грознайæ фæстæмæ æгас Цæгат Кавказы дæр куы нæй — Фæуæд афтæ Æмæ хъæууон æххуырстытæ та?.
798 — Хъæууон æххуырстытæ та вæййынц пъамељиктæм. Махмæ та кæм уыныс пъамељикты егъау хæдзарæдтæ? — Омæ нæм мæгуыртæ дæр нæй? — Мæгуыртæ та нæм куыннæ ис! Хæдзар ницы хъуаг феййафы, алцæмæй дæр æххæст вæййы, фæлæ æфсымæртæ иуахæмы байуарынц, æмæ уæд гæвзыкмæ æрцæуы хæдзар дæр.
799 Науæд бинонты дарæджы ахæстоны бакодтой... Бирæ цæмæдæртæм гæсгæ смæгуыр вæййы кæрт. Фæлæ диссаг уый у, æмæ йæхи фæллойæ чи цæры, уыцы мæгуыртæ «Кермены» партимæ нæ цæуынц. Чи дзы ис, уыдон иууылдæр сты раздæры горæтаг дзыпкъахджытæ, къамæйхъазджытæ, сæудæджертæ æмæ æндæр цæстфæлдахджытæ.
800 — Сæудæджертæ дæр, зæгъыс? — Æмæ дзы æппæтæй фылдæр уыдон куы сты Ныртæккæ нартхорæй зын сæудæджергæнæн у, æмæ революцийæ сæудæджермæ бавнæлдтой Хорыхъæуккаг куыд зæгъы, афтæмæй «Кермен»-ы партимæ йæхи чидæриддæр ныффыссы, уымæн алы мæй дæр дæттынц æхца, уæдæ сæм сæкæр, хъуымац, фæтæген дæр æрхауы.
801 — Афтæ зæгъинаг дæ, æмæ партимæ æхца дæттыны бæсты сын сæхицæн фидынц? — Уæдæ куыд æнхъæлыс? Æнæуи уæдæ чи ныффысдзæн йæхи уыцы партимæ? Æхца сын горæтæй æрласынц Мыхуыргæнæн тæрх ма дзы хуыздæр цæмæн ис? Уыцы æввонгхорты хæссынæн Уыдонæн та къæркъæргæнаг дзыхъхъынног æхца дæттынц.
802 Уæртæ-ма уыцы господины æвджид кæд бакæнæм нæхи, — хорыхъæуккаг йæ цæстытæй ацамыдта тыргъы къуыммæ. Уым лæууыдис ацæргæ хæрзвидауц лæг; фæсивæд ыл æрæмбырд сты. — Чи у? — Нымад лæг у, съезды делегат Мæнгæхцайы фабричы хицау, — бахудти хорыхъæуккаг.
803 — Æцæгдæр у мæнгæхцагæнæг? Цымыдисæй йæм кæсын Адæймаг цы вæййы, уый Сатæгсау фæтæн боцъо Аив дарæс Бæрзондхъус цырыхъхъытæ Уый дын хъуыддаг, гъе: мæнгæхцагæнæгимæ иумæ дæ адæмы хъысмæт лыг кæныныл схæц, дзурын мæхицæн Йæ куыст, æвæццæгæн, кадджын у.
804 Кæсыс, фæсивæд куыд лæгъстæхуызæй ныхас кæнынц йемæ. Хорыхъæуккаг дарддæр дзуры хабæрттæ. Ирыстоны мæнгæхцайы æртæ фабричы ис. Æвзæр нæ кусынц. Се ’хцайы фылдæр хай цæуы Балхъармæ. Мæнг æхцатæй фос балхæнынц æмæ йæ ардæм сыскъæрынц. Уымæй хуыздæр мадзал нæй ныртæккæ цыбыр рæстæгмæ схъæздыгæн.
805 Раст зæгъын хъæуы, бынтон æдас куыст нæу. Лæбургæ дæр дæм бакæндзысты, дæ фос дæр дын байсдзысты. Амарыныл дæр нæ бацауæрддзысты. Ахæм хабæрттæ дæр уыди. Æниу, ныртæккæ рæстæг ахæм у. Фæлæ а нæхимæ мæнг æхцайы фабриктæ назранæгты никуы аййафдзысты.
806 Махонтæ æрмæст Терчы бæстæйы æхцатæ аразынц, мæхъхъæл та — æппæтуæрæсейон æхцатæ. Æвæджиауы дæсны сты, уæллæй! Куыд зæгъынц, афтæмæй сæм иу уырыссаг кусы паддзахадон æхцауадзæнæй Суанг Бетъырбухæй ссыд Дæрдты æххæссынц тынг Пысылмон делегаттæ æрбахæццæ сты, сæ разæй — Мæхæмæт.
807 Иуууылдæр иумæ бацыдыстæм залмæ. Делегатты иу хай нын сыстад, иннæтæ бадгæ баззадысты. Æвæццæгæн сæм фыдæлты æгъдау тынг кадджын нал у. — Ацы Хуыцауы æлгъыст пысылмæттæ семæ дардмæхсæн сармадзан «Бертæ» æрбаластой, — сусæгæй дзуры чидæр мæ чъылдыммæ.
808 — Зæххæй хæрдмæ нæ зыны, афтæмæй, дам, йе ’взаг хъамайæ цыргъдæр у, — зæгъы иннæ. Мæ худын тыххæйты уромын. — Уыныс, сæрдары бынаты чи бады, уый? — разылди мæм хорыхъæуккаг ахуыргæнæг — Уынын Къæдзæхыйас лæг цавæрдæр хуызивд френчы, пыхцылсæр, цыргъдзæсгом, тъæпæнфындз.
809 Дыууæ æнгуылдзæй фындзыхуынчъытыл хæцы, афтæмæй æрфу-æрфу кæны йæ фындзы. Æвæццæгæн ын цæнуд æмæ йæ асыгъдæгыл архайы. Иу хуыррытт ныккодта, дыккаг, стæй йæ уæрæх армытъæпæнæй йæ фист боцъо æрдаудта. Галиу къухы амонæн æнгуылдз йæ хъусы батъыста æмæ йæ къахы.
810 Æппæт уыцы æдзæлгъæд митæй мын рагацау фенад. — Чи у, чи? — фæрсын ахуыргæнæджы — Куыд чи? Æвдакат Къимоны-фырт — Къимоны-фырт Раст куы зæгъон, уæд мæ зæрдæмæ тынг нæ цæуы — Æмæ кæй зæрдæмæ цæуы? Ирыстоны бæллæхтæ иууылдæр уый аххос сты — Цæмæн?.
811 — Ау, нæ йæ ’мбарыс? — Мæ-гъа Йæ хабæрттæй йын цыдæртæ æрыхъуыстон Æнхъæлдæн æмæ уый ардыдта адæмы, Иугонд хохæгты цæдисы центрон комитетмæ ма хъусут, фæлæ Дзæуджыхъæуы депутатты советмæ, зæгъгæ Мырзабег мын радзырдта уыдæттæ — Æмæ йын чи цы зыдта?.
812 Хинæйдзаг у тынг. Революцийы райдайæны йæхицæй социал-демократдæр нæ уыди, куыддæр сæ куы хуыдтой — меньшевик-оборонец. Октябры фæфæлдæхты фæстæ та ссис æндæр социал-демократ-интернационалист. Уый та ма дзы кæцытæй у, уымæн ницы æмбарын. Фæсаууонæй ацы Къимоны-фырт дæтты разамынд керменисттæн...
813 — Фæсауууонæй? — О, æргомæй йæ нæ фæнды Хинæйдзаг сты ацы дыгур — Омæ, цæмæн фæсаууонæй та? — Алцыдæр ын биноныг нымад у Мыййаг, большевикты куы фæсурой, уæд зæгъдзæн: «Æз нæ уыдтæн, гæды уыди» Ныртæккæ та уал дзы социал-демократ-интернационалистæй хуыздæр никæмæн у.
814 Æвæццæгæн, æгас Ирыстоны дыууæ адæймаджы дæр нæ разындзæн, цы амоны, уый чи æмбары, ахæмтæ. Мæнæ йæ ды æмбарыс? — Ирон адæмæн йæ бамбарыны афон нæма ралæууыд, æвæццæгæн, — бафиппайдтон æз Мæхæмæт сыстад æмæ пысылмæтты номæй ныхасы бар ракуырдта.
815 Адæм базмæлыдысты. Сæ къубал ивазынц: стæ-ма, цавæр у уыцы Мæхæмæт? Мæхæмæтæн ныхасы бар радтой Рацыд æмæ сындæггай йæ цæст хæссы делегаттыл, йæ ныхмæ уæлдай хъæддыхдæрæй чи дзурдзæн, уыдоны агурæгау Керменисттыл куы æрхæцыд йæ цæст, уæд сæм комкоммæ ныккасти.
816 Йе ’рфгуытæ фелхынцъ сты. Йæ галиу уадул æмæ цæсты бын фенцъылдтæ. — Цъæхтырсы нырма ныр ахицæн пысылмон ирæтты съезд, — дзурын райдыдта Мæхæмæт. — Мæнæн фæдзæхст у, цы уынаффæ рахаста, уый сымахæн фехъусын кæнын. Кæд мын бар радтат, уæд уынаффæ бакæсыны размæ зæгъинаг дæн цалдæр хъуыдыйы.
817 — Зæгъ... Зæгъ... Хъусæм дæм... — Æз æрмæст знон схæццæ дæн Бетъырбухæй. Уæрæсейы иу кæронæй иннæмæ фæцыдтæн. Фæндагыл цытæ федтон, уыдæттæм гæсгæ уын зæгъын: сайд уыл ма ’рцæуæд, фыдæнхъæлæй уæхи бахизут. Сымахмæ сидынц ног революцион Уæрæсеимæ уæхи бабæттынмæ.
818 Æз та уын зæгъын: ахæм Уæрæсе нырма нæма ис. Бæргæ, куы уаид, фæлæ нæй. Æз бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтон. Паддзахы ахæстæтты бирæ хъизæмар бавзæрстон, ног Уæрæсе саразыны сæраппонд ме ’рыгон тыхтæ æнæхъæнæй дæр куы лæвæрдтон, уæд. Сæ равзæрст минæвæртты нæ бахъахъхъæдтой адæм.
819 Ныр та йæ бахъахъхъæныны фæнд кæмæ ис, уый йын æцæгдзинадæй знаг у, æмæ йæ реакцион мидис æмбæхсы Бындурæвæрæг æмбырды тырысайы аууон. Демократийы бон нæ бацис ахæм революцийы рохтыл æрхæцын. Тæккæ æнæхатырдæр æмæ æдзæсгомдæр адæмы къорд фæпайда кодта фадатæй æмæ центрон хицауад байста йæхицæн.
820 Уыцы къорд йæ размæ æвæры æрмæст иунæг хæс — алыхуызон фæливæнты, тыхмийы, терроры æмæ æндæрты фæрцы йæ хицаудзинад цыфæндыйæ дæр бахъахъхъæныны хæс, æлгъ ницæмæй зоны. Уымæн æмæ хорз æмбары: хицаудзинад сæ къухæй куыддæр фæхауа, афтæ сæ сæртæ къуырд æрцæудзысты.
821 Бирæ дзæнгæда цæгъдынц социализмы бæллиццаг паддзахады тыххæй, уæвгæ та сæ зонгуытыл хилынц, уырыссаг адæймаджы риуы цы хъæддаг сырд æрыхъал, уый раз. Бахъахъхъæныны æмæ аирвæзыны тыххæй цæгатырдæм дзæгъæлы уыдзæни уæ каст! Цыфæнды фæут, зæгъгæ, уыл сæ къух раджы ауыгътой.
822 Æрмæстдæр уæхæдæг хъуамæ басагъæс кæнат уæхиуыл. Сымах армыдзаг йеддæмæ не стут, ирон адæм, фæфæлдаæхынæввонг чысыл бæлæгъ, уым та уырыссаг знæт фурд абухы. Йæ уылæн уæ былгæроны къæдзæхыл бакъуырдзæн æмæ бæлæгъ базгъæлæнтæ уыдзæни. Кæд мæнæ ацы хъуымызбыл фæсивæд сты уæ разамонджытæ...
823 — Æфхæрыны бар дын нæй... Æфхæрыны бар дын нæй! — хъуысы керменистты дзолгъо — уæд фидæны хорзæй мацæмæ æнхъæлмæ кæсут! Сымах бафхæрын мæнæн мæ хъуыдыйы кæрон дæр нæй Фæлæ сымах æнхъæлут — ам цъапп, уым цъапп — æмæ социализм цæттæ у Æдылы фæндтæ!.
824 Æз та Хуыцауæй уый курæг дæн, æмæ хуымæтæджы демократизм куы сæвæриккам. Стæй нæм демократизм дæр хъуамæ арæзт æрцæуа нæ цардыуаджы æууæлтæм гæсгæ. Уæрæсейæ куы ссæйцыдтæн, уæд вагоны рудзынгæй федтон, Тепсыхъойы-хъæуы фæздæг уæларвмæ пиллонæй куыд калди, уый.
825 Ир æмæ мæхъхъæлы быцæуы аххосæй рауади бæллæх, уый мын куы радзырдтой, уæд бамбæрстон, нæ армыдзаг хохаг адæмтæ сæ зондцух разамонджыты æнæсæр миты амæддаг баисты. Пысылмæттæ æмæ чырыстæттæ фæбыцæу сты. Æдылытæ! Пысылмон дин дæр æмæ чырыстон дин дæр ихсыд дзабыртау аппардзысты?.
826 Науæд пысылмон адæймаджы чырыстоны хуызæн чи скæндзæн? Иу кæнæ иннæ адæймаг дин куы ныууадзы æмæ атеист куы свæййы, уæд æнхъæлут æмæ пысылмон кæнæ чырыстон нал вæййы? Куыннæ стæй! — Æгæр дæрдты ахæцыдтæ! — хъæр кæнынц керменисттæ — Хъуыддаджы фæдыл дзур, хъуыддаджы!.
827 — Уыдæттæ, сымах куыд æнхъæлут, уымæй хæстæгдæр сты хъуыддагмæ, — зæгъы Мæхæмæт. Керменисттæ уæддæр не ’нцайынц. — Куырмуырытау уæ къуындæг хуынчъыты рахилæнтæй дарддæр ницы уынут! — смæсты Мæхæмæт — Дзур дарддæр, дзур! — хъуысы алырдыгæй Уыдон нырма ныр райхъал сты уырыссаг революцийы фæрцы.
828 Чырыстон ирæттæ пысылмæтты ныхмæ дзæгъæлы æрлæууыдысты. Кæд, мыййаг, уырыссаг адæмы, хъазахъхъы æххуысыл сæ зæрдæ дарынц? Стыр сайд сыл æрцæудзæни! Тепсыхъойыхъæу сæ рох ма уæд — Туркаг агент! Панисламист! Никæй фæтæрсын кæндзынæ ам! Де ’ртхъирæнтæ нæм нымады дæр не сты!.
829 Мауал æм хъусут! Сæрдариуæггæнæг йæхи хъары адæмы басабыр кæныныл Керменисттæ гыбар-гыбур самадтой партæтæй, сæ къухтæ хойынц Сæ хъыллист цæуы Иннæ делегаттæ дзæбæх не ’мбарынц, ныхас цæуыл у, уый, æмæ æнцад бадынц Керменистты хъæлæба сæ зæрдæмæ нæ цæуы, сæ сæртæ уайдзæфгæнæгау банкъуысынц.
830 — Æрратæ сты, æви... Тыхамæлттæй басабыр сты адæм. — Туракг агент... Панисламист... Панисламист, зæгъут? — Мæхæмæты дæндæгтæ базыхъхъыр сты, исдуг фæхъус — Нæ, æз туркаг агент нæ дæн Æз дæн пысылмон фæллойгæнæг дзыллæты агент Уыдон та сты æртæсæдæ милуаны.
831 Хадзытыл, пашатыл æмæ султантыл нæу мæ ныхас, фæлæ дывæр æфхæрд пысылмон мæгуыр дзыллæтыл, иуырдыгæй сæ æфхæры ныгуылæйнаг чырыстон, растдæрæй та — мæнгчырыстон, дуне, иннæрдыгæй та — сæхи кълассон знæгтæ. — нæры Мæхæмæты хъæлæс, йæ цæстытæ æрттивынц.
832 — Ныр та уал рахизæм сæфты къахыл лæуд ирон адæмы тæккæ стырдæр лыггæнинаг фарстамæ, — фæмынæгдæр йæ хъæлæс. — Куыд дзурынц, афтæмæй кæцыфæнды æхсæнадон тохы бындуры дæр ис экономикæ. Фæлæ чырыстон ирæттæ пысылмон ирæтты ныхмæ æрлæууой, уымæн цавæр экономикон бындур ис?.
833 Æз ахæмæй ницы зонын. Чырыстон ирæттæ хъазахъмæ, пысылмон ирæттæ та мæхъхъæлмæ здæхт сты æрмæст сæ динмæ гæсгæ. Хъазахъхъимæ чырыстæтты ныртæккæйы цæдис иннæ хохæгтæм нымад у афтæ, æмæ иумæйаг хъуыддагыл гадзрахатæй рацыдысты. — Революцийыл гадзрахатæй ничи рацыд!.
834 — хъуысы керменисттырдыгæй. — Хъазахъхъимæ цæдис ныртæккæ революцийыл гадзрахатæй уæлдай нæу, — дзуапп сын дæтты Мæхæмæт. — Революци хохаг мæгуыртæн хъуамæ зæхх ратта, хъазахъхъ та сты пъамељиктæ. Æмæ уæдæ сæхи мæгуыр адæмы минæвæрттæ чи хоны, уыдон пъамељиктимæ цæдисы фарс цы хуызы лæууынц?.
835 Бынтон ныхмæвæрд экономикон интерестæ кæмæн ис, дыууæ ахæм æхсæнадон къорды искуыдæр ма иумæйаг цæдис саразынц? Дин экономикæйæ уæлдæр æвæрд æрцыди Уый та уын революцийы куырмæлхынцъытæ! Ахæм уавæры сыгъдæгдзæсгом адæймаг пысылмæттæн куыд хъуамæ бауайдзæф кæна, сæ адæмыл гадзрахатæй цæуынæй?.
836 — Гадзрахатæй цæуджытæ сты! — хъæр кæнынц сæ бынæттæй тепсыхъойыхъæуккæгтæ, — махæн баххуысы бæсты мæхъхъæлимæ иумæ стыгътой нæ хъæу Пысылмон делегаттæ фестадысты æмæ хъавынц ацæуынмæ Сæрдар сæ тыххæйты басабыр кодта — Нæхицæн саразгæ цы у, уый нæ бæсты исчи бакæндзæн, уымæ æнхъæлмæгæсгæ нæу.
837 Уый фæстæ Мæхæмæт бакасти пысылмæтты съезды уынаффæ, лæмбынæг дзуры йæ алы уагæвæрды тыххæй дæр. Фæлæ йæм æз нал хъусын. Мæ хъуыдытæ сты йæ раныхасыл. Цыдæр ныхлæуддзинад дзы цыма уыди, афтæ мæм кæсы, фæлæ цы уыдаид, уый мæ сæр дзæбæх нæ ахсы.
838 Уæдмæ оратортæ иу иннæйы ивынц. Йæ рихитæ здухгæ, йæ фындзæй хуыррыттытæгæнгæ Къимоны-фырт белыхъæды стæвдæн æнгуылдзæй амоны Мæхæмæтырдæм: — Афтæмæй уыцы лæг йæхи социалист хоны! Æхсæнады дих кæны динмæ гæсгæ — пысылмæттыл æмæ чырыстæттыл, цавæрдæр пысылмон парти саразынмæ хъавы.
839 Адæмты кæрæдзийыл ардауæг социалист: хъазахъхъы зæххытæ, дам, байсæм æмæ сæ мæгуыр хохæгтæн раттæм. Иу фæллойгæнæг дзыллæ фæсуринаг æмæ сын сæ бынаты æндæр дзыллæ æрцæрынгæнинаг у. Аграрон фарста ахæм хуызы алыг кæныны фæндагыл мах, æцæг социалисттæ, никуы æрлæудзыстæм.
840 Мæгуыр хохæгты æрцæрын кæндзыстæм фæллойгæнæг адæмы зæххытыл нæ, фæлæ æрмæстдæр уæгъд зæххытыл. — Кæм? Астрæханы быдырты? Бузныг! — йæ бынатæй сдзырдта Мæхæмæт Адæм ныххудтысты — Гæнæн куы нал уа, уæд Астрæхæны быдырты дæр Уый хыгъд йæ зæххæй никæй сыстын кæндзыстæм...
841 Иннæ оратор ноджы карздæрæй дзуры хъазахъхъы сæрыл, уыдон, дам, нын æрхастой уырыссаг ахуырад, уыдон нын бацамыдтой картоф садзын, уыдон æрбахастой Чырыстийы рухс хæхбæстæм. Хъазахъхъ нын куы нал уой, уæд талынгæй баззайдзыстæм... — Мæхъхъæлимæ, дам, цæдис саразæм!.
842 — зæгъы æртыккаг оратор. — Æмæ æнамонд тепсыхъойыхъæуккæгтæн та цы ис Мæхæмæты зæрды? Сидзæртæн æмæ сидзæргæстæн цы бахæрын кæндзæн? Зæхх сын кæм ратдзæн æмæ сын хæдзæрттæ цæмæй сараздзæн? Ногæй та мæ сæр срысти Диссаг у, фæлæ дæргъвæтин ныхæстæм хъусын мæ бон нæу.
843 Мæ къæмисæнты цæлхъ-цæлхъ цæуы, цæсгом судзы. Скъолайы кæртмæ рахызтæн. Хур ныгуылæнырдæм фæкъул, йæ тынтæ адæймаджы рæвдауынц. Кæрты къуымы — тихалæг бæлæстæ. Сæ быны цалдæр æрыгон лæппуйы дзуццæджы бадынц æмæ сын зæрдиаг ныхас бацайдагъ цæуылдæр.
844 Съезды цытæ цæуы, уыдон сæм, æвæццæгæн, нымады дæр не сты. Кæрты иннæ къуыммæ араст дæн. Кæрдæг дзæвгар суади, йæ гауыз хъулон дары урс, æрвгъуыз æмæ бур дидинджытæй. Скъолайы чъылдымæй хъуысы цæугæдоны хæл-хæл. Уыцырдыгæй скъоламæ нæуæндонхуызæй æрбацæуынц чызджытæ.
845 Сæ фæдыл кæсын. Бæстæ у сабыр... Скъолайы кæрты æрцарæзтой дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ — дуртыл æвæрд фæйнæджытæ. Бандонæн та — къодæхтæ. Съезд ахицæн, æмæ хъæубæстæ æгъдау дæттынц уазджытæн. Фынгты уæлхъус бадынц æртæсæдæ адæймаджы бæрц. Алы фынджы сæрыл дæр — урсбоцъо зæронд, иннæтæ — куыдхистæрæй.
846 Фæсивæд кæстæриуæг кæнынц: иутæ хæссынц æмæ фынгтыл æвæрынц уæливыхтæ, стуры фыд, нурыдзæхтон, цыхт, раззаг хуылфыдзаумæттæй физонджытæ; иннæтæ дзагдарæй лæууынц, агуывзæты двайно уадзынц. Алы фынгæн дæр — йæхи хистæр, гаджидау рауадзы æмæ йын уым дæлæмæ аммен фæзæгъынц.
847 — Сисут уæ нуазæнтæ æмæ хистæрмæ байхъусæм! — Хуыцау нæ кæрæдзийы зæрдæхудты макуы бацæуын кæнæд! — Кæрæдзийы хорз хабæрттæ цы хъусæм, Хуыцау нын ахæм амонд раттæд! — Хоры Уациллайы хорзæх уæд нæ алкæй дæр! Мæ чъылдыммæ кæмæндæр тыххæй дарынц: — Уый мæ мард фенæд, чи йæ нæ бануаза!.
848 — Тобæ, æстафырæллæх, цытæ дзурыс! Никуы фæнуазын — Бануаз æй, нæ уыныс — иууылдæр махмæ æнхъæлмæ кæсынц — Сомыгонд дæн, нæ йæ бануаздзынæн — Цæй, уыцы иуæй дæ сомыйыл ницы æрцæудзæн Дæхи тыххæй нæ — мах тыххæй йæ бануаз — Ма мын æй дарут!.
849 — Цæй, дæ къухмæ йæ уæд та райс. — Ныууадзут мæ, цæй! Æнæ райсгæ йæ нæ ныууагътой — Сыгъдæг пысылмон цы уа, уый у — арахъхъ нæ нуазы Ламаз кæнынæй йæ уæрджытæ баихсыдысты — Уый йæ бар йæхи у Дæ былтыл æй сдар Æгъдау нæ зоныс, æви? Æнæбары йæ схаста йæ былтæм æмæ агуывзæ дзагдармæ алæвæрдта.
850 Дзагдар дзы æртагъта æмæ йæ сыгъдæг пысылмоны сыхагмæ радта. — Нæ хистæр цыдæриддæр ракуывта, уыдон иууылдæр Хуыцаумæ фехъуысæнт, — кувынц иннæ фынгыл. — Кæрæдзи уарзынæй хуыздæр ницы ис зæххыл æмæ кæрæдзи уарзынхъом куыд уæм, уыцы амонд Хуыцау раттæд нæ гыццыл адæмæн!.
851 — Чи ’рхъуыды кодта, чи — пысылмæттæ, чырыстæттæ? — сцырын гæлдæрджын дæлæмæдзыд лæг; бæгæныйы боцкъайыл ауыгъдæй уæлдай нæу йæ хъама — Фынгыл куы æрбадæм æмæ агуывзæ куы сисæм, уæд иууылдæр иунæг ирон Хуыцаумæ кувæм — пысылмонæй, чырыстонæй...
852 — Ай-гъай... Ай-гъай... Рæстытæ дзурыс, уæллæй, Гацыр, гуыбынниз дæ адава... Худынц. Хæрынц. Нуазынц. Сойæдзаг æнгуылдзтæ асдæрынц, къухтæ зæнгæйттыл кæнæ кæрдæгыл асæрфынц æмæ та ногæй фынгмæ æрæвналынц. Цæсгæмттæ сырххъулон баисты, иу иннæйæн ныхасы бар нал дæтты — арахъхъ йæхион кæны.
853 Кæд сыстонджы дæн æмæ мæм алырдыгæй хатынц, уæддæр мæ зæрдæ хæрын дæр нæ агуры æмæ нуазын дæр. Рæвдздæр-ма куы аирвæзин фынгæй, æндæр мæ ницуал хъæуы — мæ бон хъусын нал у зæрдæцъæхы нозтджын дзæнгæдамæ. Фынджы хистæр йæ бынатæй сыстад. Хуыцауы уазæг ут!.
854 — Оммен, Хуыцау! — зæрдиагæй загътой бадты адæм, æмæ уазджытæ сыстадысты Фынгæй иуварс ацыдтæн — Ацы саухъустæ уазæджы бабуц кæнынæн дæр не сты, — сабыргай мæм дзуры Хаджумар — Цы хъуаг ма дæ? — Куыд «цы»? — Ау, фаг нæ бахордтай? — Хæрдыл нæ цæуы ныхас, фæлæ фынгæн йæ ахсджиагдæр не ’рæвæрдтой.
855 — Цы у, уагæры? — Цы? Бас, æндæр цы! Бацымдтай ды бас? — Нæ бацымдтон — Уый дзы ис, уæдæ, уый! Фынг æнæ басæй искуыдæр ма фынгыл нымад уыди Къуыдырфых дзидзайы фæстæ бас æнæмæнг æмбæлы Байрох дæ сты хохаг æгъдæуттæ иууылдæр Уæрæсейы — Ау, афтæ ахсджиаг у бас?.
856 — Ахсджиаг та ма цы вæййы. Æз дын иу рагон таурæгъ радзурдзынæн æмæ йæ уæд бамбардзынæ, лæгæн æнæ бас фæцæрæн куыд нæй, уый. Бас хынджылæг нæ уарзы. — Радзур, радзур... Мæнæ ам æрбадæм къулы рæбын. Фæскъуым дуртыл æрбадтыстæм. Хаджумар йæ дзыппæй лулæ систа æмæ дзы тамако ныннадта.
857 Æрцъыкк-æхсонæй зынг самал кодта æмæ йæ лулæйыл сдардта. Цалдæр хатты адджынæн сулæфыд фæздæг æмæ йæ фындзыхуынчъытæй рауагъта. Лулæйæн йæ æхситт цæуы. — Хъус, уæдæ, ардæм, — райдыдта йæ таурæгъ. — Раджыма-раджы Сау хохы дыууæ фыййауы хызтой сæ дзугтæ.
858 Æфсымæртау цардысты, уæрст сын ницы уыди. Сæ цæхх æмæ кæрдзын дыууæ дихы кодтой. Сæ зиан æмæ цин дæр сын иумæйаг уыдысты. Фæлæ сыл сау бон бакодта æмæ сæ кæрæдзийæ фæхицæн бахъуыди. Сæ иуæн йæ дзуг Урс хохмæ аскъæрын кодтой. Цæссыг дæр æркалдтой фыййæуттæ, фæлæ сын коммæ æнæ бакæсгæ кæм уыди.
859 — Сау бон ныл бакодта, ме ’фсымæр, — зæгъы иу фыййау иннæйæн, — кæрæдзийæ нын фæхицæнгæнгæ у. Фæлæ дын иу сусæггаг раргом кæндзынæн. Ис мæм дыууæ сыкайы: иу — сыгъзæрин, иннæ — æвзист. Сыгъзæрин сыкъа дæуæн ратдзынæн, æвзист та мæхицæн ныууадздзынæн.
860 Дæ цардæн тæссаг куы уа æмæ цы фæуай, уый куы нал зонай, уæд-иу сыкъа йæ хуымпъырæй сис æмæ дзы ныууас: кæмфæнды куы уон, уæддæр дæ фехъусдзынæн æмæ, цы гæнгæ у, уый дын зæгъдзынæн. Бирæ азтæ рацыди. Фыййау йæ дзуг хизы Урс хохы, йæ уæхскыл хуымпъыры мидæг ауыгъдæй лæууы сыгъзæрин сыкъа.
861 — Цымæ кæм уа афонмæ мæ хæлар, æгас ма уа æви нал, — хъуыдытæ кæны сæргуыбырæй. Цал æмæ цал боны рацыд, куы фæхицæн сты, уæдæй нырмæ. Йæ сæрыл схæцыд æмæ уыны: дæс барæджы фæллад бæхтыл сындæггай хохмæ схизынц нарæг къахвæдыл. — Чи сты, цавæр адæм уой?.
862 — кæсы сæм фыййау æмæ цæмæдæр гæсгæ йæ зæрдæ бауазал. Уыдон та уæлдæрæй-уæлдæр хизынц. Æмæ сæ фыййау базыдта: разындысты йæ туджджынтæ. Фыййау скатай къæдзæхыл. Кæдæм фæлидза — æрмæст дзы иунæг къахвæд ис æмæ йыл дæлæ йæ туджджынтæ ссæуынц.
863 Æмæ йæ хæлары ныхæстæ йæ зæрдыл æрбалæууыдысты. Сыкъамæ фæлæбурдта, хуымпъырæй йæ систа æмæ дзы ныууасы: — Кæм дæ, ме ’фсымæр, хъусыс мæ? Мæ царды фæстаг бон ралæууыд Дæлæ къæдзæхыл дæсæй схизынц: дæс егары, мыййаг, сырды фæдыл нæ бафтыдысты, фæлæ мæ туджджынтæ дæсæй ссæуынц сæ туг исынмæ...
864 Нал мын ис фервæзæн, кæм дæ, ме ’фсымæр? Сыгъзæрин сыкъайы хъæлæс зæлы хæхты Æртындæс æмæ ссæдз хатты азæлыд æмæ бамынæг Æмæ сыгъзæрин сыкъайы хицау фыййау хъусы æвзист сыкъайы хицау фыййауы хъæлæс — Тæрсгæ ма кæн, ме ’фсымæр Æз дын куыд загътон, афтæ бакæндзынæ.
865 Уазджыты æфсонæй дæм æрбацæудзысты дæ туджджынтæ. Æмæ сын уазæджы æгъдау ратт. Иунæг урс тæпп дæр кæуыл нæй, ахæм сау фыс равзар дæ дзугæй æмæ сын æй акусарт кæн. Дзидза аджы мидæг сфыц æмæ йæ уазджытæн æрæвæр... Æртындæс æмæ ссæдз хатты азæлдис къæдзæхтыл сыкъа.
866 Æмæ куыддæр банцад, афтæ туджджынтæ дæр схæццæ сты. — Дæ фос бирæ, хорз фыййау! — Еблуагъæ, уазджытæ! Фысым уын уыдзынæн — Бузныг дæ уæздан ныхасы тыххæй Хуыцауы хорзæхтæй хайджын у Сæхæдæг кæрæдзийæн дзурынц: никæдæм нын аирвæздзæни, ныр та уал нæ фæллад суадзæм, комдзаг дæр скæнæм.
867 Æмæ сыгъзæрин сыкъайы хицау фыййауæн æвзист сыкъайы хицау фыййау куыддæриддæр бацамыдта, арт афтæ бакодта. Уазджытæ дзидзайæ куы бафсæстысты, æмæ сæ зæрдæ бас куы æрцагуырдта, уæд цыма æнæбары рауад, уыйау аг фæфæлдæхта, æмæ бас зæхмæ акалди.
868 Уазджытæ иу иннæйы фæдыл цавддуртæ фестадысты. Иу ма дзы баззади æгасæй æмæ хъуыддаг бамбæрста, зæххыл адæлгом æмæ басæй куыдзау сысдæрдта, фæлæ йæ фыййау хъамайæ ныррæхуыста. Æмæ фыййау йæхæдæг дæр цавддур фестади: Уастырджи йæм смæсты , æгъдау кæй фехæлдта æмæ уазæгмæ хъама кæй систа, уый тыххæй.
869 — Бамбæрстай, бас циу, уый? Ацы саухъусты та, æвæццæгæн, фæндыди, цавддуртæ куы фестиккам Ха-ха Бæхтæ сæ фæллад суагътой æмæ размæ тындзынц Изæргæрæтты сатæг дымгæ дидинджыты тæф хæссы Фæсте æмæ рахизырдыгæй цъæхбын фæлмы аныгъуылдысты хæхтæ, разæй æмæ галиуырдыгæй — парахат лæгъз быдыр.
870 Ничи ницы дзуры. Пысылмон Хорыхъæумæ рæвдздæр куы бахæццæ уаиккам, чырыстон Даргъ-Быдыр фæсте рухсæй куыд фæуадзæм, афтæ. Фæндагыл æхсæвыгон æдасæй ацæуæн нæй. Тепсыхъойы-хъæуккæгтæ алы хъæутыл апырх сты æмæ къордтæ-къордтæй фæндагмæ рацæуынц.
871 Стигъынц æмæ давынц. Нæ хистæр — Хъамболат, сæргуыбырæй бады бæхыл, хъуыдыты аныгъуылди. Йæ сæрыл схæцыд, ныгуылæнырдæм акасти. — Инш-Æллах, ламаз афон у. Гъемæ мах дæр куы батагъд кæниккам фæлтау — нырма нæ æнæхъæн дыууиссæдз версты цæуын хъæуы.
872 Банафон нын уыдзæни бынтон. — Нырма дын æгæр раджы у Хъамболатæн зонд амонын, — фæтарæрфыг Хъамболат. — Мах дæр, нæ хæхтæ дæр, æгас дуне дæр Чи сфæлдыста, уый раз, цытджын Хуыцауы раз йæ хæс сæххæст кæнын пысылмон лæджы æрмæст адзал бахъыгдардзæни.
873 Хъамболат йæ бæхы æрурæдта. Æрурæдтам сæ мах дæр. Æз сæ кæстæр дæн æмæ æппæты разæй æргæпп кодтон зæхмæ, Хъамболатæн æгъдæнцойыл фæхæцыдтæн, стæй бæхтæ сæ дзыларбостæй иуварс акодтон. Хистæртæ æвдæз исынмæ ацыдысты суадонырдæм. Разæй лæууы Хъамболат, хистæр.
874 Фæтæнуæхск, бæрзонд, йæ дыууæ армы цæсгомы онг систа æмæ кувы, стæй йæ къухтæ ронбастмæ æруагъта, рахиз къух галиуыл æрæвæрдта. Йæ халасрихи фырттæ цыма сты, уыйау йæ фæстæ лæууынц æртæйæ: Дудар, Ислам, Азæмæт, фæзмынц Хъамболаты алы фезмæлд дæр.
875 Иу иннæйы фæдыл сæ зонгуытыл æрхаудтой... Сæ сæрмæ — æнæбын цъæх арв, иунæг мигъы къæм дæр ыл нæ зыны, айдæнау лæгъз æмæ æнæкæрон. Цыма дзы æппæтуынæг Хуыцауы цæстытæ зынынц, афтæ мæм кæсы... Ноджыдæр æмæ ноджыдæр..... Хистæртæ ламазгонд фесты.
876 Хъамболаты размæ бакодтон бæх æмæ æгъдæнцойыл хæцын. Лæппуйау рог сгæпп кодта саргъмæ æмæ загъта: — Хуыцауы ном ссардтам æмæ нын ницуал уыдзæни, зæрдæрухсæй рæвдздæр адарæм нæ фæндаг, науæд ныл æрталынг уыдзæн. Бæхтыл абадтыстæм æмæ сын сæ фæрстæ басхуыстам.
877 Нæ хуымгæрæттæм бынтон æнафоны бахæццæ стæм. Хæдзæртты рухсытæ разындысты. Æрбайхъуысти куыйты рæйын. — Кæцытæ стут ацы æнафоны? Æрлæуут! — обауы рæбынæй нæм радзырдта радгæс Хæстæгдæр æм бацыдтæн бæхыл Зæрæдты сæ хæдзæрттыл сæмбæлын кодтон æмæ нæ кæртмæ бацыдтæн.
878 Бæх Осмæны бар бакодтон æмæ хæдзармæ бахызтæн. Куыддæр къæсæрæй фæмидæг дæн, афтæ загътон: — Курæг дæн, æмæ мæ съезды хабæрттæй мачи бафæрсæд, уымæн æмæ уын цы радзурон, уымæн ницы ’мбарын. Æрмæст фæсæмбисæхсæвты баззадтæн иунæгæй æмæ бирæ фæрахъуыды-бахъуыды кодтон съездыл.
879 Ныхæстæн æмæ хъаугъатæн кæрон нæ уыди, пайда та ницы æрхастой. Хорз, æмæ сабырæй рахæлиу стæм. Пысылмæттæ сæ минæвæртты равзæрстой æхсæнадон советмæ, фæлæ иннæ хъуыддæгтæй ницæуыл бафидыдтам... Уыцы хъуыдытимæ куыд афынæй дæн, уый мæхæдæг дæр нæ базыдтон.
880 Дыккаг бон Хъамболат мæ разæй бахæццæ сходмæ. Егъаугомау дурыл лæууы æмæ адæмæн дзуры, съезды цытæ фехъуыста, уыдæттæ. Æмæ цы хъуамæ радзура, адæмы зæрдæ цæмæй барухс уа, ахæмæй? Адæм цæмæ æнхъæлмæ кастысты, ахæмæй куы ницы фехъуыстой, уæд иугай-иугай хæлиу кæнын байдыдтой.
881 Æвиппайды райхъуысти Хъуыдæберды хъæлæс: — Хорз адæм, Хуыцауы хатырæй, хæстæгдæр æрбалæуут, æмæ фæсивæды номæй мæнæ ацы лæппу цы зæгъинаг у, уымæ байхъусæм, — фæсивæдæй иумæ ацамыдта Хъуыдæберд йæ лæдзæгæй. Адæм дуры алыварс æрбалæууыдысты.
882 — Дурмæ схиз, лæппу, æмæ ныфсджынæй зæгъ, нæ фæсивæд цы хъуыды кæнынц, уый. Лæппу æфсæрмхуызæй æнцад лæууы. Стæй иунæг гæппæн дуры сæрыл февзæрди. Сау уæлдзарм худ æрфгуытыл ныллæг конд, сау цухъхъайы, астæу нарæг ронæй æнгом æлвæст. Рагон æвзист хъама тæмæнтæ калы хуры тынтæм.
883 Лæппу ницы дзуры. — Дæумæ хъусынц хистæртæ, — загъта йын Хъуыдæберд. Лæппу йæ сæрыл схæцыд. — Уæ разы мæ дзых схæлиу кæныны ныфс мæм кæй разынд, нæ буц хистæртæ, уый мын Æппæтаразæг Хуыцау ныббарæд. Фыдæлтæй нын баззад æмбисонд: мæсыг, дам, хи дурæй хæлы.
884 Тынг раст ныхас у! Нæхи аххосæй хæлы нæ цард Сымах, хистæртæ, фынджы уæлхъус куы рабадут, цæхх-кæрдзын уын уæрст куы нæ вæййы, хæлары гаджидæуттæ куы рауадзут, уæд уыцы рæстæг нæ фæсивæд та сæ хъаматæ кæрæдзимæ цыргъ кæнынц: пысылмæттæ — чырыстæттæм, чырыстæттæ — пысылмæттæм.
885 Æвæццæгæн нæ æцæгдæр ралгъыста Хуыцау, æмæ нын райгуырæн бæстæ уа, уый аккаг не стæм, цигантау нæ алы ранæй дæр тæргæ хъуамæ кæной, сымахæн та, урссæр зæрæдтæн, кæстæртæн нæ бæззæм. Хуыцау йæ дæсны! Лæппу иу минут сæргуыбырæй алæууыд, æнæуынæрæй æргæпп кодта дурæй æмæ фæсивæды æхсæн фæныгъуылд.
886 Дзæвгар рæстæг сыбыртт никæцæй райхъуысти. Хъуыдæберд йæ бынатæй сыстад, дуры цурмæ бацыд æмæ æрлæууыд. Ничи ницы дзуры. Ницы дзуры Хъуыдæберд дæр, æрмæст йе ’нцъылдтæ рустыл æрхылдысты дыууæ ставд цæссыджы. Цыдæр зæгъын æй бæргæ фæндыд, фæлæ йæ бон нæ баци æмæ сдзурыны бæсты хъæрæй ныккуыдта.
887 Йæ къухтæ уæларвмæ сдардта æмæ æппынфæстаг тыхамæлттæй сфæрæзта: — Табу дæхицæн, хуыцæутты Хуыцау! Йæхæдæг хистæртæм йæхи байста Йæ бæсты рацыд Ахберд æмæ фæсивæдæн раарфæ кодта: — Уæ цæрæнбон бирæ, нæ кæстæртæ Цы курæг стут, уый сæххæст кæныныл бацархайдзыстæм нæ ихсыд хъарутæй.
888 Уый фæстæ æмбырд рахæлиу. Алчидæр йæ хæдзармæ цæуы зæрдæрухсæй, ныфс æм фæзынд, хæстæгдæр фидæны цард кæй фæхуыздæр уыдзæн. Алырдыгæй хъуысы: — Рагæй дæр афтæ бакæнгæ уыди, бæргæ. — Хуыцау, нæ курдиат дæм фехъуысæд! Зæрæдтæ къордтæй араст сты Ирыстоны æппæт хъæутæм дæр писмотæ арвитынмæ.
889 Бирæ радзур-бадзуры æмæ быцæуты фæстæ сын срæвдз. Сисыхъæуы зæрæдтæ хъæубæсты номæй зæгъынц: сыхаг хъæутæм æппындæр кæй ницы фыдæх хæссæм, уымæ гæсгæ амæй фæстæмæ хъæугæстæ нал дардзыстæм æмæ алчи йæ куыстмæ сабырæй бавналдзæн. Алы хæдзары уазæгдон дæр махмæ гом у хохаг лæгæн».
890 Дыууадæс хистæры æмæ дыууадæс кæстæры сæ къух æрæвæрдтой писмойы æмæ йæ хабархæссæг барджытимæ арвыстой алы хъæумæ дæр. IV «... Кæй сыздæхтæн, уыцы хабаримæ дæм писмо куы арвыстон, Валя, уæдæй нырмæ дыууæ мæйы рацыди. Ау, уæд æй куыннæ хъуамæ райстаис!.
891 Дзуапп мын цæуылнæ дæттыс? Исты æрцыд? Мæхи фæрсын, фæлæ дзуапп ссарынхъом нæ дæн мæхицæн Зæрдæ сагъæсæй байдзаг Фыдыуæзæгыл кæй сæмбæлдтæн, уымæй æхсызгондæр ма цы уа, фæлæ мын мæ цин ад дæр нал кæны Бæргæ, исты зæрдæлæууæн хабар куы райсин дæуæй.
892 Цас æмæ цас бафтид мæ хъарутыл! Нæ адæм ныртæккæйы хуызæн æххуысхъуаг никуы уыдысты амæй размæ, уымæн æмæ дыууæ фыдæх къордыл фæдих сты Ды, чи зоны, бафæрсай: дæ куыст исты пайда у? Мæхицæй дын нæ раппæлдзынæн, фæлæ мын чысыл цыдæртæ æнтысы.
893 Сисыхъæуы фæсивæд иууылдæр мæ фæдыл цæуынц æмæ æппæт хъарутæй архайынц адæмы ногæй баиу кæныныл. Ирон адæмы историйы хабæрттæ сын куы фæдзурын, уæд мæм куыд зæрдиагæй фæхъусынц, уый дæхи цæстæй куы фенис..... Ныртæккæ иууылдæр дзурынц «национ хæдбардзинады» тыххæй.
894 Фæлæ мах, ирон адæм, куы фæдзурæм национ хæдбардзинады тыххæй, уæд та ныл худгæ кæнынц: ничи кæсы ацы ирæттæм дæр — хæдбардзинад сæ æрхъуыди, ха-ха-ха! Мæнæн та уымæй хъыгдæр ницы ис Хуссары ирæттимæ мах æдæппæт цыппарсæдæ мины стæм Фæуæд афтæ дæр.
895 Фæлæ сæхи куыд фæнды, афтæ цæрын сæ бауадзут. Æнæмæнг сæ цæмæн хъуамæ аныхъуырой кæцыдæр æндæр адæм? Æрмæстдæр нымæцæй фылдæр кæй сты, уымæ гæсгæ? Æмæ уый раст у? Хъомыл æмæ къабазджын адæймаг чысыл æмæ тæнтъихæджы æфцæгготыл куы ныххæцы æмæ йæ куы ныууигъы, уæд æм мæстæй, мыййаг, нæ рафыцæм?.
896 Чысыл адæмæн стыр адæм тыхми фæкæнынц цивилизацимæ хоныны æфсонæй. Æнæбары цивилизаци мæн ницæмæн хъæуы! Куыд мæ фæнды, афтæ мæ цæрын дæр æмæ мæлын дæр бауадзут Чысыл, дам, стут сымах — æдæппæт цыппарсæдæ мины Æмæ цы? Æмæ цы радта Перс, æмæ цы радтой Афинтæ дунейы адæмты культурæйæн?.
897 Куыд уынæм, афтæмæй хъуыддаг нымæцæй аразгæ нæу. Исчи зæгъдзæн, культурæйæ аразгæ у. Гъемæ хорз. Культурæйы рæзты æнæмæнг æууæл у сæрибар национ сфæлдыстад. Цагъар адæмы культурæйæн рæзæн нæй. Раст у æви нæ? Æз дæр æй бæлвырдæй нæ зонын, фæлæ, мæнмæ гæсгæ, афтæ у.
898 Æнæхъæн къордтæй мæм цæуынц сывæллæттау æмæ зæгъынц: «Ды ахуыргонд дæ, мах та талынг адæм стæм. Цы кæнгæ у, уый нын бацамон. Цавæр у нæ фидæн?» Цы сын хъуамæ зæгъон?! Дзуапп сын фæдæттын: «Фыццаджыдæр баиу ут» Йæ зæгъын бæргæ æнцон у, фæлæ сæ царды мидæг та куыд баиучындæуа?.
899 Æрыхъалгæнинаг у сæ национ химбарынад, хъуамæ сæхицæн аргъ кæнын зоной. Æргом дын куы зæгъон, Валя, уæд мæм афтæ кæсы, æмæ адæмы фæтæгæн нæ бæззын. Мæнмæ та сæ фæтæджы цæстæй кæсынц... Валя, афтæ лæмбынæг дæм цытæ фыссын, уыдæттæ дæумæ, æвæццæгæн, нымады дæр не сты.
900 Хатыркурæг дæн! Мæ бирæ ныхас мын ныббар Дзуапмæ æнхъæлмæ кæсын Дæхи Албег Сисыхъæу, 1918 азы 1 май» Цалдæр боны фæстæ дзуапп райстон «Стыр бæллæх мыл æрцыди Тепсыхъойыхъæуы сæфты рæстæг уым мæ иунæг æфсымæр-гимназист æмæ мæ фыдыфсымæр — дыууæйæ дæр фæмард сты.
901 Мæ ныййарджыты æмæ мæхи хъыгæн кæрон нæй. Зын мын уыдзæни демæ фембæлын, стæй мæ бон дæ писмойæн дзуапп раттын нæ бауыдзæн. Фæстаг рæстæг иу бæллæх иннæйы фæдыл æййафæм. Мæ чемы иучысыл куы æрцæуон, уæд дын дзуапп ратдзынæн. Ныр та уал мын ныббар æмæ дзæбæх у.
902 Валя Дзæуджыхъæу, 1918 азы 10 май.» «Валя, дæ цыбыр писмо райстон. Уæ бæллæхыл цæйбæрц рахъыг кодтон, уымæн ныхæстæй зæгъæн нæй. Æгæр æбуалгъ сты Тепсыхъойыхъæуы зиантæ. Адæмæн сæ зонд фæцыди, æмæ цы гæнæг сты, уый нал æмбарынц. Нæ Иры бæллæхты уындæй зæрдæ мæстæй рæдувы риуы мидæг.
903 Ау, æппæт уыдæтты фæстæ мæм æндæр цæстæй кæсын райдыдтай? Кæд Дзæуджыхъæуы мæ цардæн тæссаг у, уæддæр мæ тынг фæнды дæ зыны рæстæг дæ фарсмæ æрбалæууын Фæлæ дæ, куыд кæсын, афтæмæй мæ фенын нæ фæнды: дæ фыстæй бамбæрстон Цы ’рцыдис, уый мын зæгъ, Хуыцауы хатырæй.
904 Æргомæй йæ ныффысс. Æз хæстон лæг дæн æмæ цардæн комкоммæ йæ цæстытæм кæсын. Дæхи Албег Сисыхъæу, 1918 азы 11 май.» V — Изæры нæм минæвæрттæ æрбацæудзæни, — загъта мын Æна. — Цавæр минæвæрттæ? — Фаризæты курджытæ — Чи сæ æрбарвитдзæн? — Иу уæрæседзау — Муссæ.
905 Мæ нымадæй уæрæседзауæн æвгъау у Фаризæт. Уæрæседзаутæн сæ фылдæр цумайы лæппутæ уыдысты, лæггадгæнджытæ. Сæ сæрæндæртæй искæцы цалдæр азмæ чи цас, чи цас æхцаимæ сыздæхы йæ хæдзармæ. Сæ ныхæстæй, дарæсæй æмæ митæй дисы бафтауынц — сæхицæй фендджын адæм аразынц.
906 Уыдонæй у Муссæ дæр. Бакастæй уындджын, уæдæ æгуыдзæг дæр нæу, революцийы райдайæны йæ сæр афоныл бафснайдта æмæ хæдзармæ схæццæ. Йæ хицау зæронд æхсинæн лæггадгæнæг кæй уыди, уымæй æдде ма йын йе ’хсызгон дæр арæзта, æмæ йын æхсин дæр зынаргъ лæвæрттæ куыннæ кодтаид.
907 Лæварæй æнæ лæварæй — цæуыл фæхæст, уыдæттæ иууылдæр йемæ рампъыхта. Адæмы цæсты кадджын не сты уæрæседзаутæ. Æмæ Муссæ дæр уымæ гæсгæ йæхи хъары хорз мыггаджы чызг æрхæссыныл. — Дæ сæр кæм и — нæ дын æй ратдзысты! Æнхъæлыс, дæу хуызæттыл æрвæссынц?.
908 Сæхи уæздан мыггаг хонынц. Уæдæ йе ’фсымæр та афицер у. Сæ уæздан туг дæ сау тугимæ куыннæ сæмхæццæ кæндзысты! Де ’хцатæ сæм нымады дæр не сты Дæумæ та давæггаг æхцатæй дарддæр цы ис, сæмпæрчъи уæрæседзау? — дзурынц Муссæйæн йе ’мгæрттæ — Фендзыстæм...
909 Фендзыстæм. Ацы рихитæй уын ард хæрын: уыцы чызг кæнæ мæн уыдзæни, кæнæ æппындæр никæй, — здухы йæ сæнтсау схъæл рихитæ Муссæ. — Дæ сынтæг цас у, дæ къæхтæ уыйас иваз, мæ лымæн! — Дæ куыдзы бынат зон — Куыдз йæ лыстæнæй куы адзæгъæл вæййы, уæд æй бирæгътæ бахæрынц...
910 — Мæлдзыгæн йе сæфт куы ралæууы, уæд ыл базыртæ разайы. Ха-ха, — алырдыгæй дзырдæппарæн кæнынц Муссæмæ. Фæлæ сыл Муссæ æнæрвæссонæй йæ къух ауигъы: сымахимæ фæнды дзур, фæнды — ма. Фæлæ йæ уыдон æнцой кæм уадзынц. «Цы мæ бон у, — дзуапп радта лæг.
911 — Дæ салбар кæд баихсидзæн, уымæ банхъæлмæ кæсдзынæн». Фæсивæд худынц. — Уæздан хæдзары чызг йæ зæрдæ æрцагуырдта... Йæхицæн ног салбар бахуыдта. Ха-ха-ха... — Дзæгъæл дзæнгæда уæм цæуы, — схъæлæй сын дзуапп дæтты Муссæ. — Талынг адæм стут.
912 Æнæфенд. Ног рæстæг ралæууыд, уый уæм никæцæй хъары. Æхсинтæ дæр-иу мæ быны афæлдæхтысты, уый кæцæй хъуамæ зонат. Уæд адон цы сты? Мæгуырæй хъал — Цъымарайы хæфс дæм кæд æрхауа, æндæр уæздан хæдзары чызгмæ дзæгъæлы у дæ каст — Бынтон æнæфенд адæм стут, — смæсты Муссæ.
913 — Ображовани уæм æппындæр нæй. Йæ ныхасы уырыссаг дзырдтæ фæтъыссынæй хуыздæр æм ницы кæсы. Нæ бонæй стæм, зæгъын мæхицæн. Хъуыддагæй кæй ницы рауайдзæн, уый бæлвырд у, фæлæ æгъдау йæхионтæ домы: иугæр уазджытæ куы фæзыной, уæд æгасцуай зæгъын хъæуы.
914 Æна мыггаджы хистæртæм — Бимболатмæ æмæ Дзамболатмæ — арвыста. Уыдон дзурдзысты минæвæрттимæ. Дыууæ зæронды афоныл фæзындысты æмæ уаты æнхъæлмæ кæсынц минæвæрттæм. Нæ уат кулдуары тæккæ фарсмæ ис. Зæхбын къуындæггомау хатæн, йæ дуар кæртырдыгæй, йæ иунæг чысыл рудзынг уынджырдæм.
915 Къулы рæбын — пец, йæ акомкоммæ къулыл — дзæбидырты æмæ сæгуытты цæрмттæ. Сæ бынмæ уаты иу кæронæй иннæмæ хъæдын тъахтиныл дæр сæгуытдзæрмттæ. Къулыл фидаргонд сагты æмæ дзæбидырты сыкъатыл — хотыхтæ: мæ фыды æхсаргард, афицеры кæрæбин, нымæт, ехс.
916 Къуымы дыууæ саргъы — англисаг æмæ нæхи хохаг. Æндæр ницы ис талынггомау уаты. Ам схъомыл дæн. Дуаргæрон лæугæйæ хъуыстон хистæрты таурæгътæм. Цумаввонг: кæмæн йæ лулæ ахуыссыд æмæ йын зынг æрбадавын хъæуы, кæмæн æвдæзисæн дон æркæнын хъæуы йæ къухтыл, кæмæн цы.
917 Хистæртæн балæггад стыр амондыл нымадтон. Иуахæмы хъуывгъанæй дон кодтон уазæгæн æмæ исдуг аджих дæн. Уазæг сонтæй скалдта дон йæ цæсгомыл, æмæ хъуывгъаны цыргъ хъуыр йе ’рфыгыл сæмбæлди, туг дзы рахъардта. Мæ фыд мын дыууæ хатты ехс æруагъта ме рагъыл.
918 Цыма мыл ницы суади, уыйау мæхи ныхъхъæддых кодтон. — Мур дæр мын нæу... Ма йæ цæв, мæ хатырæй йæ ма цæв! — баиргъæвта йæ уазæг Мæ цæссыгтæ æрцæйкалдысты, фæлæ сæ тыххæйты баурæдтон Уазæг мын армытъæпæнæй мæ сæр æрсæрфта: — Тæрсгæ ма кæн! Уазæгдоны сæгуытдзæрмттыл бадынц Бимболат æмæ Дзамболат.
919 Сабыргай ныхас кæнынц. Бимболат у бæрзонд, тæнтъихæг, гуыбыр зæронд лæг. Тыхулæфт кæны. Дзургæ-дзурын арæх æрлæууы, фæлæ йæ ныхас у зондджын, æнаипп. Цыбыр урс боцъо æнцайы риуыл. Рихитæ дæр цыбыр æлвыд, зынынц йæ фæлурс, æлхъывд былтæ. Хæрзхуыз цæсгом ын, йæ цæстытæ хаттæн хинæрттывд фæкæнынц.
920 Дыууæ зæрондыл дæр сау куырæттæ æмæ цухъхъатæ. Бимболаты цухъхъайы бæрцытæ æмæ хъамайы фистон — урс стæгæй, Дзамболатæн та — сау стæгæй. Рафæрс-бафæрс мæ кæнынц Уæрæсейы хабæрттæй. — Куыд цæрдзыстæм дарддæр? Паддзах нал ис, хицауад нал, æгъдау нал ис, — сæргуыбырæй æмæ æнкъардæй дзуры Бимболат.
921 — Дæумæ та куыд кæсы? — Куыд мæм хъуамæ кæса? — мидбылты бахудтæн æз — Сæрибар райстат æмæ уый фагыл нæ нымайут? Уе ’фсондз уын систой, цагъараджы æфсондз — Уый раст у, — раздæрау сæргуыбырæй дзуры Бимболат — Тыхсгæ ма кæнут, æнæ æфсондзæй нæ баззайдзыстæм, — бафиппайдтон хъазгæмхасæнты.
922 — Уæдæ! Тæссармæ ныл æй сæвæрдзысты, æмæ нын уырыссаг паддзахы бæсты дзуттаг паддзах уыдзæни, — сразы Дзамболат — Фендзыстут, кæд афтæ нæ рауайа — Паддзах уæвгæ уæд, æндæр цы уæлдай у — уырыссаг уа, дзуттаг уа? — Цытæ дзурыс? Цытæ дзурыс? — фестъæлфыдысты зæрæдтæ дыууæйæ дæр.
923 — Дæ дзыхæй та йæ куыд суагътай? Кæртæй æрбайхъуысти Домбайы рæйын Чи ’рбацыдаид, уый фенынмæ рахызтæн — Мидæмæ, мидæмæ, уазджытæ Иеуырру! — иуварс атардтон Домбайы Уазджытæ кæртмæ æрбахызтысты — Дæ изæр хорз Дæ изæр хорз! — куыдхистæрæй мын исынц мæ къух.
924 — Дзæбæх, æнæниз дæ? — фæрсы мæ уазджыты хистæр — Саг-сæгуыты хуызæн — Бинонтæ дæр дзæбæх, æнæниз сты? — Хуыцауæн табу — дзæбæх — Хæстæг-хиуæттæ дæр дзæбæх сты? — Иууылдæр æнæниз, Хуыцауы фæрцы — Уæдæ зæгъыс,иууылдæр дзæбæх, æнæниз? — Иууылдæр.
925 Уæхæдæг та куыдтæ стут? — ныр та сæ мæхæдæг фæрсын — Мах дæр, Хуыцауæн табу, дзæбæх, — дзуапп радта хистæр — Хæстæджытæ-къабæзтæ дæр дзæбæх? — Дзæбæх сты, Хуыцау дæ дзæбæхæй бафæрсæд Исдуг ницы дзурæм — Ног хабарæй уæм цы ис? — фæрсы та хистæр.
926 — Дзæбæх-æнæнизæй дарддæр нæм ногæй ницы ис. — Æмæ уымæй хуыздæр уæвгæ та цы ис? Кæддæриддæр уæ æнæниз уадзæд Хуыцау Уазджыты мидæмæ бахуыдтон — Фарн ацы хæдзары! — зæгъы сæ алчидæр, къæсæрыл хизгæйæ Бимболат æмæ Дзамболат сын сыстадысты æмæ фæйнæ къахдзæфы ракодтой сæ размæ.
927 Уазджытæ сын сæ къух исынц. Бимболат, мыггаджы хистæр, æппæты уæле æрбадт, йæ фарсмæ — уазджыты хистæр Умар, фæлæ иннæ уазæг Дзамболатæй уæлдæр сбадын нæ комы. — Нæ, Дзамболат, ды хистæр дæ, æмæ дæ уæле не сбаддзынæн. — Нæ, дæ бынат ам у, æз та дæ дæле сбаддзынæн.
928 — Мæ мард фен, дæ уæле ницы хуызы сбаддзынæн. — Тобæ æстафырыллæх, — зæгъы Дзамболат æмæ Гаппойы уæлдæр бадын кæны. — Мауал быцæу кæнут, — дзуры сæм Бимболат. — Сбад, Гаппо, кæм дын зæгъы, уым. Æгъдаумæ гæсгæ хъуамæ уæлдæр бадай. Æмгæрттæ стут, ды та, Гаппо, уазæг дæ ацы хæдзары.
929 Гаппойæн кæм зæгъынц, уым сбадти. Иууылдæр сæ бынæттæ ссардтой, æз та дуаргæрон лæууын. — Уæртæ дуаргæрон цы лæппу лæууы, уымæн дæр сбадгæ у, — зæгъы Бимболатæн уазджыты хистæр Умар. — Нæхимæ хохаг æгъдæуттæ дзы ма домут, æндæр уавæрты фæцарди...
930 — Уадз æй, Умар, — кæронмæ дзурын æй нæ бауагъта Бимболат. — Йæхи бар æй уадз. Кæм лæууы, уым ис йæ бынат. Зæрæдтимæ бадыны афон ын нæма у. Мах цас ацардыстæм, уый дæр уал уыйбæрц ацæрæд а дунейыл. — Æмæ ныхас иннæрдæм аздæхта. — Цæй, куыдтæ цæрут, нæ зынаргъ уазджытæ?.
931 — Хуыцауæн табу, сындæггай бонæддæдæр кæнæм, — ныуулæфыд Умар. — Ацы зын рæстæджы куыд хъуамæ цæра адæймаг? Умар у ныллæджытæ, фæлæ фæтæнуæхск цыппæрдигъон лæг Йæ къæхтæ тъахтинæй зæхмæ тыххæйты æххæссынц Егъау сау хъама уæрагæй бындæр æрзæбул.
932 Цыма йæ зæнгæйттæн æрбырынæй тæрсы, уыйау сæм рæстæгæй-рæстæгмæ февналы. Гаппо æнцад бады, æрмæст искуы-иу хатт баппары йæ ныхас. Хъамайы кæрон хæрдмæ фæфæлдæхта æмæ йыл роцъойæ æрæнцой. — Дзæбæх, æнæниз стут? Уæ бинонтæ дæр дзæбæх сты? — фæрсы дарддæр Бимболат.
933 — Бузныг, иууылдæр дзæбæх, æнæниз. — Уымæй хуыздæр ма цы уа? Æнæнизæй дарддæр нын цы баззад? Æнæниз дæр ма куы нæ уаиккам, уæд нæ цард цы уаид? Хуыцауы зæрдæ ныл, æвæццæгæн, бынтон нæма фæхудти, — ныуулæфыд Бимболат — Ног хабарæй та уæм цы ис, нæ зынаргъ уазджытæ?.
934 — Æнæнизæй дарддæр ницы хабар... — Гъемæ æнæниз ут æдзухдæр. — Сымах дæр æнæниз ут, нæ буц фысымтæ. Иуцасдæр ницы дзурынц. — Хуыцауæн табу, ацы аз нартхор, æвæццæгæн, фесгуыхдзæн: æвзартæй зæрдæ рухс кæны, — зæгъы Умар. — Табу Хуыцауæн! — Мæгуыр хохаджы бирæтæ хъæуы, æви?.
935 — бафтыдта Гаппо. — Бирæйæ, чысылæй цæрын нæ куы уадзиккой, уæд бæргæ. Ахæм ма рæстæджытæ ралæугæ уа. Мæгуыр лæгæй авд цармы стигъынц. Уый та, дам, уын сæрибар, — хъаст кæны Дзамболат. — Уæллæй, уæззаудæр рæстæгæн уæвæн нæй. Адæм талынг сты, æмæ сæрибар дæр зыгъуыммæ бамбæрстой, — сразы Умар.
936 — Ма тыхсут, кæд Хуыцауæй бынтон нæ ферох уаиккам, — зæрдæтæ æвæры Бимболат. — Хуыцауы хæрзтæн кæрон нæй. Алцы дæр уыны æмæ зоны, кæмæн цы ’мбæлы, уый йын фæуыдзæн. Иууылдæр ныхъхъус сты. Ахæм æнафоны дзæгъæлы кæм æрбацыдаиккат, — дæрдты райдыдта Бимболат.
937 — Раст æй бамбæрстай, нæ буц хистæр. Æмæ кæд æмбæлы, уæд иу-дыууæ ныхасы зæгъдзынæн. — Табуафси! — Нæ зондджын фыдæлтæй нын бирæ хорз хабæрттæ баззади, — дæрдты райдыдта Умар дæр — Æмæ уыдон рохгæнгæ не сты Куыд дзырдта фыдæл? Адæймаг хъуамæ цæугæ размæ кæна, таугæ та фæстæрдæм.
938 Æмбарут æй, цы амоны, уый? Адæймаг, дам, размæ згъоры, ома, бонтæ згъорынц Йæ фæстæ та фæд уадзы Адæймаджы фæстæ хъуамæ фæд баззайа Фæд Афтæ нæу? Куыд уæм кæсы — уымæй зондджындæр ныхас ма вæййы? Адæймаджы фæстæ фæд баззайы — Ай-гъай, ай-гъай, — сразы сты йемæ, æмæ Умар йæ ныхас дарддæр кæны.
939 Бимболат бынмæ кæсы. Гаппо дыууæ къухæй хæцы хъамайыл æмæ йын йæ кæроныл хафы йæ боцъо. Дзамболат ноджы бæрзонддæр систа йæ сæр æмæ, цы у, уымæй хъустæ фестад. Умар йæ сæрак зæнгойыл схæц-схæцгæнгæ дзуры: — Адæймаг иунæг куы уа, уæд уымæй æнамонддæр нæй.
940 Бирæ бинонтæн æмæ дзы хорз хæстæджытæн æмбал нæй. Æмбисондæн дзæгъæлы баззади: мæгуыр хæстæг хъæздыг æрдхордæй хуыздæр у. Хæстæгагур та дардмæ цæуын ницæмæн хъæуы, цины дæр æмæ зианы дæр дæ фарсмæ куыд уа, афтæ. Ахæм заман дæ фарсмæ хорз хæстæг куы разына, уæд стыр амонд у.
941 Гъемæ мæ ныхас дæр бахæстæгыл у. Чи нæ æрбарвыста, уый дæр зонут æмæ, цæмæ æрбацыдыстæм, уый дæр æмбарут. Сымахмæ ис, мах кæй агурæм, ахæм хæзна. Уæ хæзнайы тыххæй цыдæриддæр бадомат, уый уын ратдзыстæм. Ныхас рауæй-балхæныныл нæ цæуы, фæлæ адæймагæн йæ цард саразыныл.
942 Дзуапмæ йеддæмæ уæм ницæмæ æнхъæлмæ кæсæм, æцæг куыд гæнæн ис, афтæ тагъддæр. «О» кæнæ «нæ» зын зæгъæн нæу. Гъемæ разыйы дзуапп цы фехъусæм, уый курæг стæм Хуыцауæй. — Оммен! — цыбырæй загъта Гаппо æмæ йæ хъама æрфæлдæхта Гаппо йæ хъама ногæй сфæлдæхта æмæ Бимболатæй дзырды бар ракуырдта.
943 — Бахатыр кæнут, æз дзурынмæ дæсны нæ дæн, стæй бирæ дæр нæ дзурдзынæн. Кæд æмбæлы, уæд æрмæст дыууæ ныхасы зæгъдзынæн. Мах кæй уарзæм, уыдонæн сеппæтæн дæр Хуыцау, дуаргæрон чи лæууы, уыцы лæппуйы хуызæн хæстæджытæ раттæд — ахуыргонд, хъæздыг, йæ хæдзар хъуаг ницæмæй æййафы, хæрзæгъдау.
944 Иу ныхасæй, сыгъдæг ирон лæппу. Æниу, æппæлынхъуаг нæу, уæхæдæг æй иууылдæр хорз зонут. Æндæр ницы зæгъинаг дæн. Иууылдæр ныхъхъус сты. — Раст зæгъут, нæ зынаргъ уазджытæ, бынтон раст. Фæлæ цæй фæдыл æрбацыдыстут, уый хуымæтæг хъуыддаг нæу.
945 Ирон царды мидæг уымæй ахсджиагдæр ницы ис. Хæдойнаг æлхæнгæйæ дæр ма йæ лæг рабар-бабар куы байдайы, ам та ныхас адæймагæн йæ æппæт цардыл цæуы. Уæ ныхæстæ ахъуыдыйаг сты. Стæй хъуыддаг иу æмæ дыууæ лæгæй аразгæ нæу, фæлæ, æнæхъæн мыггаг цы зæгъой, уымæй.
946 Уæдæ нæм дзæбæх кæстæртæ дæр ис, æмæ уыдоны æвастæй дæр нæ бон ницы дзуапп раттын у. Стæй фæсивæд кæрæдзи хуыздæр зонынц æмæ æмбарынц. Уæдæ чызгæн йæхи дæр бафæрсын хъæуы. Абон рæстæг æндæр у, æмæ сылгоймаджы æнæбары ничиуал дæтты. Йæхи фæнд ын базонæм.
947 — Нæ хорз хистæр, кæд хуымгæнгæ у, уымæй галы нæ фæфарстæуы, науæд хуым æнæкондæй баззайдзæни, — зæгъы Умар. — Фæсивæды тыххæй куы дзурæм, уæд уыдон дæр хистæрты ныхмæ ницы зæгъдзысты. Æнæхъуаджы рафæрс-бафæрс дзы цæмæн хъæуы, дард куы нæ цæрæм, кæрæдзи хорз куы зонæм...
948 — Раст у дæ ныхас: хистæртæ кæрæдзи зонынц, — зæгъы Дзамболат. — Æмæ хъуыддаг махæй аразгæ куы уаид, уæд дзы бирæ рахъуыды-бахъуыды дæр ницæмæн хъæуид. Фæлæ зæрæдтæ аивгъуыйдзысты, фæсивæд та цæргæ баззайдзысты. Æмæ сæ фæнд нымайгæ у. Хæдзармæ мæм фæдзырдтой.
949 — Фынг цæттæ у. — Гъемæ хорз. Хистæрты ныхас дæр кæронмæ æрхæццæ. Фаризæт къуымы тæбæгътæ сæрфы. — Фæндараст, Фаризæт! — сдзырдтон æм æз Ницы дзуапп мын радта, йæ цæстæнгас уыцы тарстхуыз Дзыги агæй фых карк систа, афтæмæй мæ цуры æрбалæууыд.
950 — Рæвдздæр-ма федде кæнут ацы абадгæ чызджы, науæд мын фæндаг нæ дæтты, æмæ æз дæр уый хуызæн нырчъиаг уыдзынæн, — кæлкæлæй худы Дзыги. Æна йыл схъæр кодта: — Кæсут-ма ацы æнæнтыстмæ, хистæрты раз цытæ дзурын уæнды. Æдзæсгом! — Мæнгæй исты зæгъын?.
951 — Карк дæ къухæй æрхаудзæни, гуыбынниз дæ адава. Сæрхъæн! Цымæ нын кæмæй фæдæ? — Дæуæй! — бынтондæр бакъæцæл Дзыги Æна йæм чъирифæлдахæнæй февзыста, фæлæ Дзыги алыгъди Фаризæт нæм йæ сатæгсау цæстытæй кæсы уыцы тарстхуызæй Цымæ цæуыл сты йæ хъуыдытæ?.
952 Бæргæ йæм бауаин æмæ йын зæрдæтæ авæрин, фæлæ мын уазæгдонмæ тагъдгæнгæ у. Тас, сапон, хъуывгъан æмæ хисæрфæн райстон æмæ цæугæ-цæуын Фаризæтмæ дзурын: — Тыхсгæ ма кæн, мæ хойы гæбаз, дæ амонд дæхицæй аразгæ у! Уазджытæ фынгæй сыстадысты, раарфæ кодтой æмæ ацыдысты.
953 Бинонтæ иууылдæр хæдзары бакъорд сты. Бимболат æмæ Дзамболат къулы рæбын дуртыл æвæрд фæйнæгыл бадынц. Фаризæт æмæ Дзыги фæсвæдмæ байстой сæхи, зæрæдты ныхасмæ сæ хъус дарынц. Æна дзуццæджы бадгæ цыдæр къустæ-къоппатимæ архайы. — Нæ фыдыфыд Хъысти рухс дзæнæты фæбадæд...
954 — сдзырдта Бимболат. Хъыстийы ном куыддæр айхъуыста Æна, афтæ йæ бынатæй фестад, иуцасдæр æнцад алæууыд, стæй фæкодта: «Рухсаг уæд!» Чызджытæ дæр сæ уæхсчытыл схæцыдысты — Бимболат фæхъус, æмæ, цыма цы зæгъинаг у, уый дзы байрох, афтæ мæм фæкаст æмæ йæ афарстон: — Æмæ, дам, цы загъта?.
955 — Цы загъта? — базмæлыдысты Бимболаты былтæ, æмæ мын цыма мæ ныхас нæ бамбæрста, уыйау мæм ныккомкоммæ — Ахæм рæстæг, дам, ралæудзæн, æмæ æрчъи сæрак дзабыримæ фæбыцæу уыдзæни, бæласмæ нæ раздæр чи схила, зæгъгæ Ногæй та фæхъус — Æмæ цы баисты, цы — æрчъи фæраздæр, æндæр цы.
956 Куыд уæм кæсы, æрчъийы рад нæ ралæууыд? Мæ мард фенут, раст чи нæ зæгъа Махæй ничи ницы дзуры Домбай уæдæй нырмæ йæ сæр йæ дзæмбытыл æвæрдæй дуаргæрон æнцад хуыссыд æмæ, æвæццæгæн, цы ныхъхъус сты, зæгъгæ, йæ сæрыл схæцыд, йæ комы дзаг ныззæмбыди: — И-и-их!.
957 Бимболатæн йæ каст цыма уымæ уыди, уый хуызæн мæстыхуызæй йæ лæдзæджы бырынкъæй зæхбын æрцавта. — Фæлæ уый нæ уыдзæн... Цалынмæ цæрæм, уæдмæ никуы уыдзæн! Æрчъи сæрак дзабыры никуы баййафдзæни! Никуы! — Афтæ, бæгуыдæр, — сразы йемæ Дзамболат.
958 — Раст зæгъыс, бынтон раст! Бимболат æрсабыр æмæ уæзбынгомауæй йæ ныхæстæм бафтыдта: — Хъуыддагæй кæй ницы рауайдзæн, уый уыцы адæмæн бамбарын кæнын хъæуы Æрчъи уадз æмæ æрчъийæ баззайа Махмæ уыдоны аккаг чызг нæй Æцæг дунейы нæ фыдæлты раз цавæр цæсгомимæ æрлæуиккам?.
959 Нæй, уымæн уæвæн нæй! Æмæ та лæдзæджы кæронæй æрцавта зæхбын — Æвæстиатæй сын бамбарын кæнын хъæуы, науæд æнхъæлдзысты, æмæ дызæрдыджы бафтыдыстæм Раст нæ зæгъын, хистæр? Куыд дæм кæсы? — Бынтон раст, бынтон Тæккæ райсом сын бамбарын кæндзыстæм, сæ зæрдæ дзæгъæлы куыд нæ дарой, афтæ.
960 Бимболат сыстади. Сыстад Дзамболат дæр. — Æнафон у. Хæрзæхсæв ут! — Хæрзæхсæв ут сымах дæр, — дзуапп сын радта Æна — Хуыцауы салам уыл сæмбæлæд æмæ фæндараст ут Зæрæдты фæдыл рацыдтæн Æз та æнхъæлдтон, æмæ мæныл дзурдзæни Ха-ха-ха Мæзджыты рæбын дуртыл бадынц цалдæр зæронды, иннæтæм æнхъæлмæ кæсынц.
961 Уæдмæ уыдон дæр æрбахæццæ сты. Зæрæдты æхсæнæй рахызт Знауыр-хадзы. Йæ бухархудыл урс цалмæхыз тыхт, фадхъултæм уæлæфтуаны бынæй зынынц цъæх цухъхъа æмæ сау хъама. — Нæ фæсивæд, хъæддых фæлæуут! — зæгъы Знауыр-хадзы — Нæ тæригъæдтæ, æвæццæгæн, афтæ бабирæ сты, æмæ ныл Дунедарæг йæ бæллæх рауагъта.
962 Сырхкъулы фæхстæй гæрæхтæ хъуысы æмæ, чи зоны, афонмæ ирон тугæй схъулон сты. Сар сæ сæр у, сæ зонд кæмæн фæцыд, уыцы адæмæн. Фæсивæдæн кæсгæ ницæмæуал у. Æвæстиатæй фæцæут æмæ уыцы æдылыты сæры зонд бауадзут — хотыхæй нæ, фæлæ дзыхыныхасæй.
963 Уырдыгæй Даргъ-Быдырмæ бахизут æмæ сæ баиргъæвут. Æфсымæры риумæ быцæу хъаматæ сын сæ къухтæй байсут. Сыгъзæрин Уастырджи уæ фæндараст фæкæнæд æмæ уæ худинаг æмæ æгадæй бахизæд! — Фæндараст ут! — сыстадысты æмæ æмдзыхæй загътой иннæ зæрæдтæ дæр.
964 Фæсæмбисбон сæдæ барæгимæ бахæццæ дæн Сырхкъулы фæхстæм. Дымгæ хъазы нæ кæрдæгцъæх тырысайæ. Гæрæхтæ нал хъуысынц. Змæлæг никуы зыны. Æрмæст нæм сывæллон фыййæуттæ тарстхуызæй кæсынц. Кæмæндæрты дзы йæ цæссыг кæлы. — Цæуыл кæут? — бафарстон сæ иуы.
965 Тæккæ фæндаггæрон лæууы цæссыгæй хъулæттæ цæсгомимæ. — Мæ фыстæ фесæфтысты... Гæрæхтæй фæтарстæн æмæ алыгъдтæн, фос цы фесты, нæ зонын. — Ма ку, райсом сæ ссардзынæ, — загъта йын тырысахæссæджы æмбал Агуыбе. Æрæвнæлдта йæм æмæ лæппуйы йæ фæсарцмæ систа.
966 — Ныр та уæхимæ цом уазæгуаты! Лæппу ницы дзуры, барджытæм ракæс-бакæс кæны — Дæ ном цы хуыйны æмæ кæй фырт дæ? — фæрсы йæ хъуынтъызæрфыг Илас, кæддæры хуыснæг æмæ бæхдавæг — Зæронд Ахболаты кæстæр фырт дæн, мæ ном Ацæмæз хуыйны, — сæрæн дзуапп дæтты лæппу.
967 — Æмæ абонсарæй чи гæрæхтæ кодта ам? — Хæтæнхуаг тепсыхъойыхъæуккæгтæ æмæ мах æдылытæ хæцынты хъазынц Ацæмæзы дзуапп неппæты зæрдæмæ дæр фæцыди; ахæм сæрæн лæппуимæ ныхасæй чи бафсæстаид, фæлæ уæдмæ Сырх-къулмæ бахæццæ стæм Агуыбейы фæсарцæй æргæпп кодта Ацæмæз, мах та мæзджытырдæм араст стæм.
968 Мæзджыты кæрт у адæмæй йæ тæккæ дзаг. Рæнхъæй æрлæууыдыстæм æмæ нæм исчи кæд æрбацæудзæн, уымæ æнхъæлмæ кæсæм. Кæртæй рацыдысты æртæ зæронды. Нæ размæ куы æрбахæстæг сты, уæд астæуæй чи цыди, уый æрлæууыд, йæ рахиз къух ронбасты онг схаста æмæ нын салам радта: — Салам-алейкум!.
969 — Алейкум-салам! — дзуапп радтой барджытæ Зæронд тызмæгæй йæ цæст ахаста барджытыл æмæ загъта: — Хъæубæстæ уын стыр арфæ кæнынц, нæ зынаргъ æфсымæртæ, нæ зыны сахат нæм хæстæввонгæй цæргæстау кæй фæзындыстут æххуысмæ, уый тыххæй Къорды хицау æз дæн æмæ зæрондæн дзуапп дæттын дæр мæн бахъуыди.
970 — Ацы фæсивæды, — ме ’мбæлттæм амонын, — мæ бæрны бакодтой хъæуы хистæртæ. Бар мын раттут, хистæртæ нын кæй бафæдзæхстой æмæ мах цыфæндыйæ дæр сæххæстгæнинаг кæй стæм, уыцы уæззау хæс сымахæн фехъусын кæнынæн. — Дæ ныхас Хуыцауы зæрдæмæ фæцæуæд!.
971 Дæ хорзæхæй, лæмбынæг дæм хъусæм, — зæгъы зæронд. Зонут, сырхкъулæгтæ, уæлæ уыцы фæхстыл æфсымæрты марыны худинаггаг хæст феныны бæсты, уæ размæ цы фæсивæд лæууынц, уыдон мæлæт ссарыныл разы сты. Мæ ныхас фæдæн æмæ комкоммæ кæсын адæмы цæстытæм.
972 Цыма дзурынхъом нал сты, уыйау æдзæмæй лæууынц. Нæ размæ салам раттынмæ цы зæронд рацыди, уый йæ сыхæгтæм æххуысагур бакæс-бакæс кæны. Адæм фæйнæрдæм алæууыдысты, æмæ се ’хсæнæй рацыд бæрзонд зæронд лæг. Йæ фæтæн риу æнæхъæнæй дæр урс-урсид боцъойæ нæ зыны.
973 Сындæггай нæм æрбаввахс. Рагæй йæ зонын: Инал-хадзы. Нæ тæккæ раз æрлæууыд æмæ афарста: — Рагон Сырхкъулы мæнæй хистæр нæй æмæ мæн фæнды дзуапп раттын, æдзухдæр уæззау зондыл лæуд æмæ кæддæриддæр уазæгуарзон Сисыхъæуы хистæрты фæдзæхст æдæрсгæ чи æххæст кæны, уыцы сахъгуырдæн.
974 — Комкоммæ мæм ныккаст æмæ дарддæр дзуры: — Нæ хæхбæсты аккаг хъæбултæ стæм, æви не ’фсымæрты туг ныккалынмæ бæллæг фыдгæнджытæ, уый базонын дæ фæнды, зæгъыс? — Æнæмæнг афтæ, нæ буц хистæр, — дзуапп ын радтон æз — Уæдæ хъус ардæм Уыдоны æнæхæрам тæрхон кæрон сæвæрдзæн ирон бинонты хъаугъайæн.
975 Хуыцауы раз сæумæйы хæс сæххæст кæнынмæ куыддæр æрæмбырд уой райсом мæзджытмæ сырхкъулæгтæ, афтæ кæсæг æмæ мæхъхъæл дæр æрбахæццæ уыдзысты сæ дзырддзæугæ хистæртимæ. Ахæм зондыл лæуд у Сырхкъул, æмæ хъуыддагæн кæрон æнæ сæвæргæ нæй. Раст у мæ ныхас?.
976 — адæмы бафарста Инал-хадзы. — Бынтон раст! — хъуысы мингай адæймæгты хъæлæс — Хуыцау, табу дæхицæн! — æхсызгонæй загътон æз — Уыцы хъуыддаджы уæ кæддæриддæр бафæнда æмæ кæдæмдæриддæр зæгъат, уым уыдзыстæм уемæ æмæ уæ разæй Стæй фæсæхсæвæрты ногæй Сырхкъулы сæмбæлдзыстæм, Хуыцауы фæндæй.
977 Ныр та уал хатыркурæг стæм æмæ нын фæндараст зæгъут. — Хуыцауы уазæг ут! — загътой сырхкъулæгтæ, æмæ нæ бæхты фæрстæ басхуыстам Æрмæст хурныгуылдыл аззадысты фæсте Сырхкъулы рæгътæ, æмæ дæлвæзмæ рахызтыстæм Дардæй æрбазынди Даргъ-Быдыр Хъæугæроны змæлынц барджытæ æмæ фистæджытæ.
978 Мах куы ауыдтой, уæд нæ, æвæццæгæн, фыдгул æнхъæл фесты æмæ алырдæм апырх сты сæ хæцæн бынæттæм. Æртæ барæджы урс тырысаимæ æрбатындзынц нæ размæ. Махæй дæр æртæ барæджы фæраст уыцырдæм. Сæ урс тырысатимæ хъæбатыр Куыдзыгусы обауы рæбын баиу сты.
979 Кæрæдзи базыдтой. Даргъбыдирæгтæй иу фæстæмæ атындзыдта сæхионтæм, иннæ дыууæ та махонтимæ æрбацыдысты. — Уæ фæндаг раст, Хуыцауы уарзон сисыхъæуыккæгтæ! Сымах хуызæн уазджыты уынд æхсызгон уыдзæн Даргъ-Быдырæн, — зæгъы хурсыгъд барæг — Нæ фембæлд амондджын разынæд, — дзуапп радтон æз.
980 Даргъ-Быдыры хъæугæрон рæнхъæй ралæууыд барджыты дивизионы бæрц, æвæццæгæн, мах размæ рацыдысты. Мах дæр сæм бахæццæ стæм æмæ иу-дыууиссæдз санчъехы æддæдæр рарæнхъ стæм: цы зæгъдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсæм. Барджыты дыууæ балы æхсæнмæ рацыди зæронд Бодз, йæ цæсгом æнкъард æмæ сагъæсхуыз.
981 — Хуыцæутты Хуыцау æвдисæн: ацы худинаггаг хæсты Даргъ-Быдыр ницы аххосджын у, — æнкъардæй дзуры Бодз. — Абон гæрæхтæ кæцæй райхъуысти, уыцы рæгътыл æмбисбоны онг махонтæй ничи уыди. Иннæтæ иууылдæр ам сты æмæ сæм сæхи бахъахъхъæнынæй дарддæр ницы фæнд ис.
982 Кæд æмæ нæ мæгуыр къонатыл арт сæндзарыны зонд æрцæуа искæмæ, уæд сар йæ сæр кæндзæни. Кæд æмæ Сырхкъул афтæ æнхъæлынц, æмæ сæ хæст Даргъ-Быдыримæ у, уæд тынг рæдийынц. Тепсыхъойыхъæу æнхъæлмæ кастысты уыцы лæгсырдтæн адæмы тæрхонмæ... Бæхы æрцавтон, æмæ барджытæ мæ фæдыл ратындзыдтой.
983 Дзуары къæдзæхрæбынмæ бахæццæ стæм. Судзынц æртытæ. Зынынц адæмы æмæ бæхты æндæргтæ. Тепсыхъойыхъæуккæгтæ сты. Суанг сæм æмбисфæндагæй арвыстон хабаргæнæг дыууæ барæджы. Хабаргæнджытæ æрбаздæхтысты æмæ загътой: тепсыхъойыхъæуккæгтæ цыппарсæдæйæ — фистæгæй æмæ барæгæй — æрæмбырд сты Дзуары цур.
984 Сæ ныхас у райсом Сырхкъулы рæгътæм ныббырсыныл. Куы сæм баввахс стæм, уæд тепсыхъойыхъæуккæгтæ сæ æртытæ ныууагътой æмæ иу ранмæ æрæмбырд сты. Æххæст сæм нæма бахæццæ стæм, афтæмæй æрурæдтам бæхты. Ничи ницы дзуры... Æппынфæстаг бæхы æрцавтон æмæ сæ разы æрлæууыдтæн.
985 — Уæ изæр хорз... Æфсымæртæ! — Алыбоны æгас нæм цу! — дзуапп радтой тепсыхъойыхъæуккæгтæ Алкæмæн дæр дзы йæ къухы фондзæхстон, сæ риуыл хъатаратæ — Амæй фæстæмæ æнæфыдбылыз куыд уат, ахæм арфæ ракæнæд Хуыцау Нæ сæр уæ цæмæндæриддæр бахъæуа, уымæ цæттæ стæм.
986 Тепсыхъойыхъæуккæгты æхсæнæй рацыд уæйыгарæзт лæг æмæ сæргуыбыр æмæ хъуынтъызæй дзурын райдыдта: — Ам æрæмбырд сты, ацы хъæдæй дарддæр цæрæн бынат кæмæн нал ис, уыдон. Мæ ныхас у, цæхх æмæ кæрдзын бирæ хæттыты иумæ кæимæ бахордтам, уыцы сырхкъулæгтыл.
987 Мæ ныхас у, не ’рдæгсыгъд хæдзæртты хъайвантæ чи ласта æмæ дзы Сырхкъулы йæхицæн цæрæнтæ чи арæзта, уыдоныл. Стыр арфæ уын кæнæм, æфсымæртыл уæ нымайæм, æмæ нæ бынаты уæхи сæвæрут, цы кæнгæ нын у, уый нын бацамонут. Уæ тæрхонмæ байхъусдзыстæм æмæ, куыддæриддæр зæгъат, афтæ бакæндзыстæм.
988 — Дæ зæрдæрыст ныхæстæ тынг раст сты, — дзуапп ын радтон æз. — Уæ маст дæр уын хорз æмбарæм, фæлæ ахæм хъуыддæгтæ тугкалдæй лыггæнгæ не сты. Сыстут уæ хæцæнтæй, Даргъ-Быдырмæ фæцæут, ахсæв уæ фæллад уым суадзут æмæ уым тæрхоны уынаффæмæ банхъæлмæ кæсут.
989 Тæрхоны лæгтæ абон фæдисæй рараст сты Кæсæгæй æмæ Мæхъхъæлæй. Райсом сæ тæрхон рахæсдзысты Сырхкъулы, хъаугъатæн кæрон æрцæудзæн æмæ сабырæй цæрын райдайдзыстæм. Ныр та уал Сисыхъæуы фæсивæд ам баззайдзысты хъахъхъæнæг. Ахæм уынаффæ, кæд ыл тепсыхъойыхъæуккæгтæ разы сты, уæд.
990 Куыд уæм кæсы? Уæйыгарæзт иуцасдæр алæууыд хъуыдытæгæнгæ, стæй сабырæй загъта: — Разы стæм уæ фæндоныл Тепсыхъойыхъæуккæгтæ сæ бæхтыл бабадтысты Мæ барджытæ та æрфистæг сты æмæ къордтæ-къордтæй æртытæм сæхи байстой Тепсыхъойыхъæуккæгтæ сæ фæндаг адардтой.
991 Фæндараст сын загътам. Бонивайæнтæ ралæууыдысты. Сæууон ирдгæ нымæты дæр хъары. Скæсæны фæфæлурс. Æртыты фарсмæ æрфынæй сты фæллад сисыхъæуккæгтæ, æддæдæр лæууынц хъахъхъæнджытæ. Æрмæст мах цалдæр хистæрæй бадæм арты фарсмæ. Нæ ныхас у, дарддæр куыд кæнгæ у, ууыл.
992 — Уæдæ афтæ: хурыскастимæ рæгътыл ахиздзыстæм, сырхкъулæгты немæ айсдзыстæм æмæ Сырхкъулмæ адардзыстæм нæ фæндаг. Уæдмæ, æвæццæгæн, кæсæг æмæ мæхъхъæл, стæй нæхи хъæуты æрвыст лæгтæ дæр æрбахæццæ уыдзысты. Ныр та уал, Агуыбе, кæстæртæй æртæмæ фæдзур æмæ нæ разæй ацæут.
993 Сырхкъулæгтæн бамбарын кæн, тепсыхъойыхъæуккæгты дысон Даргъ-Быдырмæ кæй арвыстам, уæ фæдыл та мах кæй цæуæм. Фæндараст ут! Агуыбе уайтагъд райхъал кодта æртæ кæстæры Сæргътæ авæрдтой, æхтæнгтæ балвæстой æмæ сырхкъулырдæм фесхуыстой бæхты Сæууон хуры тынтæ схъазыдысты митæмбæрзт къæдзæхтыл.
994 Нæ размæ рæгътыл зынынц иугай сау стъæлфытæ — Сырхкъулы хъахъхъæнджытæ. Сындæггай хæрдмæ хизæм хохаг нарæг къахвæндагыл. Алардыйы къæдзæхы рæбын фæндаг æртæрдæм фæсаджил. Галиуырдæм — Кæсæгмæ фæндаг, астæуккаг — Сырхкъулмæ, рахизырдæм — Сисыхъæумæ.
995 Раст ацы ран нæ размæ фæцис Агуыбе. Мæ фæдзæхст сæххæст кодта. Сырхкъулæгтæ нæм тынг æнхъæлмæ кæсынц. Агуыбе барджыты æхсæн йæ бынат бацахста æмæ дарддæр араст стæм. Сырхкъулы хъахъхъæнджытæм бахæццæ стæм. Цалдæр санчъехы ма сæм баззадаид, афтæмæй æрлæууыдыстæм.
996 — Уæ райсом хорз, Сырхкъулы фæсивæд! — радтон сын салам — Хорз райсомтæ уыл цæуæд, нæ зынаргъ уазджытæ! — загътой уыдон — Цытджын Алардыйы цур фæндаг æртæрдæм кæм фæсаджил æмæ Сырхкъулы æмæ Даргъ-Быдыры зæххыты арæн кæм ис, уым хъахъхъæнджытæ лæууы Сисыхъæуæй.
997 Знон изæрмæ худинаггаджы хæсты кæимæ бацыдыстут, уыдоны та мах арвыстам Даргъ-Быдырмæ. Сымах дæр уæхи бакæнут мах æвджид, уæ хотыхтæ бафснайут æмæ, уазджытæн куыд фæзæгъынц, афтæ нын хъуамæ æгасцуай зæгъат Сырхкъулы. Сырхкъулæгтæ æнцад лæууынц æмæ ницы дзурынц.
998 — Цæй, цæуыл у уæ лæуды сæр? Æви уæ зонд уыйбæрц фæцыд, æмæ цалынмæ Сырхкъулы тæрхоны лæгтæ бадой, уæдмæ дæр уæ зæрды хæцын ис? — бафарстон сæ тызмæгдæрæй — Кæд афтæ у, уæд уæ зæрдыл бадарут: суанг Даргъ-Быдыры онг сисыхъæуккæгтæй дарддæр знаг не ссардзыстут.
999 Сисыхъæуккæгтæ та уæ уæхи арæнæй дарддæр ахизын кæй нæ ауадздзысты, уый уын æз хъæддыхæй зæгъын. — Хуыцауы хатырæй, разы стæм уæ фæндонимæ, нæ хæцæнтæ ныууадздзыстæм æмæ сымах хуызæн зынаргъ хæлæрттæн стыр æхсызгонæй æгасцуай зæгъдзыстæм, — сдзырдтой цалдæрæй.
1000 Сырхкъулы мæзджыты фæз æмæ йæ фарсмæ уынгтæ æмызмæлд кæнынц адæмæй æмæ бæхтæй. Цытæ сарæзтон, уыдæтты тыххæй хистæртæн дзуапп раттынмæ араст дæн мæзджытырдæм. Фысымтæй мын иу лæппу адæмы æхсæн фæндаг гæрды йæ рæмбыныкъæдзтæй, афтæмæй тыхамæлттæй бахæццæ дæн моллойы хæдзармæ.
1001 Уайтагъд нын дуар байгом, æмæ мæм мидæмæ фæсидтысты. Уаты астæу нарæг æмæ даргъ стъолы уæлхъус бадынц дæс зæронды. — Æгас цу, лæппу. Радзур-ма нын, нæ хæрзæгъдау æмæ коммæгæс Сисыхъæуы фæсивæд цытæ сарæзтой, уыдæттæ, — хистæры бынатæй мæм дзуры сæдæаздзыд Хадзы.
1002 Рахиз къухæй хъамайы фистоныл хæцгæ æмраст слæууыдтæн æмæ сын дзуапп радтон: — Даргъ-Быдыр æлгъыстаг кæны, æфсымæрты туг ныккалынмæ чи бæллы, уыдоны. Уæ фæсивæдимæ хæцыдысты тепсыхъойыхъæуккæгтæ. Мах сæ хæцæнтæй Даргъ-Быдырмæ арвыстам æмæ уым æнхъæлмæ кæсынц тæрхоны лæгты æнæхæрам уынаффæмæ.
1003 Уæ фæсивæды дæр сæ хæцæнтæй ракодтам. Сырх-къулы æмæ Даргъ-Быдыры арæныл лæууынц сисыхъæуккаг хъъахъхъæнджытæ. Искæмæ уæ адæмы бахъыгдарыны зонд куы æрцæуа, уæд сæ баиргъæвдзысты... Хистæртæ мын раарфæ кодтой æмæ рацыдтæн. Мæ фысымимæ мæзджыты цур егъау дурмæ схызтыстæм æмæ уырдыгæй кæсæм адæммæ.
1004 Алырдыгæй лæууынц гæрзифтонг къордтæ. Тырысатыл зынынц ногдзыд мæй æмæ стъалыйы хæрдгæбыд нывтæ. Хъуысы æцæгæлон ныхас, бæхты хуыррытт, цæфхæдты тъыбар-тъыбур, æгъдæнцæйтты зыланг. Мæнæ адон кæсæг сты. Уæртæ мæхъхъæл æрбацæуынц... Кæсгæттæн бакастæй сæрæндæр æнхъæл уыдтæн.
1005 Уæдæ бæхыл бадгæйæ дæр мæнæ-мæнæ фидауцджын не сты. Ау, адоны хæрзаив баззадаид æмбисондæн æгас хæхбæсты. Сæ ныхас дæр цыдæр сыфсыфгæнаг, калм хъамылы куы фæцæйхила, науæд суадон дуртыл куыд хæл-хæл кæна, уыйау. Мæхъхъæлы бакаст бынтон æндæр у.
1006 Сонтарзт, тæлфаг, саухил, гуыбырфындз, къæсхуыртæ, сæ ныхас — хъæрæй. Кæсæг — бæзæрхыгдæр, сырхуадул, гæзæмæ бурхил, сæ фезмæлд уæзбын, æнæ уæлдай тæлфт. Дурæй куыд æрцæйхызтæн, афтæ мын фысым мæ рæмбыныкъæдзыл æрхæцыд æмæ бафарста: — Уæртæ уыцы кæсгæттæ цы зæгъынц, уый хъусыс?.
1007 — Нæ хъусын. Куы йæ хъусин, уæддæр ын ницы бамбарин. — Уæртæ уыцы сырхуадул мæсты кæны, хистæртæ, дам, нæ ам дзæгъæлы дарынц, фæлтау, дам, уыцы джауыр чырыстæттæм балæбурæм. Æмæ иннæтæ дæр йемæ разы сты. Стæй уæд иннæ ран мæхъхъæл цы дзурынц, уымæ ныхъхъуыста мæ фысым.
1008 — Уыдон та цы зæгъынц, уый зоныс? — Цы? — Уæртæ уыцы фыдцъылыз зæронд хадзы фæрсы, Даргъ-Быдыры æхца, дам, кæм æфснайд хъуамæ уой, стæй сæ сауджын кæм цæры Сызгъæрин дзуæрттæ, дам, æм хъуамæ æмбæхст уа Уый та дын тæрхоны лæгтæ! Мах та сæм исты хорзмæ æнхъæлмæ кæсæм.
1009 Дурæй æрхызтæн æмæ скъолайырдæм араст дæн. Кæцæйдæр хъуысы зарын æмæ къæрццæмдзæгъд. Скъолайы кæртмæ бацыдтæн. Кæсын, æмæ адæм кæрæдзийы дæлæрмтты хæцгæ тымбыл ралæууыдысты æмæ заргæйæ зилдух кæнынц. Астæуæй лæууы æмæ Хъуыран кæсы сырхбоцъо зæронд, йæ бухайраг худыл урс цалмæхыз тыхт.
1010 Йæ алыварс зилдух цырынæй-цырындæр кæны. Хадзы чиныджы каст фæци, зилдухгæнджытæ сæ фындзтыл ныххæцыдысты æмæ фæсус хъæртæ кæнынц. Стæй уæд хъыллистытæгæнгæ кафыныл схæцыдысты, къæрццæмдзæгъд самадтой, сæ къæхтæй зæхх хойынц, цæст нал хæцы сæ къæхтыл.
1011 Сæ цæсгæмттæ ныффæлурс сты, сæ хид рахъардта. Сæ цæстытæ тæрсынгæнæн æрттывд кæнынц, уынæргъæгау цыдæртæ дзурынц, фæлæ дзы æз «...Аллах! йа Аллах!» йеддæмæ ницы иртасын Исдуг сæ фæллад суагътой æмæ та кафыныл фесты Кафынц æмæ кафынц Сырхбоцъо зæронд сын къухæй ацамыдта, æмæ æрлæууыдысты.
1012 Иууылдæр иумæ сæ зонгуытыл æрхаудтой, сæ армытъæпæнтæ хæрдмæ систой æмæ сæм æдзынæг кæсынц. Иуцасдæр алæууыдысты афтæмæй, «Амен!» загътой, зонгуытæй сыстадысты æмæ фæйнæрдæм фæцыдысты Се ’хсæнæй рацыд мæ хъæуккаг æмæ хæстæг Саудзиу дæр, йæ хуыз фæцыди, цæсгомы хид къухмæрзæнæй сæрфы.
1013 Фæдзырдтон æм æмæ мæнырдæм æрбаздæхти. — Саудзиу, ды дæр зæчыргæнæг сдæ? — Уæдæ Кæд нæм æцæг дунейы исты хæрзиуæг æнхъæлмæ кæсы, уæд хъуамæ тынг стыр хæрзиуæг уа, — дзуры мын мæ хъусы — Кæд ницы, уæд та дзæгъæлы æгæр стыр фыдæбон у Дыууæйæ дæр бахудтыстæм.
1014 Цалдæр сырхкъуладжы нæ цуры æрбалæууыд. — Цæй, кæд уыдзæни тæрхон? — афарстон сæ æз — Тæрхоны лæгтæ мидæгæй бадынц æмæ рæхджы рацæудзысты сæ уынаффæ адæмæн фехъусын кæнынмæ Ныр та уал дæм скъолайы чъылдыммæ зæрæдтæ дзурынц, — мæ цонгыл мын ахæцыд сырхкъулæгтæй иу.
1015 Скъолайы къулæнцой дуртыл бадынц зæрæдтæ, сæ акомкоммæ лæууынц æрыгондæртæ. — Цæмæн байрæджы кодтай? Не ’мбырд куы ахицæн — Ницы кæны, — загъта Инал-хадзы, — нæ уынаффæтæ йын бамбарын кæндзыстæм — Хуыфæг ыл схæцыд æмæ йæ дзурын нал уадзы Уый æнхъæл чи уыд, æмæ нын уырысы музуккæгтæ хицау суыдзысты.
1016 Цы нын хъуамæ æрхæссой хорзæй? Сæхæдæг цы цъыфы бæгъдулæг кæнынц, уымæй дарддæр ницы Мæнæ ам Ирыстоны пысылмон хъæуты минæвæрттæ рахастой Калачы хæххон хицауадмæ дыууæ минæвары арвитыны уынаффæ Куыд зæгъынц, афтæмæй хæххон хицауад уым цавæрдæр бирæуæладзыгон галуанты бады.
1017 Уадз æмæ нæм не ’мдин туркæгты æрбарвитой. Кæд нæхи бон ницы у, уæд нын туркæгтæ паддзахиуæг кæнæнт уырысы музуккæгты бæсты. Æнæхæлафы фырттæ нæ сæрыл сбадтысты æмæ хицæуттæ схуыдтой сæхи. Уадз æмæ нæм турк æрбацæуой. Минæвæрттæ уый тыххæй æрвитæм Калакмæ.
1018 Фæндаггаг æхца дæр сын ссардтам. Уадз æмæ фæцæуой æмæ уым мах номæй ныхас кæной. — Хуыцауы куы бафæндид æмæ уæлæ уыцы хæхты чъылдымæй туркæгты сырх худтæ куы разыниккой. Тæккæ уыцы сахат амæлынмæ дæр цæттæ дæн, — бафтыдта ныхасыл æндæр зæронд.
1019 Æртыккаг зæронд цæттæ у пашайы сылдонмæ йæ цыппар чызджы дæр раттынмæ... Хæлиудзыхæй баззадтæн. Ахæмтæ фехъусын æнхъæл нæ уыдтæн зæрæдтæй. Цы Хуыцау сæ туркæгтырдæм фæцардыдта? Туркæгты æрбахоныныл æз разы нæ дæн Куы фæзыной, уæд динмæ гæсгæ ноджы фæфыдæхдæр уыдзысты ирон адæм кæрæдзимæ.
1020 Ирыстон бынтондæр дыууæ дихы фæуыдзæн æмæ йе сæфт æрцæудзæн. Æз адæмы баиу кæныныл куы архайын, уæд æндæр чидæр та бынтон иннæрдæм архайы. чи уа, цымæ? Мæхæмæты сæр æмæ йæ ахадгæ ныхас нырæй тынгдæр бæргæ никуы бахъæудзысты Фæлæ кæм агургæ у?.
1021 Уый та дын нæ кабинетты бадæг ахуыргонд адæм — дардæй амонынмæ дæсны сты. Кæм бахъæуынц, уым та сæ никуы фендзынæ. Куы æгæр фæразоз вæййынц, куы та æгæр фæсте аззайынц. Кæй ардыд уой ацы зæрæдтæ? Мæ зæрдыл æрбалæууыд, цавæрдæр Шукри-бейимæ фембæлынмæ мæ куыд хуыдтой, уый.
1022 Турчы генералон штабы булкъонæй амыдта йæхи, Энверпаша, дам, мæ йæхæдæг æрбарвыста Цæгат Кавказмæ. Не сразы дæн йемæ сæмбæлыныл.Фæлæ бирæ кæимæдæрты фембæлдис. Шукрийы куыст у, æндæр цы! Иууылдæр мæзджытмæ рацæут Сыстадыстæм, хистæрты разæй ауагътам æмæ сæ фæдыл ацыдыстæм.
1023 Адæм иууылдæр кæрты бамбырд сты æмæ мæзджыты дуармæ кæсынц: уырдыгæй рахиздзысты тæрхоны лæгтæ. — Рацæуынц! — сдзырдта чидæр мæ чъылдыммæ Адæм басабыр сты Минуты фæстæ мæзджыты бæрзонд къæсæрмæ рахызтысты тæрхоны лæгтæ Кадийы галиу фарсмæ слæууыд Сослæнбег, тæлмацгæнæг.
1024 Кади йæ сæрыл схæцыд, йе ’нгуылдзтæй боннымайæнтæ æвзаргæ зæрдиагæй дзуры мæхъхъæлонау. Сослæнбеджы къухæй гæххæтт райста, алы хъуыдыйад дæр хицæнæй кæсы. Каст фæцис æмæ гæххæтт фæстæмæ радта тæлмацгæнæгмæ. — Инш-Аллах! — загътой мæхъхъæл Кади Сослæнбегмæ бакаст æмæ уый кæсгонау дзурын райдыдта.
1025 Фæлæ бирæ нæ фæдзырдта, афтæмæй гæххæтт рафæлдæхта æмæ йæ кæсгонау бакаст. — Инш-Аллах! — загътой кæсæг дæр Стæй кадийы ныхæстæ иронау рафæзмыдта Сослæнбег Хохæгтæ кæрæдзи цæмæй уарзой, уый у сæ иумæйаг царды бындур 2 3 4 5 6 7 8 Ацы уынаффæ хъуамæ æххæстгонд æрцæуа 10 июлы 12 сахатмæ.
1026 Уыцы æмгъуыдмæ Сисыхъæуы æмæ Даргъ-Быдыры арæныл Челеметы обауы цурмæ ногæй æрæмбырд уыдзыстæм кæронбæттæн уагыл бафидауынмæ». Сослæнбег гæххæтт каст фæцис æмæ загъта: — Тæрхондоны уынаффæ фехъусын кæныны тыххæй тæккæ абон хабархæсджытæ арвитдзыстæм æппæт хъæутæм дæр.
1027 — Инш-Аллах! — ногæй загътой адæм Фынджы уæлхъус æнæкæрон сидтытимæ фæбадыны фæстæ алчи йæ бæх бацагуырдта Кæстæр фысымтæ сæ скъолайы цурмæ æрбакодтой Уазджытæ бæхтыл бабадтысты Мæзджыты галиу фарс æрлæууыдысты ир, йæ рахиз фарс — кæсæг æмæ мæхъхъæл.
1028 Сыбыртт никæцæйуал хъуысы. Мæзджыты къæсæрыл лæууынц Сырхкъулы хистæртæ. Се ’хсæнæй рахызт Инал-хадзы. Йæ урс боцъо æрсæрфта æмæ уазджытæн зæгъы: — Хуыцауы хорзæхæй хайджын ут! Уæ даргъ фæндагыл уæ фæндараст фæкæнæд! — Инш-Аллах! Хъæбатыр Берды ингæнмæ бахæццæ стæм.
1029 Бынæй, лæнкауы фæсте аззади Сырхкъул. Зарæг нал хъуысы. Фæсивæд сæхи мидæг базмæлыдысты: æнхъæлмæ кæсынц, хистæртæ сын бæхыл хъазыны бар кæд ратдзысты, уымæ. Рæстæгмарæнæн чи йæ хотыхтæ дзæбæхтæ кæны, чи цухъхъайы фæдджитæ ронбасты тъыссы, чи æгъдæнцæйттæ фæлвары.
1030 Алчидæр бæллы иннæтæй сæрæндæр æмæ дæсныдæр барæг разынынмæ, йæ кой суанг сыхаг адæмтыл айхъуысид. Уынгæг комæй рахызтыстæм. Фæндаджы дыууæ фарсы пыхсы бын фесты. Нæ сæрмæ æгомыг къæдзæхтæ, разæй та цъæх-цъæхид дары парахат лæнкау. Фæндаггæрон хæрдмæ фæцыди хибар къæдзæх.
1031 Йæ тæккæ цъуппыл бады цæргæс — дзæмбытæ дуры ныссагъта, бырынкъджын сæр бæрзонд систа, дард кæдæмдæр æдзынæг кæсы. Кæд, мыййаг, ацы къæдзæх ардæм, быдырмæ, уæлæ уырдыгæй, æврæгъты уæлейæ, æрхауд æмæ уым уыди цæргæсы цæрæн, уым арвыста йе ’взонджы бонтæ, кæд, мыййаг, йæ фыццаг сгуыхтыты æвдисæн у.
1032 Æвиппайды адæмы æхсæнæй къуыззитгæнгæ ратындзыдта зæронд хадзы æмæ йæ ных комкоммæ къæдзæхмæ сарæзта. Барджытæ базмæлыдысты. Алчидæр æмбары — бæхыл хъазт райдыдта, фæлæ зæронд Хадзы, бæхы тæнтæ схойгæ, кæдæм тындзы, уымæн ничи ницы зоны. Æз кæсын цæргæсмæ.
1033 Уæлæврæгъты паддзах батыхсæгау кодта, йæ базыртыл схæцыд æмæ хæрдмæ стахти. Фæлæ уайтагъд фæстæмæ йæ бынаты æрбадти, чи мæм хъуамæ йæ ныфс бахæсса, зæгъгæ. Хадзы та, цыма ницы æрцыд, уыйау фæстæмæ саргъыл фегуырд æмæ йæ бынатмæ æрбаздæхт. Дисы æмæ цины хъæртæ хъуысы алырдыгæй.
1034 Хадзы нæма æрбахæццæ, афтæ æндæр урсбоцъо зæронд йæ бæх фæцарæзта къæдзæхырдæм. Къæдзæхы тæккæ рæбыны æхсаргард ферттывта æмæ иунæг тыхджын цæфæн цæргæс дыууæ дихы фæцис. Æмæ та йæ бæсты дыууæ урсбоцъо зæронды къæдзæхы рæбынмæ атындзыдтой.
1035 Æзфæраздæронæй æгъдæнцæйттыл æрæнцадысты, цæргæсы фæйнæ æмбисы фелвæстой тæхгæ-тæхын, уæлиау сæ систой æмæ фæстæмæ æрбатахтысты. Хистæры æнцъылдтæ цæсгом мидбылхудтæй барайдзаст, афтæмæй сæм кæсы. Хистæр сæ сисынмæ æргуыбыр кодта, фæлæ уайтагъд фæстæмæ саргъыл абадт.
1036 Йæ цæсгом фæтар, сæр риуыл æрхауд æмæ йæ цæссыгтæ æркалдысты. Сыбыртт никæцæйуал хъуысы, афтæмæй дарæм нæ фæндаг. Æврæгъты паддзах цы уыди, уымæй баззад йæ фæстаг боны онг. Йæ ныфс цæмæй асæтта, ахæмæй ницы разынди дунейы мидæг. Йæ мæлæты сахат дæр ницæмæй фæтарст æмæ мæрдтæм бацыд æнæбасæттонæй.
1037 Æз та? Æппындæр кæй ницæмæнуал бæззын, уый мæхицæй хуыздæр ничи зоны Цы сты мæ ивгъуыд бонтæ? Ныр та? Ныр та — цармы мидæг зæронд стæджы гæбæзтæ — Бæхы ехсæй æрцавта æмæ йæ сабыргай аскъæрдта Фæсивæд та бæхыл хъазынæй нал æфсæдынц Бæстæ хъæрахст æмæ къуыззитт ссис.
1038 Афтæмæй бахæццæ стæм иры, кæсæджы æмæ мæхъхъæлы арæнмæ. Уазджыты хистæртæ æрлæууыдысты æмæ сæхионты дардæр ауагътой, мах та арæныл æрурæдтой. Æрфистæг стæм æмæ уазджыты хистæртæ цы зæгъдзысты, уымæ æнхъæлмæ кæсæм. — Нæ арæны онг нæ æрбахæццæ кодтат æмæ ацы ран уазджытæ нал стæм.
1039 Бузныг уын зæгъæм, æмæ уæ алчи йæ хæдзарыл дзæбæхæй сæмбæлæд. Уазджытæ къæдзæхы аууон цалынмæ фесты, уæдмæ банхъæлмæ кастыстæм, бæхтыл бабадтыстæм æмæ нæ фæндаг радардтам. VII Хъæубæстæ цæттæ сты хосгæрдæнтæм. Хатгай сæм ныхас рауайы Челеметы обауы цур хохæгты фидæны съезды тыххæй.
1040 Куыд æнхъæлмæ кæсынц, афтæмæй съезд хъуамæ æххæстæй дæр бафидауын кæна пысылмæтты æмæ чырыстæтты. Хистæр тæрхоны лæгтæ цы къамис равзæрстой, уый, дам, æнтыстджынæй кусы. Бонтæ аивгъуыдтой æмæ та съезд дæр æрхæццæ. Изæрæй мæ хæлæрттæй кæуылдæрты æрзылдтæн.
1041 Бафæдзæхстон сын, райсомæй аст сахатыл мæзджыты цурмæ куыд æрæмбырд уой æмæ иумæ куыд ацæуæм, афтæ. Суанг сæумæйæ райдыдтой ирон адæм алы хъæутæй Челеметы обаумæ æмбырд кæнын. Уалынмæ æрбахæццæ сты мæхъхъæл дæр сæ кадиимæ. Чысыл фæстæдæр сæ æрбаййæфтой кæсæг.
1042 Æппæты фæсте фæзындысты сырхкъулæгтæ, Тепсыхъойыхъæуы зæрæдтæ æмæ даргъбыдирæгтæ. Бафидауын æппæтæй тынгдæр кæмæн æмбæлы, уыдон сеппæты фæстæ кæй æрбацыдысты, уый мын фæхъыг. Ноджы хъыгдæр та мын фæцис, Тепсыхъойыхъæуæй æрмæст зæрæдтæ кæй æрбацыдысты, уый.
1043 Сæ фæсивæд хуыздæр кæм хъуамæ уой? Хистæртæн кæттаг байтыгътой обауы рæбын Дæргъæй-дæргъмæ фынгтæ рацарæзтой, парахатæй сыл æрæвæрдтой хæрд æмæ нозт Бафидауыны фæстæ минас та куыннæ æмбæлы Хистæртæ аууоны рабадтысты, æмæ сæ тæрхон райдыдта.
1044 Адæм алырдæм апырх сты. Обауы сæрмæ схызтæн æмæ уырдыгæй фæлгæсын. Дуне адæм. Къордтæ-къордтæй лæууынц сæ сахсæнæвæрд бæхтæм хæстæг. Марадз æмæ йæ базон, цавæр хъуыдытæ сæм ис. Æнкъарын æй: кæд сæ туг иу у, уæддæр æргомзæрдæ не сты... Адæм базмæлыдысты.
1045 Мингæйттæй алырдыгæй æрбацæуынц обауы рæбынмæ. Иууылдæр басабыр сты, кæсынц обауы сæрмæ. Уалынмæ обауыл фæзындысты кади æмæ тæрхоны лæгтæ, семæ ис тæлмацгæнæг Сослæнбег дæр. — Дзæуджыхъæуæй æрцыдысты облæсты хицауады дыууæ минæвары, — зæгъы Сослæнбег.
1046 — Хистæрты хъуыдымæ гæсгæ сæм байхъусын æмбæлы. Хистæрты чъылдымæй дыууæйæ рацыдысты пинджакты æмæ къепкæты. Фæсивæды хъуыр-хъуыр ссыди, сæ уынæр тынгæй-тынгдæр кæны, сæ хъæр йеддæмæ ницуал хъуысы. — Гадзрахатæй цæуджытæ ахъуыдты уæнт ардыгæй!.
1047 Чидæртæ сæ фондзæхстæттæ сæргъæвтой. Зæрæдтæ æрцæуæг уазджытæн фæтарстысты æмæ сæ алыварс æрлæууыдысты. — Цы хабар у? Цы уæ зæрдæмæ нæ фæцыди? Чидæртæ топп цæмæн сæргъæвтой? — хистæрты æхсæнæй рацыд æмæ нæргæ хъæлæсæй бафарста къæдзæхыйас Темболат.
1048 Фæсивæд æрсабыр сты, фæлæ сæ Темболатæн дзуапдæттæг нæ разынди. Уалынмæ адæмы æхсæнæй рахызт иу ацæргæ лæг æмæ хъæддыхæй загъта: — Ацы æмбырды бынат нæй, йæхи гуылы бын чи æндзары, æцæгæлон музуккæгты чи æрхуыдта æмæ сæ хохæгтæн паддзахæй чи сæвæрдта, уыдонæн.
1049 Мæнæ мах иууылдæр курæг стæм: кæцæй æрцыдысты, уырдæм сæ фæстæмæ арвитут æвæстиатæй. Хуыцауы бафæндæд æмæ уал мæнæ нæхи мидæг бафидауæм ам, стæй уæд æндæр ныхас уыдзни уыдонимæ дæр æмæ нын паддзахиуæг кæнынмæ чи хъавы, уыдонимæ дæр. Хистæртæ батыхстысты æмæ цæуылдæр сусу-бусу кæнынц.
1050 Æрцæуæггæгтæ та талф-тулфæй бæхтыл абадтысты æмæ цалдæр хъахъхъæнæг барæгимæ уым дæлæмæ ныййарц сты æфсæнвæндаджы станцæйырдæм фæндагыл æмæ уайтагъд рыджы аууон фесты. Абоны бон уæ алкæй зæрдæйы дæр тæккæ стырдæр цины æмæ амонды бонæй баззайæд.
1051 Уæ хистæртæ ныртæккæ сымах номæй Хуыцауы раз стыр ард бахордтой амæй фæстæмæ кæрдзийыл иузæрдионæй æмæ æфсымæртау цæрыны тыххæй. Сымахæн та Дунедарæг уыйбæрц хъару раттæд, æмæ Ахæрæты бонмæ дæр иузæрдион куыд разынат нæ ардбахæрдыл... Уалынмæ обауыл фæзынди Темболат, йæ къухы егъау кæхц.
1052 Бæгæныйы кæхцыл уæлиау схæцыд æмæ кувын райдыдта: — Кæрæдзи æмбаргæйæ æмæ æфсымæртау куыд фæцæрат амæй фæстæмæ, нæ хъæбатыр фæсивæд, Хуыцау уын уыцы амонд раттæд! Уæ зæрдæ цытджын Хуыцауыл, фыдыбæстыл æмæ уæ сыгъдæг æфсармыл макуы сивутФæлæ уын мæ бæсты иунæг цытджын Хуыцау фæуæд арфæгæнæг!.
1053 Уастырджийы уазæг ут кæддæриддæр! Темболат бæгæныйæ ацахуыста æмæ йæ кæстæр барджытæм алæвæрдта Уыдон Уастырджийы зарæг систой, бæгæныйы кæхц къух-къух ацыди æмæ фæстæмæ афтидæй схæццæ Темболатмæ Уазджытæ сæ бæхты басхуыстой æмæ сæ фæндаг адардтой, рыг сæ сæрмæ сбадти.
1054 Мах дæр сæ арæны онг афæндараст кодтам æмæ фæстæмæ раздæхтыстæм. Зæрдæ ницæмæй барухс. Цыма фæфыдæнхъæл стæм, афтæ мæм кæсы. Съездæй цас æмæ цас ныфсытæ æвæрдтам нæхицæн, цас хъарутæ æмæ тыхтæ бадомдта. Ау, уыдæттæ дзæгъæлы разындзысты? Сæргуыбырæй бадынц сæ бæхтыл мæ фарсмæ нæ хъæуы фæсивæд.
1055 Æрхæндæг сагъæстæ æвдæрзынц уыдоны дæр. Æнкъард хъуыдытæ фæтардтон æмæ бæхы тæнтæ мæ зæвæттæй балхъывтон. Бæх фестъæлфыд æмæ уыциу тæррæтт аласта размæ... Размæ! Хъæугæроны бæхты цыд фæсабырдæр кодтам æмæ куыд æмбæлы, афтæ сындæггай бахызтыстæм уынгмæ.
1056 Мæзджыты цур кæрæдзийæн хæрзбон загътам æмæ алчи йæ хæдзармæ араст. Иу дæс саргъæвæрд бæхы дардмæ федтон нæ дуармæ. Цыдæр бæллæх кæй æрцыд, уый уайтагъд бамбæрстон. Мæ хъустыл ауадысты сылгоймæгты æрдиаг æмæ хъарджытæ. Нæ дуармæ саргъæй æргæпп кодтон.
1057 Мæ размæ фæцис Осмæн. Йæ хуыз фæлыгъд, йæ зыр-зыр цæуы. — Цы хабар у? — афарстон æй сонтæй — Фаризæты аскъæфтой, — æнæбары сдзырдта Осмæн — Мах та ма дæм фæдисон арвыстам Ныууынæргъыдтон æмæ, мæ дæндæгты къæс-къæс куыд ссыди, уый мæхæдæг дæр нæ бамбæрстон.
1058 Дзагъырдзастæй лæугæ баззадтæн, Фаризæты, мæ сызгъæрин хойы? Мæ рæсугъд Фаризæты! Чи? Чи уыдаид, уый бамбæрстон Фæлæууæд, фæлæууæд, æндæр ницы! Хурхуадындзтæ мæстæй адæнгæл сты — Нæ хæстæджытæ æмæ хиуæттæ иууылдæр æрбамбырд сты, — дзуры дарддæр Осмæн, фæлæ йæ æз дзæбæх не ’мбарын.
1059 — Уæртæ кæрты тæрхон кæнынц, фæдисы кæцырдæм цæугæ у, ууыл... Кæронмæ дæр æм нал байхъуыстон, афтæмæй кæрты фæмидæг дæн. Хæстæджытæ æмæ хæлæрттæ къордтæй лæууынц дæлбазыры, хæдзарæй хъуысы сылгоймæгты æрдиаг. Нæлгоймæгтæ мæн куы ауыдтой, уæд цыма исты азымджын сты, уыйау сæ сæртæ æруагътой.
1060 Мыггаджы хистæр Биберды фæндæй фæдисæттæ арвитгæ сты цыппарырдæм. Мæнæн цæугæ у Куырттатмæ: скъæфæджы къабæзтæй уым бирæ цæры. Дуарæй ракасти кæуындзаст Дзыги, йæ цæсгом тындтытæ, тугæй хъулæттæ, дзыккутæ пыхцылæй зынынц сæрбæттæны бынæй. Ракаст æмæ уайтагъд фæстæмæ хæдзары фæмидæг.
1061 — Мæ къона куыд бабын, хæдзархæлд куыд фæдæн! Дæдæй фæкæнон, дæдæй! Ныр ма куыд цæрдзыстæм, сау бон ныл куы бакодта! Дæ-дæй, дæ-дæй! — хъуысы сылгоймæгтæй кæйдæр хъарæг — Мæнæ нæ худинаджы хъæр куыд айхъуысти! Ныр цы кæнæм, цы фæуæм? Нæ чызджыты дзæбæхдæр куыйты амæддаг куы бацис...
1062 Дæдæй, фæкæнон, дæдæй... Чи у нæ марæг, нæ тыхгæнæг? Нæ дуæртты ауайын дæр чи нæ уæндыди, уыдон Сæ сау бæрзæйæ цагъайраджы æфсондз нырма знон кæмæн рафтыдтой, уыдон Знон дæр ма адæмæн хынджылæггаг чи уыдис, уыдон Дæ-дæй, дæ-дæй! Мæнæ цы рæстæг скодта, мæнæ!.
1063 Æнæхсад хуытæ æмæ сæ хъыбылтæ сæхи уæздан сагтимæ абарынмæ хъавынц. Худинаг æмæ аллайаг! Хур куыннæ бамынæг вæййы æмæ дуне саудалынджы куыннæ аныгъуылы? Худинаг æмæ аллайаг! Ныр цы кæнæм? Ныр цы кæнæм? Дæ-дæ-дæй, дæ-дæ-дæй! Уырдæм дæр æй мæхæдæг акæндзынæн æмæ фæстæмæ дæр, зæрдæ бавæрдта Хъанымæт.
1064 Дзан нæхи уынджы цæры, цалдæр хæдзары дæлдæр. Фаризæт Дзантæм ацыди, Хъанымæт та цыдæр æрбаци. Талынг кæнын райдыдта. Фаризæт батыхсти. Хъанымæт нæй æмæ нæ зыны. Фаризæты нæхимæ чи æрхæццæ кодтаид, ахæмæй ничи разынди хæдзары. Сывæллоны иуварс асхуыстой.
1065 Фаризæтмæ фæлæбурдтой, цыллæ хызы йæ батыхтой æмæ сбастой. Барджытæй йæ иу бæхы рагъмæ сæппæрста, иннæ йыл хæцы, афтæмæй сæ фæд дæр нал разынд. Æрмæст ма дыууæ хъæры сфæрæзта Фаризæт: «Оу-уа! Оу-уа!» Уыйадыл ын йæ дзых ахгæдтой Фæдис! Фаризæты аскъæфтой!.
1066 Фæдис!» Сыхагæй, хæстæгæй бæргæ фæфæдис сты, фæлæ скъæфджытæн сæ фæд дæр нал разынд Скъæфджытæн хæрзгæнæг Хъанымæт кæй фæлæууыд, уый мын æппындæр гуырысхойаг нæу Фаджысы рагъ Йæ хойы ауæй кодта Мæ къухы куы бафтид, уæд æй гæбазгай фæйнæрдæм бæргæ арæдувин.
1067 Кæддæр кадетты корпусы ахуыр кодта Хъанымæт дæр, фæлæ йæ уырдыгæй фæтардтой æмæ дзы дзæгъæлдзу рауад. Æхца самал кæныны охыл давыныл дæр, фæливыныл дæр, хæстæг къабазы асайыныл дæр нæ бацауæрддзæн. Ахæм дзæгъæлдзутæ нæ мыггаджы дзæвгар ис.
1068 Хуымæтæг адæмæй уæздæттæм арæхдæр сты цæмæдæр гæсгæ. Сылгоймæгты хъарæг ноджы хъæрдæрæй райхъуысти: — Кæрæдзийы туджы мæцгæ фæцæуæнт, мах чи бабын кодта. Мæрдты сæ фыдæлтæн хæрæджы сæртæ хæринаг фæуæнт! Зындоны арты сæ басудзæд Барастыр! Сæ мады æхсыры цъыртт сын хæрам фестæд!.
1069 Алардыйы амæддаг фæуæнт! Дæ-дæ-дæй! Дæ-дæ-дæй! Сæ сæрыхъуынтæ тонынц, сæ рустæ рæдувынц, сæ сæр æмæ сæ риу, сæ уæрджытæ тымбыл къухæй хойынц Бæхтæ цæттæ сты Нæ кæртæй адард стæм, уæддæр ма нæ фæстæ хъуысынц сылгоймæгты хъарджытæ Æрæхсæв Сыгъдæг арвыл стъалыты тыбар-тубур цæуы.
1070 Нæ сæрмæ арвы иу кæронæй иннæмæ зыны Æрфæны фæд. Гыццылæй мын мæ фыд афтæ дзырдта, цавæрдæр Æрфæн, дам, уæларвæй хъæмп радавта æмæ йын лидзгæ-лидзыны акалди. Уыцы хъæмпы фæд, дам, баззади арвыл. Рахизырдыгæй та зынынц Æхсæз хойы, æвдæмы агурæг фæцæуынц.
1071 Мæй нæма скасти, фæлæ стъалыты мынæг рухсмæ дæр фæндаг дзæбæх æвзарæм. Фæндаджы фæйнæ фарс тархъæдæй лæууынц нартхоры хуымтæ, дзыкку æппарын райдыдтой. Рог дымгæмæ сæ сыбар-сыбур райхъуысы. Фæлæ мæн нæдæр стъалытæ æндавынц, нæдæр нартхоры хуым.
1072 Мæ маст ныддæнгæл риуы æмæ ныртæккæ æддæмæ рарæдувдзæн. Цыма æгæр сындæг цæуæм, афтæ мæм кæсы, æмæ та бæхы фæрстæ басхойын. Карабин мæ дæлармы нылхъывтон. Мæ рахиз фарсыл у ронæй ауыгъд — абырæг Зелимхан æй куыд дардта, афтæ. Ме ’мбæлттæ мæ тыххæйты æййафынц, сæ бæхты хуыррытт хъуысы.
1073 Хаттæн æгъдæнцæйттæй кæрæдзи бакъуырынц æмæ сæ дзинг ссæуы. Ахæм дугъæй бирæйы фаг не суыдзысты нæ бæхтæ. Сабырдæр ауагътон мæ саулохаджы. Коммæ рæвдздæр куы бахæццæ уаиккам. Хæлæрттæ мын дзы ис, æмæ нын баххуыс кæндзысты... Æртæ сахаты фескъæрыны фæстæ доныбыл æрлæууыдыстæм.
1074 Нæ фæллад иучысыл суагътам æмæ та ногæй бабадтыстæм бæхтыл. Хохрæбынмæ бахæццæ стæм. Нартхоры хуымтæ фæсте аззадысты. Сæ бæсты разынди пыхсбын. Куыд фалдæр, афтæ пыхс у бæрзонддæр æмæ бæзджындæр, æрмæст нарæг фæндаг цæуы йæ астæуты. Цæлхыдзаг мæй скасти, æмæ стъалытæ йæ рухсы аныгъуылдысты.
1075 Хæхтæ нæм бæрзонд пыхсбынæй нæ зынынц, фæлæ хæстæг кæй сты, уый бæрæг у: комы сатæг улæфт цæсгомыл æмбæлы. Кæмдæр фæрсырдыгæй, пыхсбыны астæуæй, райхъуысти бæхы мынæг мыр-мыр. — Сабыр! — сдзырдтон æз æмæ бæхы æрурæдтон Иууылдæр æрлæууыдыстæм.
1076 Мыр-мыр ногæй райхъуысти. Фæдисæттæ мæ алыварс амбырд сты. Цы стæм, уымæй хъус фестадыстæм. — Пыхсыты чидæр ис, — сдзырдтон сабыргай. — Бæхтæй æрхизут æмæ сæ Батыразы æмæ Сослæнбеджы бар уадзут, нæхæдæг пыхсытæ басгарæм. Куы ныхситт кæнон, уæд мæнырдæм æрбамбырд уыдзыстут.
1077 Цухъхъаты фæдджитæ ронбасты атъыстой, фондзæхстæттæ сæ къухы, афтæмæй ме ’мбæлттæ иугай-иугай пыхсыты аныгъуылдысты. Кæйонг сын загътон, уыйонг цалынмæ бахæццæ сты, уымæ банхъæлмæ кастæн. Цалдæр минуты аивгъуыдта. Сыфтæрты сыбар-сыбур цæуы дымгæмæ.
1078 Никæцæй ницы хъуысы. Афон у мæхицæн дæр. Пыхсытыл фæйнæрдæм ахæцыдтæн æмæ фæхилын. Хæлафы уæрджытæ уайтагъд ауымæл сты æмæ уазал буарыл сæмбæлди. Хилын æмæ хилын. Сындз мæ армы фæлмæны ныссагъди. Къухæй йæм нæ арæхсын æмæ йæ дæндагæй стыдтон.
1079 Æхсæры къалиу мын мæ цæсгом ныцъцъыкк ласта. Къалиуыл иуварс ахæцыдтæн æмæ дарддæр хилын. Æвиппайды мæ тæккæ цур ссыди бæхы мыр-мыр. Къалиуты æхсæнæй разынди æрдуз. Раззаг къахæй зæхх æрхойыныл фæлвары, фæлæ йæ сахсæн нæ уадзы. Æрдузы кæрон къудзиты аууоны цыдæр сау дары æмæ базмæлы.
1080 Æдзынæгдæр ныккастæн. Адæймаг у, уæйлаг нымæты батыхта йæхи. Бæхы хицау. Фæлæ чи уа? Хъæдрæбыны йæ цы хъуыддыг ис æхсæвыгон? Уæртæ цалдæр хъæуы бынтон хæстæг куы сты ардæм, уæд фысым цæуылнæ бацагуырдта? Хуымæтæджы кæм уыдзæни? Дыууæ æнгуылдзы дзыхы атъыстон, æмæ цъæхснаг æхситт дардыл ныццарыдта.
1081 Æндæрг фестъæлфыд. Нымæты фæдджитæ хæлынбыттыры базыртау фæйнæрдæм фæцыдысты, æмæ дзы цухъхъаджын рагæпп ласта, йæ къухы фондзæхстонимæ. — Кæцы дæ? — фæцарæзта фондзæхстон Фæлæ йæм уæдмæ фондзæй ныхъхъавыдысты алырдыгæй Лæг мæнырдæм разылди æмæ йæ мæйрухсмæ базыдтон.
1082 — Хъанымæт! — ныхъхъæр ластон хъæлæсыдзаг Цæсты фæныкъуылдмæ йын фондзæхстон йæ къухтæй акъахтам æмæ йæ сбастам Нæ къæхты бын фæлдæхтæй лæууы Хъанымæт Ничи ницы дзуры Хъуысы æрмæст йæ хæстулæфт Асæге бæхмæ хæстæг бацыд, йæ даргъ рихи здухы.
1083 — Уый дын æфсургъ, гъе, — дзуры йæхицæн бæхмæ бирæ фæракæс-бакæсы фæстæ. — Ницы аипп æм ис. Цымæ кæм йæ къухы бафтыдаид? — Кæм? — мæстæлгъæдæй бафарстон æз æмæ Хъанымæты басхуыстон цырыхъхъы фындзæй — Кæмæй райстай ирæд, æфсымæр? — Æмбисонды бæх!.
1084 — дис кæны Асæге. Иннæтæ дæр æм хæстæг бацыдысты. Даргъ къубалыл хæрзаив сæр, рагъы хъуын мæйрухсы æрттивы, сагартæн, чындздзон чызджы ставдбыд дзыккуйы хуызæн бæзджын даргъ къæдзил, къахы æлгътæ — бæрзонд æмæ фидауцджын. — Дæ хойы бæхыл баив...
1085 Тыффу! — нытту кодта Бибо — Ныр æй базондзыстæм, скъæфджытæ кæм сты, уый Науæд нын туг-стæг кæй у, уымæ дæр нæ фæкæсдзынæн Мæнæй хæстæгдæр уæ искæмæ у ацы лæг? Никæмæ Уæдæ йыл мæ бар уеппæтæй тынгдæр цæуы? Раст нæ зæгъын æфсымæртæ? — Бынтон раст!.
1086 — дзуапп мын радтой æрвадæлтæ. Цырыхъхъы фындзæй басхуыстон Хъанымæты: — Лæмбынæг хъус мæнмæ. Ныртæккæ дæ ацы ран куыдзы мард бæргæ ныккæнин, уымæн æмæ Фаризæты иунæг цæссыджы аргъ дæр нæ дæ. Фæлæ дæ æгасæй ныууадздзынæн, скъæфджытæ кæм æмбæхст сты, уый нын æвæстиатæй куы бацамонай, уæд.
1087 — Ныббарут мын, фæрæдыдтæн! — хъæрзы Хъанымæт — Дæу фæрсын — разы дæ? — æргуыбыр æм кодтон æз — Дæн Фæлæ уал мын раздæр мæ къухтæ райхалут, æгæр сæ балхынцъ кодтат Бибо æлхынцъ фæуæгъддæр кодта Хъанымæт рабадт, сæргуыбырæй иуцасдæр ницы дзуры.
1088 — Ныббарут мын, стыр рæдыд фæкодтон. Рæвдздæр цомут. Фæрæдыдтæн æмæ мæ рæдыд сраст кæнон. Скъæфджытæ кæм сты, уый зонын, бацамондзынын уын сæ. Фæндагмæ рахызтыстæм æмæ уайтагъд комрæбынмæ аскъæрдтам... Пыхсбын фæсте аззади æмæ нæ размæ уырдыг слæууыдысты хъæдæмбæрзт къæдзæхтæ.
1089 Комæй дымы уазал дымгæ. Бынæй кæмдæр хъуысы доны абухын. Скæсæн гæзæмæ фæфæлурс. Комы бауайæны нæ акомкоммæ арвыл æрттивы Бонвæрнон. Галиуырдыгæй фахсыл æрбынатон хъæу, хæдзæртты чъырæйцагъд къултæ бæрæг дарын райдыдтой. Райхъуысти хъуджы æмбухын, кæйдæр кæртæй рæйы куыдз...
1090 Фæндаг бынмæ, доныбылмæ цæхгæр фæтæссар. Нымæтты дымджытыл схæцыдыстæм æмæ бæхты доны баскъæрдтам. Бæхтæ уайтагъд дон нуазыныл фесты, зыдæй йæ цъирынц, сæ хъуыртт-хъуыртт цæуы... Куыд ничи нæ бафиппайа, афтæ куы фæуиккам хъæуы фале. Уым сты скъæфджытæ.
1091 Рæвдздæр, рæвдздæр, схойын бæхы тæнтæ. Мæ цæстыл иуæй иннæ æбуалгъдæр нывтæ уайынц. Фаризæтæн тæригъæдæй æмæ фырмæстæй мæ зæрдæ фæйнæрдæм рæдувы риуы. Размæ, размæ, мæ бæх! Ме ’мбæлттæ мæ фæстæ цæуынц, нæ цæуынц — уæлдай мын нæу! Уæддæр — размæ!.
1092 Бæхтæн сæ фынк акалди. Чи нæм бакастаид, уый банхъæлдтаид, зæгъгæ, абырджытæ фæдисæтттæй сæ сæр æфснайынц. Фæлæ мах нæхæдæг рацыдыстæм фæдисы, нæ зæрдæйы тæккæ арфдæр æвæрæнтæ чъизи зæвæтæй чи бассæста, мах ракъахынмæ йæ ныфс чи бахаста, нæ маст нын чи рафыцын кодта, уыдоны фæдыл.
1093 Фаризæты æрдиаг цыма мæ хъустыл ауад, уыйау мæм фæкасти. — Мæ хо, мæ сызгъæрин хо Фаризæт! Æрхы фæуырдыг кодтам Бæхты къæхтæ бынтондæр зæххыл нал хæцынц, рыг нæ сæрмæ сбадти Комкоммæ суадоны смидæг стæм æмæ уазал æртæхтæ цæсгомыл сæмбæлдысты.
1094 — Бирæ нæ нал хъæуы, — сдзырдта Хъанымæт. — Иу-фондзыссæдз санчъехы. Дыккаг æрх ноджы арфдæр уыдзæни, йæ фаллаг фахсыл къардиуы сæрмæ — хъомгæсы халагъуд. Уым сты... Бæхты æрурæдтам. Дарддæр куыд гæнгæ у, ууыл атæрхон кодтам. Фистæгæй хуыздæр уыдзæни.
1095 Æрфистæг стæм. Бæхтæ фæдисæттæй иуы æвджид бакодтам, нæхæдæг топпæргъæвдæй кæрæдзи фæдыл ныххал стæм. Мæнæ дыккаг æрх дæр. Сæрсæфæн къардиуы кæрон зыны хъомгæсы хъæмпынсæр халагъуд. Халагъудæй цъæхбын фæздæг кæлы хæрдмæ. Бæстæ у сабыр, æрмæст рог дымгæ хъазы бæлæсты сыфтæртæй.
1096 Мæ зæрдæйы цæлхъ-цæлхъ дзæбæх хъусын... Æрхы бынмæ ныццыдыстæм, йæ фаллаг фахсмæ нын схизгæ у. Суадоны хæл-хæл цæуы. Сыбыртт никæцæй хъуысы. Ау, афтæ æнæмæт сты, æмæ æгæрмæгуыр хъахъхъæнæг дæр нæ сæвæрдтой? Æниу сæ уæвгæ та цæмæ хъæуы хъахъхъæнæджы сæр — чи хъуамæ æрбахæццæ уа ацы фæсвæдмæ?.
1097 Кæйдæр дзурын æрбайхъуыст. Æмæ йæ хæдуæлвæд ныццарыдта цъæхснаг æрдиаг: — Оу-ау! Оу-ау! Фаризæты хъæлæс базыдтон Мæ зæрдæйы цыма хъама ныссагъдæуыд, уыйау срæхуыста — Оу-ау Оу-ау, — азæлыд Фаризæты хъæлæс комы æмæ кæмдæр бамынæг Дымгæ йын йæ пыхцыл сæрыхъуынтæ æмæ къабайы бызгъуыртæ фæйлауы.
1098 — Оу-уа! — йæ къухтæ хæрдмæ фелвæста æмæ рындзæй сæрсæфæнмæ йæхи нывзылдта — Æллæх! — ныууынæргъыдтон æз дæр æмæ Бибо дæр Хъуысы æхсæры хус къалиуты къæр-къæр, сыфтæрты сыбар-сыбур, кæлынц дуртæ Фаризæты нал ауыдтам Фаризæт йæхи кæцæй раппæрста, уым рындзыл фæзынд цухъхъаджын, йæ къухы хъама.
1099 — Рæвдз ардæм — уыцы гацца йæхи амардта. Ныхъхъавыдтæн æм. — Амардтой мæ! Амардтой мæ! — азæлыд комыл Цухъхъаджын дзойдзойгæнгæ лæууы, хъама йæ къухæй æрхауди рындзæй, стæй лæг йæхæдæг дæр æртылди сæрсæфæнмæ Цалдæр бухархуды фæзынди рындзыл.
1100 Хъæрахст. Гæрæхтæ сарæх сты. Хъуысы нæмгуыты къуыззитт. Иу дзы мæ уæлдзарм худыл сæмбæлд, æмæ арыд къуымбилы тæф ссыди. Нæмгуыты цъыкк цæуы бæлæстыл, сыфтæртæ згъæлынц. — Рæвдздæр! Æртыхстысты ныл! — хъуысы уæле Иу къутæрæй иннæмæ лæгæрдын мæ хойы агурæг.
1101 — Фаризæт! Фаризæт! Кæм дæ? Дзуапдæттæг нæй — Хæрæджы топп уæ фæйнæ мады Кæдæм лидзут? Кæд лæгтæ стут, уæд æрлæуут! Бавзарæм нæ хъарутæ! Хуыйæ гуырд хуытæ! Куыдзы хъыбылтæ! — мæ сæрмæ рындзæй хъуысы Бибойы хъæлæс Гæрхтæ адард сты Мæ хъустыл цыма хъæрзын ауади.
1102 Иуырдæм азилын, иннæрдæм. Хъæрзын уæлдæрæй цæуы. Хæрдмæ скастæн. Æхсæры егъау къутæрыл цыдæр урс дары. Уыцырдæм сгæпп кодтон. Къалиуыл ныддæвдæг дæн, фæлæ йæ тæккæ рæбынæй асаст æмæ бынмæ æртылдтæн. Æндæр къалиумæ фæлæбурдтон. Дыууæ къухæй йыл ныддæвдæг дæн.
1103 Фидар у. Мæхи хæрдмæ сивæзтон. Къæхтæ къутæрты уидæгтæм ныббыцæу кодтон. Уæлдæр схылдтæн. Ноджы уæлдæр. Æмæ Фаризæты ауыдтон: хаугæ-хауын æхсæры къалиутыл ауыгъдæй аззади. Йæ сæр фæстæуæз зæбулæй лæууы, дзыккутæ фæйнæрдæм пырх. Цæсгомы иу æмбис мæрдон фæлурс, иннæ сыджытæмхæццæ туг.
1104 Туг æхсæры сыфтæртæм лæдæрсы. Бамбырд вæййы æмæ та æртæдзы. Ноджы уæлдæр схылдтæн æмæ Фаризæты сæрмæ фæлæбурдтон, схæцыдтæн ыл. — Фаризæт, мæ мæгуыр хо, уый дын цы бакуыстой! Уый дын цы бакуыстой, мæ хо! — фæйнæрдæм рæдувы мæ зæрдæ Иу цæст æнæхъæнæй дæр тугæрхæм хъæдгом.
1105 Иннæ цъынд, фæлæ цæстыхаутæ змæлынц. Йæ буар хæдоны скъуыдтæй зыны. Йæ улæфт бæрæг дары. Æгас у... Æгас у... Йæ дыууæ армы сыджыты къуыбæрттæ æмæ сыфтæр нылхъывта... Мæгуырæг... Гæрæхтæ дард кæмдæр басабыр сты. Хъавгæ хæцын мæ хойы сæрыл. Дыууæ цæссыджы дудгæ фæд ныууагътой мæ уадултыл.
1106 Мæхи фæхъæддых кодтон. Фаризæт иу хатт, дыккаг хатт арф ныуулæфыд. — Ох-х... мæлын... Нана! Кæм дæ, нана! Иу цæстæй ракаст — Чи дæ? Албег, ме ’фсымæр! — сыфтæры сыбар-сыбурæй мынæгдæр ныхас, фæлæ йæ цин бæрæг у — Æз дæн, æз, Фаризæт Мацæмæй тæрс, æз дæн демæ.
1107 Йæ цæст æрæхгæдта æмæ та йæ хъæрзын ссыди. Мæнæ йæ туджы куыд мæцы! Уæ, мæ фæрстæ дын æрбайхæлой, ме ’намонд хо! — Асæге! Бибо! Кæм стут, рæвдздæр ардæм Къардиуы сæрæй мæм Бибо æрдзырдта: — Ныртæккæ, ныртæккæ Фæцæуæм дæм Ме ’мбæлттæ уайтагъд дæлæмæ хизын райдыдтой.
1108 Семæ æркæнынц фондз саргъæвæрд бæхы æмæ хæссынц дыууæ фондзæхстоны. Фæсте чи цæуы, уыдон цыппарæй кæйдæр æрхæссынц уæйлаг нымæты. Ног сагъæс мæ фæрæхуыста: кæд нæхионтæй исчи фæцæф кæнæ фæмард? Мæ цæст сыл ахастон Хуыцауæн табу, иууылдæр сæрæгас сты.
1109 Уæдмæ æрхы бынмæ æрхæццæ сты æмæ нымæт зæххыл æрæвæрдтой. Нымæтыл хуыссы цъæхцухъхъаджын æмæ хъæрзы, йæ риу — тугамæст. — Мæ нæмыг йæ риуы иннæрдæм ахызт, — зæгъы Бибо. — Æрцæйхауд, фæлæ къалиутыл ацауындзæг. Фæстæмæ схилын бафæрæзта. Цы йын кæнгæ у?.
1110 Нæ ныххæдмæл, куыдз... Раздæрау дыууæ къухæй хæцын Фаризæты сæрыл. Нымæты алыварс кæм æрæмбырд сты адæм, уыцырдæм акаст. Цыдæртæ дзуры, фæлæ йæ ныхас дзæбæх нæ хъуысы. Хæстæгдæр æм æргуыбыр дæн. — Амар æй! Амар æй! Дæ хомæ бавналыны ныфс æм разынди.
1111 Фаризæты цæссыг æркалди йæ мæрдон фæлурс уадулыл. Мæнæ мæ къухты йæ уд исы мæ хо. Уæртæ уым та æрдæгмардæй хуыссы мæ фыдгул. Царды рæстдзинад цымæ кæцы уа: фыдгулæн ныббарын æви рагон уаг — туг тугæй æхсгæ у? Ныббар, дам? Куыд ныббар, куыд?.
1112 Нæ, туг тугæй æхсын растдæр у! Фаризæты сæр æхсæры сыфтыл æруагътон, мæхæдæг бынмæ æрхызтæн æмæ ме знаджы цурмæ бацыдтæн Дамбаца сабыргай сластон хуымпъырæй æмæ йын æй йæ тæккæ цæсгомыл ныццавтон Йæ буар æнæхъæнæй дæр ныррызти, йæ къах æмæ къух фæстаг хатт базмæлыдысты æмæ ныссабыр.
1113 Æнцад лæууын æмæ, йæ туг уадултыл куыд лæдæрсы, уымæ кæсын... Мæ хойы цурмæ раздæхтæн. Хъавгæ йæ æрхастам æрхы бынмæ. Йæ гæндзæхтæ цæгъды, цæст ныдздзагъыр æмæ тарстхуызæй кæдæмдæр кæсы. Рабадыны фæлтæрæн кæны, фæлæ буар йæ коммæ нæ кæсы. Ризæг ыл бахæцыд.
1114 Йæ къухтыл ын мæ армытъæпæнтæ авæрдтон. Ихы къæрттытæ... — Ницуал... Ницуал... Мæлын, ме ’фсымæр, мæлын... Тынгæй-тынгдæр цæгъды йæ гæндзæхтæ. Улæфт æм нал ис. Хуыфæг ыл бахæцыди. Хуыфгæ-хуыфын йæ хъæлæсæй туг фемæхст. Уыйæндæр йеддæмæ куы нæ у, уæд дзы утæппæт туг кæцæй разынди?.
1115 Фестъæлфыд, æмæ та ногæй ныппæлхъ ласта. Æллæх, æллæх! Фыддымгæ сыстади хъæды Æнусон бæлæсты къæс-къæс цæуы, æхсæры уистæ суанг зæххы онг æртасынц, дуртæ гыбар-гыбургæнгæ кæлынц æрхы бынмæ, мæргътæ фыртæссæй ныхъхъус сты Комы рæбынæй сау мигътæ ралæбурынц, бæстæ ныттар.
1116 Фæлæ махмæ уыдæттæ нæ хъарынц. Иу нымæт йæ быны, иннæмæй йæ хъуыры онг æмбæрзтæй йæ уд исы мæ хо. Цыма йæ мæлæтæй бахизын куырдта, уыйау мæм фæстаг хатт сивæзта йæ къух æмæ сфæрæзта: — Ме ’фсымæр! Ууыл йæ уд систа Иууылдæр ныббогъ-богъ кодтам, цæссыгтæ гæр-гæрæй згъæлынц.
1117 Æрмæст мæнæн мæ зæрдæ афтæ ныддур, æмæ мæ иунæг цæссыг дæр не ’рхауди... Кæуынæй сæ тыппыртæ суагътой æмæ басабыр сты ме ’мбæлттæ. Саукуыдз, моллойы æххуысгæнæг, дыууæ армы риуы онг схаста æмæ дуа кæны. Мах дæр æй бафæзмыдтам. Цалдæр минуты размæ бæстæ цы фыддымгæ рæдывта, уый иувæрсты аивгъуыдта.
1118 — Фа-атигъа! — хъуыраны каст фæци Саукуыдз Йæ уырзтæй цæсгом æрсæрфта Мах дæр та йæ бафæзмыдтам Каст ницæмæуал у — Цæуынафон у, — зæгъы Асæге Æз дæр разы дæн: ницæмæуал у каст Арв кæд фæрайдзаст, уæддæр къæвда куы ныссæххæтт ласа, уымæй æнæмæт нæ дæн.
1119 Ноджы ма йын ацы ран хъæды астæу, æрхы бын, æнцон ныццæгъдæн стæм уæлбылæй. Хорз æмæ уыцы хуытæ тæппуд разындысты, æндæр нæ хабар хорз нæ рауадаид. Рæвдзгомау рараст стæм æрхæй. Мард хуысгæ кæм баззад, уыцырдæм кæсгæ дæр ничи фæкодта. Нæ сæрмæ халæттæ зилын райдыдтой...
1120 Зонгæ фæндагмæ цалынмæ рахызтыстæм, уæдмæ æрталынг, стъалытæ фæзындысты. Кæм сты, кæм, уыцы Æхсæз хойы? Æвдæмы, цымæ, ссардтой æви нæма? Уæлæ сты Æхсæз хойы, фæлæ æвдæмы нæ уынын Тæхудиаг Æз æй куыд ссардтон мæ хойы, уый бæсты йæ æппындæр макуы ссарæнт.
1121 Цæуæм сындæггай. Фæндаджы фæйнæ фарс нартхоры хуымтæ райдыдтой. Иуцасдæр куы ауадыстæм, уæд разæй райхъуысти цыдæр уынæр. Цæлхыты хъинц, адæмы ныхас æмæ хъæртæ. Зарынц. Нартхоры хуыммæ байстам нæхи. Чи сты, цымæ? Марадз æмæ йæ базон Сæ фæндагыл ауадзгæ сты.
1122 Уырыссаг зарæг, уырыссаг ныхас. Стъалыты мынæг рухсмæ ферттывта джебогъ. Салдæтты къорд. Сырхæфсæддонтæ. Хорз æмæ нартхоры хуыммæ байстам нæхи. Æнæхъола хъæлæбагæнгæ цæуынц. Уæрдæттæ. Æрбæхæстæг нæм сты æмæ аивгъуыдтой. Сæ фæстæ дыккаг къорд.
1123 Ныххал сты. Барæджы тъыбар-тъыбур ссыди. Чидæр хъæр кæны: «Рæвдздæр цæут, æмбæлттæ!» «Раздæр рахæцут, уæ тæккæ мады!» Сæхи сын нæ уынæм, фæлæ сæ ныхас скъуыддзагæй хъуысы: — Рæвдздæр ныццæгъдинаг сты ацы хъæддæгтæ Марадз æмæ фыдæхсæв æрвит уыдоны тыххæй.
1124 — Куы бахæццæ уæм, уæд сæм бæрæг уыдзæни. Ничи кæсы ацы урсгвардионтæм: сæ афицертæ абырджытимæ сæмдзæхдон сты. Революцийы ныхмæ куыд лæугæ у, уый сын фенын кæндзыстæм. — Ныддæрæн сæ кæндзыстæм, бæргæ. Куыддæр сæм бахæццæ уæм, афтæ сын сæ лæгæттыл арт сæндзардзыстæм.
1125 Ацы хъæддæгтæ фæстæмæ хохмæ батæринаг сты, сæ фæйнæ мады... Асæге йæхи нал баурæдта, мæ хъусы дзуры: — Ныр сыл ардыгæй ныккал, æвæдза цал фондзæхстоны æмæ пулеметы нæ къухы бафтид... — Ауадз сæ, æнæ мах дæр ссардзысты, цы агурæг сты, уый. Æнæ фæтк, æнæ уагæй хилынц размæ.
1126 Кæдæм цæуынц? Цæмæ? Цы хъуыддаг сæ ис æцæгæлон бæстæйы? Æнæкæрон Уæрæсе сæ фаг нал у? Цæмæ сæ бахъуыди нæ зæхх, цы сæ хъыгдарынц нæ чысыл адæм? Нæхионтæй дæр цалдæр ис семæ Керменисттæ Мæ зæрдыл æрбалæууыд, сабибонты кæй фехъуыстон, уыцы æмбисонд.
1127 Иуахæмы хъæды бæлæстæ æрбамбырд сты æмæ тæрхон кæнынц — нæ цыфыддæр знаг фæрæтæн цы чындæуа, æнæнцойæ нæ куы цæгъды. Хъæдæн йæ кой дæр нал уыдзæн рæхджы. Сæ къабæзтæ тилынц бæлæстæ æмæ фыдæлгъыстæй æлгъитынц фæрæты. Уæд сын зæронд тулдз афтæ: «Уæ, æдылытæ, æдылытæ, фæрæт цы аххосджын у?.
1128 Йæ ком мах буары ныссадзы, хъæд ын кæй ис, æрмæст уый руаджы. Йæ хъæд та нæхицæй, мыййаг, нæу?» Хъæугæронмæ сæумæйæ æбахæццæ стæм Адæм хизынмæ скъæрынц сæ хъуццыты, къамбецты, родты Рыг сæ сæрмæ сбадти Хъуысынц хъомгæсы ехсы цъыччытæ Нæ дуармæ лæууы бирæ дзыллæ.
1129 Куы нæ ауыдтой, уæд цалдæрæй нæ размæ рацыдысты, Фаризæты уæйлаг нымæты тыхтæй æристой бæхы рагъæй. Кæртмæ йæ бахастой. Сылгоймæгтæ хæдзарæй ракалдысты дзыназгæ æмæ хъарæггæнгæ. Нæлгоймæгтæ Фаризæты мидæмæ фæхæссынц. Хæдзары къæсæрыл лæууы Æна.
1130 Цæссыджы фæд нæ зыны йæ рустыл, цæсгом ныддур. Сæрæй къæхтæм сау фæлысты æмæ цæсгом цы у, уымæй фæлурсдæрæй зыны. Сылгоймæгтæ дзыназынц, сæрыхил бындзыггай тонынц, уадултæ рæдувынц, æмæ тугæй самæстысты. Кæуынц нæлгоймæгтæ дæр, сæ цæссыг кæлы хурсыгъд цæсгæмттыл.
1131 Кæртмæ лæдзæгæнцой æрбахызт сæдæаздзыд Хазби, мыггаджы хистæр. Йæхæдæг цæуынтæн нал у, дыууæрдыгæй йын æнцой лæууынц. Ныхасы дæр рагæй нал вæййы. Кæд æй бинонтæй исчи уынгмæ рахона хурмæ йæхи атавынмæ, уæд хорз. Уынгæ дæр æмæ хъусгæ дæр дзæбæх нал кæны.
1132 Сæрд йæ тæккæ тынгæй у, афтæмæй йыл уæлдзарм кæрц. Къæсæры цур æрлæууыд æмæ бухархуд къæбутырдæм асхуыста, йæ тæрных цым лæдзæгæй ныххоста. Ныхы туг рахъардта. Йæ сæр хойы æмæ æмырæй кæуы. Йах-ах-ах! Къæсæрыл æй сæргъæвтой Мидæмæ йæ бакодтой æмæ уырдыгæй райхъуыст йæ «Йах-ах-ах!».
1133 Ракодтой йæ æмæ къулæнцой æрлæууыд. Сæхимæ нæ комы, саубоны йæ мыггагимæ иумæ фæнды. Мыггаг та иу иннæйы фæдыл хъæрæй кæугæ хизынц кæртмæ. Чи лæдзæгæй хойы йæ сæр, чи — тымбылкъухæй, цæссыг цухъхъайы фæдджийæ сæрфынц. Мидæмæ бацæуынц æмæ марды уæлхъус кæуынæй сæ зæрдæйы тыппыртæ суадзынц.
1134 Стæй рацæуынц æмæ Хазбийы фарсмæ æрлæууынц. Мыггаг иууылдæр рæнхъæй ралæууыдысты кæрты, æмæ нæм мæрддзыгой тæфæрфæсмæ цæуынц. Сæ хъаматæ кæрддзæмæй сласынц æмæ сæ кулдуары цур ныууадзынц, сæхæдæг нæ акомкоммæ æдзæмæй æрлæууынц. Молло йæ армытъæпæнтæ риуы онг сисы Хъуыраны бакæсынмæ.
1135 Иууылдæр æй бафæзмынц. — Фа-атигъа! — фæзæгъы молло, уырзтæ цæсгомыл æрхæссы æмæ армытъæпæнтæ кæрæдзийыл асæрфы Дуа ахицæн Рахизырдæм азилынц тæфæрфæсгæнджытæ, галиу къахæй фыццаг къахдзæф акæнынц æмæ ацæуынц Сæ бæсты æрбалæууы æндæр мæрддзыгой.
1136 Хъæуæй-хъæумæ, хæстæджытæн, æрдхæрдтæн æмæ зонгæтæн сау хабар фехъусын кæнынмæ саргъы бæхыл тæхы хъæргæнæг. Сæумæрайсом фыццаг хъæргæнæджы фæстæ æрвитинаг фæци дыккаг: æхсæвы Æнайæн йæ зæрдæ аскъуыд... VIII Мæ мады æмæ мæ хойы куы баныгæдтон, ууыл æртæ мæйы рацыд.
1137 Цас æмæ цас адæм æрбахызти нæ кæртмæ тæфæрфæс ракæнынмæ. Кæцæй æмæ кæцæй не ’рбахæццæ сты, ахæм нал баззад. Тæккæ хорæфснайæнтæ уыдысты, алкæмæн дæр куыст — хъуырмæ, фæлæ зианы фæдыл ирон лæг алцыдæр ныууадздзæн æмæ цыфæнды дардмæ дæр фæцæудзæн.
1138 Уæдæ хистытæн дæр кæрон нæ вæййы. Æгæстæ, дам, хисты цас фылдæр бануазой, уыйас, дам, мæрдты бæстæйы чи ис, уыдоны цард хуыздæр вæййы. Уымæ гæсгæ хæрнæджы фынгыл йæ гуыбыны тæригъæды ничи бацæуы. Хæдзармæ куы æрбаздæхы, уæд та уым дæр хæринаг æрдомы.
1139 Исчи йын куы зæгъа: «Ау, нырма ныртæккæ хисты дæ фагæй фылдæр куы бахордтай æмæ банызтай», уæд дзуапп ратдзæни: «Хисты хойраг фарсыл нæ хæцы — хæргæ йæ æгæстæ кæнынц, цæугæ та мæрдтæм кæны». Ме стуртæй æмæ фысвосæй ницуал баззади. Тынг сыл нæ бахъыг кодтон — æгайт-ма сæнæмæт дæн мæ фосæй.
1140 Ноджы ма мын мæ фосы мæкъуылтæ дæр басыгътой. Фæззыгон мæйдар æхсæвтæ ралæууыдысты. Осмæн алы изæр дæр быдырæй здæхти фыдфæлладæй, йæ къабæзтæ сисынæн-иу нал уыди. Æхсæвæры фæстæ-иу уайтагъд бахуыссыд. Хæдзар æрæнцад нæ дыууæ Дзыгийыл. Иунæг зæрдæлæууæнæй мын баззади Дзыги.
1141 Хæдзар æмæ хо хъахъхъæнинаг уыдысты. Туджджынтæ мын ис, æмæ лæг хъуамæ алцæмæ дæр цæттæ уа. Мæ фæдыл кæй зилынц æмæ сæ уæлæнгæйтты кæй нæ аирвæздзынæн, уый хорз æмбарын. Суанг ма «Кермен»-ы партимæ дæр ныффыстой сæхи: афтæмæй сын раздæры афицерæй сæ туг æнцондæр райсæн уыдзæн.
1142 Фæлæ æз дæр къухы æнцон бафтæн кæм дæн. Ноджы ма алы æхсæв дæр нæ хæдзары мæхицæй фæстæмæ хæстæджытæй исчи вæййы. Ахсæв уыд Асæгейы рад. Куыддæр цырагъ ахуыссын кодтам æмæ нæ сынтæджыты нæхи æруагътам, афтæ гæрæхтæ æрбайхъуыст. Рудзынджы æвгты дзыгъал-мыгъул ссыди.
1143 Мидæмæ кæй æхсдзысты, уый рагацау зыдтон æмæ цармæ дуар скъæртт кодтон, уæле та æхсæн хуынчъытæ сарæзтон. Дзыгийы басабыр кодтам æмæ уайтагъд цары смидæг стæм Асæгеимæ. Фырдалынгæй цæсты къух атъыссæн нæй. Гæрæхтæ æмæ бæхты хуыррытт сиу сты.
1144 Æвæццæгæн, уæлбæхæй æхстой. Мах дæр цалдæр нæмыджы ауагътам. Æмæ уайтагъд бæстæ иууылдæр гæрах ссис. Бæхты тъыбар-тъыбур. Адæмы хъæртæ. Циу? Кæм? Фæдис! Фæдис! Ардæм! Куыйтæ тыхрæйдæй ныффæсус сты Гæрæхтæ æвиппайды банцадысты, уæддæр Асæгеимæ цары бадæм æмæ цæмæдæр æнхъæлмæ кæсæм.
1145 Нæ кулдуар ныххостæуыд. — Кæцы дæ? — Байгом кæн, хиуæттæ стæм! Сæ хъæлæсæй базыдтон Бибойы, Саукуыдзы æмæ ноджы цалдæр æрвады — фæдисы æрбахæццæ сты Хъæуы æдде цæуылдæр арт сæндзæрстæуыд æмæ йæ пиллон уæлиау фæцыд Куыйтæ рæйгæ нал, фæлæ ниуын байдыдтой.
1146 Цымæ та цы бæллæх æрцыдаид? — Албеджы хосы мæкъуылтыл арт сæндзæрстой! — уынгæй æрбайхъуыст фæдисы хъæр æмæ цæфхæдты тъыбар-тъыбур Æз та æнхъæлдтон, æмæ цы судза Ам сæ къухы ницы бафтыд æмæ хосы мæкъуылтæй сæ маст райстой Асæгеимæ царæй æрхызтыстæм, кæртмæ разгъордтам æмæ бæхтыл абадтыстæм.
1147 Ме ’рвадæлтимæ æнæхъæн гæрзифтонг къордæй рацыдыстæм нæ кæртæй. — Фенын сын кæндзыстæм, бæргæ. Кæд сæ бындзагъд нæ ныккæнæм, уæд бæрæг уыдзæни.Тæппудтæ, чъылдымырдыгæй кæд æрбагæрах кæндзысты лæджы, уый бæрæг нæу, — дзуры Бибо æмæ мæстыйæ бæхы æрцæвы ехсæй.
1148 — Тыхсгæ ма кæн, Албег: мæ хосы мæкъуылтæ дыууæ дихы бакæндзыстæм. Мæлæты бирæ фосы хицау куы нæ стæм, мыййаг, зымæджы аирвæзыны фаг сын уыдзæни, — зæрдæтæ мын æвæры Саукуыдз. Мæ уæтæр тæккæ хъæугæрон ис, доныбыл. Йæ алыварс бæрзонд кауæй æмбонд.
1149 Фыстæн дзы хъæмпæй æмбæрзт дæлбазыр. Осмæны амад æртæ егъау мæкъуылы — каурæбын, арт сæм нæ бахæццæ. Хъæубæсты баййæфтам къæртагай дон хæсгæ æмæ артыл калгæ. Фæрсырдыгæй чи кæсы, ахæмтæ дæр дзы дзæвгар ис. Бæхтæй æргæппытæ кодтам æмæ къæртатæй калынмæ февнæлдтам мах дæр.
1150 — Чи уыдаид, цымæ, ацы фыдгæнæг? Кæй къух батасыд цæттæ фæллойыл арт сæндзарынмæ? — фæрсы чидæр — Ау, афтæ зын базонæн у, дæумæ гæсгæ? — дзуапп ын дæтты иннæ — Чи уыдаид? — Бæхыл йæ бон кæмæн нæ цæуы æмæ саргъ чи хойы, уый, æндæр чи — Туг афтæ нæ фæисынц.
1151 Туджы хæсмæ хос судзгæ никуыма фехъуыстон. — Уæдæ? — Уæдæмæ туг тугæй æхсгæ у — Туг æнцонты райсæн нæу Искæй туг ныккалыны бæсты хи туг ныккалынæй тæссаг у — Туг райсынæн дæр лæг хъæуы Сылгоймаг нæ фæисы туг — Уый афтæ у, бæргæ, фæлæ ма кæм ис лæгтæ?.
1152 Гæбæр куыдз, дам, зæвæттæм лæбуры. Æрæджы Батыразæн йæ туджджынтæ йæ бæхы къахы нуæрттæ сфастой. Уæд лæгау лæг ахæмтæ йæ сæрмæ хæссы? — Уæллæй, нæ адæмæн се сæфт æрцыд — Кæмæ ма ис, кæмæ ирон туг та! Уæдмæ арт стъæлфæнтæй æркалди фæстæмæ Уайтагъд æрбаталынг.
1153 Ныр йæ ахуыссын кæнын фенцондæр. Цалдæр къæртайы ма, æмæ зæххыл æрмæст сау фæнык аззади, стæй сыгъды тæф фындзыхуынчъытæ æхгæны. IX Адæмы цæмæй бамбарай, уый тыххæй сын сæ удыхъæд базонын хъæуы. Æмæ, цымæ, цавæр у мæ ирон адæмы удыхъæд? Ничи.
1154 Адæмтæ кæрæдзийæ хицæн кæнынц сæ удыхъæды миниуджытæй. Æмæ уыцы миниуджытæй сæйрагдæр кæцы у? Мæнмæ гæсгæ, ирон адæм сты кадыл мард Худинагæй тынгдæр ницæмæй тæрсы ирон лæг Йæ æвзæр митæ куы рахъæр уой, уæд йæ худинаджы кой айхъуысдзæн Æвзæр ми чи бакæна, уымæй фæзæгъынц: цæсгом ын нæй.
1155 Ома, йæ цæсгом ницæмæй фæсырх уыдзæн. Æмæ уый у тæккæ фыддæр уайдзæф. Адæм дзы цы зæгъдзысты, уымæй тынгдæр ницæуыл хъуыды кæны ирон лæг. Уымæ гæсгæ йæ хонын кадыл мард. Цыфæнды хъæздыг усгур дæр уæздан мыггагæй куы нæ уа, уæд ын цыфæнды мæгуыр уæздан дæр йæ чызджы нæ ратдзæн.
1156 Сау мыггаг та тырнынц чындз цыфæндыйæ дæр уæздан мыггагæй æрхæссынмæ. Цасфæнды ирæд бафидынмæ дæр цæттæ сты. Уæд ма кадыл мард та цы вæййы? Ирон лæг галуæрдонæй фæцæуы хъæды астæу Абырджытæ йæм топпæргъæвдæй рагæппытæ кодтой Йæ бон у галтæ ныууадзын æмæ йæ сæр бафснайын.
1157 Куыннæ стæй! Йæ сæр бафснайыны бæсты семæ схæцыд Ома, хъæбатыр у кæнæ йæм йæ галтæ æвгъау кæсынц, уый тыххæй нæ, фæлæ тæрсы: йæ галтæ йын куы байсой, уæд йæ худинаг айхъуысдзæн Фæлтау абырджытимæ хæсты мæлæт ссары Ирон лæг æцæгæлон адæймаджы йæ хæдзармæ æрбахоны æмæ йæ хорз фены.
1158 Æнхъæлут, æххормаджы бафсадыны тыххæй? Нæ, йæ хъуыды бынтон æндæрыл у — кæддæр æмæ кæмдæр йæ уазæг раппæлдзæни: Тотырадз кæнæ Сослæнбеджы хæдзары мын цæй уынд фæкодтой Кадыл мард фысым Хæсты быдыры ирон лæгæн йе ’мбæлттæ размæ куы бырсой, уæд æй нæ бафæнддзæн кæмдæр фæсчъылдымы бæхтæрæгæй баззайын.
1159 Цыфæнды тæппудæй дæр хæсты быдырмæ тындзы: «Æз иннæтæй æгуыдзæгдæр дæн? Фæсте бамбæхсти хъуамæ зæгъа мæнæй исчи?» Худинаг Ирон лæг йæ фæстаг стуры аргæвды хистæн æмæ гæвзыккæй баззайы Уæдæ! Адæм афтæ куы зæгъой: «Йæ мæрдтæ цы бахæрой, уый сын нæй».
1160 Худинаг. Ирон лæг æз цыргъдæр ныхас зæгъыныл йæхи хъары йæ кой айхъуысыны охыл. Иу иннæмæн дзуры: — Йæ хæдзар фехæла, Хаби цы загъта, уый нæ фехъуыстай? — Цы? — цымыдисæй йæ цæстытæ сæрттывтой Болайæн — Хаби уазæджы бафтыд зылындзаст Габомæ.
1161 Уазджытæн цай æрæвæрдта Габо, сæкæр сын рахаста. Къаддæр дзы куыд бахæрой, афтæ йæ лыстæг къæрттытæ ныссаста. Хаби йæ агуывзæйы иу къæртт ныппæрста, дыккаг, æртыккаг, цыппæрæм, фæндзæм. Габо йæм касти, æмæ йæхи нал баурæдта: — Хуыцауы тыххæй, зæгъ-ма, Хаби, иу ингæны цал марды æвæрдæуы?.
1162 — Мард цавæр уа, уымæй аразгæ у, нæ хорз фысым. Сæвджын куы уа, уæд иу, фыдцъылыз куы уа, уæд та цалдæр, — дзуапп радта Хаби. — Ахæм ма дзы зæгъгæ уа! Æмæ Хабийы кой хъæуи-хъæу айхъуысти Йæхицæй куыннæ ныббузныг уа Худинаг хатыр никæмæн зоны.
1163 Иу хохаг хъæуы уыди хъазтизæр. Кафгæ-кафын Пецойы комдæлбос аскъуыд æмæ йæ хæлаф æрхауди. Худинаг! Уыцы бонæй фæстæмæ Пецойы цард цард нал у Адæмы æхсæн кæм фæзына, уым исчи æнæмæнг зæгъдзæн: — Æллæх, æллæх, Пецо, дæ хæлаф Пецойы хæлафы хабар æгас комбæстыл айхъуысти.
1164 Пецойæн æндæр хъæумæ ацæуæн нал ис, уымæн æмæ фехъусдзæн: — Æллæх, Пецо... Дæс æмæ ссæдз азы рацыд уæдæй ардæм, фæлæ Пецойæн адæмы æхсæнмæ рацæуæн нæй: «Æллæх, Пецо...» Иу джимиаг кæддæр заман суадоны фæмызта. Уæдæй нырмæ джимиаджы куы бафæрсай: «Кæцон дæ?»,.
1165 уæд дын «Джимийæ» никуы зæгъдзæн, уымæн æмæ йын бафидис кæндзысты: «А, мæнæ суадоны чи фæмызта, уыдонæй дæ?» Худинаг адæмы царды мидæг домбай хотых у, æрмæст хотых кæцырдæм саразгæ у, уый зонын хъæуы Æмæ уыцы хæс интеллигенцимæ хауы æмæ сын уымæй ахсджиагдæр куыст нæй.
1166 Худинаг куыдфæстæмæ сæфын райдыдта ирон адæмы æхсæн. Уырыссаг революци худинаг æмæ æфсарм не ’мбары, фыдызнæгтыл сæ нымайы, афтæмæй та уыдон хъуамæ йæ ахсджиагдæр цæджындзтæ уаиккой. Уæдæ цы чындæуа? Нæ йæ зонын Амæй размæ ирон адæймаджы цард райдианæй кæронмæ худинагыл æнцади.
1167 Фæлæ революцийы аххосæй сæфын райдыдта худинаг, зæгъгæ, дæ уыцы хъуыдыимæ разы нæ дæн. Худинаг революцийы размæ фæкъахыр...» Фæззыгон къæвдайы æртæхтæ тæдзынц хæдзары сæрæй. Стъолы уæлхъус цырагъы фарсмæ бадын. Донæмхæццæ фæтæгены рухс у мынæг æмæ бурбын.
1168 Уаты къуымы Дзыги ныллæг бандоныл бады æмæ сæрак æууæрды, зæнгæйттæ скæнинаг мын у... Мæхæмæт дзуры революцийы сæрыл. Худинаг, дам, революцийы аххосæй нæ фесæфт. Ды, дам, æгæр уæлæнгай цæстæй кæсыс цардмæ. Алцыдæр хæдзарады системæйæ аразгæ у.
1169 Ирон адæм патриархалон-мыггаггай цардæй капиталистон цардæвæрдмæ нæма рахызтысты, афтæмæй сæ æрæййæфта капитализмы уадтымыгъ. Дæс æмæ ссæдз азы размæ дæр ма сæ цард арæзт уыди æрмæст æгъдаумæ гæсгæ. Æгъдау амыдта адæймаджы алы къахдзæф дæр авдæнæй ингæны онг.
1170 Фæлæ хохаг хъæумæ уырыссаг сахары тæваг куы фæхæццæ, уæд æгъдау цардæй фæсте зайын байдыдта. Æмæ худинаг дæр уæд райдыдта сæфын. Мæхæмæт дзæвгар фыссы экономикæйы æмæ æгъдауы бастдзинады тыххæй... А-гъа, мæнæ Кавказы цытæ цæуы, уыдæттæм дæр æрхæццæ.
1171 Куыд фыссы, афтæмæй инæлар Деникины æфсад Кубанæй æрбабырсы, сырх æфсады йæ хъæлæсы рахаста. Йæ тырысайыл фыст ис «Великая, единая, неделимая Россия». Кæдæмдæриддæр бахæццæ вæййы, уым ногæй сæвæры паддзахы заманы æгъдæуттæ. Уый фæстæ адæмæн сæ мулк байсынц, фæсивæды та æнæбары æфсадмæ акæнынц.
1172 Хицаудзинад сæ къухтæм райсынц æфсæддонтæ, жандармтæ æмæ пъæлицæйæгтæ. Дарддæр Мæхæмæт фыссы Уæрæсейы иумæйаг политикон уавæры тыххæй. Мах йæ заманы историон материализм ахуыр кодтам æмæ зонæм: æууæлтæ куы нæма сæвзæрой, афтæмæй куы райса пролетариат хицаудзинад, уæд додойаг йæ сæр у.
1173 Додойаг разындысты уырыссаг адæм. Уæрæсе дыууæ дихы фæцис — сырхытыл æмæ урсытыл. Ныртæккæ урсытæ хойынц сырхыты, чи зоны, суанг сæ Мæскуыйы онг фæтæрой. Стæй та уæвæн уыдзæн, æмæ сырхытæ сæ хъæлæсы рахæссой урсыты. Уыцы тох кæдмæ цæудзæн, уымæн чи цы зоны?.
1174 Уырыс фондзыссæдз милуаны сты. Дæс милуаны сæ куы фæхъæуа, уæддæр ма дæс æмæ цыппарыссæдз милуанæй баззайдзысты. Махæй та мин куы фæхъæуа, уæддæр ныл тынг фæзындзæн. Нæдæр урсытæ, нæдæр сырхытæ хорзæй ницы æрхæсдзысты махæн. Цы нын æрхастой большевиктæ?.
1175 Æддæг-мидæг ауадыстæм æмæ нæм керменисттæ фæзынди. Чи сты керменисттæ? Пролетартæ дæр ма куы уаиккой, фæлæ люмпен-пролетартæ: æнæхæдзæрттæ, хуыснæджытæ, стигъджытæ, разамынд та сын дæттынц алыхуызон фæлитойтæ, стæй дыууæ-æртæ æвзонг студенты: сæхицæй политикон архайджытæ ацаразынмæ бацыбæл сты.
1176 Адæмы туг дызæгъ-мызæгъы парахатæй кæлы. Дыгуры керменистты куы бафарстой, бадилаты ныхмæ карз тох цæй охыл самадтат, зæгъгæ, уæд сæ бон бацис æрмæст иунæг дзуапп раттын — цæуылнæ, дам, ныл æрвæссынц æмæ нын сæ чызджыты моймæ цæуылнæ дæттынц...
1177 Хохæгтæ æмæ коммунистон идеологи кард æмæ фыдæй уæлдай не сты, сæ баиу кæныны хъуыды æрмæст æдылыйы сæры сæвзæрдаид. Æмæ уыцы сæрхъæн хъуыды цас рæвдздæр аппарæм, уыйас хуыздæр уыдзæни. Афтæ нæу? Кавказы адæмты бæллицтæ æмхуызон кæй сты, уымæ гæсгæ цæугæ дæр хъуамæ иумæйаг фæндагыл кæной...
1178 Мæхæмæт мæ йемæ хоны Гуыдзыстонмæ, стæй та Дагъистанмæ. Мæ хъарутыл йæ зæрдæ дары, райгуырæн бæстæ кæй уарзын, уый зоны. Раст зæгъын хъæуы, мæ политикон зондахаст ын æмбæрстгонд нæу... Æвæстиатæй дзуапмæ æнхъæлмæ кæсы. Гуырдзыстонмæ куыд гæнæн ис, афтæ рæвдздæр цæугæ у.
1179 Æнæмæнг зæгъын хъæуы Фæскавказы политикон уавæр... — Дзыги, ардæм-ма рацу. Уайтагъд мæ цуры æрбалæууыд. Йæ цъæх-цъæхид цæстытæй мæм ныккасти: — Цы зæгъыс, мæ хур? — Мæ фарсмæ æрбад Æмæ дын цы зæгъон, уымæ байхъус — Дзыги, мæ гыццыл хо — йæ биноныг фаст сæр ын армытъæпæнæй рæвдаугæ æрсæрфтон.
1180 — Хорз хабар дын нæ зæгъдзынæн, Дзыги. — Ма мын дзур æвзæр хабæрттæ... Фагæй фылдæр уыдысты нæ уæззау хабæрттæ. — Цæй, ды куыд æнхъæлыс, ахæм уæззау хабар нæу. Ардыгæй мын цæугæ у. — Цытæ дзурыс?! — фестъæлфыд Дзыги — Кæдæм сфæнд кодтай? Ногæй та хæцынмæ?.
1181 Нæ дæ ауадздзынæн. — Ноджы тынгдæр мыл ныттыхст. — Дæу йеддæмæ ничи ис мæнæн. Никæдæм дæ ауадздзынæн. Ме ’фсымæрæй æнæхай цæмæн хъуамæ фæуон? Йæ цæссыгтæ æркалдысты — Нæ, Дзыги, æнæмæт у: хæцынмæ нал цæуын Адæймаджы марынæй æлгъагдæр хъуыддаг ницы ис.
1182 Раст зæгъын хъæуы, иу хатт æнæбон цæф адæймаджы дæр амардтон, фæлæ йæ æппындæр мæ зæрдæмæ нæ хæссын. Нæ, хæцын мæ нæ фæнды. Цæмæ бæллын, уый зоныс? Куыд дын æй бамбарын кæнон? Сæрибармæ бæллын нæ хæхбæстæн Сæрибармæ! Зæрдæйы фæндиаг цæрыны фадат нын куыд уа, афтæ...
1183 Нæ мæ бамбардзынæ, Дзыги... Дзыги æнкъардæй ныхъхъус, йæ сæр та ногæй æрæвæрдта мæ уæрджытыл. — Дæ рынтæ ахæрон, мæ хур, — зæгъы зæронд усау. — Рынчын нæ дæ, мыййаг? — Рынчын дæн, уæдæ цы дæн, Дзыги Мæ низæн хос дæр мæхæдæг зонын — Зæгъ æй, цавæр хос у?.
1184 Æз ныртæккæ Осмæны горæтмæ арвитдзынæн, æмæ йæ балхæндзæн. — Цавæр хос у, зæгъыс? Сæрибар, мæ къона Дзыги Уымæй ахсджиагдæр ницы ис царды — Сæрибар Сæрибар Æмæ сæрибар нæ дæ? — Нæ дæн, мæ къона, нæ дæн Дзыги ницуал дзуры Хъуыдыты кæй аныгъуылд, уый йæ цæсгомыл бæрæг у.
1185 Цасдæры фæстæ мидбылты бахудти. — Цы ахъуыды кодтон, уый дын куы зæгъон, уæд мæм не смæсты уыдзынæ? — Искуыдæр ма дæумæ смæстыгæнæн ис, Дзыги? Зæгъ æй, циу? — Дæ низæн æз дæхицæй хуыздæр хос зонын — Цавæр у? — Бынтон хуымæтæг хос — фæкъуыхцы, стæй йæхи фæхъæддых кодта.
1186 — Ус æрхæсс. Мæ къухмæ февнæлдта æмæ дзы къæйныхы тыххæй хатыр курæгау йæ рус цалдæр хатты æрсæрфта. Худæг мыл бахæцыд. — Ус, дам, æрхæсс... Ха-ха-ха... Уæллæй, тынг æй загътай, Дзыги! Ха-ха-ха — Стæй мæ цæсгом фæтызмæгхуыз кодтон — Уымæн æгæр базæронд дæн, Дзыги.
1187 — О, куыннæ! Нырма тынг æрыгон дæ Уæртæ Ахболатæн йæ сæр куы сурс, афтæмæй ус æрæджы куы æрхаста — Азтæ ницы давынц, Дзыги, адæймаг зæрдæйæ æрыгон куы уа, уæд Цæй, уыдæттæ хорз, мæ гыццыл хо, фæлæ мæнæн цæугæ у Бæргæ мæ нæ фæнды, фæлæ æндæр гæнæн нæй.
1188 Ды нанамæ ацæудзынæ хохмæ. Сау дарыны рæстæг аивгъуыйдзæн уæдмæ, стæй... — Стæй цы? — Стæй та чындзæхсæв Дзыгийы цæсгом барухс, бандонæй фестад — Кæй чындзæхсæв? — Дæу, æндæр кæй — Мæн? — йæ хъустыл нæ баууæндæгау мæм ныккасти Дзыги Ма ку, Дзыги, бафхæрдтон дæ, æмæ мын ныббар.
1189 Хъазгæ кодтон. Дзыги кæугæ-кæуын сдзырдта: — Нæ мæ уарзыс æппындæр... О, о, æппындæр... Æна, ахæсс мæ дæхимæ... Цæмæн мæ ныууагътай? — Дзыги, басабыр у — хъазгæйæ загътон Дзыги фаллаг уатмæ алыгъди Мæ зæрдæ рæхуыстытæ кæны Йæ фæстæ бацæуин æмæ йын зæрдæтæ авæрин?.
1190 Æниу, уадз æмæ акæуа, фенцондæр ын уыдзæн. Дзыги йеддæмæ куы ничи ис мæнæн дæр. Бынтон, мыййаг, куы нæ хицæн кæнæм кæрæдзийæ. Æниу, кæд бынтон у, уæддæр ын чи цы зоны. Ацы змæст æмæ æнæрайы рæстæджы адæймагмæ цы нæ æнхъæлмæ кæсы... Знон Дзыгийы нанамæ арвыстон хохмæ.
1191 Абон райсомæй Осмæнимæ хæдзары дзаумæттæ æртæ уæрдоны бавæрдтам, æмæ уый дæр хохмæ ацыд. Мæ сыхæгтæ сагъæсы бафтыдысты. Æнхъæлынц, æмæ цыдæр тæссаг хабар зонын æмæ йæ уыдонæй æмбæхсын. Æрхатынц мæм: дæ мад, дæ фыды хатырæй йæ махæн дæр зæгъ, æмæ нæ сæртæн исты уынаффæ бакæнæм.
1192 Ахæмæй дзы ницы ис, зæгъгæ, сын зæрдæтæ æвæрын, фæлæ сæ нæ уырны, уайдзæфтæ мын кæнынц: ау, нæ фыдæлтæ æфсымæртау куы фæцардысты, сæ зиан дæр æмæ цин дæр иумæйаг куы уыди, цæхх-кæрдзын иумæ куы хордтой. Фæлæ сын мæ дарддæры царды фæндтæ куыд хъуамæ раргом кæнон?.
1193 Фæстаг хатт æрзылдтæн кæртыл. Мæнгхæдзарыл гуыдыр куыд æвæрдтон, афтæ мæ размæ фæцис Домбай. Йæ къæдзил тилгæ ныззæмбыдта, мæ цурмæ æрбауад. — Мæнæ мæ куыд æрбайрох дæ, мæ рагон хæлар æмæ хæдзаргæс. Ардæм-ма рауай, Домбай! Мæ фæндаггагæй йын чъирийы æмбис æмæ дзидзайы хай радтон.
1194 Цалынмæ хæрд фæци, уæдмæ банхъæлмæ кастæн. Стæй йын рæхыс йæ хъуырыл бафтыдтон. — Цæуæм, Домбай, фысым дын бацагурæм. Зæронды бонты ног ран æрцæрынæй зындæр кæй ницы ис, уый бæргæ æмбарын, фæлæ æндæр гæнæн нæй. Хъысмæтæй никæдæм аирвæздзынæ.
1195 Дыргъдонмæ рацыдыстæм. Кауы æдде — мæ зæронд сыхаг Батыразы хæдзар. — Кæм дæ, мæ сыхаг? Æддæмæ ракæс, — дзурын æм кауы сæрты — Кæцы дæ? — хæдзарæй радзырдта Батыраз — Хъых-хы-хъых-хы Кæцы дæ? — Æз дæн, æз — Албег — Алæбон æгас цу, Албег Фæцæуын дæм, дæ рынтæ бахæрон.
1196 Йæ кæрц йæ уæхсчытыл æппæрстæй рахызти хæдзарæй. Салам радтам, куыд дæ, цы дæйæ афарстам кæрæдзийы. — Цæугæ кæнын, Батыраз, цæугæ. — Цæугæ зæгъыс? Хъых-хы, хъых-хы Фæсивæд дын иу ран фæстиат фæразынц? Хъых-хы Фæндараст у, фæндараст, Уастырджийы уазæг.
1197 — Стыр курдиат мæм ис дæумæ, Батыраз. — Уæллæй, цыдæриддæр зæгъай, уый бакæндзынæн. Хъых-хы... Нæ фæсивæд, бæргæ, иууылдæр дæу хуызон куы уаиккой, алкæмæн дæр Хуыцау ахæм сыхаг куы раттид. Бауырнæд дæ, Албег, дæ цæрæнбоны тыххæй кæм нæ расидын, иунæг ахæм фынг дæр нæ вæййы.
1198 — Гъемæ дæ куывдтытæ æрцæуынц, æмæ уый тыххæй ахæм æнæниз дæн, — ныыххудтæн æз. Худы Батыраз дæр. — Бузныг, Батыраз, бузныг. Дунедарæг дын бирæ цæрæнбон раттæд. Цæугæ кæнын æмæ хæдзар æдзæрæг уыдзæн. Æрмæст дзы мæнæ мæ зæронд хæлар баззайдзæн, — ацамыдтон Домбаймæ.
1199 Ууыл кæй цæуы ныхас, уый бамбæрста куыдз æмæ йæ хъуынджын къæдзилæй зæхх æрхоста. — Де ’вджид æй уадзын, мæ хорз сыхаг. Стонгæй амæлын æй ма бауадз. Мæнæ дын уый та йæ хардз, — бадардтон æм æхца. — Æхцайы ницуал кад ис, фæлæ Домбайы фаг кæд разыниккой.
1200 Батыраз æхца нæ комы, ма йæм дæ зæрдæ æхсайæд, зæгъгæ, мын ныфсытæ æвæры. Фæлæ йын уæддæр æхца йæ куырæты дзыппы куыддæртæй атъыстон. Фæстаг хатт æрсæрфтон Домбайы сæр æмæ нæхимæ рацыдтæн. Батыраз куыдзы йæ сарайы цæджындзыл бабаста. Йæ бон куы базыдта, уæд зæххыл æрхуыссыд æмæ ниуын райдыдта.
1201 Рудзгуытæ сæхгæдтон, дуæрттыл гуыдыр сæвæрдтон, мæ хызын æмæ хордзентæ райстон æмæ Азæмæтмæ ацыдтæн. Рарастæввонгæй йæ баййæфтон. Минуты фæстæ нымæт æмæ басылыхъы тыхтæй рахæццæ дæн, ничи мæ базыдта. Фæндаг цæуы уæлмæрдты рæзты. — Фæуром, — дзурын Азæмæтмæ.
1202 Бæхтæ нæма æрлæууыдысты, афтæмæй æргæпп кодтон линейкæйæ. Æрæгвæззæджы уазал бон. Мит нæма рауарыд, фæлæ дымгæ цæсгом хойы, арв у хъуынтъыз. Рагон цыртытæ бæзджын хъуынайы бын фесты. Æртæ зынаргъ ингæнмæ бахæццæ дæн. Сæргуыбыр æмæ æдзæмæй лæууын.
1203 Мæ цæстытыл ауади мæ цард æнæхъæнæй дæр суанг сабибонтæй нырмæ, фæстаг рæстæджы хъизæмæрттæ. — Дзæнæты цъæх нæууæй æмæ уын Дзæмдзæмы суадонæй хай уæд. Рæстаудæн кæнут, — дзурын сабырæй. Ингæнтыл мæ къух æрæвæрдтон æмæ тагъд-тагъд фæстæмæ раздæхтæн.
1204 — Ахæц, Азæмæт! Дымгæ ногæй ныццавтæ цæсгом Фæсте аззадысты хъæу дæр æмæ уæлмæрд дæр Иууылдæр æмдзырд кæнынц, сæ ныхасæн сын фæрсырдыгæй бамбарæн нæй: иугæндзон гуыв-гуывæй хъæрдæрæй хъуысы: «та-та-та — Хуыцауы хатырæй, ам цытæ цæуы, уый-ма мын зæгъут, — æппынфæстаг сæ бафарстон æз.
1205 Йæхи лæгыл чи нымайы, сылгоймаджы кæлмæрзæны бæсты йæ сæрыл худ чи дары, йæ дадзинты ирон туг кæмæн æхсиды, знагæн хатыр чи нæ зоны, уый хъуамæ хæсты быдырмæ атындза æмæ нæ маст дывæрæй райса. Ивылынц æмхæццæ гуылфæнæй, сæ бакаст —хъуынтъыз, ныхас никæмæй хауы.
1206 Фæсте сæ фæуагътам æмæ смидæг стæм Татианыхъæуы фæтæн цæхгæрмæ уынджы. — йæ фондзæхстон æртхъирæнгæнæгау уæлиау систа, афтæмæй рахизырдыгæй иу къорды æхсæнæй хъæр кæны дæргъындзæг лæппу. — Мах дæр æмæ сымах дæр аргъуыд адæм стæм, чырыстæттæ, — хъæр кæны цавæрдæр хъазахъхъаг.
1207 Хур æртавта, дæрдты зилын байдыдта, фæлæ йæ тыхы нæма бацыд, рагуалдзæджы уæлдæфы адæй бæрæг у: бонæй-бонмæ тынгдæр тавдзæни. Инæлар Корнилов Хъубаны быдыртæм куы балæгæрста, раст уыцы рæстæг здæхтæн хъæмæ. Æрмæст æртæ раны — Тихорецк, Кропоткин æмæ Армавиры цур æрцыди цыбыр, фæлæ карз хæстытæ.
1208 Сæрдинаг цæлхыты хъыррыст не ’нцайы, лæсгæртæ æмæ рæхыстæ сæ бынæттæй схаудысты æмæ сæ гыбар-гыбур хъуысы. Вагоны цары тæккæ бын рудзынггондæй рæстæгæй-рæстæгмæ акæсын æнæрхъæцæй: цымæ хæхты бæллиццаг цъуппытæ нæма разындысты? Митæмбæрзт кæмтты уазал мæ буарыл цыма сæмбæлдис, афтæ мæм кæсы.
1209 Ногæй æмæ ногæй мæхицæн дзурын Къостайы ныхæстæ: Æцæгæлон адæм, æцæгæлон бæстæ Æхсныфæй нуазынц мæ туг. — фæкомкоммæ йæм хæнкъуытæ, зылынкъах, тæнтъихæг салдат скъуыдтæ цинелы, æмæ гæлдæрджынæн йæ тæккæ боцъойыл бачъыртт ласта. Нымæт зæххыл æрытыдтон, басылыхъ нывæрзæны сæвæрдтон æмæ æрхуыссыдтæн.
1210 Дыууæ мæйы дæргъы фæндагыл рахау-бахауæй афтæ бафæлладтæн, æмæ мæ къæхтæ мæ быны дыдæгътæ кæнынц. Цæгатырдыгæй мигъ сыстад, æмæ дзы разынди рацу-бацугæнæг æндæргтæ. Сæууон уæлдæфы æрбайхъуыст æфсæйнаджы гыбар-гыбур æмæ цæлхыты хъинц. Æвæдза, æрдз куы сызнæт уа, уæд æппындæр хатыр куыд никæмæн зоны!.

Связаться
Выделить
Выделите фрагменты страницы, относящиеся к вашему сообщению
Скрыть сведения
Скрыть всю личную информацию
Отмена